12 декабря 2024

НÆУÆГ АНЗ КУД БÆРÆГ КОДТОНЦÆ НÆ ФИДТÆЛТÆ

29.12.2022 | 13:50

Рагдзаманти дæр нæ фидтæлтæмæ Нæуæг анз адтæй кадгин бæрæгбон, бийнонти бæрæгбон. Цийнæ ибæл кодта алкедæр – мæгур уа, гъæздуг уа. Нæуæг анзмæ берæ хуарздзийнæдтæмæ æнгъæлмæ кастæнцæ еугурæйдæр. Сæ зæрдæ дардтонцæ, нæуæг амонд, нæуæг бæркад син ке æрхæсдзæнæй, уобæл. Ирон адæм Нæуæг анз куд бæрæг кодтонцæ, уомæн хуарз æвдесæн æнцæ æндæрбæстаг ахургæндти, финсгути гъудитæ æма дзубандитæ.

 

«Нæуæг анз, дигоронау ба Анзисæр бæрæг кæнунцæ декабри фæстаг кенæ уой размæ майрæнбони. Гъе уомæ гæсгæ æрцæуй уруссаг бæрæгбон Колядий хæццæ еу афони. Зæгъун гъæуй уой, æма е баст æй зуймон хорхæтæни хæццæ, киристон дини цидæр тæваги хæццæ. Аци бæрæгбонæн æ рагон ирон ном куд адтæй, е бæрæг нæй. Æ нури ном Нæуæг анз – нæуæг бон, æвæдзи, цæуй рагкиристон дзаманæй, январæй нимад нæуæг анзæй, уомæн æма зин зæгъæн æй, ирæнтти рагфидтæлтæмæ нæуæг анз январæй райдæдта, е. Бæрæгбони еуæй-еу æууæлтæ ’й хъæбæр бæттунцæ хорхæтæни хæццæ, уæдта уруссаг бæрæгбон Колядай хæццæ. Бæрæгбони æхсæвæ сæмæ нимад æй табуйагбæл. Уæдмæ æфсинттæ искæнунцæ аллихузи берæ къеретæ, уæдта адæми, цæрæгойти аллихузи дзаумæутти фæлгонцтæ æвдесæг луаситæ, æрцæттæ кæнунцæ  басилтæн лæвæрттæ. Хетæгкати Таймураз мин куд радзурдта, уотемæй Нари цæргутæ Нæуæг анз исбæрæг кæнунцæ уотæ: мæнæуи инсадæй исфицунцæ еу агъазиау гудун, хонунцæ ’й деда (гурдзиагау мадæ) æма берæ æндæртæ – минкъийтæ (биццеутæ-бæдæлттæ), ес син аллихузи косæндзаумæутти нæмттæ: дзубур, æфсойнæ, похци æма æндæртæ. Минкъий къеретæ бахуæрун кæнунцæ, бийнонтæй хумæ ка кæндзæнæй, уонæн. Æрцæттæ кæнунцæ  æхцинтæ дæр, хонунцæ сæ басилтæ, уæдта агъазиау  къере, хонунцæ ’й Æртхорон. Аци агъазиау гудун гъæуама бахуæронцæ бийнонтæ, ескæмæн дæттун си не ’нгъезуй. Е хæссуй дзиуарæ Æртхорони ном.

Бæрæгбонмæ цæттæгæнæн куститæ ку фæуунцæ, гъома, бæгæнийæй, арахъæй, хуайрагæй, фуси фид æма æндæртæ фингæбæл æвæрд ку æрцæунцæ, уæд еугур бийнонтæ дæр æрбамбурд унцæ. Нæлгоймæгтæ рабадунцæ æхсæвæри фингæбæл. Хæдзари хецау æгъдаумæ гæсгæ ци дæргъвæтийнæ кувд ракæнуй, уоми фæззæгъунцæ, Нæуæг анзмæ цæмæ æнгъæлмæ кæсунцæ, уони æма ракоруй Устур Хуцауæй, батабу имæ кæнуй, арфæ ин ракæнуй, ка рандæй, еци анзи туххæй, æ бийнонтæн кæд хуарзæй неци фæцæй, уæддæр. Зæрондæй неци феронх уй, æ бийнонтæн ракоруй, цæмæдæриддæр æнгъæлмæ кæсунцæ, уони еугурæйдæр. Уомæн æма хъæбæр æууæндунцæ еци рæстæг, гъома, анзи райдайæни Хуцау фæиуаруй нæуæг анзи еугур хæрзтæ дæр. Æхсæвæр ку рахецæн уй, уæддæр бийнонтæ нæ ниххуссунцæ, æнгъæлмæ фæккæсунцæ басилтæн сæ арфитæмæ. Гъæуи еугур биццеутæ æма æригон фæлтæр минкъий къуæрттæ-къуæрттæй фæззелунцæ заргæй хæдзаргай. Сæ фулдæр фæуунцæ гъунтъуз ходти æма усхъуммæхадт кæрцити, ку фæззарунцæ æма фæккафунцæ, уæд уой фæсте согфадæнмæ бацæунцæ, согифадæггæгтæ си æрæмбурд кæнунцæ æма сæ кезугай хæдзари пеци рази æркалунцæ. Нæуæг анзи уæбæл уал хуарздзийнади æрцæуæд, зæгъгæ.

