06 октября 2024

НÆ ХУÆЗДÆРТИ ХУÆЗДÆРТÆЙ НИН АДТÆЙ…

20.02.2024 | 12:35

Алли доги дæр ралæууй уæхæн рæстæгутæ, кæцитæ сæ æверхъаудзийнæдтæй адæми цардиуагæ исæгудзæг кæнунцæ, сауæнгæ ма син сæ бæрæгбæнттæ дæр бæрæгбонхуз нæбал фæуунцæ, сæ цийнæй фæффулдæр уй сæ хъонц. Абони дæр уæхæн уавæри ан. Æма нин нæ цитгийнагдæр бæрæгбæнттæй еу – Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бон (советон доги æй худтан Советон Æфсади æма Тугъдон-Денгизон флоти Бон) кæд æма алкæддæр бæрæг кæнианæ зæрдæхцæуæнæй, уæд абони ба нæ зæрдæ уоййасæбæл нæ комуй цийнæ кæнун. Гъо,  ке бæрæгбон æй, уонæн арфитæ кæндзинан, цидæр лæвæрттæй сæ барæвдаудзинан. Фал абони нæ дзиллæн уæддæр  æгæр æй æ хъонц – зæрдхъурмæй имисæн, сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг се ’фсæддон ихæс æхсаргинæй æнхæст кæнгæй, Фидибæсти сæрбæлтау æ цард ка иснивонд кодта, уони рохс нæмттæ. Уонæй еу æй Сакъити Сослæнбеги фурт Игорь дæр.

 

Сурх-Дигори цæрæг Сакъити Сослæнбеги бийнонтæмæ 1967 анзи бæнттæй еуеми адæм уадæнцæ зæрдиаг арфити хæццæ: «Хуцауи фæндæй уæ нæуæгигурд фурт амондгун къахдзæф æрбакæнæд уæ къæсæрбæл!..» Бийнонтæ дæр сæ фурцийнæй ци ракодтайуонцæ, уой сæхуæдтæ дæр нæбал лæдæрдтæнцæ. Уайтæккæдæр пеци арт гур-гургæнгæ исцирен кодта, хæдзари æфсийни къинсæ уæд уотæ тагъд рангъизтæй, æма сæ гахæ ма лæпп-лæпп кæмæн кодта, уæхæн къеретæ фингæбæл февзурдæнцæ. Куд гъæуама нæ бакувтайуонцæ хеуонтæ, синхонтæ зæрдибунæй нæуæгигурди цæрæнбони туххæй.

Æма абони, еци нæуæгигурд, уой фæсте дессаги лæхъуæнæй ка рабайлæгъ æй, еци Игори туххæй дзоргæй, куд нæ æримисæн æ хъиамæтгун ниййергути дæр…

«Уорс хонхæй уорс дор тулуй», – уæхæн æй адæмон æмбесонд. Сувæллон сабийæй æ зæрдæбæл ци бадара, уой сауæнгæ æ рамæлæти бонмæ дæр некæд феронх уодзæнæй.

Сакъити Салати фурт  Сослæнбег райгурдæй 1936 анзи  Æхсæуи – Сакъити муггагæн Дигоргоми сæ бундорон гъæуи. Берæ курухон адæймæгутæ си цардæй, берæ дзурддзæугæ, арфиаг гъуддæгутæй фескъуæлхæг лæгтæ си рацудæй.

Уони фарнæ хаста Сослæнбег дæр. Скъола каст фæууни фæсте, куд æ иннæ æмгæрттæ, уотæ фæллойни гъуддæгути бацудæй.  Уæдмæ имæ фæдздзурдтонцæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ æма 1955 анзи æрвист æрцудæй Харькови облæсти Чугуеви сахармæ. Уордигæй 1958 анзи исæздæхгæй, косун райдæдта Фиййагдони шахти.

Фæстæдæр, растдæр зæгъгæй ба 1966 анзи Сослæнбег бийнонти гъуддаг бакодта, æ цард байеу кодта Хутъиати Михали кизгæ Луизи хæццæ. Дууæ æригон адæймаги кæрæдзей нимайгæй æма лæдæргæй кодтонцæ сæ царди хабæрттæ. Уæдмæ син исæнтæстæй фуригъоли хузæн бæдолæ. Уоййасæбæл ци цийнæдзийнадæмæ бæлдтæнцæ, е сæбæл æрцудæй. Игори (уотæ исхудтонцæ сæ фурти) фæсте ма син никкидæр исæнтæстæй цæуæт – фурттæ Арсен æма Алан.

САКЪИТИ Сослæнбег æма æ цардæмбал САКЪИТИ-ХУТЪИАТИ Луизæ.

