19 апреля 2024

НÆ АДÆМИ, НÆ ЦИТГИН ИРИСТОНИ АНЗФИНСÆГ

18.03.2023 | 20:38

Газет «Рæстдзинад»-и редакций абониккон коллектив.

Нæ адæми хуæздæр ахургонд лæгтæ бæлдтæнцæ сæ маддæлон æвзагбæл газет рауадзунмæ. Инсæйæймаг æноси райдайæни къуаргай лæгти хъæппæресæй Уæрæсей аллирауæнти æма ами, Иристони дæр, ирон æвзагбæл фæд-фæди рацудæнцæ цалдæр журнали æма газети. Фал еуцалдæр номерей фæсте, фæрæзнитæ син ке нæ фагæ кодта, уой фудæй æхгæд æрцудæнцæ. Уæд фæззиндтæй, ирон драматургийи бундорæвæрæг Бритъиати Елбиздихъой журнал «Хори тунæ» дæр. Уагъта æй æхе харзæй Петербурги. Устур ихæстæ æма нисантæ исæвардта уæд æ размæ Елбиздихъо, хори туни хузæн æй никкæсун фæндадтæй æ раттæг адæми зæрдитæмæ. Фал айдагъ æртæ… æртæ номери рауадзун бацæй æ бон, æ къох æндæр нæ байамудта, кусти миздæй ци æрæмбурд кодта, етæ ин фулдæр номертæн не ’сфагæ æнцæ.

* * *

Ралæудтæй нæуæг цардарæзт. Уалдзигон мæри æвзартæ хæрдмæ куд иссæунцæ, уотæ базмалдæй бæстæ, адæми хъæппæрес. Ирон æвзагбæл газет рауадзун рагæй дæр æ бæллец кæмæн адтæй, етæ дæр æмхузонæй базмалдæнцæ. Банкъардтонцæ, нæуæг паддзахади агъазæй сæ бон сæ маддæлон æвзагбæл газет рауадзун ке æй, уой æма сæхебæл нæ байаурстонцæ. Газет рауадзунбæл зæрдиагæй ка куста, етæ адтæнцæ интеллигенций хуæздæр минæвæрттæ – «Рæстдзинад»-и фиццаг редактор Гæдиати Цомахъ, Бритъиати Цæра, Барахъти Гино, Гулути Андрей, Малити Геуæрги, Коцойти Арсен, Къосирати Сæрмæт, Бутати Аслæнбег, Мамсурати Саханджери æма иннетæ. Сауæнгæ ма син Берлинæй агъаз кодта Байати Гаппо дæр.

* * *

Нæ национ культурæбæл, нæ еугур адæмбæл дæр 1923 анзи 14 мартъий æрцудæй устур хуарздзийнадæ – нæ маддæлон æвзагбæл нæмæ фиццаг хатт рацудæй æцæг дзиллон газет, æма ибæл исæвардтонцæ, дуйней адæмти раззагдæр тухтæ æности дæргъи цæмæ бæллунцæ, сæ зунд цæбæл бæттунцæ, сæ хъаурæ цæмæн дæттунцæ, уой ном – «Рæстдзинад» Газет «Рæстдзинад»-и райгурд ирон æвзагбæл дзорæг алли адæймагæн дæр адтæй бæрæгбон. Е алли иронмæ дæр равзурун кодта сæрустурдзийнади æнкъарæнтæ, æма æ фарсмæ æрбалæудтæнцæ федар фæххуæцæнæн. Агъаз ин кодтонцæ, финстонцæ имæ сæ зинтæ, сæ цийнитæ. Æ алли номер дæр син хаста æхцæуæндзийнадæ, Къостай æмдзæвгити хузæн æй къохæй къохмæ лæвардтонцæ. Кæсун ка зудта, етæ ‘й иннетæн кастæнцæ гъæути Нихæсти, синхбæсти, бийнонти ’хсæн, зонгитæн.

«Рæстдзинад» син сæ талингæ къумтæмæ хаста дуйней гъæр, рохси цъирт, дзурдта ирон адæми царди ахсгиаг лухкæнуйнаг фарстатæбæл, сæ евгъудбæл, сæ абонибонбæл, сæ федæнбæл. Худта сæ Къостай фæдбæл рохсмæ, хе æрлæдæрун æма нæуæг цард исаразунмæ.

* * *

«Рæстдзинад» æ фиццаг бонтæй фæстæмæ иссæй ирон адæми анзфинсæг. Æ косгутæ æма æхсæнадон уацхæсгутæ æй æнгом бабастонцæ фæллойнæгæнæг адæми царди хæццæ. Уомæн æма сæхуæдтæ адтæнцæ æ гулфæни.

