19 майя 2024

НÆ  ГОМТÆ  ИДЗАГ УОДЗÆНÆНЦÆ  ХУАРЗ ТИЛЛÆГÆЙ

19.08.2023 | 17:40

Цæгат Иристони идарддæр цæунцæ хуарæфснайæн куститæ. Зæнхикустгæнгутæн агъаз кæнуй бонигъæдæ дæр – архайунцæ тагъддæр фæуунбæл.

Къуæрей райдайæнмæ æфсергун хуартæ æма тумбулхъæдорæ æфснайд æрцудæй 44,6 мин гектаремæй фулдæр фæзуатбæл. Уордигæй æмбурдгонд æрцудæй 125,8 мин тонни тиллæг. Рæстæмбес хуарæрзад аци  анз фарæй фулдæр рауадæй – гектарæй 34 центнери. Нæ региони тæвдæ рæстæг ке искодта, е рæстмæ фæззиндтæй хуари хуæрзгъæдæдзийнадæбæл – дæргъвæтийнæ уарунти ци уомæладæ райста, е дзæвгарæ фæмминкъийдæр æй.

Мæздæги, Кирови æма Рахесфарси районти зæнхкосгутæ æнцæ раззагдæртæ, куд хумзæнхи фæзуæттæ бафснайунæй, уотæ, ци хуар æркарстонцæ, уой еумæйаг хуарæрзадæй дæр. Еци районти нуриуæнгæ æфснайд æрцудæй æфсергун хуарти фæзуæттæн сæ 95 процентемæй фулдæр. Бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ райсун бантæстæй Кирови æма Рахесфарси районтæн – уоми æрæмбурд кодтонцæ гектарæй 35 центнеремæй фулдæр.

Фæззигæндæ æма уалдзигæндæ мæнæуæ æфснайд æрцудæй 77 мин гектаремæй фулдæр фæзуати. Æринайæ си кодтонцæ 105,1 мин тонни, æ хуарæрзад – 33 центнери гектарæй. Бафснайдтонцæ ма 6 мин гектари  хъæбæрхуар – æ рæстæмбес хуарæрзад – 31 центнери гектарæй. Тумбулхъæдорæ дæр еу мин гектари фæзуати æфснайд æрцудæй, райстонцæ си дууæ мин тонни, æ хуарæрзад – 20, 1 центнери гектарæй.

Уой уæлæнхасæн ма  аци бæнтти Мæздæги æма Рахесфарси райони æфснайд фæууодзæнæнцæ рапс. Нуриуæнгæ  бал 12,5 мин гектаремæй исæмбурд кодтонцæ еу гектарæй 20,8 тонни. Зетий культурæ аци анз туд æрцудæй 13 мин гектари.

Уæ зæрдæбæл уин æрлæуун кæндзинан: аци анз цæгатиристойнаг зæнхкосгути бафснайун гъæуй 150 минемæ хæстæг гектареми æфсергун хуартæ æма æндæр  культурти тиллæг.