11 октября 2024

ӔНӔРАСТДЗИЙНАДӔ ТӔРЕГЪӔД ХӔССУЙ…

18.11.2020 | 16:18

БАЛИКЪОТИ Тотраз, историон наукити доктор, профессор

Боллоти Полийи туххӕй уал ӕрмӕги фиццагидӕр уомӕн мухур кӕнӕн, ӕма ӕ уӕлзӕнхон царди арфиаг гъуддӕгутӕй уой аккаг ӕй. Иннемӕй ба, уӕхӕн хъиамӕтгун адӕймӕгути рохс нӕмттӕ ӕма рӕстуодӕй хъиамӕттӕ гъӕуама иронх ма уонцӕ, сӕ рохс ном син имисун гъӕуй, цӕмӕй нӕ ирӕзгӕ фӕлтӕртӕ уони рӕстзӕрдӕдзийнадӕ ӕма уоди кӕдзосдзийнадӕй сӕ фӕнзонцӕ. Боллоти Полий абони, гъулӕггагӕн, не ’хсӕн нӕбал ӕй – 2001 анзи декабри е ’носон дуйнемӕ банӕхстӕр ӕй. Ӕма ин нӕ Исфӕлдесӕгӕй корӕн, уоми дзенети рохсдӕр ӕма уодӕнцойнӕдӕр рауӕнӕй хайгин уӕд – еци бари аккаг ӕй, ку зӕгъӕн, ӕ уӕлзӕнхон хъиамӕтти фӕрци. Полийи махӕй абони нецибал гъӕуй. Айдагъдӕр ма си еунӕг уомӕй ихӕсгин ан, цӕмӕй нӕ кӕстӕрти ахур кӕнӕн, хестӕрти хуӕрзӕгъдаудзийнадӕй фӕнзгӕй, царди рӕствӕндаггӕнӕг нӕдтӕбӕл цӕунгъон куд уонцӕ, сӕ арфиаг гъуддӕгутӕй сӕ ниййергутӕн дӕр ӕма нӕ дзиллӕн дӕр зӕрдрохсдзийнадӕ куд хӕссонцӕ, уӕхӕн сӕризунд ӕма уодикондбӕл.

Е лӕдӕрд ӕй, ӕма уобӕл нӕбал дзордзинан. Фал мӕ идарддӕри зӕгъуйнаг ба ӕндӕр гъуддаги фӕдбӕл ӕй.

Боллоти Полийи туххӕй мӕнӕ ци ӕрмӕгутӕ бакастайтӕ, уонӕй дӕр бӕрӕг ӕй, еци хъиамӕтгун силгоймаг ӕ агъазиау ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕмӕ гӕсгӕ ӕхецӕн уӕлдай цитгиндзийнӕдтӕ, уӕлдай хуӕрзтӕ ке нӕ агурдта, гъе уоййасӕбӕл хуӕдӕфсармӕ адӕймаг адтӕй. Бӕргӕ, уӕди дзаманти хецауеуӕггӕнгутӕмӕ дӕр еуцӕйбӕрцӕдӕр ӕфсӕрмидзийнадӕ ку разиндтайдӕ, ӕма нӕ Фидибӕсти хуарздзийнадӕн рӕстуодӕй ка фӕллойнӕ кодта, уонӕн сӕ хъиамӕттӕн аккаг аргъгонд ку цудайдӕ.

Раст зӕгъгӕй, ордентӕ, майдантӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн паддзахадон хуӕрзеугутӕ син не ’вгъау кодтонцӕ. Фал айдагъ уонӕй, кӕд хъӕбӕр цитгингонд адтӕнцӕ, уӕддӕр куд гъӕуама цардайдӕ адӕймаг? Уогӕ цитгингонд цудӕнцӕ, зӕгъгӕ, дӕр сӕ куд ес зӕгъӕн, уомӕн ӕма сӕ кӕмӕн исаккаг кӕниуонцӕ, уонӕн сӕ фулдӕр цардиуаги равгитӕй хъӕбӕр берӕ нӕхъӕртондзийнӕдтӕ ӕййафтонцӕ. Паддзахадӕ син ӕ еци хуӕрзеугутӕ дӕттунӕй уӕлдай, ӕгириддӕр нецӕмӕй агъаз кодта. Сауӕнгӕ ма син, колхозонтӕн, пенситӕ дӕр ӕрӕгиау федун байдӕдтонцӕ – уой дӕр аллайаг ӕма ходуйнаги бӕрцӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, мӕгур къапеккитӕ.

