11 октября 2024

ӔНОСТИ ЦӔРУЙНАГ НАМУСИ БӔНТТӔ

07.05.2022 | 15:31

Аци хабæрттæ æрцудæнцæ Устур Фидибæстон тугъди фиццаг æнзти æма æвдесунцæ 319-аг фестæгæфсæддон дивизий уæззау нæдтæ.

1941 анзи Гудерман æма Готи танкити полктæ сæхе æрцæттæ кодтонцæ Мæскумæ агъазиау нимпурстмæ. Гъе, еци зин уавæрти арæзт æрцудæй 319-аг фестæгæфсæддон дивизи. Уомæн барæгонд æрцудæй цийфæндийæй дæр знаги æмпурст бауорамун. Дууæ къуæрей тогкалæн тугъдтити дивизий тугъдонтæ усхъæй-усхъæмæ лæудтæнцæ танкити нихмæ. Агъазмæ сæмæ Скæсæнæй цудæнцæ æма цудæнцæ нæуæг æфсæддон хъауритæ. Знаги фæндитæ фæссикк æнцæ. Фал еци æхцæуæн хабар 319-аг фестæгæфсæддон дивизий тугъдонтæ нæбал базудтонцæ. Дивизи «фæццардæй» айдагъдæр 1941 анзи 19 декабрæй 1942 анзи 9 январи уæнгæ. Ци еугай тугъдонтæ ма си байзадæй, етæ æрвист æрцудæнцæ æндæр хæйттæмæ.

319-Й ФЕСТÆГÆФСÆДДОН ДИВИЗИЙ ПОЛИТХАЙАДИ ХЕЦАУ, БАТАЛЬОНИ КОМИССАР Г.И. КАШИЦЫНИ БОНУГÆЙ

«Еу гъуддагæн иронхгæнæн нæййес. Устур Фидибæстон тугъди рæстæг 319-аг фестæгæфсæддон дивизи арæзт æрцудæй æртæ хатти. Фиццаг хатт – 1941 анзи 19 декабрæй 1941 анзи январи уæнгæ, дуккаг хатт 1942 анзи 7 августæй 1942 анзи 2 декабрьмæ, æртиккаг хатт – 1953 анзи 30 сентябрæй тугъди кæронмæ.

Фиццаг хатт гъæдгинтæ ку нецæмæйбал бадзæбæхгæнæн адтæй, уæд дивизи æма полкки турусатæ рарвистонцæ Кавказмæ. Гъæуама ами равардтайуонцæ дивизийæн дуккаг цард…

Цудæй 1942 анз. Сæрди фæстаг мæйæ – август. Фиццаг Нальчикмæ, уой фæсте Дагестанмæ цудæнцæ Дон æма Кубанæй, Стъарапол æма Иристонæй, Цæцæн-Мæхъæл æма Азербайджанæй, Сомех æма Гурдзийæй 17-18 анзи дæр кæбæл нæма цудæй, уæхæн æвзонг, фал æ цард Райгурæн бæсти сæрбæлтау раттунмæ цæттæ ка адтæй, уæхæн бæгъатæр фæсевæд».

 

Г.И. КАШИЦЫНИ БОНУГÆЙ

«1942 анзи сентябри кæронмæ дивизи адтæй цæттæ знаги нихмæ истохунмæ.

… Сæйрагдæр æрлæуун гъæуй дивизий царди æртæ цауебæл – цæугæдон Сулак, сахар Орджоникидзе æма Æрæдонбæл тугъдтитæ.

Сахар Орджникидзей бунмæ тугъдтити Фæскавкази фронти 319-аг фестæг дивизий тугъдонтæ равдистонцæ агъазиау лæгдзийнадæ».

Берæтомон «1939-1945 æнзти Дуккаг уйнеуон тугъди истори»-й уой туххæй финст ес уотæ: «Знаг цудæй размæ. Æбахъæрдтæй Кавкази хуæнхрæбунтæмæ, 37-аг æфсади бон æй нæ бацæй бауорамун. Ирæфæй Чиколай уæнгæ не ’фсæддон хæйттæ кæрæдземæй фæххецæн æнцæ. Фашисттæн байгон æй над Орджоникидземæ. Цæмæй знаги æмпурст фæссикк уа, уой туххæй æфсади Цæгаттаг къуари командæкæнуйнадæ 30 декабри æхсæвæ Дигорамæ барвиста танкити бригадæ. Суадаги ба сæ размæ æрлæудтæй 58-аг æфсади фестæг дивизи. Еци мадзæлттæ знаги размæмпурст фæссабурдæр кодтонцæ».

