НÆ АДÆМÆН ФАРНÆХÆССÆГ ЛÆГ АДТÆЙ…
Æрæги газет «Дигори» хъæбæр æхцæуæнæй бакастæн мæ хуарз зонгæ, мæ кæддæри зæрдтагон æрдхуард Бекмæрзти
Гаврили фурт Михали туххæй финст æрмæг. Æма мæн дæр бафæндадтæй аци номдзуд лæги туххæй мæ гъудитæ зæгъун, нæ хæлардзийнади хабæрттæй кæцидæрти æримисун.
Хуарз ма ’й гъуди кæнун, 1958 анзи Дзæуæгигъæуи аййевæдти училищей фæстаг къурси ку ахур кодтон, уæд мæмæ мæ ахургæнгутæй еу фæдздзурдтка æма мин загъта:
– Куд æрæстæфтæн, уотемæй тулаваст дæ гъæбесæйхуæцгути, бæхти хузтæ кæнунмæ. Æрæги мин рауагъдадæ «Ир» баихæс кодта, нæ гъæбесæйхуæцгути туххæй ци киунугæ рауадзуйнаг æнцæ, уой исфæлгонц кæнун æма æз ба еци куст дæу барæ кæнун…
Еци загъдмæ гæсгæ куддæр ке фæкъкъехгомау дæн, уой мин мæ ахургæнæг, æвæдзи, балæдæрдтæй, æма мæ фæрразæнгарддæр кодта…
Гъæбесæйхуæцгутæ куд фæййархайунцæ, уой куд нæ зудтон!.. Фал мæ уæддæр бафæндадтæй уони архайдмæ лæмбунæгдæр æркæсун. Æма, етæ сæхе еристæмæ кæми цæттæ кодтонцæ, еци спортивон залмæ бацудтæн мæ хузæгæнæн дзаумæутти хæццæ. Уæд мæ сæ тренер æрæстæфтæй æма мæ рафарста, ка дæн æма ами ци косун, зæгъгæ. Мæхе байамудтон, ме ’рбацуди сæр дæр ин балæдæрун кодтон. Æма мин уæд е уотæ ку зæгъидæ, дæхуæдæг дæр, дан, горцъемæ ку рацæуисæ, уæд хабæрттæ хуæздæр базонисæ æма дæ гъуддаг хуæздæр рауайидæ. Æз, зæгъун, хузæгæнæгбæл ахур кæнун, цæй гъæбесæйхуæцæг дæн. Фал мæ уæддæр æхсæз мæйей дæргъи фæццæун кодта залмæ.
Еци тренер адтæй Бекмæрзти Михал. Цæргæ ба кодта мах æмдзæрæни фарсмæ. Тренеровкити фæсте нин нæ цæрæнбунæттæмæ еумæ цæугæ ахид рауайидæ æма мин æ хабæрттæ ракæнидæ. Мæ зæрдæбæл сæ бадардтон.
– Хуасгæрдæнти мæнæй фулдæр некæмæн æнтæстæй, – дзурдта мин Михал. – Уомæн æма иуæнгти хъаурæй тухгин адтæн. Ирæфи райони гъæбесæйхуæцгути ’хсæн фиццаг бунат байахæстон. Еу бон ба нæ алли районтæй Дзæуæгигъæумæ исластонцæ, республикон чемпионатмæ. Хуæцунмæ рацæунмæ мæ кезу ку æрхъæрдтæй, уæд мæ уæле спортивон дарæс куд кодтон, уотемæй мæ гъостæбæл æруадæй, еуварс ци гъæбесæйхуæцгути къуар лæудтæй, уонæй кедæр уæлбекъон загъд: «Вон дигорского барана привезли!..» Мæ бауæр иннетæй игъаугидæр хъæбæр гъунгун ке адтæй, æвæдзи, уомæ гæсгæ уотæ загъта. Æз, æнæуой тæлтæг уогæй, уæд цæмæдæр гæсгæ æгириддæр нæ рамæстгун дæн. Мæ меднимæр ба загътон: хъæбæр тагъд рæстæги мæ хæццæ ездондæрæй дзордзинайтæ.
Æма æцæгæйдæр уотæ нæ рауадæй? Бекмæрзи-фурт иссæй номдзуд богал æма номдзуд богалти гъомбæлгæнæг.
Михал мæ гъæбесæй хуæцунбæл ке фæццалх кодта, е мин фæстæдæр исбæзтæй. Советон Æфсади рæнгъитæмæ мæмæ ку фæдздзурдтонцæ, уæд си иристойнæгтæй ма ка адтæй, уонæй нæ командир гъæбесæйхуæцгути командæ исаразта. Нæ къохи цидæр уæлахезтæ дæр æфтудæй.
Фæстæдæр сахар Мæскуй хузæкæнуйнади академи каст фæууогæй, нæхемæ исæздахтæн… Уæд дин еууæхæни кæсун, æма дæлæ тургъи Бекмæрзти Михал æрбацæуй. Æз имæ уайтæккæ бауадтæн. Кæрæдзебæл ниццийнæ ан. Æз æй рафарстон, кæмæ æрбацудтæ, зæгъгæ. Е мин балæдæрун кодта, сæрмагондæй мæнмæ ке ’рбацудæй, мæ агъаз æй еу гъуддаги ке багъудæй, уой:
– Еу рæстæг мæ Японий исхудтонцæ еугуремæй хуæздæр гъæбесæйхуæцæг æма мæ исхаурзæнхгин кодтонцæ сæрмагонд призæй. Мæ сувæллæнттæ мин æй æнæбари тæрхæгæй æргæлстонцæ æма расастæй. Фæндуй мæ, цæмæй ин ести æргъуди кæнай.
Æз ин æ еци хъазар хуæрзеуæгмæ, мæ бон куд адтæй, уотæ лæмбунæг базилдтæн… Уой фæсте нæ иннæ фембæлди Михал дестæгæнгæй уотæ ку зæгъидæ:
– Саст кæми адтæй, уой фæййагурдтон, æма ’й не ’ссирдтон. Арфæ дин кæнун!..
Еу рæстæг ба мæ бийнонти хæццæ Дигоргоми турбазæ «Дзинагъа»-й нæ фæллад уагътан. Уотæ рауадæй, æма Бекмæрзти Михал дæр æ гъæбесæйхуæцгути хæццæ уæд уоми адтæй. Сæхе цæттæ кодтонцæ сахар Киеви чемпионатмæ. Михали хæццæ нæ еу фембæлди æй бафарстон:
– Куд дæмæ кæсуй, уæ гъуддаг куд рауайдзæнæй?..
Æма мин нифсгун дзуапп равардта:
– Нæ рæстæг æрхъæрдтæй, æма ’й нæ рауадздзинан!..
Кæд нæ рæдуйун, уæд уоми цуппæрæймаг хатт иссæнцæ чемпионтæ.
Бекмæрзти Михали хæццæ лæгæй лæгмæ зонгæ ке адтæн, не ’хсæн хуарз рахастдзийнæдтæ ке адтæй, уой туххæй æз Хуцауæй хъæбæр арази дæн… Цард дæр Михали хузæн лæгтæй исфедауй…
Кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг дæн, æма хуарз уидæ, Бекмæрзти Михал Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл рæхги номерæн мраморон къæйдор ку фæззиннидæ. Е нæ Иристонæн ци берæ хуæрзти бацудæй, уой нимайгæй, еци гъуддæг æнæмæнгæ исаразуйнаг æй!..
ДЗБОЙТИ Михал,
зундгонд скульптор, Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон
премий лауреат.