26 апреля 2024

НÆ УÆЛАХЕЗ – НÆ ЕУДЗИЙНАДИ!..

28.02.2023 | 13:50

Сæрмагонд тугъдон операци æма уой хæццæ баст гъуддæгути туххæй бараггенæй дзорун ке бон æй, уонæй еу æнæмæнгæ ’й ГОБЕТИ Ибрагим – нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади Администраций разамонæг. Аци мадзал кæдæй райдæдта, уæдæй фæстæмæ цал æма цал хатти адтæй, е кæми арæзт цæуй æма си цæгатиристойнаг æфсæддонтæ кæми архайунцæ, еци рауæнти. Не ’мзæнхон хъазауатонти хæццæ æмархайд фæккæнуй, фæййагъаз кæнун син цæмæй фæгъгъæуй, уой фæдбæл фарстатæ кæрæй-кæронмæ исаразуй. Раст зæгъгæй, еугур еци гъуддæгутæбæл æргомæй некæд некæми фæдздзоруй. Фал æрæги, Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бони хуæдразмæ ба уæддæр еуцæйбæрцæдæр син сæ кой ракодта, газет «Северная Осетия»-йи уацхæссæги хæццæ фембæлди рæстæг. Æ радзубандийæй хецæн хæйттæ мах дæр абони мухур кæнæн.

* * *

– Зонæн æй, Цæгат Иристони фæсевæдæй абони беретæ архайунцæ сæрмагонд тугъдон операций. Зонæн уой дæр, æма нæ республики ’рдигæй уонæмæ лæмбунæг цæстдард цæуй, æма бæргæ хуарз уидæ, еци ауодундзийнадæ комкоммæ циуавæр æй, нæ тугъдонтæн ци хузи агъазгонд цæуй, уой бæлвурддæрæй раргом кæнун.

– Аци æфсæддон мадзали тæккæ райдайæнæй фæстæмæ нæ республикæ еудадзугдæр архайуй аллихузон гъæугæ гъуддæгутæй нæ тугъдонтæн агъаз кæнунбæл – уой дæр айдагъ материалон-техникон фæрæзнитæй нæ, фал ма моралон æгъдауæй дæр. Уæхуæдтæ ’й хуарз зонетæ, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло ахид бабæрæг кæнуй, тугъдон архайд сæйрагдæр кæми цæуй, еци рауæнтæ. Æма, æхе цардæн кæд хъæбæр тæссаг фæууй, уæддæр не ’мзæнхонти фарсмæ ке фæууй, е уонæн агъазиау нифс дæттуй. Нæ республики Сæргълæууæг син дæттуй практикон æма унаффæгæнæг агъаз, æ бон цæйбæрцæ ’й, уойбæрцæ Сергей Меняйло æхуæдæг æй æцæг тугъдон лæг, вице-адмирал, ес имæ устур фæлтæрддзийнадæ æма еци æгъдауæй не ’фсæддонтæн сæ гъолæ сах рабадтæй.

Материалон агъази кой ку кæнæн, уæд зæгъун æнгъезуй уой, æма нæ республики ’рдигæй, нæ равгитæ æма гæнæнтæ куд амонунцæ, уотæ син кæрæй-кæронмæ агъазиау агъазгонд цæуй. Уæдта уой дæр зæгъун гъæуй, æма уой туххæй республики бюджетæй еунæг сом дæр ист некæд æрцудæй, харзгонд дæр. Агъаз син кæнунцæ, не ’мзæнхонтæй алли регионти ци амалгъон адæймæгутæ цæруй, етæ, уæдта бунæттон кустуæтти разамонгутæ дæр. Еци цаутæ æ зæрдæмæ арф ка райста, уæхæн хецæн адæймæгутæ дæр сæ устур агъази хай хæссунцæ, æма си уомæ гæсгæ хъæбæр боз ан.

Мæ зæрдæбæл бадардтон еу хабар. Сæрмагонд тугъдон операций архайунмæ кæмæ фæдздзурдтонцæ, етæ кæми æрæмбурд æнцæ, уордæмæ нæмæ ’рбацудæй еу хуæрзæригон лæхъуæн. Æз æй фæрсун: «Тугъдмæ цæуйнаг дæ?..» Е мин дзуапп равардта: «Бæргæ… Фал, гъулæггагæн, тугъди архайун мæ бон нæй, сахъат адæймаг дæн, фал æзинæ мæнæ аци æртæ мини бакустон æма мæ агъази хай бахæссон сæрмагонд тугъдон операций архайгутæн фæййагъаз кæнуни фондмæ…»

