06 декабря 2024

«НАЛ ФÆРАЗЫН ЗÆХХЫЛ, ФЕСКЪУЫЙЫ МÆ ЗÆРДÆ…»

22.07.2023 | 11:44

Токайы-фырты æмдзæвгæ «Æз кæуын, дзыназын…»-ы ма ноджы иу диссаг раиртæстон: рæнхъыты астæуты ис цезурæтæ-паузæтæ. Æмæ цезурæтæн сæ разæй дæр æмæ сæ фæстæ дæр цы хæйттæ ис, уыдонæй дæр рауади хицæн, æххæст хъуыды æвдисæг, æмдзæвгæтæ – æд ритм, æд рифмæтæ. Æрмæст фæстаг рæнхъ «Йа Хуыцау, мæ хъæртæй фехъуысæд дæм иу!» дих кæнын нæ комы, дыууæ хайæн у иумæйаг, маргъы буар йæ дыууæ базырæн иумæйаг куыд у, афтæ.

Мæнæ рæнхъыты фыццаг хæйттæй арæзт æмдзæвгæ:

Æз кæуын, дзынадзын,æз

                               фæниуын, ниуын.

.Æз фæниуын, ниуын, фехъус

                                               мæ, цы?

Сау зæрдæ фæсудзы мидæгæй

                                             мæ риуы.

Мидæгæй мæ риуы сау туджы мæцы.

 

Уалдзæгмæ бæллыдтæн, уый

                                      цинæй рæзыдтæн.                              

Уый цинæй рæзыдтæн, карз

                                        зымæджы æз.

Уалдзæг мæ фæсайдта,раджы

                                      уый нæ зыдтон,                            

Раджы уый нæ зыдтон,

                               сæфдзæни мæ раз

 

Æмæ афтæ дарддæр. Мæнæ уын уый та рæнхъыты дыккаг хæйттæй арæзт уацмыс, æрмæст райдайын хъæуы æртыккаг строфайæ:

Тарф зымæг мæ надта,

Зæрдæ дзы ныссуй.

Дидинджытæ радта

Сау халонæн уый.

Сау халон сæ хъазы

Фаджысы сæрыл.

Адæмы туг нуазы

Алы ран зæххыл.

Фескъуыйы мæ зæрдæ,

Тоны та мæ риу.

Нал хъуысынц мæ хъæртæ…

Кæройнаг строфамæ бафтауæн ис æмдзæвгæйы сæйраг рæнхъ – базыртæ иугæнæг, кувыны ныхæстау чи азæлы, уыцы фæстаг курдиат-бæллиц:

Йа Хуыцау, мæ хъæртæй

Фехъуысæд дæм иу!

Гъе ахæм æрдхæрæны виртуоз уыдис Алихан.

Рæнхъыты дыккаг хæйттæ фæлхат кæныны мадзал уынæм æмдзæвгæ «Кæрон»-ы дæр (ныхас ыл цыди раздæр), æрмæст ам алкæд комкоммæ фæлхат нæ чындæуы – автор фылдæр рæтты вариацитæ сарæзта:

Рагæй, рагæй агуырдтон æз марг,

          Агуырдтон æз марг.

Фенон, фенон, загътон, адджын цард,

          Фенон адджын цард.

Нуазын æз бындзарæй марджы къус,

          Гъеныр марджы къус.

Марг, уæ, адджын марг, ды царды хос,

          Ды дæ царды хос.

Амонд æз ыссардтон сау зæххы,

          Арф æз сау зæххы.

Уд уæлæмæ рухсмæ атæхы,

          Рухсмæ атæхы.

Талынг, мæйдаримæ схæццæ дæн,

          Æз ысхæццæ дæн.

Æз фæдæн. Фæдæн, ысцæттæ дæн,

          Æз ысцæттæ дæн.

* * *

Алиханы поэзийæн фидар реалистон бындур ис.

