27 июля 2024

«НАЛ ФÆРАЗЫН ЗÆХХЫЛ, ФЕСКЪУЫЙЫ МÆ ЗÆРДÆ…»

29.07.2023 | 22:19

Поэзийы мæсыг амайгæйæ чысыл фæдфæливæн мийæн дæр уæвæн кæй нæй («æлыгæн ын – «Рæстдзинад»), мæсыгæн йæ бындзæфхад, йæ бындур царды кæй сты, адæмы цæссыгтæ æмæ туджы фæзгъæртыл кæй сырæзы, фæллойгæнджыты, сидзæрты бирæ хъизæмæрттæй йемыдзаг кæй вæййы æмæ уыцы – иу рæстæг сабийы мидбылхудтæй арæзт куы ’рцæуы, уæд та адæймагæн цин кæй хæссы («æддæмæ дзы зындзæни мæйтæ, хуртæ») – цыбыр дзырдæй, сфæлдыстадон куыст уæззау æмæ вазыгджын кæй у, аивады мæсыгæн йæ мидæг йæ саразæджы зæрдæйы «судзгæ зынг» кæй вæййы, уыцы хъуыды Алихан равдыста иттæг дæсны. Сразы уæвæн нæй Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Хæдарцаты Азæйы ныхæстыл: «Цыкурайы фæрдыг» æмæ «Алыхуызон мæсыг» сты сонеты формæйы фыст. Уыдоны, уæлдайдæр дыккаджы, нæй бæлвырд хъуыды, фæлæ уæддæр поэт адæмы уæззау уавæртыл кæй тыхсы, уый бæрæг у» (Ирон литературæ. Ахуыргæнæн чиныг 9 – 10 кълæстæн, 1973. Чиныгуадзæн «Ир», 37 ф.).

Раст нæу, Алиханы сонетты бæлвырд хъуыдытæ нæй, зæгъгæ, уыцы ныхас. Поэт йæ хъуыды бынтон гомгæрцц куы ныккæна, йæ дзуринаг бынтон куы баууила, уæд дзы ад нал вæййы. Алихан хъуыды райсы йæ тæккæ къуыпа æфтаугæйæ, йæ билцъ уадзын афон, йæ дарддæры рæзт та бакæны чиныгкæсæджы бар. Брюсовы загъдау, алы хъуыдыйæн дæр ис рæзты процесс – йæ райгуырдæй йе сцæттæйы онг. Æмæ йæ иутæ «цъæхæй» райсынц, иннæтæ та «æгæр рæгъæдæй». Алихан дæр йæ хъуыдытæ гæххæтмæ хаста, бынтон-иу нæма сцæттæ сты, афтæмæй. Ахæм зондыл хæст уыд Уитмен дæр. Чиныгкæсæг, дам, хъуамæ кæддæриддæр йæхимæ райса, куыстæй йæм цы хæс хауы, уый. Æз мæхи хæс куыд æххæст кæнын, хъуамæ, дам, æй уый  дæр афтæ æххæст кæна. Мæн, дам, фæфæнды чиныгкæсæджы мæ хъуыдыйы атмосферæмæ æрбахонын, цæмæй уый уырдыгæй йæхæдæг стæха.

* * *

Поэты уацмыстæй арæх райхъуысы æрхæндæг мыртæ, хъарæджы хуызæн зæрдæуынгæггæнæг мелоди. Уый йын йæ цæстмæ дардтой литературæйы историктæй иуæй-иутæ, йæ уацмысты, дам, зыны æнкъарддзинад, пессимизм. Æцæгдæр, Алиханы æмдзæвгæтæй бирæты иуæй иннæ æвирхъаудæр нывтæ кæрæдзи ивынц:

 

«Дымгæ футтытæ кæны –

Бапыхцыл дæ рихи…

Цæссыг, сау цæссыг кæлы.

Сау зæрдæ фæдих и.

Хъæр кæнын дæумæ, кæнын

Туджы малы цадæй.

Малы мардыл æз кæлын,

Бахъæрзын æнцадæй».

(«Куырмыты хуыцау»)

«Рæстдзинадæн йæ цæст зыд

                            сынтытæ

                                            хæрынц.

Æмбийы Зонд, ысси бынтон

къуыдыркæлм.

Нæ бартæ! Бартæ цыртыл сау ызгæ

кæнынц.

Мæрдон ысмаг сыл сæвæрдта

                            фыдрын

                                            фæлм».

(«Талынджы ауыгъд»)

 

«Хурмæ ниуы зæрдæ-иунæг,

Хуры нал уынын æппын…

Уæ, мæ зæрдæ, зынтæ фидæг,

Чи дын зоны, чи дæ зын?»

(«Кувын дурæн мæн нæ фæнды…»)

 

Автор ныхас кæны «куырмыты хуыцауимæ». «Куырмыты» уымæн, æмæ йæм чи кувы, уыдон «адæм нал ысты – цъыфы бахуыссынц мæрдхуыстæй», сæ зонд сын æнусты дæргъы талынджы фæдардтой, бонджынтæ, тыхгæнджытæ сæ бакуырм кодтой. «Куырмыты» уымæн æмæ, поэтмæ гæсгæ, Хуыцау мæгуыр лæджы мæтæй нæ мæлы, фынæй у, йæхи ницыуынæг скодта, æфдхæрдтæм йæ чъылдым раздæхта. Уымæн ахæм дæрзæг æвзагæй дзуры поэт уæларвон тыхтимæ, «кæйдæр хуыцауимæ»:

 

Зæрдæ, зæрдæ дæ ныссау:

Бацъынд дæ фыр «нæ»-йæ.

 

Цывирхъаудæр нывтæ кæй аразы Алихан, уый царды æцæгдзинадимæ баст у. Хуымæтæджы нæ фыста Белинский: «Страшно!.. Но поэзия есть сама действительность, и потому она должна быть неумолима и беспощадна, где дело идет о том, что есть или что бывает» (В. Белинский. Статьи о классиках. М., «Художественная литература», 1973, 282 ф.). Алиханы поэзийы æнкъард мотивты ратæдзæнтæ цы ран сты, уый раиртасынæн ма нын æххуыс кæнынц æмдзæвгæтæ «Мæ хæлар, нæ, нæ мæ хъæуы цæссыг», «Æгæрон мидбылты худт у мæ æнкъард», «Дзæнæтмæ бæлгæйæ» æмæ бирæ æндæртæ.

 

Ды зон, мæ хæлар, зон ды, зон, мæ хур:

Мæ цæссыджы – мæ уарзт.

(«Мæ хæлар, нæ, нæ мæ хъæуы цæссыг»)

Ацы рæнхъытæ фæстагæттæн сты фæдзæхсты хуызæн. Раст цыма поэт пехуымпарау хатыдта, йæ байзæддæгтæй йыл чидæртæ пессимизмы гакк æвæрдзысты, уый. «Мæ цæссыг – худгæ сусæг цин», «Мæ хъарæг у æнæрынцойæ заргæ, у арвы тыны рыг мæ уд», – зæгъы Алихан йæ иннæ æмдзæвгæ «Æгæрон мидбылты худт у мæ æнкъард»-ы.

Стыр поэттæ митсæр хæхты цъуппытау сты: кæрæдзи хуыздæр æмбарынц, сæ хъысмæт, сæ уаг, сæ миниуджытæ æнгæс вæййынц. Дæлдзæхы сæ уидæгтæ, сæ бындзæфхæдтæ иннæ хæхтæй – арфдæр. Уымæ гæсгæ зæххы «ад» хуыздæр æнкъарынц. Уæлæрвты та сæ урс бæрзæндтæн иумæйаг у «хуры уæлдæф» (Алиханы ныхас).

