04 октября 2024

НÆ ШТАНГИСТТÆ СÆХЕ РАВДИСТОНЦÆ ГЪОМУСГИНÆЙ

11.06.2021 | 21:18

Цалдæр боней дæргъи Ханты-Мансийски цудæнцæ уæззау атлетикæй Уæрæсей чемпионати еристæ. Архайдтонцæ си куд нæлгоймаг, уотæ силгоймаг атлеттæ дæр.

Чемпионати райдайæни рацудæнцæ силгоймаг атлетти ‘хсæн еристæ, Цæгат Иристонæй си сæ хъаурæ æвдистонцæ Гасити Марийæ (æ тренер æй æ фидæ Гасити Руслан) æма Хъайтухъти Аллæ (æ тренер – Тогойти Вадим).

ХЪАЙТУХЪТИ Аллæ

Еци еристи Гасити Марийæ бæргæ хæстæг адтæй æ уæзи (49 кг) призон бунат байахæссунмæ, фал ин аци хатт е нæ бантæстæй. Штангæ есуни дууæ хуземи еумæйагæй исиста 188 кг (89+99) æма байзадæй 4-5 бунати. Спорти алкæд алци, куд фæффæндуй, уотæ нæ рауайуй, фал аци æригон кизги гæнæнтæ нимайгæй, дузæрдуггаг нæй, е ‘нтæстдзийнæдтæ хæстæгдæр рæстæги ке фæббæркадгиндæр уодзæнæнцæ, е.

Тогойти Вадими гъомбæлгæнуйнаг Хъайтухъти Аллæ ерис кодта 64 кг уæнгæ уæзи. Еристи фиццаг хузæй Аллæ еци – еу ист искодта 93 кг, æ реуæй ба исæсхуста 108 кг, уотемæй дууæ хуземи равдиста 201 кг. Еци бæрæггæнæн ин фагæ разиндтæй 3-аг бунат байахæссунæн.

Аци уæзи фиццаг бунат байахæста Анастасия Анзорова. Е чемпионати архайдта Тюмени облæсти номæй, фал æй еристæмæ ба бацæттæ кодта Гасити Руслан. Анастасия дууæ хуземи исиста 213 кг (95+118).


Евгъуд авдисæри, чемпионати фæстаг бон ерис кодтонцæ 102, 109, +109 уæзти архайæг нæлгоймаг атлеттæ. Цæгат Иристони команди ци авд нæлгоймаги адтæй, уонæй æхсæз сæ хъаурæ æма арæхстдзийнадæ æвдистонцæ еци уæзти. 102 кг уæзи ериси бацудæй тренер Тибилти Хасани гъомбæлгæнуйнаг Къæбисти Артур. Аци уæзи ерис кодтонцæ Уæрæсей тæккæ хъаурæгиндæр штангисттæ цалдæремæй, æма уонæй Артури разæй фæцæй айдагъдæр Федор Петров (Дæллаг Новгород). Еристи фиццаг хузæй Къæбисти Артурæн бантæстæй 160 кг исесун, Федор Петровæн ба – 165 кг. Дуккаг хузæй сæ дууæ дæр сæ реуæй исæсхустонцæ фæйнæ 205 кг. Уотемæй Федор Петров дувæрæй равдиста 370 кг (165+205), Къæбисти Артур ба 365 кг æма байахæстонцæ 1-аг ма 2-аг бунæттæ.

НАНИТИ Тимур

109 кг уæнгæ уæзи Иристони спортуарзгутæ сæ зæрдæ дардтонцæ Нанити Тимурбæл, æма сæ е нæ фæффудæнгъæл кодта. Тимур еристи фиццаг хузæй исиста 175 кг уæзæн штангæ. Æ нихмæлæугутæй уойбæрцæ исесун некæмæн бантæстæй. Еугуремæй хæстæгдæр цæуæг æ фæсте адтæй Кæсæг-Балхъари республики минæвар Хас-Магомед Балаев. Е исиста 170 кг. Сæ фæсте æртиккаг бунати цудæй Уæрæсей æскъуæлхт тренер Бидети Алан æма Кодзати Артури гъомбæлгæнуйнаг Годжисати Дмитрий. Уомæн бантæсæй еци – еу истæй 168 кг равдесун.

Еристи дуккаг хузæй Хас-Магомед Балаев æма Годжисати Дмитрий исистонцæ æмхузон уæзæ – 205 кг. Уæхæн уавæри Нанити Тимурæн 1-аг бунат байахæссунæн фагæ адтæй 201 кг æ реуæй исæсхуайун, фал Тимурмæ е æгæр минкъий фæккастæй æма æ дуккаг рацуди исæсхуста 215 кг. Тимур дувæрæй равдиста 390 кг (175+215) æма æнæкъулумпийæй байахæста 1-аг бунат. Æ фæсте 2-аг æма 3-аг бунæттæмæ рацудæнцæ Балаев 375 кг (170+205) æма Годжисати Дмитрий 373 кг (168+205).

Еугуремæй уæззаудæр (+109 кг) уæзи дуйнейи раздæри чемпион Алексей Ловчев аци хатт дæр рауадæй еугуремæй хъаурæгиндæр. Алексей дувæрæй исиста 424 кг (192+232) æма æнæдузæрдугæй байахæста 1-аг бунат.

Æ фæсте 2-аг бунатмæ рацудæй Антоний Савчук 406 (186+220).

Аци уæзи 3-аг бунат байахæссун бантæстæй Уæрæсей æскъуæлхт тренер Нанити Руслан æма Нанити Алани гъомбæлгæнуйнаг Кокайти Сосланæн. Сослан дувæрæй равдиста 394 кг (184+211). Гъулæггагæн, аци уæзи нæ дуккаг штангист Нанити Арсен ке фæццæф æй, уой фудæй дуккаг фæлварæнмæ нæбал рацудæй.

Уæрæсей чемпионати не спортсменти архайди фæдбæл нæ республики еугонд команди сæйраг тренер Дзбойти Петр уотæ загъта:

– Не ’мзæнхон ерисонтæ сæхе равдистонцæ гъомусгинæй. Нæ фараст минæваремæн бантæстæй фондз хуæрзеуæги рамолун. Е æй хуарз бæрæггæнæн. Уой туххæй нæ зæгъун, æма нæхецæй ниббоз уæн. Махæн е гъæуама уа нифси хуасæ æма идарддæр дæр бæллæн нæуæг бæрзæндтæмæ. Æхцæуæн куд нæ гъæуама уа, Уæрæсейæн ци еунæг балцæг лæвæрд æрцудæй Олимпиаг гъæзтитæмæ нæлгоймæгти еристæмæ, уой рамулдта Нанити Тимур. Уæрæсей уæззау атлетики федераций генералон секретарь Александр Кишкин махæн хъæбæр зæрдиаг арфитæ фæккодта, Тимури хузæн спортсментæ нæмæ ке ирæзуй, уой туххæй. Нæ фæсевæд арфи аккаг æнцæ, æма ми æруагæс кæнуй, сæхебæл зæрдиагæй ке косдзæнæнцæ æма сæ размæ бæрзонд ихæстæ ке æвæрдзæнæнцæ.

Дзбой-фурти аци загъд зæрдæбæлдаруйнаг æй нæ еугур кæстæртæн дæр, фиццаги-фиццагидæр, уонæн сæхецæй аразгæ ‘й сæ карнæ, æма арфиаг гъуддæгути фескъуæлхунбæл куд разæнгарддæрæй архайуонцæ, уотæ æнтæстгиндæр уодзæнæнцæ.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.