04 октября 2024

НÆ УÆРÆСЕЙ, НÆ АДÆМИ, НÆ КÆСТÆРТИ РАЙДЗАСТ ИСОНИБОНИ СÆРБÆЛТАУ!..

08.10.2022 | 13:49

«…Нæ карнæ æма истори нæмæ ци тохи будурмæ фæдздзурдта, е æй нæ адæми, агъазиау историон Уæрæсей сæрбæлтау… Нæ исонибони фæлтæрти сæрбæлтау мах ихæсгин ан уони багъæуай кæнун цагъаркæнуйнадæй, æбуалгъ фæлварæнтæй, кæцитæ арæзт цæунцæ, цæмæй син сæ хелæдæрундзийнадæ æма уодтæ ниссахъат кæнонцæ.

Абони мах тох кæнæн, цæмæй макæд маке сæри бал фæззинна, Уæрæсе, адæм, не ‘взаг, нæ культурæ историйæй раханхæгæнæн ес, зæгъгæ, æрра фæндæ. Абони мах гъæуй еугур æхсæнади æмбурддзийнадæ æма айдагъдæр нæ уæхæн æнгомдзийнадæ æй бундор  хуæдбарæдзийнадæн, сæребарæн, исфæлдистадæн, рæстдзийнадæн. Нæ хæзнатæ – адæймагуарзондзийнадæ, уодибæстæдзийнадæ æма тæрегъæд…»

Аци гъудитæ Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путин загъта, æрæги Уæрæсебæл нæуæг хæйттæ – Донецки æма Лугански адæмон республикитæ, Запорожий æма Херсони облæсттæ – ке ‘рбафтудæнцæ, уой фæдбæл æрæги Кремли ци цитгингæнæн мадзал арæзт æрцудæй, уоми æ радзубандий.

Имисгæ ба сæ уомæ гæсгæ æркодтан, æма, фиццагидæр, Владимир Путинбæл 7 октябри исæнхæст æй дæс æма æртинсæй анзи, уонæй ба дууæ æма инсæй анзи нæ паддзахади сæргъи уогæй, еузæрдиуонæй архайуй, цæмæй, мæнæ ци ахсгиаг нисанти кой ракодта, етæ æнæгъæнæй дæр бантæсонцæ æма нæ Фидибæстæ исуа тухгин, фæрнæйдзаг, æнæзæрдæхсайгæй ирæза æма цæуа æ зæрдæмæдзæугæдæр исонибонмæ.

Еци гъуддаги нерæнгæ ци бантæстæй æма ма æнæмæнгæ исаразун ци гъæуй, уобæл нуртæккæ нæ дзордзинан – уони адæм сæхуæдтæ дæр уинунцæ æма зонунцæ. Фал уин уæддæр уæ зæрдæбæл ба æрлæуун кæндзинан, Уæрæсебæл нæуæг хæйттæ æрбайеу кæнуни фæдбæл Кремли цитгингæнæн мадзали æ радзубандий ци гъудитæ загъта, уонæй цалдæрей.

Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путин æма Донецкаг, Луганскаг Адæмон республикити, Херсони æма Запорожий облæстти сæргълæугутæ бафинстонцæ, регионтæ Уæрæсей Федераций искондмæ бахæссуни туххæй бадзурдтæ.

Гъуддаг конд æрцудæй Мæскуй, Кремли Устур Галауани Георгиаг зали, майрæнбони. Документ бафинсуни размæ Президент радзубанди кодта аци фæзуæттæ Уæрæсейаг искондмæ бахæссуни туххæй.

Донецки æма Лугански адæмон республикитæ, Херсони æма Запорожий облæстти ци  референдумтæ арæзт æрцудæй, уони хатдзæгтæмæ гæсгæ уонæми цæрæг дзиллитæ æмвæндæй исарази ‘нцæ Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни унбæл. Уой фæдбæл Владимир Путин загъта:

– Е æй адæми æнæфæццохгæнгæ барæ, кæци æнцайуй, Недзамайнаг Урус райдайæнæй æма æности дæргъи аразта æма гъæуай кодта Уæрæсе, нæ фидтæлти фæлтæртæ ке сæрбæлтау уæлахез кодтонцæ, еци историон еудзийнади бундорбæл.