Нуртæккæ нæмæ ес дууæ хуæрзауодæн фонди: сæ еуей исаразтонцæ нæ республики амалгъон адæм, иннæ ба Адæмон фронти хъæппæресæй (æ сæргълæууæг Фидарати Сослан). Уони хæццæ ба ма Сергей Ивани фурт Меняйлойæн (уони кой кæнун нæ уарзуй). Æ хæццæ ка службæ кодта, е ’мгæрттæ, уæхæн адæм. Уонæй еу дæр мах республики территорий нæ цæруй, фал нæ республики Сæргълæууæги нимайгæй æрбарветунцæ дзæвгарæ фæрæзнитæ, цæмæй си æлхæд æрцæуонцæ нуриккон тохæнгæрзтæ, нæ батальонтæ исефтонг кæнунæн. Зæгъæн, æнæ тæхæгæй ка тæхуй, дууæ уæхæн тæхæн аппараттей аргъ æй дæс æма дууинсæй миллион соми. Мах къохи бафтудæй уæхæнттæ дууæ балхæнун, устур куст цæуй нæ фæсевæди уæледарæсæй исефтонг кæнуни гъуддаги дæр.

Нæ тугъдонтæн фæлласæн сæ дзаумæуттæн рагъбæл хæсгæ голлæгутæ, æййевæн уæледарæс, медæггæгтæ, аптечкитæ. Тугъдæй ка исæздахтæй, уони хæццæ дæр ахид фембæлæн æма сæ бафæрсæн, ци гъæуагæ ’нцæ, уомæй. Алкæддæр си фегъосæн еу хузи дзуапп: æхца син федунцæ афойнадæбæл, уæледарæс гъæуагæ нæ ’нцæ.

– Сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, уони бийнонтæн ба ци хузи агъаз лæвæрд цæуй?

Нæ республики Сæргълæууæг архайуй уонæн аллихузи мадзæлттæ дæр аразунбæл, цæмæй син нæ гæнæнтæмæ гæсгæ агъазгонд цæуа.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма куддæр сæмæ тугъдмæ фæдздзурдтонцæ, уотæ нæ республики Сæргълæууæг бардзурд равардта, цæмæй си алкæмæн дæр фист æрцæуа дæс æма инсæй мин соми, уой уæлæнхасæн ба ма алли бон дæр продукттæ иурст цудæй бустæги æгудзæг уавæри ци бийнонтæ байзадæй, уонæн.

Æфсæддон мадзали архайгутæн сæхе бон сæ бийнонтæн агъаз кæнун иссæй айдагъдæр дууæ-æртæ мæйей фæсте, сæ тугъдон феддонтæ син дæттун ку райдæдтонцæ, уæд. Уæди уæнгæ ба бал син мах агъаз кодтан. Кæмæн æ хæдзарæмæ газ бауагътан, кæмæн æ хæдзари сæр баййивтан, кæмæн къæрæзгитæ ниввардтан… Раст зæгъгæй, еугур еци гъуддæгутæ игъустгонд нæ цудæнцæ урух дзиллитæн. Нæ уарзуй Сергей Ивани фурт хе æстауæн дзубандитæ, уомæ гæсгæ ба, ци куститæ кæнæн, уони беретæ зонгæ дæр нæ кæнунцæ.

Уой уæлæнхасæн ма фæллойнадон министради агъазæй алли тугъдони бийнонтæн дæр бацæттæ кодтан социалон паспорт. Уордæмæ хаст цæунцæ: сæ бийнонтæн син медицинон агъаз дæттун, сæ сувæллæнттæн рæвдауæндæнтти бунæттæ искæнун, скъолатæмæ, уæлдæр ахурадон уагæдæнттæмæ бакæнун, кусти бунæттæ син иссерун. Цубурдзурдæй, нæ бон цæмæйдæриддæр æй, уомæй син агъаз кæнæн.

– Куд зонæн, уотемæй дæхуæдæг еу æма дууæ хатти нæ адтæ тугъди раззаг ханхи, æнхæст кодтай сæрмагонд ихæстæ. Не ’фсæддонтæн сæ зæрдиуагæ куд æй?

– Сæ зæрдиуагæ хъæбæр бæрзонд æй. Фал сæ хæццæ тохмæ усхъæй-усхъæмæ ку цæуай, уæдта уæлдай бæлвурддæрæй рабæрæг уй, нæ уонæхсар æмзæнхонтæ цæйбæрцæбæл æновуд æнцæ Фидибæстæбæл, цæйбæрцæбæл разæнгард æнцæ æ сæрбæлтау хъиамæт кæнунмæ. Тугъди будури алкæмæ дæр фæууй тасдзийнадæ. Æз нæхе, Цæгат æма Хонсар Иристони, иннæ регионти фæсевæдмæ уæхæнæй неци æрæстæфтæн. Нæ лæхъуæнти хæццæ тохунцæ фæсевæд æндæр регионтæй дæр. Зæгъæн, ес си сахар Брянскæй лæхъуæн æма æхецæн фæсномугæн райста дзурд «Ирон».

Цубурдзурдæй, нæ иристойнаг лæхъуæнтæн сæ бон лæгдзийнадæ равдесун ке бауодзæнæй, уобæл дузæрдуг нæ кæнун.

– Ахид фегъосæн фæууй уæхæн дзубанди: нæ республики цæргутæ, сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, уонæн æфсæддон дзаумæуттæ, уæледарæс æма продукттæ цæмæ æмбурд кæнунцæ. Æфсад ефтонггонд нæ цæуй?

– Уæрæсей Гæрзефтонг тухтæ ефтонггонд цæунцæ алцæмæй дæр, æмбæлгæ уагæмæ гæсгæ. Сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, уонæн паддзахадæ алли мæйæ дæр федуй мизд – 200 мин соми. Уой уæлæнхасæн ба ма алли сæрмагонд ихæс исæнхæст кæнунбæл дæр ма æфтуд цæуй уæлæнхасæн феддонтæ. Уæледарæсæн дæр ес æхе бæрцитæ дарунæн. Ами ба уавæр æндæр хузи æй. Зæгъæн, тугъдон уавæрти сæумæй нæуæг уæледарæс искодтай дæ уæле, изæрмæ ба еугур цъумур, кенæ нискъудтæ уй. Æма уомæ гæсгæ ба сæ ахиддæр фæгъгъæуй æййевун. Мадта бастдзийнади фæрæзнитæн дæр ахид æрбадунцæ сæ батарейтæ кенæ квадроконтер басæттуй. Нæ тугъдонтæ ефтонггонд цæунцæ продукттæй дæр. Фал сæ уæддæр гъæуй аллихузон хуæруйнæгтæ. Нæ еугур дæр зæнхон адæм ан. Еуæй-еу хатт адæймаги æрфæндуй ести хузи адгийнаг бахуæрун дæр, чай, кофе бацумун…

ГОБЕТИ Ибрагим сæрмагонд тугъдон операций рæстæг.

– Ке зæгъун æй гъæуй, евгъуд æноси 90-аг æнзти нæмæ ци æфсад адтæй, уой хæццæ нæййес рабарæн нуриккон æфсад.

– Нуртæккæ Уæрæсей æфсади тугъдон гъомусдзийнадæ хъæбæр бæрзонд æй. Операций райдайæнти еугуремæ тугъдон фæлтæрддзийнадæ æнхæст нæма адтæй. Нуртæккæ ба не ’фсади хецæн хузтæ архайунцæ еумæ æмдухæ æма æмзундæй, кæрæдзей хуарз лæдæрунцæ. Сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, уонæн сæ фулдæр æнцæ æцæг патриоттæ, бæгъатæрдзийнадæ равдесунмæ цæттæ ка ’й, уæхæнттæ. Нуртæккæ Уæрæсей патриоттæ зингæ-зингæ фулдæр æнцæ. Фиццаг бархеуон къуар ку аразтон, уæд нæмæ цудæнцæ, сæ карæ 17 анземæй ба 70 анзей уæнгæ кæмæн адтæй, уæхæн нæлгоймæгтæ. Сæ сæртæ сæнтуорс кæмæн иссæнцæ, етæ уотæ дзурдтонцæ: «Нурма æ еугур цард дæр разæй кæмæн æй, уони бæсти æз цæттæ дæн тугъди цæхæрмæ цæунмæ». Етæ дин нæ Фидибæсти æцæг патриоттæ.

Нæ къуари адтæй еу бархеуон лæхъуæн Алагирæй Дзасохти Алан. Еухатт нин нæ базæ æхсун райдæдтонцæ. Нæ фарсмæ хæдзæрттæй еу иссугъдæй. Силгоймаги фендæбилæ кодтонцæ, сувæллон ба медæгæй райзадæй. Æхе цардæн тæссаг уогæй, еци мадзора лæхъуæн фæммедæг æй æма содзгæ хæдзарæй сабий кизгæ рахаста æндæмæ. Гъулæггагæн, еци уонæхсар лæхъуæн цалдæр боней фæсте ба фæммард æй. Æма уæхæн æдæрсгæ фæсевæд уоми берæ ес. Айдагъдæр еумæйаг тухтæй ес фæууæлахез ун.

