НӔ ЗӔРДӔБӔЛ СИН ДАРДЗИНАН СӔ РОХС НӔМТТӔ…
НӔ номдзуд финсӕг ӕма публицист Малити Васой поэтикон хӕзнадони бӕрӕг даруй ӕмдзӕвгити цикл «Нӕ фыдӕлты кадӕг». Еци цикл райдайуй ӕмдзӕвгӕ «Номерӕн»-ӕй, ӕма си ес мӕнӕ ауӕхӕн рӕнгъитӕ:
Зӕххыл цы стырдӕр тох ӕрцыди,
Гъе уым ирон туг дӕр ныккалд.
Хуыссут, нӕ тохвӕллад фыдӕлтӕ!
Нӕ зӕрдыл дардзыстӕм уӕ ном…
Нӕ кӕнунцӕ ни иронх, Фидибӕсти сӕребарӕ сӕрбӕлтау цифуддӕр знаги бустӕги ка ниддӕрӕн кодта, нӕ еци хъазауатон тугъдонти рохс нӕмттӕ, сӕ агъазиау бӕгъатӕрдзийнадӕ ӕма ӕхсаргин ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ.
Уӕлдай цитгинӕй сӕ имисӕн аци бӕнтти – цуппаринсӕй анзей размӕ, 1941 анзи 22 июни сӕумицъӕхӕй нӕ Райгурӕн бӕстӕмӕ, гадзирахаттӕй нӕбӕл рацӕугӕй, ӕрбалӕбурдтонцӕ тогмондаг немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ. Еци бон советон адӕмӕн сӕ райдзастдӕр исонибонмӕ сӕ размӕцуд ӕверхъауӕй уорӕд ӕрцудӕй, сӕ рохс цардарӕзтбӕл архайуни бӕсти сӕ багъудӕй мӕлӕтдзаг тохи бацӕун. Никкодта фудбони рӕстӕг, ӕма нӕ бӕсти дзиллӕ еци еузӕрдиуонӕй ӕрлӕудтӕй цифуддӕр знаги нихмӕ, нӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау тохи…
Еци фудбони тугъд рахаста 1418 бони, Советон Цӕдеси цӕргутӕй си бастъалдӕй авд ӕма инсӕй миллионемӕ хӕстӕг адӕймаги – фронти, фӕскъилдуни, фашистон концлагерти…
Уомӕ гӕсгӕ, 22 июнь нур дӕсгай ӕнзти дӕргъи нимад цӕуй ӕма ни ӕруагӕс кӕнуй, идарддӕр дӕр нимад цӕудзӕнӕй зӕрдӕбӕлдарӕн ӕма хъонци Бонбӕл. Уой дӕр айдагъ мах бӕсти нӕ, фал хъӕбӕр берӕ фӕсарӕйнаг паддзахӕдти рӕстзӕрдӕ дзиллӕн дӕр иссӕй имисуйнаг.
Куд ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей, уотӕ Цӕгат Иристони дӕр 22 июни арӕзт ӕрцудӕй аллихузон номерӕн мадзӕлттӕ. Нӕ дзиллӕй алкедӕр ӕхецӕн ихӕсбӕл банимадта, Устур Фидибӕстон тугъди ка фӕммард ӕй, еци зингхуст адӕми ном ӕнсувӕрон ингӕнти рази еу минут ӕнӕстуфӕй ралӕугӕй ӕримисун.
Дзӕуӕгигъӕуи Намуси Аллейи мемориал ӕма Гизӕли сӕрмӕ, «Барбашови будур», зӕгъгӕ, ке хонунцӕ, еци мемориалмӕ деденгутӕ ӕма венокти хӕццӕ ӕрбацудӕнцӕ: Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, нӕ республики Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз, Парламенти Сӕрдар Алексей Мачнев, районти сӕргълӕугутӕ, министрадтӕ ӕма алли ведомствити, тухи структурити дӕлхайӕдти косгутӕ.
Метрономи цӕлхъитӕмӕ еу минут ӕнӕдзоргӕй ралӕугӕй, иссирдтонцӕ ӕдзард тугъдонти ном.
Цуппаринсӕй анзи рацудӕй еци фудӕбонӕй, ӕверхъау тугъд нин нӕ Фидибӕсти колдуӕрттӕ ку байгон кодта, нӕ адӕмӕн ӕгӕрон фидбилизтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ хӕсгӕй, уӕдӕй нури уӕнгӕ. Ӕма кӕд акъоппити къӕхтитӕ зӕнхи ӕмбӕрцӕ ислигъз ӕнцӕ ӕма уоййасӕбӕл нӕбал зиннунцӕ, сугъд сахарти фунук кӕд рӕстӕгути думгӕ фӕххаста, нӕуӕг фӕлтӕртӕ кӕд багъомбӕл ӕнцӕ, уӕддӕр еци тугъди гъӕдгӕнтти рист нӕ нидӕндӕр кӕнуй нӕ зӕрдити. Еци ристи хӕццӕ ба ма си ӕностӕмӕ байзайдзӕнӕнцӕ, нӕ бӕстӕмӕ ӕрбалӕборӕг немуцаг фашисттӕн фиццаг нихкъуӕрд ка равардта, уой фӕсте ба, тугъди райдайӕни зиндзийнӕдтӕн, къуӕхцитӕн ниффӕразгӕй, знаги ӕгъатирӕй дӕрӕн кӕнгӕй ӕй сирддон лӕгӕтмӕ ка фӕссурдта ӕма ’й уоми ка ниххорх кодта, уони рохс нӕмттӕ ӕма ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ… Ӕносон уодзӕнӕй уӕ кадӕ, уӕ цитӕ.
Ӕма кӕронбӕттӕни ба нӕ фӕндуй Малити Васой ӕмдзӕвгӕ «Номерӕн» ӕнӕгъӕнӕй рамухур кӕнун:
Нӕ фыдӕлтӕ! Лӕгӕн йӕ бартыл
Уӕ цард кӕд ӕвгъау кодтат, кӕд?
Фӕлӕ-иу туджы ‘ртах уӕ кардыл
Зырзыргӕнгӕ куы ‘рлӕсти, уӕд
Уыдтат: лӕгдых ӕма ӕхсарӕй
Нӕй ссарӕн ног цардмӕ фӕндаг,
Ӕмӕ-иу цӕстыты раз тарӕй
Куы сыстад дард фидӕны уаг…
Уӕ зӕрдӕ уын гуырысхо ‘вдӕрзта,
Уыди фӕстагӕттыл уӕ мӕт.
Ӕмӕ куы не ‘руагътат уӕ гӕрзтӕ,
Нӕ зӕххыл барджынӕй уӕ фӕстӕ
Рӕстӕг нӕ ныммарзта уӕ фӕд:
Хуыздӕр цы уыд уӕ рухс сӕнтты,
Уӕ рӕсугъд аргъӕутты цы загъд и,
Уый агурӕг лӕджы хъуыды,
Тымыгъау тохмӕ сидгӕ стахти.
Мах хастам пиллон арт ӕрцытыл –
Сырх Тырыса – ӕнусон кад.
Зӕххыл цы стырдӕр тох ӕрцыди,
Гъе уым ирон туг дӕр ныккалд.
Хуыссут, нӕ тохвӕллад фыдӕлтӕ!
Нӕ зӕрдыл дардзыстӕм уӕ ном.
Фӕлӕ уӕ рох кадӕджы зӕлтӕ
Мӕ хъисфӕндырӕн йе ‘лвӕст тӕнты
Ӕмбӕхстӕй дарын нӕу мӕ бон.