 

СÆ АРХАЙД АДТÆЙ ФИДИБÆСТИ СÆРБÆЛТАУ

Ами, Нæуæг Уæрæсей тох кодтонцæ Румянцев æма Ушаков, нæуæг сахартæ си аразтонцæ Екатеринæ II æма Потемкин. Ами мæлæт райсуни уæнгæ лæудтæнцæ нæ бабатæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæг. Мах алкæддæр имисдзинан «уруссаг уалдзæг»-и бæгъатæрти, 2014 анзи Украини неонацистон паддзахадон фæффæлхатæни хæццæ ка нæ исарази ‘й, æ маддæлон æвзагбæл дзоруни бари, æ культурæ, е ‘гъдæуттæ, æ дин, æ цæруни барæ  багъæуай кæнуни сæрбæлтау ка фæммард æй, уони еугурей дæр. Етæ ‘нцæ  Донбасси тугъдонтæ, «одессаг Хатыни» уодхайрæгтæ, киеваг режим ци æгъатир теракттæ исаразта, уони амæттæгтæ. Етæ ‘нцæ бархе æфсæддонтæ æма хуæдæфсæддонтæ, сабурцæрæг адæм, сувæллæнттæ, силгоймæгтæ, зæрæндтæ, уруссæгтæ, украинæгтæ, аллихузон адæмихæттити минæвæрттæ…

ДУЙНЕЙÆН ÆЛДАРЕУÆГ КÆНУНМÆ БÆЛЛУН ФУДВÆНДАГ ÆЙ

Дуйней æлдареуæг кæнунмæ ка тундзуй, етæ ‘й федарæй балæдæрæнтæ: уæхæн  фæндитæ мах туххæй кæмæдæриддæр адтæй, уонæн сæ бæлдитæ еу æма дууæ хатти нæ ниппурхæ ‘нцæ нæ адæми бæгъатæрдзийнадæ æма нифсхастбæл. Нигулæн уотæ æнгъæл æй, æма ин алцидæр хатиргонд æрцæудзæнæй. Уæрæсе агъазиау æма цитгин бæстæ ‘й, æма, уони куд фæндуй, уæхæн уагæвæрдбæл некæд æма нецихузи цæрдзæнæй.

 

НИГУЛÆНИ ФУДВÆНДИТÆЙ НЕЦИ РАУАЙДЗÆНÆЙ

Абони мæ мæ радзубандий фæндуй сæрмагондæй æргом раздахун сæрмагонд тугъдон операций архайæг рæнгъон æфсæддонтæмæ æма афицертæмæ, Донбасси, Нæуæг Уæрæсей тугъдонтæмæ, хайон фæдздзурди фæдбæл Укази фæсте Гæрзефтонг Тухти рæнгъити ка ‘рлæудзæнæй, æ патриотон ихæс æнхæст кæнгæй, æхе зæрдифæндонæй ка цæуй æфсæддон комиссариаттæмæ, уонæмæ. Æргом æздахун сæ ниййергутæмæ дæр, цардæмбæлттæмæ дæр, сувæллæнттæмæ дæр. Фæндуй мæ зæгъун, абони нæ адæм цæй сæрбæлтау тох кæнуй, нæ нихмæ циуавæр знаг лæууй, дуйне нæуæг тугъдтити æма фудбæлæхти ка гæлдзуй, еци гъезæмайрæгтæй сæхецæн сæ тогæйдзаг пайдатæ есгæй. Не ‘мбæстæгтæ, не ‘нсувæртæ, æма хуæртæ Украини – нæ еумæйаг адæми тогæйхæстæг хай – сæхе цæститæй фæууидтонцæ, Нигулæн разамунддæттæг къуæрттæ еугур адæмтæн дæр æнæгъæнæй цитæ цæттæ кæнунцæ, уони. Сæ цæсгонбæл ци римæхсæн къимбустæ адтæй, уони рагæлстонцæ. Нигулæн уотæ æнгъалдта, æма 1991 анзи фæсте исуодзæнæй еугур дуйнейæн дæр унаффæгæнæг, Советон Цæдеси фехалди хæццæ Уæрæсе дæр æ кеми нæбал æрцæудзæнæй. Фал æ уæхæн бæлдитæй фæффудевгед æй, берæ зиндзийнæдтæ бавзаргæй, Уæрæсе  æхебæл исхуæстæй æма бабæй дуйней медæгæ æрахæста аккаг бунат. Гъе уомæ гæсгæ  Нигулæн тингун кæнуй, архайуй нæ нихмæ фудракæндтитæ аразунбæл, фал ин си неци рауайдзæнæй. Мах ба гъæуама федарæй лæдæрæн еу гъуддаг. Уони Уæрæсе æгириддæр некæми гъæуй – е мах гъæуй!..