* * *

Уæззау, гургъахъ, фал арфиаг надбæл рацудæй «Рæстдзинад» нæ адæми хæццæ еумæ. Иристони ци устур цаутæ, ци устур арæзтæдтæ цудæй, етæ си æвдист цудæнцæ сæ райдайæнæй сæ кæрони уæнгæ. Уони хæццæ – Гизæлдони ГЭС, Къасарай над æма тъунел, Беслæни нартихуари комбинат, Цæликки къанау, Дзæуæгигъæуи ГЭС, нæуæг заводтæ, фабриктæ, индустриализаци, коллективизаци, МТС-тæ, колхозтæ, совхозтæ, фондзанзонтæ. Газет адтæй фæллойнадон ерисмæ разæнгардгæнæг тухæ.

* * *

1928 анзи Барахъти Гино адтæй газет «Рæстдзинад»-и редактор. Уæд нæмæ ирон журнал нæма цудæй, æма Гино уадзун райдæдта литературон уæлæнхасæн «Размæ».

Дæс æма инсæйæймаг æнзти газет «Рæстдзинад»-и фæрци сæ нæмттæ Иристони идæрдтæбæл райгъустæнцæ ирон финсгути нæуæг фæлтæрæн: Фæрнион Къоста, Малити Геуæрги, Мамсурати Дæбе, Хъамбердиати Мисост, Хутъинати Циппу, Хъайтухъти Геор, Бæдоати Хъазбег, Бесати Тазе, Епхити Тæтæри, Плити Хадо, Хетæгкати Дауит, Илас Æрнигон, Багъæрати Созур, Дзести Кудзæг æма иннетæн.

«Рæстдзинад» æ райдайæнæй абони уæнгæ иссæй ирон финсгути фæлтæрти исфæлдистадон ирæзти курдбадзæ. Æркæсайтæ нæ абони финсгути царди æма исфæлдистадон нади анзфинстмæ. Алли рауæн дæр си бафеппайдзинайтæ уæхæн финст: «Æ уадзимистæ фиццаг хатт мухургонд æрцудæнцæ газет «Рæстдзинад»-и, уæдта ма: «Куста газет «Рæстдзинад»-и редакций».

«Рæстдзинад»-æй царди вазуггин фарстати фæдбæл игъустæй зундгонддæр ирон финсгути, ахургæндти, æхсæнадон, политикон æма культури косгути федар æма баргин гъæлæс. Æвдистонцæ адæми хæццæ сæ еудзийнадæ. Сæхе бастонцæ æ хъисмæти хæццæ.

* * *

Æма «Рæстдзинад» æ хъаури ку бацудæй, æ размæ никки устурдæр æма вазуггиндæр ихæстæ ку æрæвардта, ахургонд искурдиадæгин æвзугъд фæлтæр си косун ку райдæдта, уæд æрбайгъустæй фудæнхи гъæр – фудæзнаг æрбалæбурдта нæ Райгурæн бæстæмæ.

Æ косгутæ лæгæвзурстæй рандæнцæ цифуддæр знаги нихмæ тохмæ. Еци тогкалæн тугъди Райгурæн бæсти сæрбæлтау редакций косгутæй бæгъатæрæй фæммард æй финддæс цæрунгъæуагæ лæхъуæни: Æлборти Саукуй, Дударати Владимир, Бокойти Антон, Фæрниати Заурбег, Моргуати Александр, Едзити Цини, Хъамбердиати Хъасболат, Хъулати Ладемур, Дзебойти Хазби, Фидарати Георги, Хъургъости Иван, Суджати Георги, Дзæхати Темурхъан, Гусати Никъала, Хъесати Солтан.

«Рæстдзинад» дæр æхе равдиста æнæфæккеугæ æхсаргин æма бæгъатæр тугъдонæй. Идæрдтæбæл игъустæй æ нæргæ гъæлæс: седтæй тохмæ. Адæмти разæнгард кодта знаги ниддæрæн кæнунмæ, фронти фæскъилдун федар кæнунмæ, парахат кодта дзиллон-патриотон гъомбæладæ, сæрустур адтæй нæ тугъдон бæгъатæрти æскъуæлхтдзийнæдтæй, цийнæ кодта æма зардта Уæлахези кадæбæл.

Тугъди æнзти газет æ фæрстæбæл мухур кодта тугъди будурæй æрвист финстæгутæ, тугъдон финсгути æмдзæвгитæ, радзурдтæ, уацтæ, фæдздзурдтæ.

* * *

Тугъдæй уæлахези хæццæ исæздахтæнцæ æма æфсæддон цинелти сæ уарзон газети разæнгардæй косун райдæдтонцæ Цирихти Михал, Бутати Тотурбег, Дзугати Барис, Хутъинати Махарбег, Саукуйти Иссæ, Тегати Сулейман, Федор Мамонтов, Томайти Дзантемур, Дзугати Савели, Андиати Мæхæмæт, Айдарти Хъамболат, Бæдоати Алисолтан, Хутъинати Дæдæгка, Хъулати Чермен, Джиккайти Федя, Басити Михал.

Æма уæд газет æ еугур хъауритæ дæр исаразта пурхгонд адæмон хæдзарадæ æ къæхтæбæл ислæуун кæнунмæ. Æрлæудтæй бабæй нæуæг историон æййивддзийнæдти, цаути раззагдæрти рæнгъити. Адтæй, цардмæ нæуæгдзийнæдтæ ка хаста, хъазауатонæй ка куста, адæми хуарздзийнадæбæл разæнгардæй ка архайдта, уони хæццæ.

* * *

Уæлæнгай цæстæй некæд кастæй «Рæстдзинад» æ адæми карнæмæ. Æ равзурдæй фæстæмæ цудæй цардæн æ гулфæнти, æрфити: финста Иристони базургин æнзти истори, куд æй, уотемæй – æнæхийнæ, æнæсайд, рæстæй. Æма царди цаутæ айдагъ финсгæ нæ кодта, фал син кодта гъæугæ аргъ, газеткæсгутæн æргом дзурдта æма дзоруй, хуарз æма лæгъуз ци æй, уой.

Уомæн кодтонцæ адæм æма паддзахадæ дæр «Рæстдзинад»-æн устур аргъ. 1973 анзи ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиум æ Укази финста: «Цæгат Иристони АССР-и фæллойнæгæнгути коммунистон уагæбæл гъомбæл кæнунбæл, хæдзарадон æма культурон арæзтади ихæстæ æнхæст кæнунбæл тохмæ сæ разæнгард кæнунбæл е ’нтæстгин кусти туххæй Цæгат Иристони республикон газет «Рæстдзинад»-æн лæвæрд æрцæуæд орден «Кади нисан».

2000 анзи ба ин исаккаг кодтонцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон преми.

Газетæн берæ майдантæ æма Кади грамотитæ лæвæрд æрцудæй æ гъомусгин кусти туххæй Советон Цæдеси æма Уæрæсей Федераций журналистти Цæдестæй, ССР Цæдеси ДОСААФ-æй, Еугуруæрæсеуон æрдзæгъæуайгæнæг æхсæнадæй æма æндæр рауæнтæй.

* * *

«Рæстдзинад» æй ирон адæми еугæнæг тухæ. Е некæд дехтæ кодта ирон адæми диалекттæмæ, дзурдиздæхтæмæ, гъæутæ æма кæмттæмæ гæсгæ. «Рæстдзинад»-æн адтæй, ес æма уодзæнæй еу ирон адæм, æма федарæй косуй æ еудзийнадæбæл, е ’нгондзийнадæбæл. Газети ахсгиагдæр темитæй еу æй дууæ Иристони байеу кæнуни гъуддаг. Е æй нæ адæми æносон бæллец.

Нæ еумæйаг уарзон Иристонæн, æ гъиги кæддæриддæр æ фарсмæ фæууй «Рæстдзинад». Е дæр æ адæми хæццæ еумæ æ уæле уæд æ бæрæгбони дарæс искæнуй, уæд – æ сау дарæс. Иристонбæл Хонсари æма Цæгати дæр ци бæлæхтæ, Беслæни ци æверхъау фудракæндтæ æрцудæй, етæ маст бауагътонцæ газети косгути, фал сæ зæрдæ нæ фæхъхъæбæр æй, сæ нифс нæ расастæй – никки фæббæрнондæр æнцæ нæ адæми рази, фæсевæди ’хсæн фæхъхъаурæгиндæр кодтонцæ патриотон гъомбæладæ, цæмæй, хестæрти намуси туруса бæрзонд исесгæй, кæрæдземæ æнгомдæр æрбалæууонцæ, къæрцгъосдæр уонцæ аци фæлдорæггун дзамани, ирон адæмæн фидбилиз ка хæссуй, уонæмæ. Еци кусти син хуарз агъаз кæнунцæ ветеранти республикон Совет, ХъСТО-ий Цæгат Иристони хайади разамунд.

* * *

Фæстаг æнзти ирон адæми хуæдбарæдзийнади, хелæдæрунади ци рæстмæ æййивддзийнæдтæ æрцудæй, етæ хуарзæрдæмæ æнæфæззингæ нæ фæцæнцæ газети кустбæл. Иристон иссæй хуæдбарæ республикæ, ирон æвзаг нæмæ иссæй паддзахадон æвзаг. Ирон адæми хъисмæтбæл, нæ маддæлон æвзагбæл устур мæти хæццæ дзубанди цæуй «Рæстдзинад»-и алли номери дæр. Къурцдзæвæнæй рацæунæн фæндæнттæ æма гæнæнтæ амунд цæуй газети æрмæгути.

Федарæй зæгъæн ес – «Рæстдзинад» æй нæ ирон национ культури ахсгиагдæр цæгиндзитæй еу, æ артдзæстæ, е ’мгосæг. Æма ’й еци фарни надмæ ракодтонцæ, ци берæ искурдиадæгин лæгтæ си куста, етæ. Еци фарни надмæ ’й ракодтонцæ æ редактортæ Гæдиати Цомахъ, Барахъти Гино, Къосирати Сæрмæт, Бæдоати Хъазбег, Келæхсати Аслæнгери, Æгъузарти Æхсарбег æма Хъанухъуати Валоди.

* * *

Хуарз бунтæ, хуарз æгъдæуттæ ниууагътонцæ редакций раздæри фæлтæртæ. Хуарз кусти фæткæ, хуарз зундамонгутæ. Искодтонцæ кадæ æма намус «Рæстдзинад»-æн æма сæхецæн. Газети косгути фæлтæртæй некæд уодзæнæнцæ иронх, «Рæстдзинад»-æн æ цард ка иснивонд кодта, уони рохс нæмттæ: Хумарти Хъамболат, Гагкайти Дзибис, Хацъæти Валоди, Мистулати Дзантемур, Хъесати Дафа, Хутъинати Махарбег æма Дæдæгка, Бæдоати Алисолтан, Саламти Алихан, Хъарати Урузмæг, Æгъузарти Георги, Цогойти Георги, Тегати Сулейман, Хъулати Чермен, Хугати Валоди, Саукуйти Иссæ, Бутати Тотурбег, Цирихати Михал, Хæблиати Сафар, Джимити Хайирбег, Гæлуати Аким, Бадриати Никъала, Толпарти Сослан, Хъанухъуати Валоди, Хъесати Валоди, Дзугати Барис, Амилахуанти Хизир, Томайти Дзантемур, Тигити Юри, Губати Чермен, Æлборти Хетæг, Милихуати Заретæ, Тепсихъоти Зоя, Зугъутати Руслан, Мамсурати Мурат, Цомайти Ростислав, Малити Хасан, Хъусати Барис æма иннетæ. Атæ еугурæйдæр кæрæдзей фæдбæл рандæнцæ аци дуйнейæй. Рохсаг уæнтæ.

* * *

Газет «Рæстдзинад»-и коллектив сæ фæлладуадзæн рæстæги ахид рабалци кæниуонцæ Иристони зæрдæбæлдарæн бунæттæбæл. Уомити фембæлиуонцæ сæ газеткæсгути хæццæ, зæрдиагæй фæдздзубанди кæниуонцæ уæди цардиуаги ахсгиагдæр фарстатæбæл. Мадта уолæфгæ дæр бакæниуонцæ рæсугъдæй æма зæрдæмæдзæугæй…

«Рæстдзинад»-и куст берæ ахедгæдæр æма гъæздугдæр кодта æма кæнуй нæ ахургæндти, нæ финсгути агъазæй: Даурати Зойи, Дзасохти Музафери, Хъодзати Æхсари, Даурати Дамири, Мæхæмæтти Ахурбеги, Цибирти Людвиг æма Герлики, Беруати Бариси, Гаппуати Тæтæрхъани, Агънати Гæстæни, Ходи Камали, Дзидзойти Валерийи, Дзбойти Михали, Багати Ладийи, Хозити Бариси, Бзарти Руслани, Гасинти Жоржи, Хугати Сергейи, Кокайти Тотрази æма иннети царди ахсгиаг фарстатæбæл финст уацтæбæл æхцæуæнæй исæмбæлунцæ газеткæсгутæ.