 

БАТАЛЬОНИ КОМИССАР Г.И.КАШИЦЫНИ ФИНСТÆГ 1980 АНЗИ 4 ИЮНÆЙ

«…Хъæбæр мæ фæндуй еу гъуддаг баханхæ кæнун: нæ дивизи дуккаг хатт арæзт æрцудæй тугъди тæккæ зиндæр анз æма мæйти – 1942 анзи август-сентябри. Æ рæнгъити адтæнцæ Кавкази еугур адæмихæттити минæвæрттæ. Æма кæд Орджоникидзе багъæуай кæнунбæл тугъдтити æхе арæхстгинæй равдиста, уæд сæрустурæй зæгъæн ес: Устур Фидибæстон тугъди рæстæг нæ партий национ политикæ иссæй не ‘стур Уæлахези сæйраг цæг».

29 ДЕКАБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ СÆУМИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

Сæумæй изæрмæ не ’фсæдтæ уодуæлдайæй тох кодтонцæ знаги нихмæ Сталингради, Туапсей æма Нальчикки размæ. Нальчикки рази сурхæфсæддонти багъудæй знагæн карз нихкъуæрд раттун.

 

29 ДЕКАБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ ИЗÆРИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

Нальчикки размæ цудæнцæ тогкалæн тугъдтитæ. Не ’фсæдтæ знагæн никкодтонцæ цалдæр хъаурæгин цæфи. Фашисттæй фæгъгъудæй берæ адæм æма техникæ.

***

Кавкази хуæнхрæбунтæмæ æрбахъæрдтæй Клейсти танкити æфсад. 37-аг æфсадæн æ нихмæ æрлæуун æ бон нæ бацæй, нæ имæ танкитæ адтæй нæ – хуæдтæхгутæ. Дехтæ æма пурхитæй цудæй Скæсæнæрдæмæ. Дууæ-æртæ боней фæсте Орджоникидзе ке байахæсдзæнæй, уобæл нæ гурусхæ кодта знаг.

Еци рæстæг знаги нихмæ гæлст æрцудæй 52-аг танкити бригадæ æма 319-аг фестæг дивизи (58-аг æфсадæй). Дивизийæн ихæсгонд æрцудæй 32 километрей дæргъæн фронт – Æрæдонæй Алагири уæнгæ – багъæуай кæнун. Еци бадзурд дивизи райста 28 октябри æхсæвæ Уæд ма Дагестани адтæй – баргонд бунатæй 200-220 километри уоддæр. Знаги ба ма имæ гъудæй 35-40 километри. Æма бабæй, 41 анзи Мæскуй бунмæ бардзурди хузæн райгъустæй нæуæг бардзурд: «Цийфæндийæй дæр знаги размæцуд æртæ-цуппар бони бакъулумпи кæнун».

 

30 ОКТЯБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ ИЗÆРИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

Нальчикки размæ не ’фсæдтæ тухтонцæ размæмпурсæг знаги танкити æма фестæгæфсæддонти нихмæ. Еу рауæн знагæн бантæстæй не ’фсæддон хæйтти фæстæмæ рагæлдзун.

 

30 ОКТЯБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ ИЗÆРИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

Нальчикки размæ не ’фсæддон хæйттæ тох кодтонцæ знаги танкитæ æма фестæгæфсæддонти нихмæ… Изæрмæ хæстæг, знаги тухтæ фулдæр ке адтæнцæ, уой туххæй не ’фсæддон хæйтти багъудæй нæуæг хецæн бунæттæмæ рацæун.

***

29 декабри амунд бунатмæ фиццаг бахъæрдтæнцæ майор Соколови 1014-аг артполкки артиллеристтæ. Етæ гъæуама æрбунат кодтайуонцæ Æрæдони цæгатварс. Гъуама син агъаз кодтайдæ 1336-аг фестæг полк…

 

1014-АГ АРТПОЛККИ ÆФСÆДДОН Н.Г.ШИНКАРЕВИ ФИНСТÆГÆЙ.

