07 декабря 2024

НÆ ЦАРДИУАГИ УОДÆНЦОЙНÆ НÆХЕЦÆЙ АРАЗГÆ ’Й!..

02.03.2021 | 21:24

Аци гъуди загъта Хидирти Батраз, нæ республики æрдзон фæрæзнити æма экологий министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг. Æма æ загъдмæ гæсгæ ракæнуйнаг ан нæ рагфидтæлтиккон таурæхъ.

Хуцауи бон алцидæр æй. Æма цитæ ба нæ аразта, уой дæр си еу иннемæй агъазиаудæр. Фал уæддæр цæмæдæр гæсгæ æрмæтъæл уидæ. Æма ’й æрфæндадтæй еци агъазиаудзийнæдтæй уæлдай ма хуæрзминкъий цидæртæ кæнунгъон ка ’й, уæхæнттæ исфæлдесун. Æма исфæлдиста дортæ. Фал ин æрхæмæ низзилдæнцæ æма уоми æнæзмæлгæй лæудтæнцæ.

Хуцау бабæй æрмæтъæл æй. Æма сфæлдиста дон. Фал бабæй дон дæр дæлæмæ уайун райдæдта.

Хуцау бабæй æрмæтъæл æй. Æма исфæлдиста бæлæстæ. Етæ бабæй сæхе хормæ ивазтонцæ.

Хуцау нæуæгæй æрмæтъæл æй. Гъема дин æхецæй еу устур гæбазæ ку рарæдовидæ, цари æй ку батохидæ, ку ’й барæхæссидæ æма ’й зæнхæмæ ку низзелидæ. Æма зæнхæбæл фегурдæй цæттæ лæг.

Лæг байевдалдæй æма зæнхæ феллаун райдæдта, дортæ ласуй, кæрæдзебæл сæ амайуй, бæлæстæ къахуй æма сæ æндæр рауæнти аразуй. Хуцау æй уинуй, æ зæрдæ цийнæ кæнуй: æгайтима кадæр цидæртæ архайуй!

Еуæй-еу хатт Хуцау æхуæдæг дæр зæнхæ базмæлун кæнуй, еу хонх иннебæл æхе ниццæвуй, денгизбæл ниффуттитæ ласуй. Адæм катаййи бацæунцæ, исхæлхъойтæ унцæ.

Хуцау сæмæ кæсуй æма цийнæ кæнуй: æгайтима кадæр цидæртæ архайуй…

Гъо, бæргæ цидæртæ архайуй адæймаг æ царди дæргъи, фал, æ архайдæй хуарзмæ бæлгæй, уæддæр берæ зæран хæссун байдæдта æрдзæн, нæ цардæн фæрæзнитæ дæттæг зæнхæн. Уой абони нæхе цæститæй уинæн, æма сæ еци миутæй,  сæ æверхъаудзийнадæй зæрдрист дæр бæргæ кæнæн…

Уомæй ервæзт нæ ан мах дæр, Цæгат Иристони цæргутæ. Уогæ си фæстаг рæстæгути берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт цæуй. Цæмæй нæ æрдзи дессагдзийнадæ гъæуайгонд цæуа, цæмæй нæ уæлдæф  уа рæсог æма æнæнездзийнадæ рæвдзæгæнæг, нæ алфамбулайти фæзуæттæ уонцæ гъудгонд æма кæдзос. Еци мадзæлтти ахедундзийнадæ æхе цæститæй фæууинуни туххæй аци министрадæ æрæги исаразта сæрмагонд балци дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæрттæн. Æма етæ сæ еци балций рæстæг ци фæууидтонцæ æма ци базудтонцæ, уобæл æй нæ абони дзубанди.

ФЕДЕРАЛОН ПРОЕКТТИ ФÆРЦИ

Æхсæнадон царди берæ лухкæнуйнаг гъуддæгутæ ес, фал сæ исæнхæст кæнунæн берæ æнзти дæргъи ахедгæ мадзæлттæ нæ адтæй. Нур аллихузон паддзахадон программитæ æма проектти фæрци берæ ахсгиаг фарстатæ арæзт цæуй.

Федералон проект «Кæдзос бæстæ»-йи национ проект «Экологи»-бæл паддзахадон программи нисантæ 2020-2025 æнзтæн евгъуд анзи 1 декабри нæ республикæ паддзахадон контракти фæдбæл бадзурд бафинста «Геосинтетика», зæгъгæ, æхсæнадон кустуати хæццæ. Бадзурди нисан æй, экологийæн зиан ка хæссуй, бæлвурддæр ба – Дзæуæгигъæуи бугъгалæн полигон рекультиваци искæнуни куст бакæнун. Аци гъуддагæн æхцай фæрæзнитæ дехгонд æрцудæй 2 миллиард æма 128 миллион соми. Æхца æрвист цæуй фæлтæргай.