Газети кусти хæццæ дæсгай æнзти дæргъи æнгон баст адтæнцæ æма æнцæ хестæр фæлтæртæй æ еузæрдиуон æхсæнадон уацхæсгутæ: Мамсурати Ислам, Богазти Арсæмæг, Томайти Шамил, Мæрзаганти Махар, Ходи Тамерлан, Базрати Фатимæ, Абайти Зæлинæ, Лианти Розæ, Мамиати Таймураз, Таутиати Лидæ, Æрчъегкати Зарæ, Джеранти Ирæ, Багати Сафирæт, Хозити Хъудæберд, Гæлæбути Мухарбег, Кцойти Асте, Бутати Победæ, Отарти Георги, Гулæрти Барис, Цгъойти Булкæ, Уæлигæсти Саркис, Хæмицати Роман æма иннетæ. «Рæстдзинад»-бæл еузæрдиуон æнцæ кæстæр фæлтæртæ дæр.

* * *

Газети фæрстæй ахид райгъусуй ирæзгæ фæлтæрти нифсгун гъæлæс. Етæ газети медесмæ хæссунцæ нæуæгдзийнæдтæ, царди уалдзæги комуолæфт. Сæ финст æрмæгутæ: уацтæ, радзурдтæ, новеллитæ, æмдзæвгитæ мухургонд цæунцæ редакци син ци сæрмагонд газет «Нæ Иры фидæн», хецæн спортивон фарс «Зилахар» æма литературон къум «Малусæг» байгон кодта, уоми. Арфиаг куст бакодта Цæгат Иристони паддзахадон университет, журналистики факультет ке байгон кодта, уомæй. Ка си ахур кæнуй, уонæй берети муггæгтæ ахид фæуунцæ газети фæрстæбæл. Етæ нæ, фал ма скъоладзаути финст æрмæгутæ дæр.

* * *

«Рæстдзинад» бастдзийнæдтæ даруй, Уæрæсей Федераций раздæри советон республикитæ æма сауæнгæ, идард фæсарæйнаг бæстити аллирауæнти ци ирæнттæ цæруй, уони хæццæ дæр. Уацтæ имæ финстонцæ æма финсунцæ Мæскуйæй, Санкт-Петербургæй, Стъараполæй, Хъæрæсейæй, Краснодарæй, Туркæй, Францийæй, Англисæй, АЕШ-æй æма Аргентинæй дæр.

«Рæстдзинад»-и æнгом коллектив хестæрæй кæстæри уæнгæ архайуй рæстæги хæццæ æмдзо кæнунбæл. Парахаттæй æма æнцонлæдæрæн æвзагæй æвдесуй царди æййивддзийнæдтæ, наукæ æма техники нæуæгдзийнæдтæ. Æргом кæнуй, размæ цæуни, ирæзгæ фæлтæри гъомбæлади нæ ци цæлхдортæ, нæуæг фæззиндтитæ гъигæ дарунцæ, уони. Адæм æхцæуæнæй кæсунцæ æ тематикон фæрстæ: «Нæ уедæгтæ, нæ Ир. Нæ бæстæ», «Куд цæрис, не ’мзæнхон, кæмидæр?», «Адæймаг. Æрдзæ. Экологи», «Æнцойнибони фарс» æма иннети мухургонд æрмæгутæ.

* * *

«Рæстдзинад»-и косгутæ, кæд сæ сæ кусти уавæртæ тухсун кæнунцæ, уæддæр разæнгардæй архайунцæ:

цæмæй газети æрмæгутæ адæми зæрдити игурун кæнонцæ нифс æма хуарз ракæнунмæ хъæппæреси æнкъарæнтæ.

цæмæй, етæ сæ хъаурæ æма зунд цæйбæрцæ амонуй, уойбæрцæ агъаз кæнонцæ Иристони идарддæри ирæзтæн.

цæмæй ирдæй æвдесонцæ кустуарзагæ æма рæстаг ирон адæми намус, бæгъатæрдзийнадæ, ездондзийнадæ æма хæлардзийнади уагæ, сæ сæрустурдзийнадæ.

цæмæй газет уа адæми æцæг еунæг «арфи дзурд».

цæмæй алли адæймагмæ дæр æвзурун кæна уоди кæдзос æнкъарæнтæ.

цæмæй алли ирон дæр æ маддæлон æвзагбæл зона кæсун æма финсун.

цæмæй ирон æвзагæн уа федæн, ирон дзурдæн ма уа тæссаг фесæфунæй…