НИФСГУНÆН Æ ИСОНИБОН – ЗÆРДÆМÆДЗÆУГÆДÆР!..
Сахар Пятигорски æ куст райдæдта Еугуруæрæсеуон фæсевæдон форум «Машук-2022». Уæрæсей алли регионтæй си архайунцæ дууæ мин адæймагемæй фулдæр. Донецкаг æма Луганскаг Адæмон Республикити фæсевæдæн дæр си равгæ фæцæй сæ архæстдзийнæдтæ равдесунæн. Форуми кадгин иуазгутæ иссæнцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Стъараполи крайи губернатор Владимир Владимиров, Паддзахадон Думи депутаттæ Ольгæ Тимофеева æма Еленæ Бондаренко, Цæгат Кавкази федералон зилди хецауадон къабæзти бæрнон косгутæ. Форум цитгин уавæри байгон кæнуни размæ иуазгутæн искодтонцæ зонгæгæнæн экскурси: фæууидтонцæ тематикон фæзтæ, цæгаткавказаг республикити цатæртæ. Форуми туххæй æрмæг кæсетæ 8-аг фарсбæл.
Сергей Меняйло сæрмагондæй фембалдæй Цæгат Иристони делегаций иуонгти хæццæ. Се ‘мхецдзийнадæ рауадæй фарстатæ-дзуæппити хузи. Республики Сæргълæууæг куд загъта, уотемæй форуммæ е ‘рбацуди сæйрагдæр нисанеуæг æй, нæ республикæй си ци фæсевæд архайуй, уони фарсмæ балæуун, фæннифсгун æма сæ фæрразæнгарддæр кæнун. Сæ хæццæ дзубанди кæнгæй, загъта:
– Хъæбæр сахъ фæсевæд айтæ. Æма æндиуддæрæй тундзетæ, ци нисан кæнетæ æма цæмæ бæллетæ, цæмæй етæ уæ къохи бафтуйуонцæ. Баруагæс уи уæд, цæйбæрцæбæл нифсгундæр уайтæ, уойбæрцæбæл уин фулдæр бантæсдзæнæй.
Сергей Меняйло ма радзубанди кодта форум байгон кæнуни фæдбæл цитгин мадзали дæр:
– Хъæбæр æхцæуæн мин æй, æгайтима абони ами æрæмбурд æнцæ размæцуд æма цæхæрзæрдæ лæхъуæнтæ æма кизгуттæ. Сумахмæ кæсгæй, мæнæн мæхебæл дæр фулдæр хъаурæ ‘фтуйуй, ме ‘ригон бонтæ мæ зæрдæбæл æрлæуунцæ. Уæрæсей Президент Владимир Путин хумæтæги нæ загъта:«Мах тухгин ан нæ сæрмагонд хецæндзийнадæй!..» Æма нæ еци уодиконд ба ‘й нæ гъæздуг истори, не ‘гъдæуттæ æма фæткитæй. Исонибон æй нури размæ идарддæргонд. Нæ нури æцæгдзийнадæ ба сумах айтæ, нæ фæсевæд. Сумах абони айтæ нæ бæсти размæцудбæл архайгутæ æма ‘й размæ, зæрдæмæдзæугæдæр исонибонмæ кæнетæ. Æма сумахмæ кæсгæй, сумах арфиаг гъуддæгутæ уингæй, хъæбæр федарæй ми æруагæс кæнуй, нæ исонибон цæмæдесаг ке уодзæнæй, е.
Дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ дзоргæй, Сергей Меняйло куд фегъосун кодта, уотемæй «Машук»-и фиццаг хатт исæмбалдæй, æ зæрдæмæ фæццудæй.
– Ауæхæн рауæн райгурунцæ аллихузон дессаг, цæмæйдæрти ба æнахур æма деси æфтауæг гъудитæ, нисантæ. Уонæмæ лæмбунæг æркæсгæй, се ‘хсæн æнæмæнгæ разиндзæнæй æхсæнадæн ахсгиаг ка ‘й, уæхæнттæ. Мах, хестæр фæлтæртæ, циуавæрдæр стандарттæбæл ахур ан, фæсевæд ба æндæрхузон гъуди кæнуй. Æма сæ сæхе барæ бауадзæн, кæдимайди ба нæ деси бафтауиуонцæ сæ агъазиау æргъудидзийнæдтæй.
