11 октября 2024

НÆ ИСОНИБОН БА КÆД ФÆРНÆЙДЗАГДÆР УИДÆ…

23.09.2023 | 21:48

Адæймаги уодисконд уотæ ’й, æма æ цардиуаги нури уавæртæ цийфæнди æнæзæрдæмæдзæугæ ку уонцæ, уæддæр æ уæгæ нæ мæлуй, æма æхецæн æвæруй нифситæ: «Мæ исонибон ба кæдимайди ба фæрнæйдзагдæр уидæ…» æма, æвæдзи, уæхæн цæстингасæй кæсун гъæуй, аци анзи фиццаг æмбеси нæ цардиуаги хабæрттæ куд рауадæнцæ, уомæ дæр. Уой фæдбæл нæ республики статистикон управлени æрæги ци бæрæггæнæнтæ фегъосун  кодта, уонæй уæ еу цалдæрей хæццæ зонгæ кæнæн.

АДÆМÆН Æ ГЪОМУСАДÆ Æ БÆРЦÆЙ ДÆР ИРÆЗУЙ…

Аци анзи æхсæз мæйемæ республики цæргути нимæдзæ 956 адæймагей бæрцæ фæмминкъийдæр æй. Райгурдæй 3419 сувæллони – фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 7,9% минкъийдæр. Ка рамардæй, уони нимæдзæ ба иссæй 3463 адæймаги – фари хæццæ рабаргæй, 23,1% минкъийдæр.

Республики цæргутæй æрдзон уагæй фæгъгъудæй 44 адæймаги (фари фиццаг æмбеси ба – 793 адæймаги). Ка рамардæй, уонæй 15 сувæллони (гъома, 0,4%) анзи уæнгæ дæр ка нæ фæццардæй, уæхæн 15 сувæллони 2023 анзи фиццаг квартали, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, сувæллæнтти мæлунади коэффициент 17,1% фæффулдæр æй (гъома, 1000 нæуæгигурдтæй рæстæмбес нимадæй 4,1 сувæллони анзи уæнгæ дæр нæ фæццардæнцæ).

Аци анзи æхсæз мæйемæ республики сæ цард байеу кодтонцæ 1076 къайади, ихæлд ба ’рцудæй 2175 къайади. Фари фиццаг æмбеси хæццæ рабаргæй, арæзт къайæдти нимæдзæ 6,9% фæмминкъийдæр æй, ихæлд къайæдти нимæдзæ ба 36,2% фæффулдæр æй.

Нæ республики цæргути бæрцæй, адæм æндæр регионтæмæ æма фæсарæнтæмæ цæрунмæ ке рандæнцæ, уой фудæй фæгъгъудæй 912 адæймаги, фарæ еци рæстæг ба – 1802 адæймаги.

Нæ республики медгъуддæгути Министради миграций фарстати Управлений бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2023 анзи 1 июли нæ республики фæзуатбæл регистрацигонд æрцудæй 61 лигъд æма цæрæн бунæттæй æнæбари раййевæг адæймаги (2022 анзи 1 июли уæнгæ ба – 119 адæймаги). Уонæй еугуремæй фулдæр – 53 адæймаги (86,9%) – æрбацудæнцæ Гурдзийæй.

КОСУН КА УАРЗУЙ, Е Æ ЦАРД АРАЗУЙ…

Аци анзи фиццаг æмбеси январи-июни республики еугур кустуæттæ æма косæндæнтти фæллойнæгæнгути нимæдзæ рауадæй 115 мин адæймаги, гъома, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 100,4%.

Нæ республикæ адæмæн кустдæттæг Комитети бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2023 анзи июни кæрони æгуст адæми номхигъдтæмæ хаст адтæй 3,4 мин адæймаги. Æгуст адæймаги официалон уагæвæрд адтæй 3,1 мин адæймагемæ (е æй, фари хæццæ рабаргæй, 1,6 хатти минкъийдæр).

Агъазесæг æгуст адæми нимæдзæ июни кæрони адтæй 2 мин адæймаги, гъома, фари хæццæ рабаргæй, 39,3% минкъийдæр. Уотемæй ба республики кустуæттæ æма косæндæнтти нæ фагæ кодта 1764 косæги, фари еци афони ба – 1229 косæги.

