09 майя 2024

«НÆ БÆГЪАТÆРТИ РОХС НÆМТТÆ НИН ÆНОСТÆМÆ ЦИТГИЙНАГ УОДЗÆНÆНЦÆ…»

29.02.2024 | 15:01

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембалдæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй се ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй ка фæммард æй, еци æфсæддонти бийнонти хæццæ. Дзубанди цудæй  уонæн сæ социалон равналæнтæбæл, æма, зæгъун æнгъезуй, тугъдонти хеуæнттæмæ ци фарстатæ исæвзурдæй, уони фæдбæл бæлвурд дзуæппитæ райстонцæ.

Сергей Меняйло куд  загъта, уотемæй нæ республики хецаудзийнади еугур къабæзти косгутæ дæр бæрнонæй ке архайунцæ, тугъди будури Райгурæн бæсти сæрбæлтау ка фæммард æй, еци тугъдонти рохс нæмттæ исæносон кæнуни, сæ бийнонтæн ба алливæрсуг агъаз раттуни туххæй аллихузон мадзæлттæ æнæгъæнæй дæр æнхæст кæнунбæл:

– Лæдæрун уин уæ саумарой дæр æма уæззау уавæр дæр, æма мæ зæрдæмæ хæстæг есун уæ рист. Уæ фидтæлтæ, уæ цардæмбæлттæ, уæ фурттæ æцæг хъайтартæ ’нцæ, æма си мах сæрустур ан. Гъулæггагæн, тугъди гъуддаг уæхæн æй, æма си  архайæг æфсæддонтæй кедæрти цард бастъæлуй… Æма ма махæн, цардæгас ка ’й, уонæн сæ бон æй сæ рохс нæмттæ син имисун æма цитгин кæнун. Уомæй еугурæйдæр ихæсгин ан, фал уин, нæ æдзард тугъдонти хеуæнттæн, федарæй дзурд дæттун, махæй алке æ бунати ке архайуй, цæмæй еци зианти нимæдзæ минкъийæй-минкъийдæр  уа. Мах алкæддæр уæ фарсмæ уодзинан æма уин агъаз кæндзинан.

Фембæлди архайгутæ берæ аллихузон фарстатæбæл æрдзубанди кодтонцæ æма уони фæдбæл фæндитæ дæр бахастонцæ. Зæгъæн, сæ гъудимæ гæсгæ æнæмæнгæ байархайун гъæуй, сæрмагонд æфсæддон операций æдзард архайгути рохс нæмттæ исæносон кæнуни гъуддагбæл. Сергей Меняйло сæмæ лæмбунæг байгъуста æма сæ хæццæ исарази æй:

– Нæ еугур хъауритæй дæр архайдзинан, цæмæй сæ рохс  нæмттæ æностæмæ цæронцæ. Федарæй ми æруагæс кæнуй е дæр, æма 9 Май куд бæрæг кæнæн, уотæ тагъд рæстæги ке бæрæг кæндзинан сæрмагонд æфсæддон операций Уæлахези бон дæр – куд нæ Райгурæн бæсти анзфинсти табуйаг хабæрттæ, уотæ. Еу  ба ма сæ кæнуй, нæ адæми еугур фæлтæрти турнундзийнадæ нæ бæстæ нацизмæй багъæуай кæнунмæ.  Ахурадæ æма науки министрадæн фæдзæхст æрцудæй скъолати мемориалон фæйнæгутæ байгон кæнун, гъæуама сæбæл финст уа, ке номерæнæн æвæрд æрцудæй, еци тугъдонтæй ка ци бæгъатæрдзийнадæ равдиста, циуавæр уавæрти фæммард æй, е. Уæлахези фæсте мах æнæмæнгæ исараздзинан циртдзæвæн сæрмагонд æфсæддон операций ка фæммард æй, еци бæгъатæр тугъдонтæн, ке зæгъун æй гъæуй, сумах фæндитæмæ æригъосгæй. Сæйрагдæр ба – Уæлахези æрцудмæ бангъæлмæ кæсун…

Фембæлди рæстæг дзубанди рацудæй социалон агъазади туххæй.  Сæрмагонд æфсæддон операций архайгути бийнонтæн Цæгат Иристони æнхæстгонд цæунцæ социалон цæстдарди аллихузон мадзæлттæ. Паддзахадæ  син  ци фæрæзнитæ иснисан кодта, уони æнхæст кæнуй фонд «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ», уоми алли бийнонтæмæ дæр федаргонд ес сæрмагонд косæг, кæци афойнадæбæл лух кæнуй, уонæмæ ци фарстатæ исæвзуруй, уони.

 

Аци хабæрттæ фегъосун кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ.