НÆ ЦАРДИуАГÆ НÆ ФÆНДОН БÆРГÆ КУ УАЙДÆ…
Æрбакъахдзæф нæмæ кодта нæуæг, 2024 анз, æма, берæ зæрдæмæдзæугæ цаутæ æма хабæрттæй си фæххайгин уодзинан, зæгъгæ, ибæл нæ зæрдæ дарæн. Æ фæззинди хуæдразмæ ни алкедæр æрцæттæ кодта фæрнæйдзаг фингитæ æма нæ Исфæлдесæг Еунæг Устур Хуцаумæ искувтан: «Царддæттæг дæ, æма нæ дæ хуарзæнхæ уæд, царди нæ рæсугъд нæдтæбæл аразæ!.. Дæле хуарздзийнадæй ци ес, уонæй Иристони цæргути дæр, нæ адæмæй зæнхи цъарæбæл кадæриддæр ес, етæ хайгин куд уонцæ, еци арфæ ракæнæ!..»
Нæуæганзон кувдтитæй еу уæхæн фæууй, гъома, ци зæронд анз фæндараст кæнæн, уоми æнæзæрдæмæдзæугæй ци адтæй, етæ уой хæццæ рандæ уæнтæ. Уотæ нæ бæргæ фæффæндуй, фал царди æцæгдзийнадæ ба уæхæн æй, æма алкæд нæ бæлдитæн «коммæгæс» нæ разиннуй. Æма уомæй гъæстаг дæр куд уæн.
Уомæ гæсгæ ба алцæмæ дæр лæдæргæ цæстингасæй кæсун гъæуй.
Дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ Нæуæг анзи хуæдразмæ сæ царди уавæрти фæдбæл сæ зæрдиуаги туххæй уæрæсейæгтæй ке бафарстонцæ, уонæй алли дуккаг адæймагæн (53%) дæр е ’нкъарæнтæ ’нцæ æвæрццæг. Уой хæццæ ба кæмæндæрти (11%) сæ зæрдиуагæ æнæрайгæ æй, кадæртæ ба (34%) нæдæр нецæбæл тухсунцæ, нæдæр нецæбæл цийнæ кæнунцæ. Зæронд анз хуарз зæрдиуаги хæццæ ка фæндараст кодта, уони ’хсæн нæлгоймæгтæй фулдæр адтæнцæ силгоймæгтæ (56%), карæмæ гæсгæ ба – æртинсæй анземæй фулдæр кæбæл цæуй, етæ (57%).
Куд уинæн, уотемæй еугур адæмон амонд нин нæ бæсти нерæнгæ дæр ма идæрдтаг æй. Нæуæг анзи размæ социологтæ ма исаразтонцæ еума æрфарст, æма уæрæсейæгтæй сæ зæрдиуаги туххæй ке бафарстонцæ, уонæй алкедæр уæддæр ести тухсун кæнуй. Зæгъæн, тæрсунцæ уæззау незтæй (30%), инфляци æма æргъти ирæзтæй (27%), сæ сувæллæнттæбæл ести бæлах æрцæунæй (26%). Ци фондз тасдзийнадемæй тæрсунцæ адæм, етæ ’нцæ: æфтуйæг фæнниллæгдæр унæй (23%), террористон фудракæндтитæ ’рцæунæй (19%), пандеми бабæй иситинг унæй (18%), æрдзон фудцаутæй (14%), фæливд миутæ аразгути сайди бахаунæй (13%).
Социологтæ ма ци берæ æндæр аллихузон æрфæрститæ аразунцæ, уони хатдзæгтæ куд амонунцæ, уотемæй берæ цидæртæ ма æвæстеуатæй исаразун гъæуй, цæмæй нæ абони цардарæзт кæд æнæгъæнæй нæма, уæддæр бал зингæ фулдæрæй зæрдæмæдзæугæдæр исуа. Уой туххæй ци исаразун гъæуй, зæгъгæ, æрæги зундгонд экономист, Уæрæсей наукити Академий иуонг Абел Аганбегяни ку бафарстонцæ, уæд е ци мадзæлтти кой ракодта, уонæй еуей туххæй уотæ загъта: «Гъæуй социалон системæ нæуæг гъæугæ хузи райаразун, ци зулундзийнæдтæ æма си хъоргæнæнтæ ес, уони исраст кæнун…» Æ загъдмæ гæсгæ фæллойнæн федуни мизди тæккæ минкъийдæр бæрцæ тæккæ хæстæгдæр æнзти гъæуама исирæза 35 мин сомей уæнгæ. Фулдæр бæстити тæккæ минкъийдæр мизд æй рæстæмбес миздæн æ 50 проценти. Махмæ ба – æдеугурæй 30 проценти, уогæ еци бæрæггæнæн дæр бустæги раст нæй, уомæн æма миздæн фулдæр рауæнти æ 25-30 проценти лæвæрд цæунцæ «къонвертти».
Бæргæ А. Аганбегяни фæндон ку фæррæстмæ уидæ æма фæллойни феддони тæккæ минкъийдæр бæрцæ уæддæр 35 миней уæнгæ ку исирæзидæ. Уогæ, куд фæззæгъунцæ: «Куд хуæздæр уа, уотæ нæ бæргæ фæндадтæй, фал бабæй иннæ хæттити хузæн рауадæй…» Уомæ гæсгæ ба, академик ци гъуддаги кой кæнуй, е дæр абони – исони арæзт кæми æрцæудзæнæй.
Æма уæддæр арæзт ку ’рцæуа, уæдмæ ци рæстæг рацæуа, уой дæргъи ба æргътæ, цæрæнуатон-коммуналон æма æндæр лæггæдти фæдбæл феддонтæ ба, баруагæс уи уæд, уойбæрцитæ исирæздзæнæнцæ æма хумæтæг адæми цардиуаги уавæртæ, ка ’й зонуй, неци уоййасæбæл фæххуæздæр уодзæнæнцæ.
Цидæр æй, уæддæр нæуæг анз нерæнгæ ма нур райдæдта æма нæ зæрдæ дардзинан, кæдимайди ба хуæздæрæрдæмæ æййивддзийнæдтæй зæрди фæндон хайгин уодзинан.
* * *
Мæнæ нæ абони радзубандий сæрмæ ци хузæ мухур кæнæн, уомæн, зæгъун æнгъезуй, ес дууæ нисанеуæги: еуемæй, зæронд лæг – куд Зæронд анз – бæхбæл æрбахонуй биццеуи – Нæуæг анзи; иннемæй е амонуй уой, æма нæ адæми тæккæ нимаддæр æгъдæуттæй кæстæрти царди нæдтæмæ сæ хуæрзцæттæй æма нифсхастæй рахонун æма сæ рафæндараст кæнун, цæмæй сæ карни хабæрттæ æнтæстгинæй æнхæст кæнунгъон уонцæ. Еци æгъдау нин гъæуама уæлдай ахсгиаг исуа аци анзи дæргъи – зундгонд куд æй, уотемæй е Уæрæсей нимад цæуй бийнонти Анзбæл. Æма нæмæ бийнонтæ дæр фулдæр куд кæнонцæ, еугурæй дæр амондгун куд уонцæ!..
БИЧИЛТИ Алетæ, Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонг