НÆ ИСОНИБОНИ ХУÆРЗАГАДÆ НÆ АБОНИ ХУÆРЗАРХАЙДÆЙ ÆНТÆСУЙ
Нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Тайморази хъæппæресæй æрæги Парламенти промышленности, транспорти, бастдзийнадæ æма амалгъонади комитет æрæги ци сæрмагонд æмбурд исаразта, уоми архайдтонцæ куд депутаттæ, уотæ профилон министрадтæ æма ведомствити разамонгутæ, сахар Дзæуæгигъæу æма районти бунæттон хеунаффæйади администрацити минæвæрттæ. Етæ еумæйагæй æрдзубанди кодтонцæ Цæгат Иристони инвестицион архайди райрæзти хæццæ баст фарстатæбæл.
Комитети сæрдар Кисити Мурат æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй æмбурди сæйрагдæр нисанеуæг иссæй инвестицион архайди фæдбæл закъонæвæрунадæмæ æркæсун æма ин аргъ искæнун, нуртæккæ æ тухи ка ’й, еци барадон бундортæ бахузæнондæр кæнун æма инвестицион архайдæн уагæвæрæг еумæйаг мадзæлттæбæл бакосун.
Нæ республики инвестицион архайд æ уавæри æма райрæзуни туххæй æмбурди радзурдта республики экономикон ирæзти министри хуæдæййевæг Туати Геуæрги. Куд загъта, уотемæй экономикон æгъдауæй Цæгат Иристон цæмæй размæ рацæуа, уой туххæй æнхæстгонд цæунцæ фондз агъазиау проекти, сæ фæлгæти ба – еуæндæс минкъийдæр проекти. Еци фондз проектемæн сæ агъазиаудæр æй «Мамисон». Проект исцардгъон кæнунæн гъæуй нæудæс миллиард сомемæй фулдæр. Æнхæстгонд гъæуама æрцæуа 2025 анзи кæронмæ, æма си куститæ нуртæккæ цæунцæ разæнгардæй. Æ фæрци кусти бунæттæ фæззиндзæнæй æртæ минемæй фулдæр.
Иннæ устур проект æй «Алания-парк». Нуртæккæ си арæзт цæунцæ къахдзонæгътæбæл бурунæн хуæнхон над, инженерон æма коммуналон инфраструктури объекттæ. Райстонцæ нуриккон ефтонггæрзтæ. Проекти аргъ æй 3 миллиард 216,5 миллион соми. Уой фæрци нæмæ фæззиндзæнæй кусти 377 бунати. Проект исæнхæст кæнуни æмгъуд æнцæ 2020-2027 æнзтæ.
Проект «Туристон-рекреацион комплекс «Къæхтисæр»-и нуртæккæ æвæрд цæунцæ дон æма электрон тухуадзæн хæтæлтæ. Проекти аргъ æй 1 миллиард 620,5 миллион соми. Уой фæрци гъæуама фæззинна кусти 143 бунати. Проект исæнхæст кæнуни æмгъуд æй 2022-2028 æнзтæ. Евгъуд анз декабри арæзт æрцудæй комплексмæ цæуæн нади хай. Нуртæккæ куст цæуй гъæугæ гæгъæдитæ бацæттæ кæнунбæл, цæмæй арæзт æрцæуа «Къæхтисæр»-æн æ сæрти цæуæг «Дæргъæвс-Хъобан»-и автомобилон нади хай.
Фæткъу бæлæсти рæзæдонæ «Казачий хутор»-æн зæнхитæ лæвæрд æрцудæй 1000 гектари, цæттæ ’й пластикæй конд бæрцуæттæ аразæн цех, уæдта рæзи 50 тонни байвæрæн кæми уодзæнæй, уæхæн рæзæдонæ. Проекти аргъ æй 13 миллиард соми, æ исæнхæст кæнуни æмгъуд ба – 2015-2024 æнзтæ.
«Мамисон»-и фæсте æ инвестицион ахедундзийнадæмæ гæсгæ дуккаг æй «Гъаруæттæ исаразуни» инвестицион проект. Куститæ си нерæнгæ ма нур райдæдтонцæ, фал проект æ хъаури ку бацæуа, уæд кустади гурахст анзмæ уодзæнæй халсарти 60 мин тонни фулдæр. Проекти аргъ æй 16 миллиард 600 миллион соми, æ исæнхæст кæнуни æмгъуд ба – 2022-2026 æнзтæ. Амунд проекти фæрци фæззиндзæнæй кусти 876 бунати.
Уотæ, бæлвурд алли инвестицион проекти туххæй дæр дзурдта министри хуæдæййевæг. Уæлдæр ранимад проекттæй уæлдай ма еци хигъди ’нцæ:
«Республикæ Цæгат Иристон-Аланий сæнæ уадзуни кустадæ рапарахат кæнуни» еу миллиард сомей аргъ инвестицион проект (ратдзæнæй кусти 84 бунати);
«Агроэкотуристон парк «Земля Осетии» (проект æнхæстгæнæг æй æнæнхæст барæдзийнади æхсæнадæ «Мастер-Прайм. Березка» (проект цæттæ ’й 95 проценттей бæрцæ, æ аргъ – 75 миллион соми, æ фæрци фæззиндзæнæй кусти 38 бунати, æ исæнхæст кæнуни æмгъуд – 2022-2025 æнзтæ).
«Интеграцион агрохолдинг исаразун»-и проект (гъуддаг амидингæнæг æй æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Алания молоко». Фæндæ кæнунцæ, Мæздæги æма Рахесфарси районти ка æрбунæттон уодзæнæй, æхсири-товарон нуриккондæр уæхæн фермитæ исаразун (проекти аргъ æй 5 миллиарди 140 миллион соми, æ фæрци гъæуама фæззинна кусти 354 бунати, проект исæнхæст кæнуни æмгъуд – 2024-2026 æнзтæ, фал бал нерæнгæ гъуддаг æййафуй къулумпидзийнæдтæ, зæнхи хæйттæ син фагæ ке нæма ес, уой фудæй;
Æ аргъ æй миллиард соми кæмæн æй, «Балеркæсæлгити хæдзарадæ исаразун»-и еци проект нуртæккæ ’й æ райдайæни, фал æ тухи ку бацæуа, уæд анзмæ дæтдзæнæй балеркæсалги еу тоннæ, проект исаразуни æмгъуд æй 2022-2027 æнзтæ.
Уомæй уæлдай, Туати Геуæрги ма куд загъта, уотемæй Цæгат Иристони инвестицион уавæр фæххуæздæр кæнунæн «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий экономикон райрæзти къабази фиццаградон каст кæмæ цæудзæнæй, уæхæн тæгти туххæй» закъони бундорбæл Цæгат Иристони зæнхитæй æвзурст æрцудæй, экономикон æгъдауæй уæлдай цæстдард кæмæ цæудзæнæй, уæхæн тæгтæ. Инвестортæй æма амалгъонтæй сæмæ се ’ргом ка раздаха æма си промышленности, гъæууон хæдзаради, туризми къабæзти ка архайа, уонæн си уодзæнæй уæлдай фулдæр уæлбартæ, зæгъæн, хъалонтæ феддзæнæнцæ дзæвгарæ минкъийдæр. Уæхæн архайди фæрци райрæздзæнæнцæ æма цардгъон исуодзæнæнцæ, цæмæдæр гæсгæ цæргутæ нуртæккæ хуæрзминкъий кæми байзадæй, уæхæн цæрæнбунæттæ. Раздæр бал уæхæн тæгтæ фæззиндзæнæнцæ Алагири æма Дигори районти.
