16 майя 2024

НÆ КАДГИН ВЕТЕРАНТÆН – НÆ ЕУГУРАДÆМОН АГЪАЗ

06.04.2024 | 14:24

10 апърелæй 22 июни уæнгæ цæудзæнæй еугуруæрæсеуон хуæрзауодæн акци «Красная гвоздика».

Бæсти 76 региони бархеуонтæ рацæудзæнæнцæ сæ сахарти гъæунгтæмæ æма нисайнæгтæбæл парахат кæндзæнæнцæ реубæлдаргæ нисантæ «Красная гвоздика». Еугур æмбурдгонд æхцатæ бахарз кæндзæнæнцæ  Устур Фидибæстон  тугъд æма регионалон гæрзефтонг буцæути ветерантæн медицинон агъаз кæнуни гъуддагбæл. Амунд нисантæ уæйæ кæндзæнæнцæ базарадон бунæтти дæр, æма уотемæй алли адæймагæн дæр уодзæнæй акций архайуни фадуат.

Бæгъатæрдзйнадæ æма æхсари æвдесæнбæл нимад сурх деденгутæ Уæлахези бони лæвар кæнунцæ тугъди ветерантæн, уæдта сæ тугъди архайгути циртдзæвæнтæбæл исæвæрунцæ. Сахарти центрон гъæунгтæ æма фæлладуадзæн бунæтти уогæй, амунд нисантæ ка парахат кæндзæнæй, змæлд «Волонтеры Победы»-йи æма федералон программæ «Молоды душой»-и еци активисттæбæл уодзæнæй «Красная гвоздика»-йи æвдесæни хæццæ æма бархеуони организаций логотипи хæццæ сæрмагонд уæледарæс. Уомæй уæлдай, бархеуонтæмæ уодзæнæй нисайнæгтæ æмбурд кæнунæн аййев къоппитæ. Нисайнæгтæ раттæн ес æрмæги æхцайæй, кенæдта – сæрмагонд QR-коди агъазæй барвисти фæрци. 2016 анзæй нуриуæнгæ Уæрæсей ке æнхæст кæнунцæ, еци амунд акций ихæс æй Устур Фидибæстон тугъди æма регионалон гæрзефтонг буцæути ветерантæн медицинон агъаз бакæнуни фæрæзнитæ æрæмбурд кæнун. Фарæ акций архайæг бархеуонтæ рауæйæ кодтонцæ минкъий гъæуагæ 2 миллион реубæлдаргæ нисани æма уотемæй ветерантæн фæййагъаз кæнунæн æрæмбурд кодтонцæ 55 миллион сомемæй фулдæр.

ФЕППАЙУЙНАГ: 2015 анзæй нурмæ  Уæрæсей косуй хуæрзауодæн фонд «Память поколений». Амунд рæстæгæй нурмæ фонди иуонгтæ 18 мин ветеранемæй фулдæремæн медицинон ефтонггæрзтæй фæййагъаз кодтонцæ.

Цæгат Иристони мухур æма дзиллон коммуникацити Комитети пресс-службæ