Уыцы-иу рæстæг дзы, ногæй та йæ зæгъын, иттæг бæлвырдæй æмæ парахатæй уынæм символизмы миниуджытæ. Символисттæ цы литературон надвæд равзæрстой, уый та реализмæй иппæрд нæ уыди, уымæн æмæ символ кæддæриддæр февдисы цард. Андрей Белый фыста, зæгъгæ, символ у триадæ «авс»: «а» рахонæн ис, дихтæ кæнын чи нæ комы, ахæм сфæлдыстадон иудзинад. Уыцы иудзинадмæ хауы «в», ома, æрдзы фæлгонц, зæл, ахорæн æмæ дзырдæй арæзт чи у, ахæм; «с» та, дам, у уды сагъæс-мæт-утæхсæн æмæ кæрæдзиуыл сæрибарæй, æнæ тыхмийæ бæтты зæлтæ, ахорæнтæ æмæ дзырдтæ, иуты дзы иннæтимæ сæмхæццæ кæны, æмæ уыдон дæр сæ хуызтæ скалынц, райгуыры æвæджиауы фæлгонц. «Символизм углубляет либо мрак, либо свет: возможности превращает он в подлинности: наделяет их бытием… Художник воплощает в образе полноту жизни или смерти…» (Андрей Белый. Символизм как миропонимание. М., «Республика», 1994, 256 ф.).


ХОРЗЗÆРДÆ ЗÆГЪИНÆГТÆ НÆ НАЦИОН ПОЭЗИЙЫ ТЫРЫСАХÆССÆДЖЫ ТЫХХÆЙ

 МАЛИТЫ Васо (1938-2017), фыссæг, публицист, æхсæнадон архайæг:

– Токаты Алиханы сфæлдыстад уыди ног æмæ тыхджын фæзынд ирон литературæйы. Уый бæлвырдæй равдыста: саумæры рæзæг халы мыггæгтæ билцъыты хуызæн ирон поэтикон дзырд йæ хуылфы æмбæхсы æнæнымæц гæнæнтæ. Фадат сын ратт – тыхджын æвзартæ ныггуыпп ласдзысты раст цырын арты æвзæгтау.

Хъодзаты Æхсар Алиханы сфæлдыстадыл дзургæйæ йе ’ргом тынгдæр здахы формæмæ. Ай-гъай, символизм аивадон формæйы структурон элементты ахадындзинад кодта уæрæхдæр, ивта метафорæтæ, ассоциацитæ, рифмæ æмæ ритмикæйы характер. Фæлæ йæ хуыздæр фæзынды – Верлены, Рембойы, Блокы аивады – уымæн йæ сæйраг нысан уыди сæнттæ æмæ зæрдаив дунемæ ныккæсын, уды æрфытæ басгарын, дæлзондæй (подсознание) поэтикон хотых скæнын. Инстинкт, фын, зæрдаив – ацы авналæнтæ ирон дарæсы уынæм Алиханы æмдзæвгæтæй бирæты…


* * *

Фыдæлтыккон апойнаг поэт Басемæ бакастæн:

Фырадæргæй хъæбæрхоры æфсирмæ

Фæлæбурдтон – кæд мын æнцой

фæуаид…

Фæхицæны уысм, оххай-гъе, цæй зын у!

Диссаг! Æвиппайды мæ зæрдыл æрбалæууыд ирон æмбисонд: «Дон кæй фæцæйласы, уый сындзы къутæрмæ дæр фæлæбуры».

Ноджы ма: ирон фразеологизм «йæ удæй арт цæгъды» æмæ Бетховены «музыка должна высекать огонь из людских сердец».

Зæгъæн ис, кæрæдзи цæрмыстыгъд бакодтой гуырдзиаг æмбисонд «женщина подобна тени: за ней бежишь – убегает, от нее бежишь – за тобой гонится» æмæ францаг фыссæг Никола Шамфоры базырджын ныхас: «Женщина подобна вашей тени: вы следуете за ней – она удаляется; вы удаляетесь от нее – она следует за вами».

Ахæм хабæрттæ аивады дунейы дзæвгар ис. Мæнæ – сабийы бонтæй фæстæмæ кæй хъусæм, уыцы ирон æмбисонд: «Хур – йæ хæдон, зæхх – йæ дзабыр» (вариант: «Хурæй хæдон кæны, зæххæй – дзабыр»). Апойнаг поэт Кикакумæ (1661-1707) та ахæм æртырæнхъон ис:

Нищий на пути!

Летом весь его покров –

Небо и земля.

