06 октября 2024

«НÆ РАВГИТÆЙ ХÆДЗАРДЗИНДÆРÆЙ ПАЙДА КÆНÆН…»

17.06.2023 | 22:47

Уотæ сæрмагондæй баханхæ кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло, æрæги ин Санкт-Петербурги Æхсæнадæмон экономикон форуми рæстæг «Кавказ. РФ»-ий генералон директор Андрей Юшманови хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми. Дзубанди ба цудæй хуæнхон лыжитæбæл гурæн курорт «Мамисон»-и туххæй. Уомæ гæсгæ ба ма æмбурди архайдта аци проекти сæйраг инвестор Гуриати Владимир дæр.

Зундгонд куд æй, уотемæй ами 15 июни райдæдтонцæ арæзтадон куститæ. Андрей Юшманов куд баханхæ кодта, уотемæй куститæ никки фæййитингдæр уодзæнæнцæ:

– Бонигъæди уавæртæмæ гæсгæ нин ес равгитæ айдагъ трассæ аразунæн нæ, фал комкоммæ объекттæ – ауиндзгæ нæдтæ, хуæдтолгитæн æрлæууæн бунæттæ, ратракти гараж, æмбæлгæ инфраструктурæ аразунæн дæр. Аци афони арæзтадæмæ æ бон æй бахезун фиццаг резидентæн дæр. Нæ ихæс æй еумæ графикмæ гæсгæ архайун, цæмæй хуæнхон лыжитæбæл буруни фиццаг афонæмæ нæ иуазгутæн фæззинна дзæбæх фадуæттæ.

Аци анз «Мамисон»-и идарддæр æнхæст кæнунцæ дууæ ауиндзгæ нади арæзтади, сæ дæргъæ – 5,1 æма 20 километри, хуæнхон лыжитæбæл бурæн бунæттæ уодзæнæнцæ вазуггин. Нæуæг аразæг бавналдзæнæй, æ фæзуат 6 мин квадратон метри кæмæн уодзæнæй, уæхæн берæфадуатгин центр, 460 хуæдтолги кæми бацæуонцæ, уæхæн игон æрлæууæн бунæттæ, метнæмæн æртæ хуæдтолгей фагæ ратракæн гараж аразунмæ. Æ зæрди ма ес медæггаг бахезæнтæ исфедауцæ кæнун æма инженерон хизтæ бауадзун.

Курорти резидент идарддæр архайуй иуазгутæн бунæттæ, ресторантæ, сноупарктæ, гъæугæ туристон инфраструктурæ аразунбæл. Фусунуæтти уодзæнæй 1100 бунатемæй фулдæр. Курортмæ бацæуæнти аразунцæ æндагон инфраструктурæ – бахезæн нæдтæ, буцæу фæрстæ. Объектти сæйраг хай гъæуама 2024 анзи исцæттæ уа.

Фембæлди рæстæг Сергей Меняйло æ радзубандий уотæ загъта:

– Аци арæзтадæ нæ республикæн æй агъазиау æма ахсгиаг проект, царди æ рауадзунæн раззагдæр пъланмæ рахизтæй. Нæхердигæй гъæуама еугур хъауритæй байархайæн, цæмæй республикæ райса фадуатгин, хуæрзгъæдæ, нуриккон домæнтæн алцæмæй дæр дзуапдæттæг курорт – нæхемæ цæрæг дзиллæ дæр æма нæ иуазгутæ дæр æхсицгонæй ке агоронцæ, уæхæн.

 

КУСТМÆ РАЗÆНГАРДÆЙ ÆВНАЛУН  – БÆЛДТАГ УÆЛАХЕЗИ БУНДОР

Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путини унаффитæ Цæгат Иристони куд æнхæстгонд цæунцæ, уобæл нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æма Уæрæсей Президенти Цæгат-Кавказаг федералон зилди Æнхæстбаргин минæвари хуæдæййевæг Максим Владимиров бундоронæй æрдзубанди кодтонцæ æрæги сæ фембæлди рæстæг.