ДÆ КИСÆ КУД АМОНУЙ…

Аци анзи дуккаг квартали, фари декабри хæццæ рабаргæй, республики фæлхасадон базари æргътæбæл бафтудæй 2,7% (Уæрæсей – 2,8%), уой хæццæ, хуайраги товарти æргътæбæл – 4,3% (Уæрæсей – 2,2%), промышленнон товарти æргътæбæл – 0,7 % (Уæрæсей – 1,2%), лæггæдти æргътæбæл ба – 3,3% (Уæрæсей – 5,6%).

Дуккаг квартали промышленнон товаруадзгути продукций æргъти индекс рауадæй 104,2%, уой хæццæ, пайдайаг æрзæтти амалкæнуйнади – 103,5%, хомаг рæвдзæгæнæг кустуæтти – 104,7%, электрон тухæй, газ æма дони тæфæй æфсесади, уæлдæф кæдзоскæнуйнади – 103,5%.

Гъæууонхæдзарадон продукци уадзгути продукций æргъти индекс ба рауадæй 102%, уой хæццæ: зайæгойти продукци фæхъхъазардæр æй 2,4%, фонсдарунади продукци ба фæййасландæр æй 3,2%.

Инвестицион нисанеуæги продукций (хæрзтæ, лæггæдтæ) æргъти еумæйаг индекс дуккаг квартали рауадæй 105,8%, уой хæццæ: арæзтадон продукци уадзгути æргъти индекс – 105,4%, машинттæ æма инвестицион нисанеуæги ефтонггæрзтæ æлхæнуни æргъти индекс – 107,9%, инвестицион нисанеуæги æндæр продукций (хæрзтæ, лæггæдтæ) æргъти индекс ба – 100%.

Июни кæрони хуайраги продуктти тæккæ минкъийдæр бæрци аргъ, мæйæмæ нимайгæй, рауадæй 5584,36 соми, гъома, майи кæрони хæццæ рабаргæй, фæхъхъазардæр æй 3,2%, анзи райдайæнæй фæстæмæ ба ибæл бафтудæй 9,7%.

КАДАВАР МИЗДÆЙ МÆСГУТÆ НÆ ИСАМАЙДЗÆНÆ…

Аци анзи фиццаг æмбеси, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, адæми æхцай æцæг æфтуйæггæгтæ (фæлхасадон æргъти ирæзт нимайгæй, æнæмæнгæ федуйнаг феддонтæ рагæлдзуни фæсте) рауадæнцæ 108,0%.

Еу адæймагмæ мæйæмæ хауæг æхцай æфтуйæггæгти бæрцæ рауадæй 30492,4 соми.

Адæми æхцай хумæтæги æфтуйæггæгти бæрцæ рауадæй 124546,1 миллион соми – (фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 13,3% фулдæр), адæми æхцай хæрзти бæрцæ ба адтæй 116572,8 миллион соми (фарæй 7,6% фулдæр). Æхцай æфтуйæггæгтæ рауадæнцæ хæрзтæй 7973,4 миллион соми фулдæр.

Аци анзи фиццаг æмбеси адæм æхцай æфтуйæггæгти еумæйаг бæрцæй товартæ æлхæнун æма лæггæдтæбæл бафедунæн исхарз кодтонцæ 85,6%, æнæмæнгæ федуйнаг феддонтæбæл – 7,4%, бундорон есбонадæ æлхæнунбæл ба – 1,1%.

Январи-июни республики еугур кустуæттæ æма косæндæнтти рæстæмбес нимадæй мизди (материалон агъаз æма социалон феддонтæ нæ нимайгæй) бæрцæ, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, рауадæй 13,2% фулдæр.

Фæлхасадон æргъти индекс нимайгæй, январи-июни, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, æцæг мизди бæрцæ рауадæй 107,3%.

Фиццаг июли нисангонд пенсий рæстæмбес бæрцæ адтæй 16610,6 соми, гъома, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 3,9% фулдæр. Фæлхасадон æргъти индекс нимайгæй, нисангонд пенсити æцæг бæрцæ рауадæй 99,6%.