Уой хӕццӕ ба ма син ци хузи хъалонтӕ ба нӕ федун кодтонцӕ, сауӕнгӕ сӕ дзӕхӕрадӕнтти бӕлӕсти туххӕй дӕр… Хуарзӕй, абони бафӕнзунӕн ка бӕззуй, уӕхӕнӕй дӕр си хъӕбӕр берӕ адтӕй. Фал си ӕнӕрастдзийнӕдтӕ дӕр фагӕ кодта. Уӕди хецауеуӕггӕнгутӕй дӕр беретӕ ӕлдареуӕг кӕнунӕй не ’фсӕрми кодтонцӕ.

Ракӕндзинан уин мӕнӕ ауӕхӕн хабар. Цӕветтонгӕ, берӕ аллихузон хуӕрзеугутӕ кӕмӕн аккаггонд ӕрцудӕй, еу уӕхӕн хестӕр колхозон цал ӕма цал хатти бацудӕй гъӕуи хецауадӕмӕ дӕр ӕма райони разамундмӕ дӕр корӕг, цӕмӕй ин радех кодтайуонцӕ агоридор ӕ цӕрӕнбунатбӕл горен искӕнунӕн. Уӕди рӕстӕгути еци арӕзтадон ӕрмӕг уотӕ ӕнцонтӕй исамалгӕнӕн нӕ адтӕй – сӕрмагонд номхигъдтӕмӕ гӕсгӕ иурстонцӕ.

Уогӕ еци «фӕткӕ» ӕгириддӕр нӕ хъор кодта хецауеуӕггӕнгути – сӕ еугуремӕн дӕр адтӕй агоридорӕй арӕзт хӕдзӕрттӕ. Мадта сӕ горентӕ дӕр – агоридорӕй даст. Нӕкӕси, уӕди агоридоргӕнӕн заводи директор, еудадзуг уотӕ дзурдта, гъома, агори нӕ фагӕ кӕнуй, е дӕр ӕхецӕн агъазиау – уӕди рӕстӕгутӕмӕ гӕсгӕ – хӕдзарӕ райаразта, уӕдта ма еума хӕдзарӕ аразун дӕр фӕййагайдта. Хумӕтӕг адӕми хӕдзӕрттӕ ба – кенӕ саманӕй, кенӕ ба гъӕдӕрмӕгӕй…

Мӕнӕ ци лӕги кой кӕнӕн, уомӕн дӕр уӕхӕн хӕдзарӕ адтӕй, ӕ горен дӕр цидӕр нецӕййаг фӕйнӕгутӕй конд, ӕма рӕстӕги фудӕй исфудуинд ӕнцӕ. Ӕма уой курдта, цӕмӕй ӕй иснӕуӕг кӕна, гъома, райцентри сӕйраг гъӕунги цӕрун ӕма ӕфсӕрми кӕнун…

Алли рӕуӕнттӕ ин кодтонцӕ, гъома, агори нӕ фагӕ кӕнуй. Кӕд уоййасӕбӕл нӕ фагӕ кодта, уӕд агоридоргӕнӕн заводи директорӕн ба кутемӕй рафагӕ ’й дууӕ хӕдзари райаразунӕн?.. Ка ’й зонуй, цӕйбӕрцӕ ма фӕррацо – бацо кодтайдӕ, фал уӕдмӕ еци хабар кутемӕйдӕрти исӕмбалдӕй, районмӕ республикон газетӕй ци уацхӕссӕг ӕрцудӕй, уобӕл. Уой базонгӕй, райони хецӕуттӕ фӕттарстӕнцӕ: ӕнӕгъӕнӕ республикӕбӕл нӕ фӕккой кӕндзӕнӕй – уӕд мухурӕн ӕ ахедундзийнадӕ устур адтӕй – ӕма фарста уайсахат лухгонд ӕрцудӕй.

