НÆУÆГАНЗОН ЛÆВАР – ТУГЪДОНТÆН
Сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн фæййагъаз кæнунæн хуæрзауодæн мадзал «Нæуæганзон лæвар – тугъдонтæн» исаразтонцæ Мæздæги. Балхæдтонцæ финддæс туристон пеци, уонæн баллонтæ, парафин акъоппити цирæгътæн, квадрокоптер, генератор, бронежилеттæ æма ма никки æндæр гъæугæ дзаумæуттæ.
Мадзал исаразунбæл байархайдтонцæ национ-культурон æхсæнæдтæ, студенттæ, хумæтæг адæм. Сахар къуар секторебæл ниддехтæ кæнгæй, алкæмидæр си радæ хастонцæ волонтертæ. Еумæйаг хъауритæй æрæмбурд кодтонцæ 800 мин соми. Балхæдтонцæ си тугъди будури æнæмæнгæгъæугæ уæлдæр ранимад предметтæ æма дзаумæуттæ. Скъоладзаутæ тугъдонтæмæ ниффинстонцæ финстæгутæ Нæуæгбони арфити хæццæ. Силгоймæгтæ ба исбидтонцæ гъар хæдæнттæ, цъиндатæ. Бæрæгбæнтти тугъдонтæ райстонцæ мæздæггæгти лæвæрттæ æма син зæрдиагæй райарфæ кодтонцæ.
Георгий Апциаури, акци ке хъæппæресæй арæзт æрцудæй, е радзурдта:
– Къуæремæ нин устур куст бакæнун бантæстæй. Нæ сахари кизгуттæ æма биццеутæ растауйнаг æнцæ. Хецæнæй арфæ кæнун, хуæрзауодæн мадзали архайгутæн сæ еугуремæн дæр. Сæ нимæдзæ ба минкъий нæй. Нæ нисан адтæй, цæмæй алли адæймагæн дæр гæнæн уа аци хуарз гъуддагмæ æ байвæрæн бахæссун.
Валерия Истомина:
– Фæсевæди бафарстан, уазал уин нæй, зæгъгæ, æма дзуапп равардтонцæ, тугъдонтæн дæр, дан, уазал æй, фал нæ гъаст кæнунцæ. Уазал, цъифæ… фал бухсунцæ. Нæ еугуремæн дæр, фиццагидæр, хъаурæ дæттуй патриотизм.