Рекультиваций куст кæронмæ æнхæстгонд æрцæудзæнæй  2022 анзи. Техникон æма биологон фарстати гъуддæгутæ нуртæккæ сæ тæмæни цæунцæ 82,95 гектари фæзуатбæл.  Дзæуæгигъæуи полигони фæзуатбæл косуй аллихузи техникæ: бульдозертæ, экскаватортæ, уæзласæн хуæдтолгитæ. Объект бабæрæг кодтонцæ нæ республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити косгути æма Цæгат Иристон-Аланий экологи æма æрдзон фæрæзнити министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Хидирти Батраз. Куд радзурдта, уотемæй полигони уавæр фæстаг рæстæг сахари цæргути хъæбæр тухсун кæнуй:

– Нæ республики «Роспот-ребсоюз»-и управлений хæццæ дзæуæгигъæуккæгтæ гъасти финстæгутæ æрветунцæ, нæ сæйраг сахари гъæунгти лæгъуз тæфæй рацæуæнтæ ке нæбал ес, уой фæдбæл. Æз хатир корун адæмæй. Лæдæрун æй, æнцон син ке нæй, уой, фал еци уавæр айдагъдæр рæстæгмæ уодзæнæй. Гъуддаг уой медæгæ ’й, æма  рекультиваций куститæн райдæдтонцæ сæ фиццаг фæлтæр. Аци фæлтæр æй еугуремæй зиндæр гъуддаг. Экскаватортæ полигони фæзæ къахунцæ, евгъуд æноси астæу аци рауæн бугъгалæн бунæттæ сикъити буни фæцæнцæ, æма еци æмбуд хауæццæгтæ еу рауæнмæ уæзласæн хуæдтолгитæ ласунцæ. Балæдæретæ нæ, æнæмæнгæ гъуддаг æй. Мæрæ ку искæдзос кæнонцæ, уæд полигони фæзæбæл идарддæр ба цъæх будур исараздзинан. Ниййараздзинан си бæлæстæ. Техникæ æмбуд хауæццæгти мæрæ къахуй цалдæр метри бунмæ, цæмæй бустæги искæдзос уа, уой туххæй. Нури уæнгæ бал еугур фæзуатæй 31 гектари бугъæ искъахтонцæ æма ’й еу рауæнмæ хуæдтолгитæ фæлластонцæ. Идарддæр еци хауæццæгтæ æмбæрзунцæ геосинтетикон æрмæгæй. Еци æрмæг хуннуй – «Геосинтетические защитные экраны». Аци нæуæгдзийнади фæрци æмбуд хауæццæгти лæгъуз тæф – биологон газ, фæмминкъийдæр уй æма рандæ уй. Уой фæсте сæбæл нæуæг уавæрти куст цæудзæнæй сæрмагонд техники фæрци. Уæлдæр амунд акционерон æдасдзийнади хæццæ  паддзахадон бадзурд исаразтан 2020-2025 æнзти уæнгæ. Программæмæ бахастан Алагир, Беслæн, Æрæдон æма Дигорай бугъгалæг полигонти рекультиваци дæр. Идарддæр архайдзинан аци куст иннæ районти дæр исæнхæст кæнунбæл, – загъта Хидирти Батраз.

Полигони фæзæбæл техникæн фезмæлæн нæййес. Мет æруардта, зæнхæ лæкъæрдæ æма змæнст кæд æй, уæддæр косгутæ сæ размæвæрд нисантæмæ нифсгунæй цæунцæ. Ци фæзуатбæл косунцæ, е, ке зæгъун æй гъæуй, лигъз æма фæтæн нæй. Кæми бæрзонддæр хæрди, кæми ба цæхгæрмæ фæззелæнти хуæдтолгитæ арæхстгай цæунцæ, цæмæй маци къулумпидзийнæдтæ исæвзурун кæнонцæ. Хидири-фурт ма куд загъта, уотемæй полигонæн нæуæг фæзæ æвзурст æрцудæй, фал уоми уæхæн бугъти агъазиау  æвæрæнтæ нæбал уодзæнæй. Нæуæг мадзæлтти æма нуриккон техники фæрци уайтæккæ утилизацигонд цæудзæнæнцæ.