Кæддæр поэт ахæм рæнхъытæ ныффыста:

 

Мæ мæсты хуры тынтæй у фæтæн кард,

Цæвын мæ уарзтæй у мæ дин.

Хæцгæйæ ме ’взаг мастæй дзаг у, маргæй,

Мæ марг у дидинæджы мыд.

(«Æгæрон мидбылты худт у мæ æнкъард…»)

 

Фæстæдæр Гарсиа Лоркæ та Пабло Нерудæйы тыххæй афтæ загъта: «Когда он хочет карать и поднимает меч, меж пальцев его руки вдруг оказывается раненый голубь» (Федерико Гарсиа Лорка. Об искусстве. М., «Искусство», 1971, 226 ф.).

Рацыди та дзæвгар рæстæг, æмæ уырыссаг поэт Булат Окуджавæмæ райгуырд ахæм рæнхъытæ:

 

Сто раз я нажимал курок винтовки,

а вылетали только соловьи.

 

Æнахуыр тугхæстæгдзинад! Растдæр зæгъгæйæ та – удхæстæгдзинад! Фæйнæ-фæйнæ материктыл чи цæры, се ’хсæн æнæкæрон быдыртæ, хæхтæ, океантæ кæмæн ис, бынтон алыхуызон æвзæгтыл чи дзуры, уыцы поэтты барвад кодта иу хъуыды, иу бæллиц, иу фарны дуне – Поэзи.

Цы æмдзæвгæтыл дзырдтам, уыдонæй бæрæг у: Алиханы æнкъард мотивтæн сæ бындуры уарзт ис. Уарзт поэты уацмысты ахъардта, уалдзыгон фæлмæн къæвда саумæры куыд ахъары, афтæ. Уарзт мидæгæй срухс кодта Алиханы поэзи, æрдзы фæлдисондты хуыз равдыста ирддæрæй, сæ сусæгтæ сын раргом кодта.

Алиханы дунеуынынад æввахс лæууыд Алыксандр Блокы зондахаст æмæ хъуыдытæм. «Оптимизм – вообще, – фыста Блок, – несложное и небогатое миросозерцание, обыкновенно исключающее возможность заглянуть на мир как на целое.

Его обыкновенное оправдание перед людьми и перед самим собою в том, что он противоположен пессимизму; но он никогда не совпадает также с трагическим миросозерцанием, которое одно способно дать ключ к пониманию сложности мира» (А. Блок. Искусство и революция. М., «Современник», 1979, 299 ф.).

Блок трагикон дунеуынынад кæй хоны, уый хицæн кæны оптимизмæй дæр æмæ пессимизмæй дæр. Павел Антокольский куыд зæгъы, афтæмæй Блокы дунеуынынад, фыццаджы-фыццаг, уыди диалектикон, царды ныхмæвæрд тыхтæ, конфликттæ поэт уыдта æмæ сæ ныв кодта раст.

Поэзи цардхъомæй æнусты сæрты кæй ахизы, йæ фарн мæрдтæм кæй нæ цæуы, уымæн, æвæццæгæн, йæ сæйраг сусæгдзинад у, ахæм диалектикон фидар уидæгтæй кæй сырæзы, уый.

* * *

Адæймаджы æгадгæнæг фыдцард цæмæй сæфт æрцæуа æмæ йæ бынаты ног дуне сырæза, уый сæрвæлтау бавзарын æмбæлы цыфыддæр хъизæмæрттæ – ахæм хъуыды ис Алиханы æмдзæвгæ «Дзæнæтмæ бæлгæйæ»-йы. Фидæныл фидарæй æууæндгæйæ, рухсдæр дунетæм бæлгæйæ лирикон герой цæттæ у тухиты уаргъ хæссыныл, «уарзы зындон», судзы йæ арты. Зындон (ома, Алихан йæхæдæг цы «æбуалгъ рæстæджы» цард, уый) æмæ дзæнæт (гармонион дунейы символ) æвæрд æрцыдысты ныхæй-ныхмæ. Ацы диалектикон мадзал та ногæй стыр хорзы бацыд Алиханæн – цардхъомдæрæй, ирддæрæй æвдисы адæймаджы бæллиц, уды монцтæн сæ уидæгтæ æнæмæлгæ кæй сты, уый.


