19 апреля 2024

НÆУÆГ ДОГÆН – НÆУÆГ ФÆРÆЗНИТÆ

31.03.2023 | 13:19

Дигорон æвзаг гъæздуг ке ’й, е дузæрдуггаг нæй. Уомæн ес берæ агъазиау æвдесæнтæ. Фиццагидæр, нæ номдзуд финсгутæ Гурджибети Блашкай, Малити Геуæргий, Багъæрати Созури, Бесати Тазей, Хъазбегти Хъазбеги æма нæ дигорон литератури иннæ хъазауатонти исфæлдистадæ, нæ нуриккон дигорон финсгути уадзимистæ. Иннæ уæхæн æвдесæн – Тахъазти Федари исарæзт «Дигорон-уруссаг дзурдуат». Е агъазиау фæрæзнæ иссæй нæ маддæлон æвзаг багъæуай кæнуни æма ирæзуни гъуддаги. Фал имæ нæ дзиллæ цæмæдæр гæсгæ уоййасæбæл се ’ргом нæ раздахтонцæ, мадта ’й беретæ ба зонгæ дæр нæ кæнунцæ æма си пайда дæр нæ кæнунцæ. Е, æвæдзи, уой фудæй дæр æй æма æ рапарахат кæнунбæл фагæ куст не ’рцудæй.

Аци фарста хецæн сæрмагонд дзубандий аккаг æй. Абони ба уой зæгъуйнаг дæн, цæмæй не ’взаг айдагъ киунуги ма байзайа, уой туххæй – нури доги домæнтæ нимайгæй – гъæуй исаразун æма рапарахт кæнун электрон хузи дзурдуат.

Нур куст цæуй мобилон приложени «Дигорон дзурдуат», исаразунбæл, кæцими нæ бон уодзæнæй тагъд райагорун дигорон дзурдтæ, байгъосун, куд финсгæ æма дзоргæ ’нцæ, фæууинун ци дзубандий хаймæ хауй дзурд, æма ма берæ æндæр гæнæнти хæццæ.

Дзурдуат уодзæнæй æртæ æвзагебæл – дигорон, уруссаг æма англисаг. Дзурдтæ нæ бон уодзæнæй цийфæнди хузи агорун: дигоронау-уруссагау, уруссагау-дигоронау, дигоронау-англисагау, англисагау-дигоронау.

Мобилон уæлæнхасæн фæййагъаз кæндзæнæй, дигорон æвзаги хæццæ ка архайуй, уонæн: ахургæнгутæн, ахурдзаутæн, тæлмацгæнгутæн, лингвисттæн, филологтæн, киунугæкæсгутæн, финсгутæн, редакцити косгутæн. Еци гæнæнтæ фиццаг хатт фæззиндзæнæнцæ. Дигорон æвзаг гъæуама æмдзо кæна нуриккон рæстæги хæццæ, фæстегæй изайун нин нецихузи æнгъезуй.

Мобилон уæлæнхасæн «Дигорон дзурдуат»-бæл куст нерæнгæ бал æнхæстгонд æрцудæй æрдæгмæ. Программисттæн ма гъæуй 1-2 мæйи байархайун, уæдта ма гъæуй дигорон дзурдти аудио ниффинсун.

Нæ къуарæн æ идарддæри куст æнхæст кæнун исзин æй, æхца ке нæ фагæ кæнуй, уой фудæй. Æма цæмæй нæ куст кæронмæ исæнхæст кæнæн, уомæй гъæуй æрæмбурд кæнун æхцай фæрæзнитæ. Уой туххæй фегъосун кодтан Digoria.com сайти. Бæлвурдæй си радзурдтан нæ кусти нисани туххæй, исистан видео, кæцими цубурæй æвдист цæуй, дигорон дзурдуат куд косдзæнæй, е.

Проекти аргъ æй 460 мин соми. Нерæнгæ бал æрæмбурд кодтан 90 мин соми. Устур арфæ кæнæн, ка нин фæййагъаз кодта, уонæн. Цæттæ уæлæнхасæнмæ хаст æрцæудзæнæй уони хигъд нæ арфити хæццæ – хецæнæй алли адæймагæн дæр, е ’ргом ка раздахта аци гъæугæ гъуддагмæ, æма, æ бон ци адтæй, уомæй ка фæййагъаз кодта, уонæн. Æхцай фæрæзнитæ идарддæр æмбурдгонд цæунцæ, æма ни федарæй æруагæс кæнуй, нæ куст кæронмæ ке искæндзинан, е. Дигорон адæм гъæуама равдесонцæ, не ’взаг нин хъазар æма зæрдтагон ке æй, фесафун æй ке нæ бауадздзинан, уой.

Кæд уæ фæндуй проектæн фæййагъаз кæнун, уæд мухур кæнæн нæ реквизиттæ.

(2202 2001 4060 9163)

Зæрдиагæй арфæ кæнæн алкæмæн дæр!

БУДАЙТИ Морат, проекти разамонæг.