1983 АНЗИ 9 ДЕКАБРЬ. НАЛЬЧИК

«… Полкки командир майор Соколов кастæй дивизиони фæлгæсæн пунктæй. Е рахаста унаффæ: танкитæ гæнæн æма амалæй æрбауадзун гъæуй хæстæгдæр. Хуарз лæдæрдтæй, уотæ ку нæ бакодтайдæ, идардмæ æхсун ку райдæдтайанæ, уæд ке неци рамулдтайанæ, уой. Фиццаг ниццавтан танкити фæскъилдум – знаги фестæгæфсæддонти, уой фæсте тогуарæн никкодта танкитæбæл дæр. Сахат æма æрдæги фæсте нецибал зиндтæй, айдагъдæр ругæ æма хъуæци бунæй игъустæй уæззау моторти гъæр æма нæмгути æскъот.

Фæссикк æй знаги фиццаг нимпурст. 31 танки содзгæй байзадæнцæ итигъд будури. Уой фæсте махбæл, уæдтæ нæ синхаг æртиккаг дивизионбæл æрбаскъардтонцæ хуæдтæхгутæ. Уæдмæ ба нæбæл Алагири ’рдигæй æрбагулф кодта танкити нæуæг уолæн. Еуæндæс ба си содзгæй байзадæнцæ, иннетæ нартихуари хуми ранигъулдæнцæ.

…Нæ дзармадзантæ æнæгъæнæ бонæ сæ нæрунæй нæ банцадæнцæ. Знаги хуæдтæхгутæ нæ еугæндзон тухсун кодтонцæ. Уотæ фæцæй 1942 анзи 30 октябрь. 31 октябри сæумæраги нæ тохæн бунæттæ раййивтан.

 

31 ОКТЯБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ ИЗÆРИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

Нальчикки размæ советон æфсæдтæ уодуæлдайæй тохунцæ знаги нихмæ.

***

Еци бон Орджоникидземæ æрбацудæй 1344-аг фестæг полк дæр. Е гъæуама гъæуай кодтайдæ Æрæдони дони скæсæйнаг билгæрон. Сæ хæцæ адтæй дивизий штаби оперативон къуар, æ сæргъи дивизий командир Монахов, уотемæй. Нурма неке зудта аци полкки æфсæддонтæмæ ци зиндзийнæдтæ æнгъæлмæ кæсуй, уой. Изæрмæ полк бахъæрдтæй нисангонд бунатмæ.

 

1344-АГ ФЕСТÆГÆФСÆДДОН ПОЛККИ КОМАНДИР И.Ф. ВОЛКОВИ ИМИСУЙНÆГТÆЙ

«… Алагирмæ ци фæдсгаргутæ рарвистан, етæ фегъосун кодтонцæ, зæгъгæ, сахари не ’фсæддон хæйттæй неке ес, неке ‘й гъæуай кæнуй. Æз деси бацудтæн. Раздæр ци игъосункæнуйнаг райстон, уоми загъд адтæй, зæгъгæ, нæ разæй архайунцæ 37-аг æфсади хæйттæ. Аци хабарбæл бадес кодта дивизий командир Монахов дæр.

… Не ’фсæддонтæ знаги бомбитæ нецæмæ даргæй къахтонцæ акъоппитæ».

***

Æнæгъæнæ бон знаги хуæдтæхгутæ бомбитæ калдтонцæ 1336-аг фестæг полкки тугъдонтæбæл Кировигъæуæй Нартигъæуи ‘хсæн. Æрæдонмæ бацæуæни фæззиндтæй знаги 23-аг танкити дивизи. Æ нихмæ исхуæстæй 1014-аг дзармадзантæйæхсæг дивизион. Батарейи хестæр – æригон хестæр лейтанант Илья Гуменный æрцудæй еу раст гъудимæ: дзармадзантæ разелун гъæуй танкити тæккæ нихмæ, 50 æфсæн танки. Сæ нихмæ ба – фæллад, стонг æфсæддонти къуар. Еци тохи фашистти танкитæй 20 байзадæнцæ тугъди будури содзгæй.

Изæрмæ знаг байахæста Æрæдон. Æ багъæуай кæнунæн тухтæ нæбал адтæй. Дзармадзанти нæмгутæ ку фæцæнцæ, уæд дивизиони рацæун багъудæй Кировигъæуи ‘рдæмæ. Цалинмæ æфсæнвæндаг æнæгъæнæ адтæй, уæдмæ дууæ æфсæн поезди æхсаргинæй тухтонцæ знаги танкити нихмæ.