Фæйнæхуызон рæстæджыты æмæ фæйнæхуызон бæстæты чи цард, ахæм дыууæ поэтмæ цымæ куыд райгуырд уыцы иу фæлгонц?

Æндæр аналоги. Пушкин:

Прощай, надежда, спи, желанье.

Верлен:

Спи, желанье, усни,

Спи, надежда моя!

Ноджы ма ахæм цæвиттон. Токаты Алихан:

Фесæф, фесæфай, мæ хох,

Фесæфай мын тагъддæр.

Ды мæнæй нæ кæныс рох, –

Сау цæссыджы ’ртах дæ.

Уырыссаг поэт Владимир Соколов:

Мне страшно, что жизнь прожита,

то смерть – это значит домой,

Что снова трясет нищета

На грязных вокзалах сумой.

Что родина – это слеза,

Что мать – это холм без креста.

Цыма кæмдæр зæххы иу кæрон чидæр арвы хъусы цыдæртæ бадзырдта. Уыцы дзырдтæ арвы къуырфы æмбæхстæй баззадысты. Стæй сæ æнусты фæстæ зæххы иннæ кæрон æндæр чидæр ацахста æмæ сæ ногæй загъта. Æвæццæгæн, рæстæджытæ, æвзæгтæ æмæ тыгъдæтты арæнтæ поэтты зæрдæтæн ницы хъом сты. Уыдон кæрæдзимæ фехсынц æнæзынгæ ризгæ тынтæ, тъымы-тъыматыл аххæссынц æдзæм рухс æмæ сусæг тавсæй. Æмæ стъалы стъалыимæ дзуры.

Уæвгæ, иу рæстæджы, иу бæстæйы чи цард, ахæм автортæм дæр разыны æнгæс хъуыдытæ, фæлгонцтæ. Раздæр кодтон Алиханы æмдзæвгæ «Цæссыг»-ы кой. Сау адæм сау дуртæ æхсынц, сæ амонды сæрвæлтау чи тох кæны, ууыл, æлгъитынц æй, сурынц æй се ’хсæнæй, марыныл дæр ыл нæ бацауæрдиккой, кæддæр Чырыстийыл куыд нæ ауæрстой, афтæ.
Поэт (йе та лирикон герой) дзуапп дæтты, æз, дам, ацы сау дуртæ æруидздзынæн, æмæ сæ мæ сау зæрдæ «самайдзæн аргъуан… æрттивгæ, фæлурс» æмæ «талынджы фендзыстут, м’ адæм, мæ рухс».

Алиханы æрттивгæ аргъуаны æнгæс фæлгонц раиртæстон Аннæ Ахматовамæ дæр йе ’мдзæвгæ «Уединение»-йы, æрмæст уымæ аргъуаны бæсты уынæм мæсыг:

Так много камней брошено в меня,

Что ни один из них уже не страшен,

И стройной башней стала западня,

Высокою среди высоких башен.

Строителей ее благодарю,

Пусть их забота и печаль минует.

Отсюда раньше вижу я зарю,

Здесь солнца луч последний

торжествует.

Ахматовайы æмдзæвгæйыл ис датæ – 1914, Алихан та йæ «Цæссыг» ныффыста 1919 азы. Кæд, мыййаг, Токайы-фырт уырыссаг поэты фæлгонцæй спайда кодта? Цæмæн дæр мæ нæ уырны. Алихан æвдисы, мидхæсты рæстæджы йæ сæр, хъодыгонды хуызæнæй, цытæ бавзæрста, цы дывыдон арты бахауд, уыдæттæ, ома, йе ’мдзæвгæ йемыдзаг у индивидуалон æнкъарæнтæй, бæлвырд-бæрæг дуджы нысæнттæй, миниуджытæй. Иу  дзырдæй, ирон поэты аргъуан амад у бынтон æндæр «дуртæй», аразæн æрмæгæй, зыны йыл оригиналон æрмдзæф.

Алихан хæрз сабийæ цы зынтæ бавзæрста, уыдон фæстæдæр афтæ сныв кодта:

Калæм сау хуымыл нæ туг,

Къахæнтæй фæкъахæм.

Афтæ лидзы, згъоры дуг.

Сау дуртæ фæлдахæм.

Хох – хъæбæр. Сыгъд у, сыд у,

Хортæ дзы нæ зайы.