Дзубандий ма архайдтонцæ Æнхæстбаргин минæвари аппарати цæстæдарæн департаменти хецау Сергей Никитин, Сæйраг федералон инспектор Цæгат Иристони Сергей Гончаров, республики министрадти æма ведомствити разамонгутæ. Æмбурд игон кæнгæй, Дзанайти Барис райарфæ кодта аппарати минæвæрттæн сæ гъомусгин архайди туххæй. Æма загъта:

– Аци анз еугур национ проекттæ æма паддзахадон программитæ исæнхæст кæнунæн нин лæвæрд æрцудæй 33 миллиард соми. Æдеугурæй исараздзинан социалон инфраструктури 177 объекти. Мах бавналдтан еугур хемæрайст ихæстæ æнхæст кæнунмæ, гъæугæ бадзурдтæ бафинстан, ка сæбæл косдзæнæй, уони хæццæ.

Сæйрагдæр фарста баст адтæй республики гъæууон фæзуæтти ирæзти программæ исæнхæст кæнуни хæццæ. Республики гъæууон хæдзаради æма хуайраги министр Къусрати Алан куд фегъосун кодта, уотемæй 2020-2022 æнзти гъæууон фæзуæттæн паддзахадон агъази хузи лæвæрд æрцудæй 2,7 миллиард соми. Еци фæрæзнити фæрци бантæстæй ахуради, культури, спорти, цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, фæндагон инфраструктури объекттæй 242 исаразун.

Гъæути цæргутæн фатертæ дæттуни гъуддаги дæр бæлвурд  æнтæстдзийнæдтæ ес, гъæути ка косуй, еци специалисттæй дууинсæйемæн равардтонцæ хе хæдзарæ  исаразуни, цæруни уавæртæ фæххуæздæр кæнуни фæдбæл æвдесæндартæ. Паддзахадон программи фæрци гъæути цæргутæн, уоми косгутæн арæзт æрцудæй хæдзæрттæ. Мæздæги æма Горæтгæрон районти 2020 анзи фондз бийнонти иссæнцæ уæхæн хæдзæртти хецæуттæ. 2021 анзи Горæтгæрон райони дууæ æма инсæй бийнонти райстонцæ хæдзæрттæ, Кирови райони 2022 анзи авд еууæладзугон хæдзари исаразтонцæ.

Æмбурди архайгутæ ма æрдзубанди кодтонцæ региони федералон проект «Кæдзос бæстæ» æнхæст кæнуни уавæрбæл. Нуртæккæ æнæзакъон бугъгалæнтæ æндæгонд цæунцæ Беслæни, Дигорай, Алагири, Æрæдони.

Æмбурди архайгутæ уæлдай æргом раздахтонцæ зингисервæзти нихмæ мадзæлттæй ма æнæмæнгæ райаразуйнаг кæцитæ ’нцæ, уонæмæ: хуарз уидæ, республикæн дехгонд ку ’рцæуидæ сæрмагонд техникæ, аварион-ервæзунгæнæн ефтонггæрзтæ, æнæнгъæлæги  уавæрти бахауæг дзиллæн  фæййагъаз кæнуни фæрæзнитæ…

– Зæрдæбæл æнæмæнгæ уой дарун гъæуй, æма цийфæнди фарста ку райсæн, уæд си алкæцидæр комкоммæ баст æй адæми цардиуаги фадуæтти хуæрзгъæдæдзийнади хæццæ, æдасдзийнади хæццæ,– баханхæ кодта Дзанайти Барис. – Уомæ гæсгæ сæ æнхæст кæнунмæ бæрнондæрæй æвналæн, къæрцгъосдæр уæн, нæ равгитæ æма гæнæнтæй гъæуама хæдзардзиндæрæй пайда кæнæн.

Æрмæгутæ мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.