11 октября 2024

«НÆ ÆМЗУНД ÆМА ÆМВÆНДИ АРХАЙДИ ФÆРЦИ НИН АЛЦИДÆР БАНТÆСДЗÆНÆЙ!..»

29.12.2022 | 14:38

ЦÆГАТ ИРИСТОНИ СÆРГЪЛÆУУÆГ СЕРГЕЙ МЕНЯЙЛОЙИ НÆУÆГАНЗОН АРФÆ

Цæгат Иристони аргъоцгонд цæргутæ!..

Хъазар æмзæнхонтæ!

Ес уæхæн фæткæ æма Нæуæг анзи хуæдразмæ нимад æрцæунцæ евгъуд дууадæс мæйей хатдзæгтæ æма исонибонмæ нисантæ бæлвурд кæнун. 2022 анз нин берæ цæмæйдæрти уæззау рауадæй, экономикон æма психологон æгъдауæй адтæй зинæвзарæн. Цидæр адтæй, уæддæр мах еугурæйдæр еумæ хуарз бакустан, байархайдтан нæ устур бæстæ æма нæ уарзон Иристони райрæзт æма гъæздугдзийнадæмæ аккаг æвæрæн бахæссунбæл.

Ци анз евгъуйуй, уоми нæ багъудæй исцурæвæрæ ун нури нæуæг рагафæнттæбæл, æнæнгъæлти багъæугæ унаффитæ райсун, махæн æцæгæлон æма зæранхæссæг ка ‘й, уæдта нуриуæнгæ ка нæ адтæй, уæхæн фæткити æвзедæнти нихмæ федарæй фæллæуун.
Нæ бæсти барæ-æнæбари дæр багъудæй сæрмагонд тугъдон операци райдайун, Донбасс багъæуай кæнун æма нæхе паддзахади арæнгонд зæнхи æдасдзийнадæбæл байархайун. Бæрзонддæр Сæйрагкомандæгæнæг Владимир Путин ци унаффæ рахаста, е адтæй зин, фал æнæмæнгæ гъæугæ æма раст.

Цæгат Иристони дзиллæ дæр еуварс нæ байзадæнцæ. Мах агъазиау куст бакодтан бархий æфсæддон къуæрттæ исаразун æма сæ исефтонг кæнунбæл, фæдздзурд æфсæддонтæн зæрдиагæй агъаз кæнунбæл. Уотид цæстифæнникъулди бæрцæ дæр æнæргъудийæй сæ нæ уадзæн.

Æруагæс ни кæнуй, нæуæг анз нæ цитгийнаг бæстæн æрхæсдзæнæй уæлахез, æма идарддæр нæ исонибон аразуни хабæрттæ кæндзинан, нæ сæрмæ сабурдзийнадæй райдзаст арв, уотемæй. Уомæ гæсгæ ба ни алкедæр æ бунати гъæуама архайа бæрнонæй æма æхсаргинæй, нæ регион æма Уæрæсей экономики, социалон къабази еугъæдон райрæзтæн цæйбæрцæбæл ахсгиаг æй нæ еумæйаг еугур тухтæй архайд.

Евгъуд анзи дæргъи нæ республикæ идарддæр архайдта национ проекттæ æма паддзахадон программити. Уони нисантæ æнтæстгинæй æнхæст кæнуни фæрци цæрæн рауæнтæй беретеми фæззиндтæй нæуæг нуриккон рæвдауæндæнттæ æма скъолатæ, поликлиникитæ æма фельдшерон-акушерон пункттæ, культури Хæдзæрттæ æма спортивон фæзтæ. Гъудгонд æрцудæнцæ дæсгай нæдтæ, хуæрзфадуатгонд цæунцæ цæрæн рауæнтæ.

Мах идарддæр архайдтан республики зæрдесгæдзийнадæ фæббæрзонддæр кæнунбæл, царди уагъд æрцудæнцæ ахедгæ проекттæ, райдæдта транспортон системи агъазиау раййивд, куст цæуй коммуналон инфраструктурæ иснæуæг кæнунбæл, туристон къабази райрæзтбæл… Ихæстæ берæ ‘нцæ. Етæ ни домунцæ федарлæуд, нифс, хъауритæ. Æма ми æруагæс кæнуй, нæ бон ке исуодзæнæй нæ рæсугъд фидиуæзæг цæрунæн никки зæрдæмæдзæугæдæр искæнун.

Хъазар æмбæлттæ! Зæрдибунæй уæ еугуремæн дæр арфæ кæнун, мæ зæрдæ уин зæгъуй, ка евгъуйуй еци анз уин цæмæй æ хæццæ фæххæсса уæ еугур тухститæ æма фудимелитæ, нæуæг анз ба уæхецæн дæр æма уæ хеуæнттæн дæр куд æрхæсса сабурдзийнадæ, уодæнцойнæдзийнадæ, амонд, æнæнездзийнадæ æма фарнæ!.. Уадзæ æма иннæ анзи исæнхæст уæнтæ уæ еугур уодибæстгин фæндтæ æма бæлдитæ, исуæд уин нæуæг æнтæстдзийнæдти æма æхцæуæн раргомдзийнæдти хæларзæрдæ адæймагон рахастдзийнæдти, тафс æма зæрдрохсдзийнæдти анз.

Нæуæг анзи хуарзæнхæ уæ уæд!..

* * *

Нæ республики Хецауади Хæдзари арæзт æрцудæй акци «Бæлдити назбæласæ». Назбæласæбæл ауигъд æнцæ Метин Дадамæ нæуæганзон лæвæрттæ райсунмæ æнгъæлмæ ка кæсуй, еци сабийти финстæгутæ. Æма си республики разамунди иуонгтæй алкедæр райсуй еу финстæг, уоми финст курдиадæ исæнхæст кæнуни фæндæй. Акций архайдта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.

Ауæхæн акци ма арæзт æрцæудзæнæй районти дæр æма цæудзæнæй 2023 анзи январи æстæймаг бонмæ.