Хох зыд у, зыд у, зыд у,

Хорæй нæ фæсайы.

(«Хох! Мæ хох, мæ хох, мæ хох…»)

Цардæгас ахорæнтæ, ирд нывтæ æмæ мырты аив азæлд æнгом баст сты дзурæджы утæхсæнтимæ. Уарзт æмæ маст схъуырдухæн сты, куы сæ иу фæуæлахиз вæййы, куы иннæ. Уарзтæй æвзæры маст (райгуырæн хæхтæ ахæм æфхæрд уавæры кæй сты, уымæ гæсгæ), мастæй та – уынгæг æмæ ныфсхаст зарæг. Мæнæ цы трагикон кæрон ис æмдзæвгæйæн:

Фесæф, фесæфай, мæ хох,

Фесæфай мын тагъддæр.

Ды мæнæй нæ кæныс рох, –

Сау цæссыджы ’ртах дæ.

Уалдзыгон къалиутау ныттынг сты дзурæджы зæрдæйы нуæрттæ. Уынæргъынау уæнгты ахъары, карз æлгъыстæй, æхсидгæ мастæй æмæ æнусон уарзтæй чи райгуырд, уыцы рæнхъ: «Сау цæссыджы ’ртах дæ».

Диссаг та куыд нæу: къаннæг «сау цæссыджы ’ртах» поэты стыр фарнæй æнæнхъæлæджы басгуыхти «рох бæсты» хъизæмайраг царды символ! Ам, æвæццæгæн, сфидаудзысты Вячеслав Ивановы ныхæстæ: «Символ только тогда истинный символ, когда он неисчерпаем и беспределен в своем значении, когда он изрекает на своем сокровенном (иератическом и магическом) языке намека и внушения нечто неизглаголемое, неадекватное внешнему слову. Он многолик, многосмыслен и всегда темен в последней глубине» (Вяч. Иванов. Родное и вселенское. М., «Республика», 1994, 141 ф.).

* * *

Алиханæн 1973 азы цы чиныг рацыд, уырдæм йæ уац «Нæхи цæттæ дарæм» нæ бахауди – «цырддзаст æмæ къæрцхъус» цензор Ц. М-м æй нæ ауагъта. Æрмæст ма йæ ном сæргæндты баззади (кæс: Токаты Алихан. Уацмыстæ. Чиныгуадзæн «Ир», 1973, 308 ф.).

ТОКАТЫ Алихан (бады рахизæрдыгæй) æмæ йæ хæлæрттæ: лæууы – ТОКАТЫ Текко (Темырболат), бады – ТАМБИАТЫ Хадзымурат. 1916 аз.

Уац бакæсыны фæстæ адæймаг æнæбары ахъуыды кæны: цы стыр зонды, цы стыр курдиаты хицау уыд, æвæдза, Токаты лæппу! Хæрз æрыгонæй куыд арф бамбæрста революцийы стыр драмæ! Уый йемæ хаста æвирхъау бæллæхтæ: туджы зæйтæ, мæгуырдзинад, культурон хæзнаты сæфт. Сарæх сты стигъджытæ, давджытæ, мæрдкъахтæ, адæмыл зыд æмæ кæрæф бафтыди, кæрæдзимæ топпы кæсæнæй акастысты. Ахæм уавæрты Алиханы поэтикон, риссаг зæрдæйы фæдисхъæр зын бамбарæн нæу. Йæ адæмыл, йæ Ирыстоныл, рæстдзинадыл æнувыд, иузæрдион уæвгæйæ, поэт сиды баиумæ, кæрæдзи æрæмбарынмæ, хи бахъахъхъæнынмæ. Цард абухгæ денджызау кæм сызмæсти, цæвæг марæджы кæм нал æмбары, уым сæфынæй тас у æнæхъæн нацитæн: «…фыдбылызы зæйæ тас у бынтон фесæфынæй чысыл адæмтæн, стыр тас у Ирыстонæн дæр. Куыд хъусæм, афтæмæй Уæрæсейы салдæттæ, большевиктæ кæй хонынц, уыдон бæстæтæ змæнтынц, сафынц, марынц, сæ коммæ чи нæ кæсы, уыдоны. Уыцы салдæттæ хъазуатæй хæцынц ныр хахолимæ æмæ хъазахъхъимæ Украинæйы æмæ Доны облæсты. Иннæмæй, Турчы хæсты уырысæй цы æфсæдтæ уыдис, уыдон сæ хæдзæрттæм лидзынц, тындзынц. Фæндагыл уыцы бирæ сау адæм дæр æххормагæй, мæстджынæй тынг тыхтæ, тынг æвзæр митæ кæнынц. Уыцы салдæтты ивылд дыууæрдыгæй дæр ноджы куы рацæуа, уымæй тынг тас у. Ноджы нæ алыварс нæ сыхæгтæ – мæхъхъæл æмæ хъазахъхъ – кæрæдзийæн тугисæг æмæ тыхагур систы. Хуыцау бахизæд, фæлæ се ’хсæн арт куы ссудза, уæд йæ фæстæ Кавказы адæмтæ се ’ппæт дæр куы сыстой æмæ кæрæдзийы цæгъдын куы райдайой, уымæй тас у. Мах, ирон адæм, уый тыххæй зын раны стæм. Нæ алыварс хæсты арт куы ссудза, уæд мах дæр кæй басудздзæн, уый нæ зонын хъæуы. Уый тыххæй, нæ ранмæ гæсгæйæ, нæ ирон адæмæн дæр ныр бар-æнæбары йæхи цæттæ кæнын хъæуы хæстмæ».