Мадта ма си уӕхӕн фӕткӕ дӕр адтӕй. Хумӕтӕг колхозонтӕй агори ке багъӕуидӕ, уони кӕд номхигъдмӕ бахӕссиуонцӕ, уӕддӕр си сӕ фулдӕремӕн уӕхӕн ихӕс байвӕриуонцӕ: уӕ бийнонтӕй еске цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг агоридоргӕнӕн заводи бакосӕд, уой дӕр тӕккӕ зиндӕр кустити, ӕма уӕд агорийӕй фӕххайгин уодзинайтӕ. Ӕма ци ракодтайуонцӕ гъӕуама адӕм? Исарази уиуонцӕ. Фулдӕр ба си силгоймӕгтӕ косиуонцӕ. Нӕ гъуди кӕнун уӕхӕн цау, ӕма уӕхӕн бегара хецауеуӕггӕнгутӕй кедӕр бийнонтӕбӕл дӕр ӕвӕрд цудӕй…

Ӕма уӕхӕн цаутӕ минкъий адтӕй?.. Уомӕ гӕсгӕ ба, нур советон догӕ кӕрӕй-кӕронмӕ ӕстаунбӕл ка исхуӕцуй, етӕ ’й ӕгӕр ку нӕ кӕниуонцӕ, уӕд растдӕр уидӕ, уомӕн ӕма еци дзамантӕ дӕр ци адтӕнцӕ, уой адтӕнцӕ. Ку зӕгъун, зӕрдтагонӕй си ци имисӕн, уӕхӕнӕй си хъӕбӕр берӕ дӕр ма адтӕй, фал тӕрегъӕдхӕссӕг ӕнӕрастдзийнӕдтӕ дӕр си фагӕ кодта.

Уогӕ уонӕбӕл ци дзорӕн, кӕд ӕма нӕ абони цардарӕзти ӕнӕрастдзийнӕдтӕ уоййасӕбӕл исберӕ ’нцӕ, уоййасӕбӕл истӕрегъӕдхӕссӕг ӕнцӕ, ӕма… Кӕд нин нури доги хецауеуӕггӕнгутӕ хенвӕрсонӕй дзорунцӕ, гъома, сӕ ӕ сӕйраг сагъӕс ӕма тухст ӕнцӕ адӕми цардиуагӕ фӕххуӕздӕр кӕнунбӕл, уӕддӕр ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й, зӕгъгӕ, е ни цӕмӕй баруагӕс уа, уӕхӕнӕй ба уоййасӕбӕл растауйнагӕй нецима ес. Раст зӕгъгӕй, берӕ цидӕртӕ арӕзт цӕуй адӕми цардиуаги уавӕртӕ фӕххуӕздӕр кӕнунӕн. Еци ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ гъуддӕгутӕ, дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, хуарздзийнӕдти рӕсог дон лӕкъунтӕ кӕнуй. Социалон ӕнӕрастдзийнӕдтӕ нӕмӕ ӕгӕр берӕ ма ке ’нцӕ, ӕхсӕнадӕ ке ниддехтӕ ’й бустӕги гъӕздугутӕбӕл ӕма бустӕги мӕгуртӕбӕл, адӕмон есбонади зингӕ-зингӕдӕр хай еугай бонгинти къохти ке бафтудӕй, адӕми фулдӕр хай ба тухамӕлттӕ кӕнгӕй цӕруй. Уогӕ уой ни алкедӕр уинуй, ӕхебӕл ӕй ӕвзаруй. Еугур хабӕртти кой нӕ кӕндзинан, фал ӕрхӕсдзинан еу, хуӕрзӕрӕги ка ’рцудӕй, уӕхӕн дӕнцӕ.