ТОКАТЫ АЛИХАНЫ ТЫХХÆЙ МЫСИНÆГТÆ

Мæхъиты Верæ, Токаты Алиханы уарзон чызг: «Алиханимæ ма сæмбæлдыстæм 1920 азы. Кæцы мæй, уый нал хъуыды кæнын, уалдзæджы кæрон уыд, æнхъæлдæн. Епархиалон училищей хæдзары ахуыргæнджытæн сарæзтой конференци. Уырдæм мæм æрбацыд. Йæ уæлæ – фæныкхуыз цухъхъа. Парчы иуцасдæр абадтыстæм. Алихан нæфæразгæ уыд, йæ температурæ уæлæмæ схызти. Загъта, мæ бинонтæ, дам, тифæй сæйынц, хостæ сын райстон æмæ хохмæ цæуын. Æз æй урæдтон, уыцы хуызæнæй, зæгъын, куыд цæуыс, рынчындоны дæхи фенын кæн, æрхуысс дзы, æмæ дæм дохтыртæ фæкæсой. Æз, зæгъын, дæ уæлхъус уыдзынæн иудадзыг. Уый мын афтæ, мæ бинонтæ, дам, рынчын, æз та мæхи уды кой кæнон?

Уый уыди нæ фæстаг фембæлд. Алиханы марды хабар мын мæ зæрдæйы уидæгтæ сæнкъуысын кодта. Дыууиссæдз боны мæ сæрæй мæ сау сæрбæттæн нал систон. Сау цæмæн дардтон, уый мæхи йеддæмæ ничи зыдта, ай-гъай.


Раст нæ зæгъы Ардасенты Хадзыбатыр ацы æмдзæвгæйы тыххæй йæ «Очерк развития осетинской литературы»-йы (Орджоникидзе, 1959): «Но поэтическое восприятие окружающего мира А. Токаевым противоречиво, внутренний мир его лирического героя часто раздваивается… Противоречивость восприятия лирическим героем внешнего мира характеризует и другие стихотворения А. Токаева («Холод бросаю я в сердце», «Подснежник»).

Æрдзы, æхсæнады æмæ адæймаджы зондахасты, зæрдæйы цы ныхмæвæрд тыхтæ ис, уыдоны иудадзыг тохы руаджы рауайы змæлд, рæзт. Уыцы фæткимæ баст у сфæлдыстадон куысты процесс дæр. Уый бæлвырдæй зыны дунеон литературæйы. Аивадон уацмысы канд архайджытæ не ’рцæуынц æвæрд кæрæдзийы ныхмæ. Хицæн адæймагæн йæхимидæг цы миниуджытæ, цы митæ æмæ лыстæг фæзилæнтæ вæййы, уыдон контрастон хуызы равдисгæйæ нывгæнæг сфæлдисы вазыгджын характер. Исты цау, исты хъуыды æргом кæнгæйæ кæнæ суанг æрдзы нывтæ аразгæйæ дæр поэт хатгай ахизы логикæйы сæрты дæр. Николай Асеев ацы хъуыддагыл дзургæйæ æрымысыди, Пушкины «Полтавæ»-йы Петры æддаг бакаст куыд æвдыст цæуы, уый:

 

…Его глаза

Сияют. Лик его ужасен.

Движенья быстры. Он прекрасен.

 

«Как логически объяснить это противоречие: прекрасен, несмотря на то что ужасен? – фæрсы Асеев. Æмæ йæ фарстæн йæхæдæг дæтты дзуапп: – Но именно в единстве этого противоположения возникает грозный и вдохновенный облик Петра» (Н. Асеев. Зачем и кому нужна поэзия. М., 1961, 29 – 30 ф.).