Цæрунгъон бийнонтæ амонди берæ хуарздзийнæдтæмæ куд нæ бæлдтайуонцæ, фал… Сослæнбег уæззау сæйгæ фæцæй æма 1996 анзи бацудæй е ’цæг дуйнемæ. Уæд ибæл цудæй æдеугурæй æртинсæй анзи –  æ тæккæ лæги кари адтæй. Бийнонтæ райзадæнцæ сæ мадæ Луизи евгед. Силгоймаги зæрдæ фæлмæн куд æй, федар дæр уотæ ’й. Нæ фæттарстæй зинтæй Луизæ. Æ цардæмбал æ зæнхон царди ци фарнæ хаста, уой ниллæгдæр не ’руагъта. Æ зæнæг царди тонхи рауагъта, адæми æмрæнгъæ цæунгъон æма цæрунгъон иссæнцæ. Гъулæггагæн, Луизæ дæр æрсæйгæ ’й æма 2020 анзи бацудæй е ’носон дуйнемæ, æвддæс æма æртинсæй анзи ибæл цудæй…

Нур ба нæ идарддæри дзубанди æй Игори туххæй. Райдайæн кълæстæ каст фæцæй Сурх-Дигори, уæдта бийнонтæ сæ цæрæн бунат раййивтонцæ Беслæнмæ. Уæди рæстæги царди нæхъæртондзийнæдтæ адæми хъæбæр батухсун кæниуонцæ гъæути цæргути. Куст си нæ адтæй, айдагъдæр колхози дæ нихбунтæ æстъегъæ бонсауæй-изæрмæ марамæлай къæбæрбæл, æндæр ци гъæуама райстайсæ будуйрон æма æндæр æгæрон кустити. Уомæ гæсгæ ба беретæ хуæздæр цардæнгъæлдзау лигъдæнцæ сахартæмæ. Уоми кустуæтти уæддæр адтæй равгæ сæ бийнонтæ фæддаруни фагæ мизд бакосунæн.

Беслæни астæуккаг скъола каст фæууогæй, Игорь идарддæр ахур кæнуни фæндæй бацудæй гъæууонхæдзарадон институти экономикон факультетмæ æма си райста экономисти дæсниадæ.

Институти фæсте службæ кодта Советон Æфсади рæнгъити,  Североморски денгизон флоти.Фæсслужбæ Игорь исæздахтæй æ райгурæн Иристонмæ. Æма 2007-2023 æнзти куста Рахесфарси райони субсидити управлений хецауæй. Цийфæнди зин æма бæрнон кустбæл хуæст ку уай, уæддæр, ци коллективи ’хсæн косис, етæ дæ ку нимайуонцæ, дæхецæн, уæдта дин дæ кустæн аргъ ку кæнонцæ, уæд дууæ хатти æнцондæр косæн фæууй. Адæймагмæ хуæздæр æма уæлиаудæр цидæриддæр æууæлтæ фæууй, уонæй æнхæст адтæй Игорь.

САКЪИТИ Игорь (галеуæрдигæй дуккаг) æ тугъдон æмбæлтти хæццæ.

Æнæкæрон берæ уарзта Игорь æ райгурæн бæстæ, æхе алкæддæр нимадта æ еузæрдиуон бæдолæбæл. Уомæ гæсгæ ба, сæрмагонд æфсæддон операци ку райдæдта, уæд Сакъий-фурт барвæндонæй фæннæхстæр æй уоми Уæрæсей æфсади рæнгъити  архайунмæ. Еци рæстæг Сакъити Игорь æхе куд бæгъатæрæй равдиста, уобæл дзорæг æнцæ æ хуæрзеугутæ: майдан «Инæлар А.П.Ермолови номбæл», майдан «Иристони намуси кадæн».

Алли хатт дæр Игорь æд лæгæхсарæ æмпурсæнтæ кодта раззагдæрти хæццæ. Уой фæдбæл æ роти командир уотæ финста: «Игорь адтæй хъæбæр æдæрсгæ адæймаг, лæгигъæдгун, е ’мбæлттæ ибæл адтæнцæ æновуд. Рæстдзийнадæ Игорь нимадта адæймаги сæйрагдæр менеуæгбæл.