***

Фондз бони тогуарæн тугъди 319-аг дивизий фестæгæфсæддонтæ нæ фæккиудтæнцæ, æма уотæ зиндтæй, цума æ тугъдонтæ – уодæгасæй, мардæй – еугурæйдæр исистадæнцæ цифуддæр знаги нихмæ.

Нур дæр нæма бадзæбæх æнцæ Нартигъæу, Рассвет æма Æрæдони будуртæ тугъди гъæдгинтæй.

 

ПОЛККИ КОМАНДИР ИВАН ВОЛКОВИ ИМИСУЙНÆГТÆЙ

«1 ноябрь… Изæрæрдæмæ немуцæгтæ исфæндæ кодтонцæ Суадаг æма Хæтæлдони ’рдæмæ нæуæг нимпурст исаразун. Фал сæ фæндитæ сæ хъури фæббадтæнцæ. Нæ дзармадзæнтæйæхсæг дивизион æма танкити нихмæ тохæг ротæ сæ нæмгути буни фæккодтонцæ. Нæ бон бацæй хед исрæмодзун дæр. Æхсæви ни æ цæстæ неке æрцъундæ кодта: зудтан æй, знаги танкити бауорамунæн нæмæ фагæ хъаурæ нæ разиндзæнæй, фал федарæй исфæндæ кодтан цийфæндийæй дæр син сæ цуд бауорамун.

2 ноябрь… Сабур сæуми арвбæл мегъи фæд нæ зиндтæй. Фал еу усми фæсте бæстæ гув-гувæй байдзаг æй. Знаги хуæдтæхгутæ сахаттæй-сахатмæ не ‘фсæдтæбæл æгъзалдтонцæ бомбитæ. Адæймагмæ уотæ кастæй, цума еци «ехуарди» фæсте зæнхæбæл цæрæгой, зайæгой нæбал байзадæй. Куддæр хуæдтæхгутæ сæ «куст» фæцæнцæ, уотæ «исдзурдтонцæ» знаги дзармадзантæ. Тугъд цудæй идарддæр. Кунæгдæр кодтонцæ сæ хъауритæ. Мæнæ знаги танкитæ байервазтæнцæ полкки командон пунктмæ. Штаби афицертæ бацудæнцæ лæгæй-лæгмæ тохи. Минкъий ма уотæ ку рахастайдæ, уæд полккæй еу дæр нæбал райервазтайдæ. Фал æнæнгъæлæги знаги танкитæ фæстæрдæмæ цæун райдæдтонцæ, сæ автоматæйæхсгутæ дæр фæппурхæ ‘нцæ æма къотæрти сæ сæртæ римахстонцæ. Е, хестæр лейтенант Худæлти Темирсолтани æфсæддонтæ æнæнгъæлти къилдумæрдигæй ниццавтонцæ знаги. Дæс бæгъатæр тугъдони сæ уодтæ исуæлдай кодтонцæ æма знаги нимпурст сæхердæмæ раздахтонцæ. Еци рæстæг фагæ адтæй полкки командир майор Волковæн е ’фсæддон хæйттæ хуæнхтæ ‘рдæмæ ракæнунæн æма Курттати коммæ бахезæни федар бунæттæ æрахæссун.

4 ноябрь. Иннæ бæнттæй фæстæдæр рапурхæ ‘нцæ мегътæ. Æма фæззигон цъæх арвбæл фæззиндтæнцæ знаги хуæдтæхгутæ. Нуртæккæ бабæй знаги бомбити буни гъæуама зæнхæ гъæрзун райдайа. Фал… арвæй фæззигон сифти хузæн æгъзæлун райдæдтонцæ гæгъæдити гæбæзтæ. Кæд тухæй нæ, уæдта – хийнæй. Фашистон пропагандæ седтæй нæ тугъдонтæмæ, цæмæй мардтайуонцæ коммунистти, командиртæ æма комиссарти. Фал бабæй син е дæр нæ фæййагъаз æй. Аллихатт дæр атаки размæ æфсæддонтæ финстонцæ: «Райсетæ мæ партий рæнгъитæмæ кандидатæй. Гъæуама тохмæ коммунистæй рандæуон».