Нæуæг анзи бæрæгбон иронау хуннуй Нæуæг анз. Ирæнттæ еци бон бæрæг кæнунцæ æмхузон игъæлдзæгæй Нæуæг анзи агъоммæ биццеутæ искæнунцæ æртитæ, æхсæвæй-бонмæ фæссодзунцæ, æма сæ Нæуæг анзи сæумæ дæр нæ ниххуссун кæнунцæ. Хестæртæ æхсæвæй-бонмæ кæнунцæ топпæй гæрæхтæ. Уой фæсте кæрæдземæ цæунцæ арфитæ кæнгæй. Арфæ кæнунмæ ка цæуй, е æ хæццæ æрбахæссуй армидзаг гъæмпихæлттæ кенæ согифадæггæгтæ æма сæ багæлдзуй хæдзари арти, хæдзари хецауæн анзи дæргъи уотæ æ къохтæ идзаг куд уонцæ æма æ бийнонти цардбæл арти хузæн хуæрзæрдæмæ куд ахеда, уой нисанæн. Уой фæсте кæрæдзей исиуазæг кæнунцæ. Фæткæ уотæ амонуй, цæмæй еугурæйдæр бацæуонцæ сæ кæрæдземæ уотемæй, æма, сæмæ, хуæздæр ци ес, уомæй куд исиуазæг кæнонцæ. Уой туххæй алли хæдзари дæр æхсæз къуæрейемæй раздæр Нæуæг анзмæ сæрмагондæй хæссун райдайуй тохъул.

Дуккаг бон биццеутæ фæззелунцæ хæдзæрттæбæл æма зарунцæ Нæуæг анзи зартæ, Нæуæг анзи арфитæ кæнунцæ. Хæдзари хецауæн сæ зæрдæ фæззæгъуй, цæмæй сæ лæг саг рамара, æ уосæ ин биццеу ниййара, æ хæдзари бæркад куд уа, алцæмæй дæр æнхæст куд уа. Уой фæсте си æрагорунцæ хуæрзеуæгæн хуни хай. Раттунцæ син къеретæ æма басилтæ. Хæдзари æфсийнæ син ку неци раттуй, уæд уайтæккæ биццеутæ æндæр зар исесунцæ, растдæр зæгъгæй ба, раздæри зари дзурдтæ, гъудитæ усхъуммæ кæнунцæ, хæдзари хецау цæлæмбуд ке æй, уой ин æ цæстæмæ бадарунцæ зари.

Нæуæг анзмæ ирæнттæ берæ раздæр цæттæ кæнун райдайунцæ. Алли хæдзари æфсийнæ дæр æ аллибони куститæ ниууадзуй æма хъæбæрхуарæй уадзуй арахъ, цæттæ кæнуй бæгæни. Нæуæг анзи æхсæви дзоллагæй фицуй фуркъатæ æма хæдзайрон иннæ цæрæгойти фæлгонцтæ: стортæ, бæхтæ, кæркитæ. Æфсинттæ еци куститæ ку фæккæнунцæ, уæд еци рæстæг хестæр нæлгоймæгтæ дæр фæскуст сæ дамбацатæ, хъæматæ æма æхсаргæрдтæ æнæдзоргæй райсунцæ æма сæ æнæдзоргæй кæдзос кæнун райдайунцæ. Зæронд анзæй, дан, хуæцæнгарзæй ести  цъумурæй ку байзайа, уæд нæуæг анз нæбал фæббæззуй къохмæ райсунмæ: цауæни уа, æндæр гъуддаги си ку пайда кæнай, уæд тæссаг æй дæхе цардæн.

Фæстагмæ ралæууй Нæуæг анз. Æвваст райгъусунцæ топпити æма дамбацати гæрæхтæ. Алли гъæуи дæр искарз уй бæрæгбони æзгули. Æцæгæлон адæймаг бангъæлидæ, адæм фæдеси фæццæунцæ, зæгъгæ. Æхсæви сауæнгæ бонмæ нæ банцайунцæ гæрæхтæ.

Ирæнттæ Нæуæг анзи æхсæви гæрæхтæ фæккæнунцæ уæларвмæ Мæйæмæ гъавгæй. Æруагæс си кæнуй, анз еу хатт – Нæуæг анзи æхсæвæ Мæйæн тæссаг ке фæууй циуавæрдæр залиаг хелагæй – уæларвон хелагæй, ку æй ранихъуæра, уомæй. Залиаг хелагæ Мæйæ ку ранихъуæра, уæд Зæнхæбæл цæйбæрцæ фидбилизтæ æрцæудзæнæй, уой лæдæргæй æй ирæнттæ еумæ хъазауатонæй фæгъгъæуай кæнунцæ.