Аци анз форум иссæй Еугуруæрæсеуон, æ сæйраг темæ æй Уæрæсей адæмти культурон бундайрадæ багъæуай кæнуни анз.
Комкоммæ уаги фиццаг кезу хуннуй «Наши открытия» рацæудзæнæй 13-20 августи. Баст уодзæнæй туризми хæццæ, алфамбулай фалдзос æма хуæрзвадуæттæ аразуни, æхсæннацион æма æхсæнкультурон рахастдзийнæдти, бархеуонти æзмæлди хæццæ. Дуккаг кезу хундзæнæй «Наши смыслы» рацæудзæнæй 20-27 августи. Æ архайгутæмæ æнгъæлмæ кæсунцæ ахурадæ æма гъомбæлади нæуæг равналæнтæ, æнæформалон ахуради къабази профессионалон æмæхсæнæдтæ.
Еума кезу ба исуодзæнæй нимæдзон, рацæудзæнæй онлайн-хузи. Амондзæнæнцæ, нимæдзон итигъдади куд косгæ ‘й, æдасдзийнади фарстатæ куд æнхæстгæнгæ ‘нцæ, уони. Аци анз Цæгат Иристонæй «Машук»-и архайдзæнæнцæ æртинсæй адæймаги. Фиццаг кезуй нæ фæсевæд гъавунцæ социалон æгъдауæй ахсгиаг фараст проекти багъæуай кæнун.
Архайгутæн нуртæккæ сæйраг æй сæ проекттæ багъæуай кæнунмæ сæхе бацæттæ кæнун. Е æнцон нæ уодзæнæй.
Цалдæр минуттемæ гъæуй, проекттæн æ ахедундзийнадæ, æ хуæдхуздзийнадæ цæй медæги ‘й, уой бавдесун. Сæ проект цæйбæрцæ парахатдæр раргом кæнонцæ, уойбæрцæ – хуæздæр.
Еци гъуддаги син гъæуама фæппайда уа еугуруæрæсеуон фæсевæдон проектти конкурси эксперттæ Евгений Гаврилов æма Юрий Купоросов форуми архайгутæн ци мастер-класс исаразтонцæ, е дæр.
Куд гъæуй аудиторий гъосдарди здæхт фæууорамун, проекти гъæуай кæнуни рæстæгмæ? Циуавæр рæдудтитæй гъæуй хе багъæуай кæнун презентаций рæстæг? Берæ адæми размæ æдæрфсгæй цæмæй дзорай, уой туххæй ци гъæуй? Аци фарстатæн «Машук»-и архайгутæ райстонцæ бæлвруд дзуæппитæ эксперттæй. Юрий Купоросови фæдзæхст адтæй:
– Багъуди кæнетæ, куддæр уæ гъос раздахайтæ, ка ‘рбацудæй кенæ ка æрбахизтæй, еци иуазæгмæ, уæд фæкъкъулумпи уодзæнæй уæ презентаци, уотæ зæгъæн ес æма æнæгъæнæ аудиторий дæр никъкъулумпи кодтайтæ. Айдагъдæр дæ темæбæл гъуди кæнæ, дæ бæлвурд финст сценаримæ ахид кæсун нæ гъæуй. Кæд уотæ рауадæй, æма фæкъкъулумпи айтæ, уæд рагъуди кæнетæ, цума хуарз ке лæдæретæ, еци темæ уе ‘мбалæн дзоретæ.
Еци фæдзæхст форуми Цæгат Иристонæй архайгутæ цæйбæрцæбæл сæ зæрдæбæл бадардзæнæнцæ æма цæйбæрцæбæл æнтæстгин уодзæнæй сæ архайд, уой туххæй ба уин фæстæдæр игъосун кæндзинан.