26 апреля 2024

«НÆ ЕУДЗИЙНАДÆЙ АН ХЪАУРÆГИН»

21.10.2020 | 18:52

Куд иннæ æнзти, уотæ нур дæр бабæй ноябри райдайæни Хуæдбарæ Паддзахæдти Æмхæларади бæстити цæудзæнæй дуйнеуон конкурс «Нæ еудзийнадæй ан хъаурæгин».

Конкурс арæзт æрцæудзæнæй Еугуæрæсеуон музыкалон проект «Мах ан нæ Устур Фидибæсти еузæрдиуон хъæболтæ»-йи фæлгæти æма баст æй Уæрæсей Федераций сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбæнттæй еу – адæмон Еудзийнади бони хæццæ.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма, нуриккон санитарон-эпидемиологон уавæри фудæй конкурс исаразуни фæткитæмæ хаст æрцудæй æййивддзийнæдтæ – еугур мадзæлттæ дæр цæудзæнæнцæ онлайн-фæткæмæ гæсгæ.

Конкурси сæйрагдæр нисантæ æнцæ адæмон аййевадон исфæлдистади хæзнатæ багъæуай кæнун æма парахат кæнун, Уæрæсей Федераци æма Хуæдбарæ Паддзахæдти Æмхæларади бæстити адæмти медастæу культурон бастдзийнæдтæ æнгомдæр æма гъомусгиндæр кæнун.

Аци исфæлдистадон ериси арæхстдзийнадæй ерис кæндзæнæнцæ цалдæр номинациеми, зæгъæн, хореографи, зар, аййевадон дзурд æма уотæ идарддæр.

Конкурси архайуни барæ райсуни фæдбæл курдиæдтæ бадæттæн ес 2020 анзи 1 ноябри уæнгæ. Мадзали туххæй еугур хабæрттæ бæлвурддæрæй базонæн ес Уæрæсей культурæ æма аййевæдти косгути исфæлдистадон Цæдеси официалон сайти.