06 декабря 2024

«НÆ ЦАРДИУАГÆ ФÆХХУÆЗДÆР КÆНУН НÆХЕМÆ КÆСУЙ!..»

08.04.2023 | 23:50

Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети рагондæр æма агъазиаудæр хæйттæй еуебæл нимад цæуй историон факультет. Æ беранзиккон архайди нисанеуæг æй Фидибæсти истори æртасун æма уой туххæй дæсни специалисттæ цæттæ кæнун. Нури фæлтæртæ си изолдæр хъæртун кæнунцæ, хестæртæ ци агъазиау æма бафæнзуйнаг æгъдæуттæ æма фæткитæ ниууагътонцæ, уони, уой хæццæ ба ма сæ гъæздугдæр кæнунцæ сæхе æнтæстдзийнæдтæй. Нуртæккæ факультети цæттæ кæнунцæ историй ахургæнгутæ, уой хæццæ ба ма си парахаттæй арæзт цæуй наукон-æртасæн куст. Еци еугур хабæртти фæдбæл бундорон дзубанди рауадæй, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн историон факультети студентти хæццæ æрæги ци фембæлд адтæй, уоми.

– Абони хумæтæги нæ фембалдæн, – загъта æ радзубандий Сергей Меняйло. – Махæй алкедæр, æнæмæнгæ, уарзуй æ Райгурæн бæстæ. Æма е гъæуама нæ бæлвурд гъуддæгутæй бæрæг уа. Куд зонетæ, уотемæй нæ республики ес берæ историон циртдзæвæнтæ, кæцидæртæ си кæронмæ æртæст нæма ’рцудæнцæ, уотемæй ба ихæсгин ан, æности сæрти нæмæ ка æрбахъæрттæй, еци хæзнатæ цæмæй иронхуати ма уонцæ, уобæл æновудæй архайунæй. Уомæ гæсгæ мæмæ ес ахурдзау фæсевæдмæ устур курдиадæ: хуарз уайдæ, æригон лæхъуæнтæ æма кизгуттæ, нæ Райгурæн бæсти анзфинсти хабæрттæ арфдæр базонуни нисани хæццæ балцитæ ку аразиуонцæ нæ республики кæмттæмæ æма æндæр рауæнтæмæ, ку исбæлвурд кæниуонцæ рагон циртдзæвæнти равзурд,  уæд  син е уайдæ комкоммæ зингæ æртасæн куст. Ке зæгъун æй гъæуй, аци гъуддаги сæ хæццæ уодзæнæнцæ нæ республики культури Министрадæ, туризми райрæзти Комитети æма историон-культурон есбонади циртдзæвæнтæ багъæуай кæнуни республикон Комитет. Архиви æвæрæнтæ æма нуриккон гæнæнтæ байеу кæнгæй, исаразæн уодзæнæй гъæздуг цæмæдесаг каталог. Ци берæ иуазгутæ нæмæ цæуй, уонæн цæмæй æнцондæр лæдæрд уа, уæхæн бунæтти хе куд дарун гъæуй, уой туххæй æма æндæр зонуйнæгти хæццæ финст фæйнæгутæ бафедар кæнун гъæудзæнæй, уæхæн, недзамантæй лæууæг циртдзæвæнтæбæл. Никки ба ма си гъæудзæнæй бафинсун, æртасæн куст ка бакодта, еци студент æма æ разамонæги муггæгтæ дæр. Берæ æнзти фæсте, ка ’й зонуй, ардæмæ æрбахондзинайтæ уæхе кæстæрти æма уони хъæболти дæр æма син уони сæрустурæй æвдесдзинайтæ… Зинæй си неци ес, фал уæмæ гъæуама  уа фæндæ æма разæнгарддзийнадæ…

Цæмæй аци ахсгиаг гъуддаг цæфбæл арæзт æрцæуа, уомæ гæсгæ республики разамонæг зали бадæг фæсевæдæй ку ракурдта, аци кустмæ си æ нифс ка хæссуй, æ фидтæлти зæнхи истори бундоронæй базонун ке фæндуй, зæгъгæ, уæд си беретæ аразийæй исистадæнцæ. Сергей Меняйло байхæс кодта профилон комитеттæн, цæмæй сæ къуæрттæ искæнонцæ, исбæрæг кæнонцæ маршруттæ. Алливæрсуг агъаз син ке уодзæнæй хецауади ’рдигæй, уомæй син зæрдæ байвæргæй, загъта:

– Еумæйаг хъауритæй историон зæрдæбæлдарæн бунæттæ багъæуай кæнæн, ке цалцæг, ке ба нæуæгæй райаразуни гъуддаги хæццæ сæ рæстæгмæ æрæхгæнун багъæудзæнæй. Дзордзинан нæ изæдбадæн ковæндæнттæбæл, нæ уодварни хæзнатæбæл, цæмæй æности сæрти ма фесæфонцæ.

Фембæлди рæстæг ма Сергей Меняйло дзуæппитæ равардта ахурдзау фæсевæди фарстатæн.

– Кæд ди федарæй æруагæс кæнуй, æма дæ гъудитæ, дæ принциптæ раст æнцæ, уой федарæй зонис, уæд æнæ къулумпийæй размæ цо, фæстæмæ фæккæсæ-фæккæсæ кæнгæй уæлахез нæ фæууиндзæнæ, – загъта республики Сæргълæууæг студенттæн.

Акъуати Батрадз е ’мбæлтти номæй ракурдта, цæмæй «госпитæлон уæлмæрдтæ» ке хонунцæ, сæдæгай æфсæддонти ингæнтæ кæми ’нцæ, уой мемориалон хузи багъæуай кæнунæн син агъазгонд æрцæуа. Сергей Меняйло федарæй загъта, æ бунат аййевгонд ке ’рцæудзæнæй. Уой хæццæ ба ма баханхæ кодта:

– Нæ евгъуд рæстæгути хабæрттæн иронхгæнæн нæййес, фал  уæхуæдтæ рагъуди кæнетæ, нæ сахари уойбæрцæ мемориалон комплекстæ куд исаразæн ес? Гъæуй, æвæдзи, расагъæс кæнун, нæ Фидибæстæ алли æнзти гъæуайгæнгутæн еумæйаг уæхæн номерæн бунат равзарун…

Фембæлди архайгути фарстатæй кæцидæртæ адтæнцæ транспортон инфраструктури уавæри, Дзæуæгигъæуи æндаг бакасти, амалгъонади райрæзти фæдбæл. Сæрмагонд æфсæддон операций туххæй дзоргæй, республики разамонæг куд загъта, уотемæй нуртæккæ сæйрагдæр ке ’й, не ’фсæддонти багъæуайгæнгæй, еци мадзали нисантæ кæронмæ исæнхæст кæнун.