06 декабря 2024

«НÆ ФИДИБÆСТИ АМОНДÆЙ АМОНДГУН АН!..»

08.06.2024 | 16:47

Рæхги, 12 июни бæрæггонд цæудзæнæй Уæрæсей Бон. Куд паддзахадон бæрæгбон, уотæ ма кæд æригон æй (нисангонд æрцудæй 1994 анзи), уæддæр æ ахедундзийнадæ ба агъазиау æй. Уомæн æма уой бæрæг кæнгæй, еума хатт бæлвурдæй равдесæн, нæ Райгурæн бæстæ нин цæйбæрцæбæл хъазар æма си цæйбæрцæбæл сæрустур ан, уой.

Уой фæдбæл æримисдзинан нæ фидтæлтиккон таурæхъ. Кæддæр, дан, еу лæхъуæн исфæндæ кодта æ карни гъуддæгути фæдбæл балций фæццæун. Æма рафæндараст уни размæ æ мади бафарста:

– Фæндаггагæн мæ хæццæ ци хæссон?

– Дæ фиди ном, дæ фиди фарнæ, – адтæй мади дзуапп.

Гъе уотемæй æ фиди ном, æ фиди фарни хæццæ лæхъуæн ранæхстæр æй æ балций надбæл. Æма кумæдæриддæр бафтуйидæ, уоми ибæл адæм исæмбæлиуонцæ хъæбæр æхцæуæнæй, зæрдиагæй æй исиуазæг кæниуонцæ – æ фиди намусмæ гæсгæ…

Аци таурæхъ, æвæдзи, фегъустайайтæ, уæдта ин æ кой нæ газети амæй размæ дæр ма кодтан. Фал æй абони бабæй æримистан, уомæ гæсгæ æма нæ Фидибæсти цитгиндзийнадæмæ гæсгæ махæй алкедæр цитгин уодзæнæй иннети цæсти. Æцæг, нæ Фидибæсти цитгиндзийнадæбæл махæй алкедæр æновудæй гъæуама архайа арфиаг гъуддæгутæй.

Никки – алкедæр ни гъæуама цæттæ уа Райгурæн бæсти сæрбæлтау уодуæлдай тохи бацæунмæ. Не ‘дзард поэт Кочисати Мухарбег (1920-1944) кæддæр уотæ финста: «Фидибæстæ, дæуæй мæнæн хъазардæр, адгиндæр нæ адтæй æма нæййес.

Айдагъ дæ кой, дæ  боц дæр устур нифс æнцæ лæгæн…» Æ еци загъд цæйбæрцæбæл æууæнккаг адтæй, е ба рабæрæг æй, Райгурæн бæсти гъезæмайраг рæстæгути æ сæр ку багъудæй, уæд Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохи  е ’ригон цард иснивонд кодта æ сæребарæдзийнади сæрбæлтау…

Абони дæр нæ Райгурæн бæстæбæл искодта лæгæвзарæн рæстæгутæ – Уæрæсемæ знаги цæстæй нуриуæнгæ дæр ка кастæй æма нерæнгæ дæр ма ка кæсуй, етæ бабæй æ нихмæ аллихузон фудракæндтитæ аразунæй иселлæг æнцæ. Æвæдзи, нæ лæдæрунцæ уой, æма нæ нихмæ раздæри архайгути фудвæндитæй куд неци рауадæй, уотæ нури фудгæнгутæн дæр сæ цъамар фæндитæй неци бантæсдзæнæй. Уомæн æма Уæрæсей рæстзæрдæ дзиллæ алкæддæр нифсгун адтæнцæ æма нерæнгæ дæр æнцæ нæ Фидибæсти сæрбæлтау архайунмæ разæнгарддзийнадæй.  Уомæн æма си федарæй æруагæс кæнуй нæ рагфидтæлти фæдзæхст: «Æцæгæй амондгун æй, Фидибæсти амондбæл ка архайуй æма еци амондæй хайгин ка ‘й, еци адæймаг!..»

КАДГИН МАДЗÆЛТТÆ ГЪÆУАМА ИСФЕДАУОНЦÆ ЦИЙНÆДЗИЙНАДÆЙ!..

Зундгонд куд æй, уотемæй аци анз бæрæг кæндзинан æртæ агъазиау цауи: Цæгат Иристони автономий 100 анзи, нæ республикæ Уæрæсей хæццæ байеу уни 250 анзи æма Хетæгкати Къостай райгурдбæл 165 анзи ке æнхæст кæнуй, уой æма Дзæуæгигъæуи 240 анзи.

Уони хуæрзведауцæй исбæрæг кæнуни фæдбæл абони цæттæгæнæн куст куд цæуй, уобæл æрæги цудæй дзубанди, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæрмагондæй ци æмбурд исаразта, уоми.

Аци бæрæгбæнттæ цитгинæй бæрæггонд цæудзæнæнцæ Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путини сæрмагонд унаффæмæ гæсгæ. Æма уой фæдбæл арæзт цæттæгæнæг косæг къуар ци мадзæлттæ иснисан кодта, етæ æнхæстгонд цæудзæнæнцæ анзи дæргъи.

– Юбилей айдагъ нæхе республикæн нæй хъазар, ес ин федералон нисанеуæг, – баханхæ кодта æ радзубандий Сергей Меняйло. – Нисангонд мадзæлттæ еугурæйдæр ахсгиаг æнцæ, æма нæ байархайун гъæуй, цæмæй æнхæстгонд æрцæуонцæ тæккæ зæрдæмæдзæугæдæр хузи. Байархайун гъæуй уобæл дæр, цæмæй нæ бабæрæг кæнонцæ берæ адæм, цæмæй аргъ искæнонцæ Иристони гъæздуг истори æма культурæн.

Бæрæгбони мадзæлттæмæ цæттæдзийнади туххæй æмбурди архайгутæн радзурдта нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ. Æма æ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемæй берæ аллихузон культурон, зонадон, наукон, спортивон мадзæлттæ арæзт æрцæудзæнæй, куд Дзæуæгигъæуи, уотæ районти дæр. Мæскуй ба уодзæнæнцæ Цæгат Иристони культури бонтæ.

Юбилейон мадзæлтти туххæй æнхæст кæнуни уавæри фæдбæл радзубандитæн хатдзæг кæнгæй, Сергей Меняйло бахаста фæндæ: Мæскуй концертон залти ци мадзæлттæ арæзт цæудзæнæй, уони ма уордигæй рахæссун гъæудзæнæй нæ бæсти сæйраг сахари Сурх фæзæмæ дæр, цæмæй Иристони алæмæти аййевадæ, не ‘гъдæуттæ æма культури цæмæдесагдзийнади хæццæ базонгæ уонцæ, куд гæнæн æма амал ес, уотæ фулдæр адæм. Æ загъд адтæй:

– Нæ хуæздæр коллективтæ, нæ искурдиадæгин фæсевæдæн сæ архайди арæнтæ фæуурухдæр кæнæн, уотемæй нæмæ федералон дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ фулдæр æргом раздахдзæнæнцæ.

Æмбурди кæронбæттæни хецæн министрадтæн, ведомствитæн, районти сæргълæугутæн ихæстæ равардта.

Аци бæрæгбæнтти фæдбæл сæрмагондæй бацæттæгонд æрмæгутæ мухургонд цæунцæ газет «Дигори» дæр. Айразмæ номери райдæдтан мухур кæнун Цæгат Иристони адæмон финсæг Цæголти Василийи роман «Хуæнхти минæвæрттæ»-йæй хецæн скъуддзæгтæ. Аци уадзимиси дзубанди цæуй, Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни гъуддаг кутемæйти райрæзтæй, уобæл.

«ДУККАГ ФРОНТ». Æ ФÆЗЗИНД ÆМА АХЕДУНДЗИЙНАДÆ…

Аци бæнтти ма æримисун æнгъезуй еума ахсгиаг цау, кæци æрцудæй Дуккаг дуйнеуон тугъди рæстæги – цуппаринсæй анзей размæ, 1944 анзи 6 июни, адтæй нæ адтæй, уæддæр игонгонд æрцудæй «Дуккаг фронт». Адтæй нæ адтæй, зæгъгæ, уомæ гæсгæ фездæх кодтан, æма уой байгон кæнуни туххæй фашистон Германий нихмæ тохи Советон Цæдеси æмцæдесонтæ (Америки Еугонд Штаттæ æма Англи) федарæй зæрдæ кæд байвардтонцæ, уæддæр сæ соми исæнхæст кæнунмæ ба нæ тагъд кодтонцæ, алли рæуæнттæй фæстæтæрæ кæнгæй.

Уогæ, цидæр адтæй, уæддæр «Дуккаг фронт» игонгонд æрцудæй. Куд æма кутемæй, уой туххæй æрмæг ба кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл. Æ ахсгиагдзийнадæ ин нимайгæй, мухур æй кæнæн уруссагау – цæмæй æй бакæсонцæ, дигоронау кæсунмæ ка нæ арæхсуй, етæ дæр.