Подрядон организаци «Геос»-и хайади хецау Виктор Надымов журналисттæн равдиста, æмбуд хауæццæгтæ нæуæг технологити фæрæзнитæй куд косдзæнæнцæ, уой.

– Исаразтан «Траншея фильтрата», зæгъгæ, гъæугæ мадзал, æма ке искъахтан, еци хауæццæгтæ геосинтетикон æрмæгæй бамбарзтан, цæмæй, ци биологон лæгъуз газ æвзурун кæнунцæ, е фесæфа. Уой фæсте сæбæл идарддæр бакосдзинан. Нæ кусти нисанти ес, полигони фæрсти цæугæдон «Черная речка»-йи билгæрæнттæ дæр дорæй ниффедар кæнун, дони рацæуæн исраст кæнун, цæмæй уой фæсте нæуæг, цъæх фæзи билтæ ма хуæра, уой туххæй. Фиццаг фæлтæри куститæ фæууодзæнæнцæ майи кæрони. Еугур куститæ ба кæронмæ рахъæртун кæндзинан 2022 анзи, – загъта Виктор Надымов.

 

НÆУÆГ УАВÆРТИ…

Дзæуæгигъæуи муниципалон бюджетон управлени «СпецЭко-Сервис»-и кустуати уавæртæ æма фадуæттæ хуæздæрдæмæ æййевунцæ. Уой туххæй журналисттæн лæмбунæг радзурдта директор Кодзурти Рустам.

– Нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслави бардзурдмæ гæсгæ, нæ кустуат гъæугæ уавæрти косунмæ райаразуни фæдбæл лæмбунæг бакустан аци фарстабæл. Бундорон цалцæг искодтан нæ бæстихай. Фондз мин квадратон метри ка ’й, еци бæстихæйтти сæртæ бамбарзтан нæуæг æрмæгæй. Баййивтан электрон тухæ æма гъардæнтти системитæ. Косгутæн исаразтан нæуæг уавæртæ, раздæр син ка нæ адтæй, уæхæнттæ.

Нуриккон кустуати син ес фæлладуадзæн мадзæлттæ – уæледарæс раййевуни скъæппитæ, хехснæнтæ æма  хуссæнтæ. Фæззиндтæй нæмæ медицинон хайадæ дæр, багъæуаги сахатти, цæмæй фиццаг медицинон агъаз райсонцæ косгутæ, уой туххæй. Ес дохтирмæ еугур гъæугæ хуастæ дæр. Байзадæй ма нин айдагъдæр хъæппæлтæ æхснæн бæстихай нæуæг исаразун. Зæронд азгъунст нуриккон кустæн дзуапп нæбал дæттуй, æма федæни райдайдзинан нæуæг бæстихаййи арæзтадæбæл косун нæуæг ефтонггæрзти хæццæ. Нæ кустуат «СпецЭкоСервис»-и косуй 460 адæймаги. Уони хæццæ 375 æнцæ, Дзæуæгигъæуи гъæунгтæ еудадзуг ка ’фснайуй, уæхæн косгутæ. Иннетæ ба æнцæ коммерцион хайадæй.

Фæстаг бæнтти берæ мет æруардта æма зингæ зиндæр уавæрти бахаудтæй транспорти куст. Сæрмагондæй нæмæ мет кæдзос кæнунæн ци техникæ ес, етæ ’нцæ 15 хуæдтолги æма сæ еугурдæр адтæнцæ сахари алли районти. Уæлдай фулдæр мет æруардта æма нæдтæ æрæхгæдта Иристойнаг æма Фæстерки районти. Цæгат Нигулæн æма Промышленном районти ба мет уардта дони хæццæ, æма нæдтæ нæ бамбарзта. Мет кæдзос кодтан æхсæвгæйтти. Уомæн æма бонигон транспорти змæлдæй хуæрзгъæдæ куститæ бакæнæн нæййес. Сахари гъæунгтæ æфснайунæн нæ кустуати аллихузон техникæ дæр ес. Етæ ’нцæ мет, нади ругæ æма фæззигон сифтæ кæдзосгæнæн хуæдтолгитæ.

