20 апреля 2024

НŒ ХЪАЗАР ŒМБŒЛТТŒ!

23.12.2020 | 10:53

Æрхæстæг кæнуй Нæуæг анз. Æма абони уæхе цæттæ кæнетæ, цæмæй еци бæрæгбон уæ бийнонтæн исуа æцæгæй игъæлдзæг æма райдзаст, уæ кæстæртæн ба – зæрдæбæлдаруйнаг. Уой хæццæ ба, федарæй ни æруагæс кæнуй, бафæнддзæнæй уæ хæстæгути, æрдхуæрдти æма зонгити зæрдитæ дæр рæсугъд арфитæй барæвдаун.
Æма уин еци гъуддаги хуарз агъазгæнæг исуодзæнæй мах газет дæр – уæ арфити финстæгутæ нæмæ æрбарвететæ æма сæ рæсугъд фæлгонцгондæй ниммухур кæндзинан, Нæуæг анзи размæ ци номер рауадзуйнаг ан, уоми. Хабæрттæ бæл-вурддæрæй базонæн ес телефонтæй:
25-22-56; 25-93-00.