… Тугъдтитæ цудæнцæ идарддæр.

 

ÆСТÆЙМАГ ФЕСТÆГ РОТИ ПОЛИТРУКИ ХУÆДÆЙЙЕВÆГ ЛЕКЪТИ М.Г. ИМИСУЙНÆГТÆЙ

«… Еци бон иннæ бæнтти хузæн нæ адтæй. Иннæ хæттити хузæн бабæй æнгъæлмæ кастан знаги хуæдтæхгути нимпурстмæ. Берæ æнгъæлмæ кæсун сæмæ нæ багъудæй. Фал содзгæ арт махбæл нæ, фал, Фиййагдони ци 34-аг фестæг бригади дæлкъуар гъæуай кодта, уобæл никкалдтонцæ. Мах ба æхсун райдæдтонцæ знаги дзармадзантæ. Æма куд! Раст ехуарæгау. Махæрдигæй, скæсæнæрдигæй ци хæдзæрттæ адтæй, уонæбæл. Уогæ сæ хæдзæрттæ исхонæн нæбал адтæй, фал сæ ихæлддзæгти фæсте сæхе баййаууон кодтонцæ не ’фсæддонтæ.

Дзармадзантæ æхстонцæ берæ рæстæг. Уæлдай карздæрæй – 10-11 сахаттебæл. Уæдмæ райгъустæй гъæр: «Немуцæгтæ! Рахесæрдигæй немуцæгтæ!» Етæ фæззиндтæнцæ, æнгъæлмæ сæмæ кæцæй нæ кастан, уордигæй. Уоми нæмæ еу пулемет дæр нæ адтæй. «Лекъи-фурт! – нигъгъæр мин кодта мæ гъоси роти командир. – Уайæ минометчиктæмæ! Айдагъдæр нин етæ фæййагъаз кæндзæнæнцæ!»

Минометчикти взвод адтæй нæ хæдзари фæсте, дзæхæрадони! – махæй еу 70-100 метри идарддæр. Фал еци идæрддзæф уайун гъудæй минитæ æма дзармадзанти нæмгутæ кæми ихалдæнцæ, уæхæн итигъд будури. Дзармадзанти нæмгутæ ихæлунцæ, мæ алфамбулай, сæ уолæн мæ еуварс хæссуй, фал уайун, мæхе нæ римæхсун уотемæй.

… Æхсæви лейтенант Тебиай-фурти ротæмæ фæззиндтæй дивизий политхайади хецау, батальони комиссар Геннадий Кашицын. Тебиай-фурт имæ фæрсæгау бакастæй, е ин медбилтиходгæй дзуапп равардта:

– Зæгъун, фæккæсон уæмæ, фæййагъаз кæнон.

– Ци хузи? – рафарста ‘й роти командир.

Нур фондз боней дæргъи лæгдухæй гъæуай кæнунцæ бунат. Роти æртæ-цуппæрæймаг хай фæммард æнцæ, æма сæмæ полккæй агъаз ку нæ зиннуй. Дивизий политхайади хецау сæ нæ гъæуй, фал нæуæг хъауритæ.

Нæуæг хъауритæ нæййес. Уæдта нæ уодзæнæй. Уой зонгæй, æрбацудæй Кашицын Тебиай-фурти ротæмæ. Сæумæй æхуæдæг атаки ракæндзæнæй роти фæстаг хъауритæ. Уой нимадта æ ихæсбæл æфсæддон æма коммунист Геннадий Кашицын.

 

Г.И. КАШИЦЫНИ БОНУГÆЙ

«…Ралæудтæй знаги Кавказæй соруни рæстæг. 1942 анзи 6 ноябри, Цитгин Октябри бонмæ, не ’фсæдтæ знагæн бæрзæйсæттæн цæф никкодтонцæ Фиййагдони билгæрæнтти Дзиуаригъæуи размæ. Еци тохи архайдтонцæ 319-аг фестæг дивизий полктæ дæр…»

 

8 НОЯБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ ИЗÆРИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

Нальчикки хонсар-скæсæнæрдигæй не ’фсæдтæ агъазиау цæф никкодтонцæ гитлеронтæн.

 

9 НОЯБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ ИЗÆРИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

…. Нальчикки хонсар-скæсæнæрдигæй не ’фсæдти архайд фæхъхъаурæгиндæр æй æма знагæн æрхаста берæ зиантæ.