ХУÆРЗГЪÆДÆ ХУÆРУЙНАГ – СКЪОЛАДЗАУТÆН

Берæ дзубанди цæуй скъоладзаути хуæрæндæнтти уавæрбæл. Ниййергутæ гъаст кæнунцæ скъолай хуæруйнагæй, гъома, ке ’й æнадæ æма цауд. Æрæги нæ республики Æхсæнадон палати иуонгтæ унаффæ рахастонцæ, цæмæй сæхуæдтæ исаразонцæ, «меню» ке хонунцæ, еци хуæруйнæгти номхигъд. Нæ республики журналисттæ ба бабæрæг кодтонцæ Дзæуæгигъæуи скъолати хуæлцади комбинат. Æма сæхуæдтæ фæууидтонцæ, скъоладзаутæн хуæруйнаг кæми кæнунцæ, еци цехтæ дæр. Комбинати директор Челдити Ольгæ лæмбунæг радзурдта хабархæссæг фæрæзнити минæвæрттæн, ци уавæрти косунцæ æма куд цæттæ кæнунцæ ирæзгæ фæлтæрæн хуæруйнаг, уой фæдбæл бæлвурд хабæрттæ.

– Комбинат Цæгат Кавкази зилди нимад цæуй хуæздæрбæл. Ес нæмæ нæуæг ефтонггæрзтæ хуæруйнаг кæнунæн, нуриккон техникæ. Комбинат арæзт æй кулинарон æма кондитерон цехтæй. Кулинарон цехи хуæруйнаггæнгутæ цæттæ кæнунцæ гъар хуæруйнаг астæуккаг скъолай райдайæн кълæсти ахурдзаутæн. Æдеугур æнцæ 16 мин сувæллони, айдагъ Дзæуæгигъæуæй нæ, фал республики алли рауæнтæй. Комбинат æмгуст кæнуй астæуккаг скъолати хæццæ. Уоми исаразунцæ хуæруйнæгти номхигъд æма уотемæй заказтæ махмæ æрбарветунцæ. Ке зæгъун æй гъæуй,  еугур хуæруйнæгтæ нæ кæнæн, скъолати хуæрæндæнттæ дæр кæнунцæ, фал, ка нæ хъæртуй, хуæрæндæнтти уавæртæ унгæг кæмæн æнцæ, еци скъолатæн мах агъаз кæнæн.  Комбинати косгутæ косунцæ скъолати хуæрæндæнтти æма син сæ архайдмæ нæ цæстæ дарæн. Сувæллони æнæнездзийнадæн пайда ка ’й, уæхæн хуæруйнаг кæнунбæл архайæн. Продукттæ термалон æгъдауæй гъудгонд  цæунцæ сæрмагонд фицæн духовкити. Аци техникæ æй нуриккон æма æнæнез хуæлцади сæйраг дзаумау. Зианхæссæг менеугутæй си æгириддæр неци ес. Комбинати хуæруйнаг конд цæуй, санитарон нормитæ æнхæстгæнгæй. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма,  кæсалгæй уæлдай къуæре еу хатт сувæллæнттæн æрветæн къæдор цихтæй конд хуæруйнаг дæр. Картофи  лихъæбæл (пюре) æфтауæн кæдзос компоненттæ, æхсир æма царв, æндæр неци, скъолатæй уæлдай ма рæвдауæндæнттæн дæр цæттæ кæнæн «полуфабрикаттæ», æма сæ æрветæн бунæттæмæ. Рæвдауæндæнтти еци æрдæггонд хуæруйнаг ба идарддæр сæхе хуæруйнаггæнгутæ искæнунцæ, куд гъæуй, уотæ.

Кондитерон цехи кæнæн аллихузи адгийнæгтæ скъолати буфеттæн. Се ’хсæн еугуремæй зундгонддæр æма уарзондæр гул – советон «коржик». Берæ хæттити фегъосун, скъолати хуæруйнаг хуæрзгъæдæ нæй, зæгъгæ. Ниййергутæ еци гъасти хæццæ комбинатмæ ку цæуиуонцæ, æма махæн ку дзориуонцæ скъолати хуæрæндæнтти уавæри туххæй, уæд уавæр нивæбæл уайдæ, уомæн æма мах æрветæн хуæрзгъæдæ хуæруйнаг, дузæрдуг кæнæн кæбæл нæййес, уæхæн. Куд исæвзуруй еци уавæр скъолати хуæрæндæнтти, уой ба мах нæ зонæн. Нæ куст нин еудадзуг бæрæг кæнунцæ цæстдарæг оргæнтæ æма нæмæ аййеп не ’ссерунцæ, уæд скъолати еци «æнадæ» хуæруйнаг кæцæй фæззиннуй?

Челдити Ольги фарстатæ, махмæ гæсгæ, гъæуама æнæ дзуаппæй ма байзайуонцæ, æма е ба аразгæ ‘й, гъуддагмæ цæстæ дарунæй ихæсгин ка ‘й, уонæй.