НИСАНТÆ ÆМА РАВГИТÆ
Уæрæсей Федераций Президент Владимир ПУТИН æма Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН Мæскуй адтæй косæг фембæлд. Æрдзурдтонцæ региони социалон-экономикон ирæзтбæл.
Цæгат Иристони разамонæг арфи дзурдтæ загъта паддзахади сæргълæууæгæн республикæмæ сæрмагонд цæстдарди туххæй æма ин радзурдта социалон-экономикон ирæзти, уæдта ин раздæри фембæлди хатдзæгтæмæ гæсгæ æ размæ ци нисантæ исæвардта, етæ куд æнхæстгонд æрцудæнцæ, уой туххæй. Уомæй уæлдай ма дзубанди цудæй регион куд агъаз кæнуй сæрмагонд æфсæддон операций гъуддаги, уобæл дæр.
Сергей Меняйло куд загъта, уотемæй промышленнон рауагъдади индекс республики, фари хæццæ рабаргæй, аци анзи авд мæйемæ фæффулдæр æй 10 проценти æма 110 процентей хæццæ Уæрæсей фæндзæймаг бунатмæ рацудæй.
Дзубанди цудæй, сæрмагондæй, гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси туххæй. Цæгат Иристони Сæргълæууæг куд загъта, уотемæй промышленнон продукци фæффулдæр æй 40 проценти, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, гъæууонхæдзарадон продукций ирæзт æй 2,5 проценти фулдæр, эксплуатацимæ лæвæрд нæуæг цæрæнуæттæ – 1,5 хатти фулдæр. Еумæйаг бюджет дæр исирæзтæй 12,3 проценти.
Фари хæццæ рабаргæй, еугур программити архайдæн ци фæрæзнитæ лæвæрд æрцудæй, уони нимæдзæ фæффулдæр æй 36 миллиард сомей уæнгæ, республикæ еугур паддзахадон программити, уони хæццæ – национ программити ке архайуй, уой фæрци.
Уæрæсей Федераций Президенти фæдзæхститæбæл дзоргæй, Беслæни аци анз кæронмæ фæууодзæнæнцæ 21 объектебæл куститæ, иннæ анз ба – 24 объектебæл, уæдта социалон-экономикон ирæзти программи фæлгæти 2024 анзи еугур мадзæлттæ дæр конд æрцæудзæнæнцæ.
– Уомæй уæлдай ма, кæд ма дæ зæрдæбæл лæууй, уæд дæ Горæтгæрон æма Мæздæги районтæн агъаз курдтонцæ. Дæ фæдзæхстмæ гæсгæ, Уæрæсей Федераций Хецауадæ уæлæнхасæн программитæмæ бахаста 45 мадзали. Сæ еу хай исæнхæст кæнунæн син æхцай фæрæзнитæ лæвæрд цæуй, фал дæргъвæтийнæ æмгъудмæ – 2028 анзмæ – баханхæ кодта Сергей Меняйло.
Хецæнæй ма Цæгат Иристони Сæргълæууæг ракурдта Владимир Путинæй, цæмæй еци куститæмæ бафтауонцæ Мæздæги райони зæнхи лæсæнти зонитæ.
– Инсæй анзей размæ конд æрцудæй экспертизæ, фал зæнхи лæсæнти мадзæлттæ фæссабурдæр æнцæ. Нур бабæй нæуæгæй уæхæн экспертизæ исаразтан æма исбæрæг кодтан – зæнхæ лæсуй. Зæгъæн, Минкъий Малгобеки гъæуæн е ’рдæг нæбал æй, фал ма уæддæр еци хæдзæртти цæрунцæ адæм, кæцитæ цæрунæн нæбал бæззунцæ. Уæхæн уавæри æй Предгорныйы гъæу дæр. Еумæ райсгæй, Мæздæги райони уæхæн уавæри æнцæ 147 хæдзари – Минкъий Малгобеки, Предгорныйы æма Хъизлари. Уоми, уæхæн программæ нæййес, уомæ гæсгæ ди кордзæнæн агъаз, уомæн æма еци хæдзæрттæ цæрунæн нæбал бæззунцæ. Æз си адтæн, фембалдтæн цæргути хæццæ, хæдзæрттæбæл æрзилдтæн, сæ уавæр син нæуæгæй исбæлвурд кодтан – адæми уордигæй ракæнун гъæуй. Мах уой туххæй дууæ анзей æмгъудмæ нæхе программæ иснисан кодтан, – загъта Сергей Меняйло.
Республики разамонæг ма радзурдта туризми туххæй арæзт мастер пълан «КАВКАЗ.РФ»-ий туххæй. Хецæнæй радзурдтонцæ федæни курорт «Мамисон»-и æма «Алания парк»-и арæзтади туххæй. Сергей Меняйлой дзубандимæ гæсгæ, «Алания парк»-и нуриуæнгæ цæттæ ’нцæ, æ дæргъæ 1700 метри кæмæн æй, уæхæн лыжитæбæл бурæн трассæ æма къанати над, исæвардонцæ си фæлгæсæн цалх, бауагътонцæ имæ рохс. Республикæ райста 30 миллиард сомемæй фулдæр æнæбюджетон инвестицитæ.
Сергей Меняйло фегъосун кодта Уæрæсей Президентæн, республики ци куст цæуй сæрмагонд æфсæддон операцийæн агъази туххæй. Баханхæ кодта, æ райдайæнæй нуриуæнгæ фæдздзурдмæ седтонтæ, бархеуонтæ æма æфсæддонтæй уæззау цæфтæ ка фæцæй, уонæн сциалон паспорттæ арæзт ке ’рцудæй. Абони уæнгæ республики ес 3000 фулдæр социалон паспорттæ, алли бийнонтæмæ дæр федаргонд æй социалон косæг.
Владимир Путин бафæдзахста аци темæмæ хъæбæр лæмбунæг цæстæй кæсун.
– Е махæн хъæбæр ахсгиаг темæ æй – бæсти дæр æма тугъди будури ка ’й, еци лæхъуæнтæн дæр, уомæ гæсгæ, уæ хуарзæнхæй, уæ цæстæ даретæ æма агъаз кæнетæ æфсæддонти бийнонтæн, – баханхæ кодта Уæрæсей Президент.
Паддзахади Сæргълæууæг ма байхæс кодта уæлдай цæстдард раздахун рæвдауæндæнттæмæ, цæмæй си, ци ’нгъезуй, уомæй фулдæр сабийтæ ма уа. Сергей Меняйло фæббæрæг кодта, республики ке исаразтонцæ рæвдауæндæнтти капиталон æгъдауæй цалцæг кæнуни программæ.