 

9 НОЯБРЬ. СОВИНФОРМБЮРОЙ СÆУМИ ИГЪОСУНКÆНУЙНАГ

… Нальчикки хонсар-скæсæнæрдигæй не ’фсæдтæ дæрæн кæнунцæ знаги.

Никки ма еу уæхæн игъосункæнуйнаг Совинформбюро радзурдта 11 ноябри изæрæй.

Г.И. КАШИЦЫНИ БОНУГÆЙ

«Знагæн 6-12 ноябри ци нихкъуæрд равардтан, е ибæл уотæ фæззиндтæй, æма ‘й багъудæй гъæуайгæнæн бунæттæ аразун. 13 ноябри ба 9-аг æфсад, æ рæнгъити 319-аг фестæг дивизи, уотемæй бацудæй атаки. Фал дæс боней медæгæ ци уæззау тугъдтитæ фæккодтонцæ, етæ уæлахез не ’рхастонцæ. Знаг – бæрцæй фулдæр, техникæй дæр ефтонгдæр. Уæддæр не ’фсæдтæ фæцæнцæ дæс километри хæстæгдæр æма рацудæнцæ Æрæдони дони скæсæйнаг билгæронмæ…

… Айдагъдæр декабри фæстаг бæнтти берæ гъезæмæрттæ æма зиндзийнæдтæ бавзаргæй, бацæй не ’фсæдти бон знаги басæттун. Берæ тог никкалдæй, беретæ равардтонцæ райгурæн бæсти сæрбæлтау сæ цард. Уæдмæ мах 319-аг фестæг дивизийæй дæр некебал байзадæй».

Етæ ма адтæнцæ нерæнгæ хуæрзæригон – 17, 18, 19-анздзудтæ. Абони нæуæг фæлтæрмæ ку фæккæсæн, уæд сæ лæг æ медгъудити хæццæ рабаруй, хуæрзæригонæй барвæндонæй арти цæхæрмæ ка байампъез кодта, уони хæццæ. Æма зæрдæ нирресуй – абони æригон биццеути хузæнттæ цудæнцæ атаки, мардæнцæ сæ уæззау цæфти фудæй, уазалæй судæнцæ акъоппити, сæ къахдзæфтæй барстонцæ тугъди уæззау нæдтæ. Етæ гъæуай кодтонцæ нæ Фидибæстæ.

БАДРИАТИ Хъазбег. Æвддæсанздзудæй æ цард дууæ дехи фæцæй. Фиццаги адтæнцæ е ’взонгадæ, хор æма уорссæр къæдзæхтæ… æма минитæй ефтигъд фæззигон будур. Сгарæг æй, æма ибæл гъæуама бахеза. Еци будур фæддех кодта Хъазбеги цард дууæ хаййебæл. Дуккаг хаййи – ниллæудтæй æхсæвæ. Бахъæрæу æй.

Гамид КАФАРОВ. 19 анзи цудæй пулеметæйæхсæг, взводи командирбæл. Кезугай ферхуæстæнцæ пулеметтæ. Уæззау тохи еу-инней фæсте фæммард æнцæ е ’мбæлттæ. Æгасæй ма си байзадæнцæ айдагъдæр æртемæй. Фал гъæуама пулеметтæ гъосæй ма лæууонцæ – етæ ‘нцæ æфсæддонти хъаурæ æма нифс. Гамид нæмгути буни уайуй еу пулеметæй иннемæ. Æхсуй знæгти. Фал уобæл дæр нæмуг исæмбалдæй. Æ цæф нецæмæ даргæй, Гамид изолдæр тохуй знаги нихмæ. Цалдæр къахдзæфи уоддæр фехалдæй дзармадзани нæмуг. Е схъес ратудта æригон лæхъуæни рахес цонг. Уæддæр нæ ниууагъта тугъди будур. Куддæр ин æ цæф ниббастонцæ, уотæ бабæй тохæнгарзи рази балæудтæй.

ХЪУЛАТИ Захар. 1336-аг фестæг полкки дуккаг батальони фæдсгарæг. Цал æма цал хатти февзуридæ æнæнгъæлти æндæр рауæнти, цал æма цал хатти бахизтæй фронти ханхæбæл.

