НАЦИОН ПРОЕКТТӔ ӔМА РЕСПУБЛИКИ ЭКОЛОГОН УАВӔР
Республики санитарон-экологон уавӕр куд ӕййевуй? Цӕгат Иристони дони, гъӕдӕ ӕма иннӕ ӕрдзон фӕрӕзнитӕ куд гъӕуайгонд цӕунцӕ? Национ проекттӕ куд ахедунцӕ алфамбулайбӕл? Аци ӕма иннӕ ахсгиаг фарстатӕбӕл дзубанди цудӕй, Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг БИТАРТИ Вячеславӕн республики ӕрдзон фӕрӕзнитӕ ӕма экологий министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг ХИДИРТИ Батрази хӕццӕ ин ци фембӕлд адтӕй, уоми.
Дзубандий архайдта Цӕгат Иристон-Аланий Хецауади Сӕрдари фиццаг хуӕдӕййевӕг Сӕбӕтхъуати Ӕхсарбег дӕр.
Профилон ведомстви разамонӕг куд радзурдта, уотемӕй 2021 анзи министради разамунд ӕма специалисттӕ идарддӕр дӕр косдзӕнӕнцӕ республики санитарон-экологон уавӕр фӕххуӕздӕр кӕнунбӕл, лӕмбунӕг ӕргом здӕхт цӕудзӕнӕй, экологий хӕццӕ баст федералон ӕма регионалон закъонӕвӕруйнадӕ куд ӕнхӕстгонд цӕуй, уомӕ.
Еци нисани хӕццӕ министрадӕ бацӕттӕ кӕндзӕнӕй бӕлвурд хъӕппӕрести номхигъд. Зӕгъӕн, Хидирти Батрази дзубандимӕ гӕсгӕ, ведомство республики Хецауадӕмӕ фӕндон бахӕсдзӕнӕй, цӕмӕй уалдзӕги ӕма фӕззӕги арӕзт цӕуонцӕ республики санитарон кӕдзосдзийнади фӕлгонцадӕ ӕма цъӕхвӕлусти мӕйонтӕ.
Битарти Вячеслав дзубандий архайгути ӕргом раздахта, республики адӕми цардархайди ӕдасдзийнадӕн ци уӕлӕнхасӕн мадзӕлттӕ исаразун гъӕудзӕнӕй, Цӕгат Иристони ӕрдзи гъӕздугдзийнӕдтӕ багъӕуай кӕнунӕн агъаз ци проекттӕ ӕма унаффитӕ исуодзӕнӕнцӕ, уомӕ. Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕги гъудимӕ гӕсгӕ, еугур еци фарстатӕбӕл косгӕй, ахсгиаг уодзӕнӕй ирӕзгӕ фӕлтӕрти гъомбӕладӕ дӕр.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, республики размӕ берӕ нисантӕ лӕууй фиццаградон национ проект «Экологи»-й уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнуни гъуддаги дӕр. Ӕрдзон фӕрӕзнитӕ ӕма экологий министрадӕ исӕнхӕст кӕндзӕнӕй Дзӕуӕгигъӕуи зӕронд бугъдони территорий рекультиваци. Уомӕй уӕлдай, экологон ӕдасдзийнади мадзӕлттӕ ӕнхӕстгонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ Бехъани цади, уӕдта ӕндӕр ӕрдзон бунӕтти. Уӕлӕнхасӕн фӕрӕзнитӕ нисангонд цӕуй ӕрдзон бунӕттӕ зингисервӕзтӕй гъӕуай кӕнуни ӕма ӕндӕр сӕрмагонд техникӕ ӕлхӕнунӕн…
– Ведомстви специалисттӕ идарддӕр косдзӕнӕнцӕ цӕугӕдӕнтти билгӕрӕнттӕ кӕдзос кӕнунбӕл. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг федералон агентадӕ «Росводресурсы»-мӕ бадӕтдзӕнӕнцӕ, донивулдтити нихмӕ ци куститӕ бакӕнун гъӕудзӕнӕй, уони фӕдбӕл гъӕугӕ проектон-сметон документаци, – загъта Хидирти Батраз.
Министр лӕмбунӕг радзурдта, 2020 анзи ведомство ци куст бакодта, уой бӕрӕггӕнӕнти туххӕй дӕр.
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади пресс-службӕ.