Куыд актуалон сты, æвæдза, Алиханы ацы рæнхъытæ абон дæр, алы адæмтæ кæрæдзи хъуын-хъис куы тонынц, фыдæхы æртытæ алы къуымты радыгай куы сирвæзынц, уæд! Æмæ та нæ цæсты ноджы тынгдæр сахады, бæрзонддæр сырæзы Токаты Алихан – поэт, разагъды лæг, йæ адæмы иузæрдион хъæбул.

Алиханы уац кæсгæйæ, ноджы зæрдыл æрлæууы В. Г. Короленко: йæ уды дзæнгæрæг фæдисы хъæр кæмæн кодта, революци æмæ мидхæсты æбуалгъ нывтæ уынгæйæ йæхицæн удæнцой чи нал ардта, уыцы номдзыд фыссæг æмæ фарны лæг (кæс: 1920 азы Луначарскимæ цы æхсæз фыстæджы арвыста, уыдон – «Новый мир», 1988, № 10). Уац кæсгæйæ, æрымысæм Алиханæн йæ иннæ фыстытæ дæр – йе ’мдзæвгæтæ, йæ публицистикæ. Зæгъæм, мæнæ ацы рæнхъытæ:

Сау хохы лæгæт – мæ цæрæн,

Уазал дымгæ мæм цæуы.

Афтæмæй нал дæн мæ сæрæн,

Афтæ мæ зæрдæ кæуы.

Цъæх ихы тæрхæг – мæ бадæн,

Миты хъæпæны хуыссын.

Ницыуал зонын мæ цардæн,

Мигъы хæтæнты тыхсын.

Токаты лæппу йæ уац ныффыста 25-аздзыдæй, 1918 азы январы. Рацыди йын газет «Ног цард»-ы 1918 азы 27 январы. Фæлæ цыма 100-аздзыд разагъды лæг йæ кæстæртæн уынаффæтæ кæны, уыйау ахадгæ у йæ ныхас. Æмæ йын хъуамæ иудадзыг нæ зæрдыл дарæм йæ фæдзæхст: нæхи цæттæ дарæм, нæ чысыл стыр Фыдыбæстæ Ирыстоны сæрвæлтау æрбаиу уæм, æрæмбарæм кæрæдзи, бахъахъхъæнæм нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн!

Алихан канд ног поэтикон дуне фæлдисæг нæ уыдис, ай-гъай, социалон революцийы дæр æнувыдæй архайдта, йе ’рыгон зонд ын алы æнæсæрфат идейæтæ сдзæгъæлтæ кодтой, æмæ йæм, æвæццæгæн, боныфæстагмæ фæсмон æрцыдаид. Раст зæгъы уырыссаг поэт-тæлмацгæнæг Григори Кружков революционертæй: «Их дела кажутся дьявольской пародией на духовные и творческие усилия великих реформаторов искусства XX века. Колосс утопии, построенный на крови, в конце концов рухнул. А облачные города поэзии стоят во всей своей очевидности, и никакой ветер их не сдует» (У. Б. Йейтс. Роза и Башня. Санкт-Петербург. «Симпозиум», 1999, 480 – 481 фф.).