Алагири райони Дæллаг Унали амалгъонадон архайд кæнуни фæндæ равдиста гъæууонхæдзарадон кустадон кооператив «Алания продукт». Сæ проект баст æй хуæрзгъæдæ æхсир уадзуни кустгæнæг нуриккондæр хæдзарадæ исаразуни хæццæ. Æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Згиди панорамæ» ба фæндæ кæнуй Уæллаг Згиди туристон гъæу исаразун. Туристтæн си арæзт æрцæудзæнæй еугур инфраструктурæ æма æндæр гъæугæ уавæртæ дæр.
Æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Хонсайраг промышленнон компани» Краснодарæй фæндæ кæнуй Ирæфи райони Донифарси исаразун, арæзтади къабази æхсицгæ ка гъæуй, уæхæн минералон дор диорит амал кæнуни æма ’й бакосуни кустуат. Амалгъон адæймаг Сергей Селезнев ба бацæттæ кодта туристон комплекс «Къаматæ-хостел» исаразуни проект. Нуриккондæр фусунуат æрбунат кодта Национ парк «Алани»-й æма туристтæ, фæлладуадзгути исиуазæг кæнунмæ ’й цæттæ.
«Туризми къабази инвестицион проекттæ æнхæстгæнæг амалгъонтæн фæййагъаз кæнун»-и фарстабæл дзубанди кодта туризми Комитети сæрдари ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Кочити Сослан. Æ дзубандимæ гæсгæ, фæстаг æнзти Цæгат Иристонмæ фулдæрæй-фулдæргæнгæ ци туристтæ цæун байдæдтонцæ, уони сæ еугурейдæр гъæугæ хузи исиуазæг кæнунмæ республикæ, гъулæггагæн, цæттæ нæма ’й. «Нæ иуазгутæ никки фæффулдæр уодзæнæнцæ, «Мамисон» æма «Алания парк» куддæр искосонцæ, уотæ, æма уавæр уæд бустæги сагъæссагдæр исуодзæнæй. Фусунуæттæ фулдæр ке гъæуй, е æй бæлвурд. Айдагъдæр сæ аразун гъæуй, фиццагидæр, Иристонæн æ алæмæти æрдзæ æма экологи ихæлд куд нæ цæуонцæ, уотæ» – загъта Кочий-фурт.
Муниципалон зилд Дзæуæгигъæу инвестицион райрæзти гъуддаги куд архайуй, уой фæдбæл дзубанди кодта сахари бунæттон хеунаффæйади администраций сæрдари хуæдæййевæг Цæболти Отар. Куд фегъосун кодта, уотемæй нуртæккæ сæ тæмæни ’нцæ цалдæр проекти æнхæст кæнуни куститæ. Зæгъæн, проект «Олимпиаг парк» (куститæ си цæунцæ нисангонд æмгъудæй раздæр), æ аргъ æй 8 миллиарди 500 миллион соми, æ фæрци фæззиндзæнæй кусти 900 бунати, социалон æгъдауæй ахедгæ проект «Аква-сити» (Дони станцæмæ хæстæг); «Аланий парк», æ аргъ æй 3 миллиарди 200 миллион соми; электрон тухæ фæстауæрцæ ка кæндзæнæй æма нуриккон технологитæй пайда кæнун ке фæрци уодзæнæй, сахари гъæунгти уæхæн электрон цирæгътæ æвæруни проект, æ аргъ – 400 миллион соми. Никки ма æнхæст кæнунмæ гъавунцæ цуппар проекти, раст зæгъгæй, уонæбæл куст нерæнгæ нæма райдæдта.
Инвестицион æгъдауæй амалгъонтæн се ’ргом Цæгат Иристонмæ æрбаздахунæн нæ республики промышленности райрæзти Фонд куд агъаз кæнуй, уой фæдбæл дзубанди кодта æ разамонæг Кучити Сослан.
Еугур еци хабæрттæмæ байгъосгæй, æмбурди архайгутæ сæ фæдбæл рахастонцæ хатдзæгтæ æма исфедар кодтонцæ бæлвурд æма комкоммæ унаффитæ.