Гади НАСИБОВ. Тæнтъехтæ, фудхузтæ æма хуæрзниллæг. Зинтæй баруагæс уодзæнæй, тугъди будурæй уæйуги асæ командир Волкови цæфæй куд рахаста, е.

Володя ДУБЯНСКИЙ. Автоматæйæхсæг. Еу мегъæ æхсæви знаги фæдсгарæгутæ 1336-аг фестæг полкки штабмæ ку багъузтæнцæ, уæд еунæгæй сæ нихмæ тохи бацудæй.

ЛЕКЪТИ Мурат. 6 ноябри ибæл исæнхæст æй 17 анзи. Гæнæн адтæй æма ин еци бон адтайдæ æ фæстаг бон. Минкъий раздæр тугъди тумугъи лæгæй-лæгмæ райзадæй немуцаг автоматчики хæццæ. Фæстæмæ рацæуни туххæй ин бардзурд ке нæ адтæй, уомæ гæсгæ Мурат еу æрдæгихæлд хæдзари тугури æрбунат кодта æма, гæнæн адтæй, уоми иссирдтайдæ æ мæлæт. Фæййервæзун æй кодта полкки зæронд пъисæр. Е æхе фæндæмæ гæсгæ рараст æй Мурати агорæг. Иссирдта æй, равардта ин бардзурд фæстæмæ рацæуни туххæй æма… æхуæдæг æрхаудтæй знаги нæмугæй.

Хъæбæр уæззау уаргъ æй æфсæддони дæсниадæ – атакæ, уæлахез, къулумпитæ, фæллад, стонг… Уæлдай уæззаудæр ба адтæй силгоймæгтæн. Æригон кизгуттæ – медицинон хуæртæ, радисткитæ, бастдзийнади косгутæ. Етæ дæр нæлгоймæгти хæццæ усхъæй-усхъæмæ æрлæудтæнцæ. Етæ дæр нæлгоймæгти хузæн цудæнцæ мæлæти цъухмæ, уæлахези сæрбæлтау не ’вгъау кодтонцæ сæ цард. Уони хæццæ 1336-аг фестæг полкки медицинон хуæрæ Аннæ Степуренко, Нинæ Ильина, Валентинæ Савченко.

Юрий МИРОНОВ. Æстдæс анзи цудæй фиццаг роти политруки хуæдæййевæгбæл. Æрæдонмæ нимпурсти хуæдразмæ ин акъоппи равардтонцæ партион билет.

Александр ГНУСИН. Аци фудтугъдтити æхсист æригон лейтенанти хъисмæт. Фæстæдæр иссæй Советон Цæдеси Бæгъатæр.

Габисати Хъасболат, Михаил Галич, Николай Конкин, Сакин Лиджиев, Трофим Дудаков, Иван Гладкий, Василий Тимченко, Павел Красиков, Николай Шорохов… 319-аг фестæг дивизий ка фæммард æй æма æгасæй байзайæг тугъдонтæ, сумах исæнхæст кодтайдæ уæ ихæс Райгурæн бæсти размæ. Орджоникидзейæй Æрæдонмæ нади 35-аг километри лæууй циртдзæвæн уæхæн финсти хæццæ: «Ами, Кировигъæу, Мичурини гъæу, Нартигъæу æма Рассвети размæ 1942 анзи ноябри 319-аг фестæг дивизий æфсæддонтæ æрлæуун кодтонцæ, Орджоникидземæ æмпурсæг фашистон танкити фиццаг армий сæйраг къуар. Ами знаги фæндитæ фæссикк æнцæ».

Фæсикк æнцæ. Фал фондз бонемæ тогкалæн тугъдтити 319-аг фестæг дивизийæй фæгъгъудæй æ 80 проценти цæфтæ æма мæрдтæй. Фараст мин тугъдонемæн ами сæ зинг рахустæй.

Æгæр берæ хъауритæ ке фесафта, уой туххæй 319-аг дивизий тугъдонти 1942 анзи декабри æндæр æфсæддон хæйтти хæццæ байеу кодтонцæ.

***

Тугъд айдагъдæр киунугути æма кинонивтæмæ гæсгæ ка зонуй, уонæн еци æнзтæ кæмидæр идарди ‘нцæ. Æхуæдæг си ка архайдта, уомæн ба кæддæриддæр фæуунцæ æ хæццæ. Махæн е иронхкæнуйнаг нæй.

ЧИПИРАТИ Ларисæ