Алихан йе ’ууæнк цы социалон революцийыл бафтыдта, цы ног дунейы сæрвæлтау тох кодта, уый йæ фæсайдта, бынтон мæнг разындысты йæ нысантæ, йæ хъуыддæгтæ. Уый хыгъд Токаты æвзыгъд лæппуйы поэтикон дунейæн æмбал нæй ирон дзырдаивады – уый у йе ’рттивгæ аргъуан. «Символисты ставили перед собой только сверхзадачи – изменить мир, создать новую литературу. Самое поразительное, что им это удалось». Кружковы ацы ныхæстæ хауынц уырыссаг символисттæм. Уыдон къорд уыдысты. Алихан та иунæгæй арæзта ног поэтикон дуне. Æмæ йын бантысти.

* * *

Поэтæн йæ зæрдæйы судзæгтæй сусæггæнæн ницы ис. Уый сывæллонау у æргом, æнæхин. Зæрдæйы æваст ныхас кæныны бар ис алкæмæн дæр. (Уæвгæ, уый паддзахæй фыййауы онг – иуæн дæр кады хос нæу). Æрмæст уыцы бар нæй поэтæн. Поэзийы алцыдæр арæзт цæуы æнæбары, тыхмийæ дзы ницы уайы. Æцæг поэтикон уацмысы дзырдтæ иууылдæр бархи сты (ронбæгъд нæ!), фæлæ иузæрдыг. Дзырдтæ уацмысмæ сыфцæй нæ ластæуы, сæрибарæй æрбацæуынц, сæрибарæй æрцахсынц сæ бынæттæ. Ахæм бынæттæ, æмæ сын, ирон æмбисонд цæйау зæгъы, нæдæр «дæлдæр абад», нæдæр «уæлдæр абад» зæгъæг вæййы. Уый афтæ нæ амоны, æмæ поэтæн йæ къухы алцыдæр æнцонæй бафты кæнæ йæм цавæрдæр нымæтын ехс ис – æрцæв, æмæ хъуыддаг йæ гаччы абадти. Нæ. Фыссæджы куыст мæсыгамайæджы куыстæй уæлдай нæу. Уый тыххæй хорз загъта Алихан йæ сонет «Алыхуызон мæсыг»-ы:

Сывæллонæн йæ мидбылты фæхудтæй,

Фæллойгæнджыты алы бон хъæрзтæй,

Сырх тугвæдон æнамонды хæстæй,

Кæй тыххæй зайы тар бæстæ гаффуттæй,

Зымæгæн та йæ тымыгъы фæфуттæй,

Мæ сидзæртæн сæ гом сыд сау фæрстæй,

Мæхицæн та мæ зæрдæйы мæстæй –

Æз ниуын, зарын уыдонæн сæ удтæй.

Æз амайын ныр адонæй мæсыг,

Æхсад – цæссыгæй, тугæй – сырх йæ  дуртæ,

Æлыгæн ын – Рæстдзинад, Зонд – фыдмуртæ.

Фæйнæрдæм дзы æрттивдзæни цæссыг,

Æддæмæ дзы зындзæни мæйтæ, хуртæ,

Йæ хуылфы та уыдзæни судзгæ зынг.

 

Ам ис Алихан æнæхъæнæй дæр: хъуыдытæ, æнкъарæнтæ сты хæдæвзæрд, фæлгонцтæ дæр афтæ – æрдзон, сæрибар уагыл нывæст. Поэт нæ æвиппайды бакæны, йæхæдæг цы равджы, чемы ис, уый уацары. Зæрдыл æрлæууынц Уолт Уитмены ныхæстæ: «Пойми, что в твоих писаниях не может быть ни единой черты, которой не было бы в тебе самом… Нет такой уловки, такого приема, такого рецепта, чтобы скрыть от твоих писаний хоть какой-нибудь изъян твоего сердца».

ХЪОДЗАТЫ Æхсар (1937–2021),  Цæгат Ирыстоны адæмон поэт

Уодзæнæй ма.