Поэзийы ацы ахсджиаг миниуæг, ома, фæлгонцтæ, нывтæ, характертæ, аивадон мадзæлттæ ныхмæвæрд тыхты хъæбысхæсты бындурыл аразын кæрæй-кæронмæ зыны Алиханы сфæлдыстадыл. Йæ уацмысты арæх æмбæлæм дзырд «марг»-ыл. Уыцы дзырдæн цы нысаниуæг ис, уый алчи дæр зоны: адæм дзы фылдæр хатт пайда кæнынц æппæрццæг миниуæг æвдисгæйæ. Алиханы æмдзæвгæты «марг» канд зианхæссæг нæу, фæлæ хæрзгæнæг, рухсдæттæг дæр. Марг ауагъди зæрдæйыл, æмæ зæрдæ пиллон скалдта, судзы, баци æвзалы. Марг зæрдæйæн фæахъаз, расыгъдæг æй кодта, æмæ ныр зæрдæ «цæхæр сыгъдæй рухс дæтты». Цæмæй адæймаг исты стыр хъуыддагыл фæцалх уа, цæмæй йын царды исты бантыса, уый тыххæй йæ хатгай фæхъæуы маргæй фæлварын дæр (ацы ран та марг дæр символикон хъуыды хæссы) – хъуамæ бавзара маст, хъыг, хъизæмар…

Афтæ Алиханы поэтикон дунейы иу æууæлы-миниуæджы ныхмæ æвæрд æрцæуы иннæ æууæл, иннæ миниуæг, стæй куыдфæстæмæ уыцы æууæлтæ, миниуджытæ рахизынц бынтон æндæр уавæртæм, райсынц ног хуыз, ног уаг. Уымæн æппæтæй хуыздæр æвдисæн у, Хадзыбатыр «противоречивость восприятия лирическим героем внешнего мира» кæм ссардта, уыцы æмдзæвгæ – «Малусæг». Фыццаг строфайы бæлвырд æмæ фæлмæн (кæд афтæ зæгъæн ис, уæд) ахорæнтæй лæвæрд цæуынц уалдзæджы фыццаг миниуджытæ. Нырмæ йæхæдæг нæма зыны, æрмæст æнкъарæм, кæмдæр æввахс рæтты йе ’ндæрг хъуызæгау, тæрсгæ-ризгæйæ куыд цæуы, уый. Раздæр уал «сусæгæй æрулæфыд зæхмæ», стæй «фæлмæн тæф ацыди зæххæй дæлдзæхмæ», фæлæ ма уæддæр уæлдæф уазал уыд. Уалдзæгæн нæм хъуысынц æрмæст йæ мыртæ, йæ комытæфы змæлд, ома, æмдзæвгæйы рæнхъытæ, фыццаджы-фыццаг, эстетикон æхцондзинад хæссынц хъустæн, зæрдæйæн. Дарддæр уалдзæгæн уынæм йæхи, йе ’рбалæуд фæбæрæг æрдзыл. Дыккаг строфайы фыццаг дыууæ рæнхъы сæйраджыдæр сты цæстытæн æмæ зæрдæйæн:

 

Быдыр цæгæр сæрау хъулон фæдардта,

Ранæй-ран урсæй лæууыди ма мит.

 

Куыд уынæм, афтæмæй автор дзырдтыл тынг ауæрды. Уый хыгъд алы дзырд дæр сæмбæлы йæ нысаныл, уымæн æмæ уды тавсæй, æнкъарæнты рухсæй сты царддых, фидауцджын, рæстдзæвин. Æмдзæвгæйы цы мидызмæлд, æнæзынгæ хъуырдухæн ис, уый та гуыры, раздæр кæй кой кодтон, уыцы алыхуызон тыхты тох æмæ иудзинадæй. Рæзы архайд, ивынц уавæртæ, æууæлтæ, нывтæ. Боныфæстагмæ разынд, æмдзæвгæ кæй тыххæй фыст у, уыцы дидинæг дæр:

 

Малусæг митæй йæ буц сæр ысдардта,

Малусæг фехъуыста уалдзæджы ’хситт.

 

Поэт не ’вдисы, уыцы къаннæг æнæн-тыст дидинæг æмæ йæ ныхмæлæууæг тыхты æнæбафидаугæ тохы процесс, фæлæ кадавар æмæ ахадгæ ахорæнтæй цы контрастон ныв сарæзта, уымæй бæрæг у; малусæгæн æнцон нæ уыд, уæлдайдæр «буц» уæвгæйæ. «Буц» – иттæг бæлвырд æмæ ахадгæ эпитет. Уый руаджы дидинæджы уынæм лæмæгъ æмæ тыхджынæй. Буц уæвгæйæ уагæры цас æмæ цас хъару бахъуыди малусæджы, цæмæй йæ бирæ зынтæн бафæрæзтаид, фæуæлахиз уыдаид!

 

Малусæг митæй нæ тарсти, нæ сыди,

Уазалы митимæ тарф уый хæцыд.

Уалдзæджы цинæй-иу бонгай рæзыди,

Хъалæй, фырбуцæй уый Рухсмæ фæцыд.

 

Уалдзæджы фыццаг дидинæджы бæллиц ахæм цардбæллон, æнæсæттон уымæн разынд, æмæ йын Уалдзæг, Хур æмæ Рухс æнæкæрон зынаргъ кæй уыдысты, уыдон феныны монцæй кæй царди, кæй сыгъди. Уæвгæ йын цард дæр уыдон радтой. Удуæлдай тох кæнын бахъуыди канд «дæлдзæхы» нæ, фæлæ, Рухс куы федта, Уалдзæджы цинæй куы рæзыди, уæд дæр. Æмæ цыфыддæр уавæрты дæр бахъахъхъæдта йæ сæрыстыр, буц удыхъæд («хъалæй, фырбуцæй уый Рухсмæ фæцыд»). Ахæм у поэты идеал – Малусæг – Хъаруйы, Æхсары, Æфсармы, Фидауцы символ.

Æмдзæвгæйы фæстаг строфайы фыццаг рæнхъ у рефрен – дыккаг строфайы æртыккаг рæнхъ гæзæмæ фендæрхуызонгондæй. Уый дæр хуымæтæджы нæу: карз тохы фæстæ цыбыр улæфты рæстæг куыд ралæууы, фæллад æфсæддон йæ риуыдзаг куыд ныуулæфы, уый хуызæн мæм кæсы. Чиныгкæсæг дæр æхсызгон улæфт скæны, Малусæджы амондыл бацин кæны зæрдæбынæй, уæдæ ныр Рухсы цæрдзæни, зæгъгæ. Фæлæ… Алиханы размæ дæр æмæ йæ фæстæ дæр бирæ автортæ фыстой малусæджы тыххæй, уыдонимæ – мæхæдæг дæр. Æмæ цыма ныхас бакодтой, уыйау-иу сæ уацмыстæ фесты ахæм «амондджын» кæронæй. Алихан хорз æмбæрста, цард вазыгджындæр, æгъатырдæр кæй у, фылдæр хатт, махæн нæхи куыд фæфæнды, афтæ кæй нæ рауайы. Уымæ гæсгæ йе ’мдзæвгæйæн сарæзта æндæр кæрон, царды рæстдзинадæй чи гуыры, ахæм:

 

Малусæг Рухсы йæ мæлæт ыссардта –

Хурæй мæлы.