Адӕми ’хсӕн хъӕбӕр исдзурдтаг ӕй, Уӕрӕсей финансти министр Антон Силуанов ӕрӕги Паддзахадон Думи ци фӕдздзурдта, етӕ. Цӕветтонгӕ, дзубанди уобӕл ку рацудӕй, гъома, афонӕ нӕма ’й, косгӕ ма ка кӕнуй, еци пенсиесгутӕн сӕ пенситӕ индексаци кӕнун райдайунӕн, уӕд министри дзуапп рауадӕй айуангӕнӕн загъди хузӕн: «Ӕма уи некӕми неци фескъундзӕнӕй?» Гъома, ӕгӕр син нӕ уодзӕнӕй, еци косӕг пенсиесгутӕн…

Е ӕй куд лӕдӕруй, уотемӕй пенси адӕймагӕн лӕвӕрд цӕуй, косуни равгӕ ин ке нӕбал ес, ӕма мизд ке нӕбал есуй, уой туххӕй банхӕсти (компенсаций) хузи. Фал адӕймаг, фӕлладуадзуни барӕ райсгӕй ма косгӕ ку кӕна, уӕдта «ӕ мизд исӕвд не ’рцудӕй». Аци «дессаги дӕсни» гъуди ӕримисӕги загъдмӕ гӕсгӕ ба уотӕ уайуй, ӕма пенсиесгутӕй ма косгӕ ка кӕнуй – (етӕ ба уодзӕнӕнцӕ 10 миллионей бӕрцӕ), – уонӕн пенси фист дӕр ма цӕуа. Уогӕ уӕхӕн фӕндон Силуанов нӕма исгъӕр кодта – кенӕ адӕм исхӕлхъой кӕнунӕй тӕрсуй, кенӕ ба ӕндӕр цӕмӕдӕр гӕсгӕ. Фал еци дзорӕги уой дзоруй, гъома, мизди бӕрцӕ нӕ бӕсти еудадзуг ирӕзуй, уой дӕр инфляцийӕй раздӕр. Уомӕ гӕсгӕ ба, пенсиесгутӕн, дан, неци уодзӕнӕй ӕнӕ индексацийӕй дӕр. Хабар, дан, ӕхцай медӕгӕ нӕй, фал «еуцидӕр социалон рӕстдзийнади, мизд есгӕй ма, гъӕйдӕуайтӕ нӕ пенситӕ дӕр ма нин индексаци кӕнетӕ, зӕгъгӕ, домуни».

Фӕллойнӕгӕнӕг рацӕргӕ адӕймӕгутӕн сӕ пенситӕ фӕффулдӕр кӕнуни гъуддаг «ниссӕлун» кодтонцӕ фондз анзей размӕ. Уӕд еци мадзали туххӕй уотӕ загътонцӕ, гъома, рӕстӕгмӕ ’й, ӕма индексаций фарстамӕ хецауадӕ раздӕхдзӕнӕй 2020 анзи.

Нур нӕ бӕсти сӕйраг финансист, нӕкӕси, нӕ бӕсти тӕккӕ гъӕздугдӕр чиновниктӕй еу, косӕг пенсиесгутӕн федистӕ кӕнуй сӕ уӕлӕнхасӕн ӕфтуйӕгти туххӕй син растбӕл нимайуй пенситӕ индексаци кӕнун, косгӕ ка нӕбал кӕнуй, айдагъдӕр еци пенсиесгутӕн.

 

Аци фарстати туххӕй мӕ гъудитӕ зӕгъдзӕнӕн мӕ радзубандий иннӕ хаййи.

 

Никитӕ МАСЛЕННИКОВ, нуридогон райрӕзти Институти сӕйраг эксперт

 

– Аци рӕуонӕ (кӕций ӕрхаста Силуанов) бустӕги лӕдӕрд нӕй, уомӕн ӕма, еуемӕй, пенсиесгути не ’нгъезуй дехтӕ кӕнун фиццаг ӕма дуккаг сорттӕбӕл, косӕг ӕма ӕнӕкосгутӕбӕл. Уӕрӕсей Федераций уӕхӕн дехтӕ ку нӕййес. Иннемӕй, косӕг пенсиесгути пенситӕ индексаци кӕнунбӕл нӕ исарази уогӕй, е уой расайдзӕнӕй, ӕма еци адӕми фулдӕр хай римӕхсти уодзӕнӕй, уой фудӕй ба зӕран хаст ӕрцӕудзӕнӕй нӕ экономикӕн еумӕйагӕй…