 

«ЦÆГАТАГ ГУЛФÆНИ» ИСРÆМУГЪДТИТÆ – НÆ НИГУЛÆЙНАГ ÆДЗÆСТУАРЗОНТИ ФУДРАКÆНДÆ

Англосакстæ фæстаг цалдæр анзей дæргъи нæ бæсти нихмæ ци санкцитæ æма æндæр æдзæсгон миутæ аразунцæ, етæ сæмæ фагæ нæ кæсунцæ æма комкоммæ диверсион миутæмæ рахизтæнцæ. Уомæн еу бæлвурд æвдесæн иссæй «Цæгатаг гулфæн»-и тагæ исрæмодзуни хабар. Еци æверхъаудзийнадæ нæ нигулæйнаг æдзæстуарзонти фудракæндæ  ке ‘й, уой айдагъ мах нæ зæгъæн, фал ибæл Нигулæни æхеми дæр басастæнцæ.

 

«МÆСУНДЗÆГИ БАРТÆ» СИН НÆ ФÆЙЙАГЪАЗ УОДЗÆНÆНЦÆ

Америки Еугонд Штатти диктаторон зундирахастбæл хуæст разамундæн сæ сæйрагдæр мадзал иссæй «Мæсундзæги бартæ» – гъома, тумбулкъохи фæрци архайун. Еци мадзал кæми хъæбæр рæсугъд цъæртти, кæми ба æгириддæр нецæми тухт фæууй. Фал æ медес еу æй – тумбулкъохи фæрци хе гъуддæгутæ хе сæри зундмæ гæсгæ аразун, ка нæ арази кæна сæ хæццæ, уонæн ба… Аци паддзахæдти нихмæ рацæун кенæ сæ фæндити нихмæ ка бандеуа, уони ба се ‘знæгти хигъдмæ бахæссунцæ æма фудмиутæ аразунæй сæбæл нæ ауæрдунцæ.

 

АДÆМТИ ТУХСТДЗИЙНАДÆЙ ДÆР СÆХЕЦÆН ПАЙДА КÆНУНЦÆ

Зæгъун гъæуй уой, æма нигулæйнаг элититæ нæ фæндæ кæнунцæ дуйнеуон хуаллаги къурцдзæвæнæй рацæуни туххæй нæдтæ агорун. Уотемæй ба еци фудрун уонæн сæхе фудæй æрцудæй дуйней берæ паддзахæдти адæмтæбæл, уой дæр, Уæрæсе сæрмагонд тугъдон операци Украини ку райдæдта, уомæй берæ раздæр.

Мæнæ нур дæр тиллæг ласт цæуй Украинæй. Кумæ цæуй «дуйней мæгурдæр бæстити хуæлцадон æдасдзийнадæ багъæуай кæнуни» рæуонæй? Кумæ цæуй? Цæуй еци европаг паддзахæдтæмæ. Уоми айдагъдæр фондз процентти рандæй дуйней мæгурдæр бæститæмæ.

 

РÆСТДЗИЙНАДИ СÆРБÆЛТАУ АРХАЙУНÆЙ ДУЙНЕЙ РАЗМÆ БÆРНОН  АН…

Абони нæ нихмæлæууæг нигулæйнаг паддзахæдти разамунд, цæмæй нихмæвæрддзийнæдти къубулойнæй фæууæгъдæ уонцæ, уой туххæй сæ тæлæнтæ хæссунцæ, цидæриддæр гæнæн æма амал ес, уомæй Уæрæсей дæр, æма, райрæзти хуæдбарæ над ка равзурста, еци паддзахæдти æрсæттунбæл, цæмæй фулдæр æстъегъонцæ, сæ гъæздугдзийнæдтæ син сæхердигæй фæккæнонцæ æма уой фæрци сæ цардиуаги «цъæсгитæ» нихгæнонцæ, сæ экономики æскъудтитæ си бампъозонцæ. Е син ку нæ бантæса, уæд, уæн ес, æма багъавдзæнæнцæ системæ коллапсмæ ‘ркæнунмæ, æма алцидæр уой фуд фæккæндзæнæнцæ, кенæ ба, Хуцау ма зæгъæд, испайда кæндзæнæнцæ, «тугъд алцидæр исфинсдзæнæй», зæгъгæ, рæуонæй. Уæрæсе лæдæруй æ бæрнондзийнадæ дуйнеуон æмæхсæнади размæ æма алцидæр исараздзæнæй еци «цæфсгæ-содзгæ» сæртæ сæ кеми æрцæун кæнунæн…