12 декабря 2024

«НАРТÆ СÆ ДЗУРД НÆ САЙДТОНЦÆ…»

13.05.2023 | 10:45

ДЗАНАЙТИ Азанбеги конд хузæ

Зундгонд куд æй, уотемæй нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой Указæй аци анз Цæгат Иристони нимад цæуй Нартиади Анзбæл. Еци ахсгиаг гъуддаг хузæнонæй райаразунæн арæзт æрцудæй сæрмагонд разамунддæттæг къуар, æ сæргъи нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Туйгъанти Ларисæ, уотемæй.

Æрæги еци къуарæн ци æмбурд адтæй, уоми ’ркастæнцæ Нартиади Анзмæ гæсгæ нисангонд мадзæлттæ æма уони æнхæст кæнуни хæццæ баст фарстатæмæ.

Æдеугурæй нисангонд цæуй исаразун сæдæ дзиллон мадзалемæй фулдæр – армукъатæ, концерттæ, равдиститæ, конкурстæ, тематикон изæртæ…

Дзæуæгигъæуи Туйгъанти Махарбеги номбæл аййевадон музейи ка ’рбунæттон æй, еци агъазиау равдист «Хори цæуæт» нимад æй медесгундæр культурон цаутæй еуебæл.

Музейи фондти экспонаттæй уæлдай ами фæууинæн ес Цæгат Иристони Национ æма Театралон аййевади музейтæй хъазар дзаумæуттæ, хузтæ, æстæн киунугутæ æма æндæр экспонаттæ.

Равдист «Хори цæуæт» ардæмæ æрбацæуæг адæми зонгæ кæнуй Нарти кадæнгитæ устур бунат ке ’сфæлдистади ахæссунцæ, еци хузæгæнгути аййевади хæццæ. Уомæй уæлдай ма равдисти фæууинæн ес къонай сæрмæ ауиндзгæ рæхистæ, тæбæгътæ æма нæ адæми национ фæлусти хæйттæ.

– Нарти кадæнгитæ ’вдесунцæ нæ адæми медесгун æгъдæуттæ æма культурæ,– баханхæ кодта æ радзубандий Туйгъанти Ларисæ. – Нæ ихæс æй нæ национ уодварни хæзнати хæццæ ирæзгæ фæлтæрти базонгæ кæнун, нæ абони цардарæзти сæ иснæуæг кæнун æма сæ багъæуай кæнун. Нартиади Анзи фæрци нин ес нæ агъазиау культурон хæзнатæ  равдесуни фадуат, уомæ гæсгæ ба нæ сæйраг ихæс æй еугур нисангонд дзиллон мадзæлттæ дæр тæккæ хуæздæр хузи банхæст кæнун.

Нарти цардиуагæ æма æгъдæутти туххæй нæмæ ци зундгин æмбесæндтæ æрбахъæрттæй, уонæй еу адтæй мæнæ ауæхæн: «Нартæ сæ дзурд нæ сайдтонцæ!..» Уой имисгæ ба уомæ гæсгæ ракодтан, æма мах дæр Нарти Анзи фæдбæл ци мадзæлттæ нисангонд æрцудæй, уонæй нæ дзурд ма фæссайæн æма сæ тæккæ федауцæдæр хузи æнхæстæй гъæуама исаразæн.

Нæ уацхæссæг.