– Махæй секк неке кæнуй, ке фæууæлахез уодзинан, уобæл. Фал уæддæр ни алкæмæ дæр фæззиннуй сагъæс: кæд…

– Мæнмæ гæсгæ, нуртæккæ сæттæн рæстæг æй. Украинаг тохгути равгитæ дзæвгарæ фæмминкъийдæр æнцæ, мах æфсæддон-тугъдон гъомусдзийнадæ ба е ’цæгæй нерæнгæ нур æркуста. Запорожьей тугъди тохунцæ мах батальонтæ. Уæгъдæгонд бал æрцудæй дæсгай гъæутæ. Украинаг æфсæддонтæ сидзмудзити ледзунцæ, сæ техникæ æма тохæнгæрзтæ гæлдзунцæ тугъди будури.

Уотæ фæззæгъунцæ: «Уруси берæ рæстæг фæгъгъæуй ефтиндзунмæ, фал уойхигъд æмпурсгæ ба тагъд кæнунцæ…» Мах дæр ратагъд кæндзинан.

– Уотæ зæгъунцæ: украинæгтæ гъавунцæ Хъириммæ бампурсун. Уанæбæрæг сæ зæрдæ цæбæл дарунцæ, æма бандеудзæнæнцæ?

– Ами дзубанди айдагъ Украини туххæй нæ цæуй, фал, ка сæ ардауй, уонæбæл дæр. Минкъийдæр сæ рази лæмæгъдзийнадæ ку равдесай, Хъирим недзамантæй нурмæ мах бæсти хай æй, уой иссеккаг ун ку бауадзæн, уæд син рæуонæ фæууодзæнæй æма бандеудзæнæнцæ. Фал мах адæм уæхæн уавæр исæвзурун нæ бауадздзæнæнцæ. Уобæл дузæрдуг маке кæнæд. Мæскумæ дæр бахъæртдзæнæнцæ, зæгъгæ, еци æвзедæнтæ ба ’нцæ æнæбундор æма æдули дзубандитæ. Разиндтæй нæмæ уæхæнттæ, æма сæ фуртæссæй Уæрæсейæй сæхе райстонцæ. Æма хъæбæр хуарз, куд минкъийдæр уа Уæрæсей уæхæнттæ, уотæ хуæздæр, уотæ кæдзосдæр æма цардгъондæр уодзæнæй нæ бæстæ. Етæ лæмæгъ адæмтæ ’нцæ. Айдагъдæр дæ къилдунæй ка ниццæва, етæ уæхæнттæ ’нцæ.

– Се ’фсæддон ихæс ка ’нхæст кæнуй нуртæккæ тугъдон операций, уонæн ци зæгъисæ?

– Арфиаг си дæн æма син мæ сæрæй ниллæг ковун. Етæ абони гъæуай кæнунцæ Фидибæсти интерестæ, айдагъ абони си цæрæг нæ, фал исонибони цалдæр фæлтæремæн. Кæддæр нин уотæ ку дзориуонцæ, нæ фидтæлтæ мах, кæстæр фæлтæрти сæрбæлтау тох кодтонцæ фашизми нихмæ, зæгъгæ, уæд уомæн кæд зæрдиагæй кадæ кодтан, уæддæр ин æ сæйрагдзийнадæ ба, æвæдзи, æнхæст нæ лæдæрдтан… Фал æй нур ба æгæрдæр ма лæдæрун байдæдтан. Уомæн æма бабæй исæвзурдæй уæхæн уавæртæ, æма нæ фæсевæди багъудæй нæ сувæллæнтти, нæ кæстæрти кæстæрти, сæ цæуæти сæрбæлтау тох кæнун. Æма абони киеваг националисттæн бæрзæйсæттæн цæф ку нæ никкæнæн, уæд нæ байзæдтæгтæн исонибон нæ уодзæнæй… Еци уæззау ихæс исæнхæст кæнунмæ ка райста, нæ еци тугъдонтæн зæрдиагæй арфæ кæнун сæ лæгæхсардзийнади туххæй, фæндуй мæ,  цæмæй сæрæгасæй тагъддæр исæмбæлонцæ сæ фидиуæзæгбæл, æма сабур царди сæ куститæ кæнонцæ.

Кадæр си, ка ’й зонуй, абони кæми тох кæнуй рæстади сæрбæлтау, уоми цæргæ байзайдзæнæй. Нæ тугъдонтæй кадæртæ бийнонти гъуддаг дæр бакодтонцæ Донбасси, Запоржьей. Уогæ, ка кæми цæрдзæнæй, е сæйрагдæр нæй, сæйрагдæр е æй, цæмæй сæрмагонд тугъдон операци кæрæй-кæронмæ æнхæстгонд æрцæуа, нæ бæстæн бабæй ралæууонцæ сабурдзийнади, зæрдрохсæй нæ исонибон аразуни уавæртæ. Е ба нæ къохи бафтуйдзæнæй айдагъдæр нæ еудзийнади фæрци. Æма æмзунд-æмвæндæй архайуни хъаурæ æма нифс нæмæ ке разиндзæнæй, е ми федарæй æруагæс кæнуй!..