 

Æмдзæвгæйы иу мæнг фæзилæн, иу фæдфæливæн дæр нæй, малусæджы цард йæ равзæрдæй йæ амæлæты онг æвдыст цæуы, æцæгæй куыддæриддæр вæййы, афтæ: райгуыры миты хъæпæнты ’хсæн Уалдзæгмæ, Хурмæ бæлгæйæ, стæй, кæмæ фæбæллы, уыцы Хуры хъарммæ йæ мæлæт ссары. Уый у фæтк. Æмæ æрмæст уыцы фæтк дæр поэтæн бар дæтты аивадон уацмыс сфæлдисынæн. Фæлæ Алиханы æмдзæвгæ афтæ тынг уымæн ахады, æмæ уыцы фæтк дунейы бирæ æндæр фæзындтимæ, адæймаджы хъысмæтимæ æнæзынгæ æндæхтæй баст кæй у. Райсæм уарзт. Алы адæймаг дæр æм фæбæллы йе ’взонджы бонты. Иуахæмы уый дæр æнæнхъæлæджы ныххойы зæрдæйы дуар. Адæймаг æррайау свæййы, афтæ тынг кæмæ фæбæллы, уыцы уарзты уацары батайы, баруайы, хаттæй-хатт суанг адзалы къахыл дæр ныллæууы уарзон адæймаджы, уарзты сæрвæлтау.

Адæймагæн йæ уарзт свæййы, йæ мæлæт кæмæй ссары, уыцы Хур. Кæнæ райсæм поэзи, аивад. Нывгæнæг фæсудзы, йæ уд суæлдай кæны аивадæн. «Æнæ сæрнывонд» (Къостайы ныхас) дзы æнтыстмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Æнæбары мæ зæрдыл æрбалæууыди Пастернакы æмдзæвгæйы рæнхъ дæр: «Цель творчества – самоотдача». Поэт, нывгæнæг батайы, басудзы, а дунейыл ын æппæтæй зынаргъдæр чи у, уыцы Хуры – Поэзийы цæхæры. Фыдæй-фыртмæ афтæ уыд ахуырады дæр, æхсæны царды дæр. Уымæн æвдисæн – номдзыд революционерты, ахуыргæндты хъысмæт. Уымæн æвдисæн – Алиханæн йæхи хъысмæт дæр: авд æмæ ссæдзаздзыдæй басыгъди ног царды сæрыл тохы, басыгъди Поэзийы цырен арты. Революци æмæ Поэзи уыдысты йæ «адджын марг», йæ «царды хос», йæ «алыхуызон мæсыгæй» цы мæйтæ, хуртæ зыны, уыдон.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, Екклесиасты чиныджы цы фыст ис, уый дæр: «Растзæрдæ байсæфы йæ рæстдзинадæй, мæнгард тæригъæдджын та бирæ фæцæры мæнгардæй, тæригъæдджынæй» (Екклесиаст, 7:15).

Мæ уацтæй иуы кодтон персаг поэт Фарид Эд-Дины æмдзæвгæйы кой. Æртæ гæлæбуйы ауыдтой сойын цырагъ æмæ сæ æрфæндыд, арт циу, уый базонын. Сæ иу батахт арты цурмæ, фæстæмæ раздæхт æмæ загъта: рухс дзы кæлы. Иннæ ноджы хæстæгдæр батахт артмæ, йæ базыр дзы ацарыдта, раздæхт æмæ загъта: судзгæ кæны. Æртыккаг æм бынтон хæстæг батахти, бахауди дзы æмæ басыгъд. Æххæстæй базыдта, арт циу, уый, фæлæ, цы федта, уый мæрдтæм ахаста, йе ’мбал гæлæбутæ нал базондзысты арты сусæгдзинад. («Курьер Юнеско», 1989, ноябрь, 57 ф.).

Афтæ у поэты хабар дæр – йæ сусæгтæ йын кæронмæ райхалын нæ бон нæу.

ХЪОДЗАТЫ Æхсар (1937–2021),  Цæгат Ирыстоны адæмон поэт