08 майя 2024

НÆ ЦАРДГЪОНДЗИЙНАДÆ  АРАЗГУТÆ НИН ÆНЦÆ!..

07.03.2024 | 21:40

ГАДАТИ Лазæри конд скульптурæ.

Силгоймæгти цитгин бæрæгбони фæдбæл нæ дзубанди райдайун фæндуй мæнæ ауæхæн хабарæй.

… Америкаг финсæг Натаниэл Хоторнæн æ еузæрдиуон цардæмбал София ку нæ адтайдæ, уæд, æвæдзи, дуйней литератури номдзуддæр адæймæгути фарсмæ æ ном нæ фæззиндтайдæ.

Еууæхæни Натаниэл сæхемæ ’рбацудæй нифссастæй, иуонгуагъд æма сæргубурæй. Еци зæрдристæй æ уосæн загъта, мæ кустæй мæ ратардтонцæ, зæгъгæ. Косгæ ба кодта илцийесæни.

– Хъæбæр хуарз, – игъæлдзæгæй загъта уосæ. – Нур дин заманай фадуат фæцæй дæ киунугæ ниффинсунæн!

– Куд нæ! – мæтъæлæй загъта Натаниэл.– Æма цалинмæ киунугæ финсæн, уæдмæ ба цæмæй цæрдзинан?

Уотæ куддæр загъта, уотемæй… Лæг десæй рамардæй, София скъаппи лагъз ку раласта æма си æхцати устур цъæпæра ку исиста, уæд.

– Кæцæй дæмæ ’рбахаудтæнцæ атæ?! – æ фурдесæй фæгъгъæр ласта Натаниэл.

– Устур искурдиади хецау ке дæ, уой алкæддæр зудтон, – загъта уосæ. – Федарæй ми æруагæс кодта, еууæхæни адæмæн æмбесонди киунугæ ке ниффинсдзæнæ, е. Гъема мæмæ ци мизд лæвардтай, уомæн æ еу хай мæ рæбун æвардтон. Аци æхца нин анзи фагæ уодзæнæнцæ.

Æма зундгин, уарзон силгоймаги фæрци америкаг литератури фæззиндтæй роман «Сурх дамугъа», æ ниффинсæг Натаниэл Хортони ном ба  хаст æрцудæй дуйней зингæдæр финсгути номхигъдмæ.

Аци хабар æримисгæй уой зæгъуйнаг ан, æма силгоймаги зунд æма рæстмæ лæдæрди фæрци дуйней берæ алæмæти арфиаг гъуддæгутæ арæзт цæуй. Сæ еци хуарздзийнадæ син лæдæрæн, боз дæр æма ихæсгин дæр си ан, æма бабæй абони боц кæнæн нæ хъазар силгоймæгти, цитгин сæ кæнæн нæ арфитæ æма лæвæрттæй.

Уой фæдбæл æнцæ нæ газети абони мухургонд æрмæгутæ дæр.