Æ тугъдон æмбæлттæн Игорь алкæддæр цудæй сæ разæй, æхемæ иста тæккæ зиндæр æнхæстгæнæн ихæстæ. Сæрмагонд тугъдон операций Игорь архайдта 259 десантон полкки. Е ’мбæлттæ æмцъухæй Игори худтонцæ сæрæн æма нифсхаст…»

…Игорь ци æнамонд саубони бастъалдæй, еци бон дæр десантон къуар се ’фсæддон ихæстæ æнхæст кодтонцæ нæуæг позицитæ байсуни фæдбæл. Сæ размæцуди сæ хъæбæр хъор кодтонцæ АТС, артиллерий зелгæ фатадзагъд, минометти нæмгутæ ехуарæгау æгъзалдæнцæ арвæй, зæнхæ хумгонд фестун кодтонцæ, никки ба ма еци уæззау тугъдтити Игори къах фæццæф æй снаряди æрхъезæй, бæргæ ’й æрвистонцæ госпитæлмæ, фал нæ бакумдта, неци мин æй, зæгъгæ, æз ме ’мтохгæнгути нæ ниууадздзæнæн. Æхе къах уæззау цæф уогæй, æ рагъи хаста иннæ цæф æфсæддони, æ рист нецæмæ даргæй. Дуккаг æрхъез ибæл ку исуадæй, уæдта нецибал балæдæрдтæй… Æ фæсмæрдæ ин аккаггонд æрцудæй «Лæгигъæди орден».

Мах нæ зонæн, Игорь, æ уод есгæй ма цæбæл сагъæс кодта, уой… Фал нæмæ цæмæдæр гæсгæ ба уотæ кæсуй, цума æ фæстаг мæтæ адтæнцæ, æ фæсте седзæрæй ци кизгæ æма биццеу изайунцæ, етæ. Ка ’й зонуй, æ зæрдæ уæлдай хъæбæрдæр тухстæй, хуæрзæригонæй седзæргæсæй ка райзадæй, æ цардæмбал Ходи Хазби хуæрзæригонæй е ’носон дуйнемæ кæмæн бацудæй æма еунæгæй æ фурт ка гъомбæл кæнуй, æ еци кизгæ Фатимæбæл, уæдта, æ киндзæхсæвæрмæ уотæ хъæбæр кæмæн бæлдтæй, æ еци фурт Сослани амондбæл ке нæбал бацийнæ кæндзæнæй, етæ… Ка ’й зонуй, еуцæйбæрцæдæр æнцон ин адтайдæ уомæй, æма етæ дууемæй дæр сæ царди хабæрттæ æнтæстгинæй кæнунгъон æнцæ.

Сæ хъазар сæрæнигурдбæл абони дæр, уæдта ма дзæвгарæ рæстæгути дæр хъонц кæндзæнæнцæ бийнонтæ, Сакъити муггаг, еугур Иристони дзиллæ дæр. Еу мехцох бабæй фæцæй нæ Дигорæ. Фал дзæгъæли æй сæ хъонц Сакъити цитгин муггагæн. Бæгъатæртæ адæми зæрдити мæлгæ нæ кæнунцæ, уони цард æносон æй… Æма уæхæн æносон иссæй æ ном Сакъити Сослæнбеги фурт Игорæн дæр.

Æз ба ин æ рохс ном ерун, мæнæ æ кадæн ци æмдзæвгæ ниффинстон, уомæй.

 

Цубур æнцæ царди нæдтæ,

Æгъиццаг ба сæ кæрон.

Зинтæ уадзунцæ сæ фæдтæ,

Фал син неци æй нæ бон.

 

Зин æй æ уаг тугъдон лæгæн,

Æмхец имæ ’й топпи фат.

Æ хор бон дæр тæдзунæг æй,

Мети хъæпæн – æ боц уат.

 

Тохи истадæй реуæмбæрцæ

Сакъити лæхъуæн Игорь.

Бæстæмæ уарзт – æнæбæрцæ

Æ гъудий конд – кæрз цæхгæр.

 

Уой е ’мбæлттæ хуарз зудтонцæ,

Нимадтонцæ ’й – æгæрон.

Фурбоцæн æй ку худтонцæ,

Фæсномугæй – Дигорон.

 

Цард нивондæн ка æрхæссуй,

Фидибæсти сæрбæлтау.

Зæрдитæй е нæ æртæсуй

Исуй махæн изæдау.

 

Знаги нихмæ тохи карзи

Иссердтай ду дæ мæлæт,

Дæ кæстæртæн ба сæ рази,

Дæ адзал нифсæн фæууæд.

 

Игорь – сæрæн хуарз æнгарæ,

Нæ гъæйтт, зæгъгæ, æнсувæр.

Нæ фæууингæй дæ дзæвгарæ,

Не ’рхун уидæ фур хъæбæр.

 

Нур дæ над рандæ ’й уæларвмæ,

Бæрзондæй нæмæ кæсис.

Нур уордигæй царди гъармæ

Кæд тæходуйтæ кæнис.

 

Кади рæнгъи дæ циртдзæвæн,

Нæ бæгъатæрти æхсæн.

Рохсæй нæмæ æрттевдзæнæ,

Нæ сæр ди бæрзонд хæссæн.

 

ХАЙМАНТИ Антонинæ.

Мæцути скъолай директори хуæдæййевæг.