12 декабря 2024

ӔНСУВӔРОН ХӔЛАРДЗИЙНАДӔЙ ФЕДАУЙ АДӔМТИ ЦАРД!..

28.02.2022 | 17:45

Абони Украини, уӕлдайдӕр ба Донецки ӕма Лугански облӕстти ци ӕверхъау цаутӕ цӕунцӕ, уонӕмӕ кӕсгӕй адӕймаг, уӕлдайдӕр ба советон доги ка рацардӕй, уӕззау куд нӕ нийнӕфдзӕнӕй: «Уогӕ ба ци дессаги цард кодтан кӕддӕри Советон Цӕдеси!.. Уӕд еу Фидибӕсти ӕмцӕрӕг адӕмтӕ, кӕд тогӕй хӕстӕг не ‘ййафтонцӕ, уӕддӕр хуарз ӕнсувӕрти хузӕн кӕрӕдзебӕл ӕхцул адтӕнцӕ, кӕрӕдземӕн хуарз ракӕнун   нин уодихуаси хузӕн адтӕй.

Ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке адтӕй, уомӕн нӕ бон ӕй ӕнӕуагӕ берӕ дӕнцӕнтӕ ӕрхӕссун. Мӕнӕ уӕлдӕр ци къарӕ уинетӕ, е ист  ӕрцудӕй Чиколай – уӕд уоми сӕ дигорон лимӕнтӕмӕ иссудӕнцӕ иуазӕгуати Луганскӕй. Еци фембӕлд аци устур гъӕуи разилдӕй устур бӕрӕгбонмӕ. Берети бафӕндадтӕй украинаг иуазгути ӕ хӕдзари бабоц кӕнун, фал уӕддӕр сӕ сӕйрагдӕр фусун ба адтӕй сӕ рагон ӕрдхуард Тауасити Шамили (адӕм ӕй Самсӕй зудтонцӕ) фурт Тасолтан.

Цӕмӕй гъуддаг лӕдӕрддӕр уа, уой туххӕй ба нӕ багъӕудзӕнӕй ӕнзти сӕрти евгъуд рӕстӕгутӕмӕ ракӕсун.

– Советон доги спортӕй ка архайдта, уонӕн сӕ фулдӕрей хъисмӕт уотӕ рауадӕй, ӕма сӕ багъӕуидӕ уӕди Советон Цӕдеси берӕ рауӕнтӕмӕ цӕун, – зӕгъуй Тасолтан. – Уотӕ ӕз кӕмити ба нӕ балӕууинӕ. Уӕд мӕ еу рӕстӕги ба мӕ спортивон къахнӕдтӕ бахастонцӕ Украинӕмӕ, уой дӕр фурӕригонӕй Чиколай астӕуккаг скъолай ма ахур кодтон, уотемӕй.

Уордӕмӕ цӕугӕ ба мин уомӕ гӕсгӕ рауадӕй, ӕма 1967 анзи гъӕуама цудайуонцӕ фӕсевӕди ’хсӕн уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй Еугурдуйнеуон еристӕ. Ӕз дӕр уӕд конд ӕрцудтӕн Советон Цӕдеси еумӕйаг къамандӕмӕ ӕма нӕхе цӕттӕ кодтан сахар Ворошиловгради (нури Лугански) спортивон бази. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ, еци еристӕ уӕд арӕзт не ’рцудӕнцӕ, фал мӕнбӕл ба украинаг тренертӕ ӕрхуӕстӕнцӕ, ами, дан, байзайӕ, фӕсмойнаг дин нӕ уодзӕнӕй, ес нӕмӕ хъӕбӕр хуарз уавӕртӕ, уой уинис дӕхуӕдӕг. Исарази мӕ кодтонцӕ. Ӕма, ӕцӕгӕй еунӕг хатт дӕр не ’рфӕсмон кодтон.

Ахур кӕнунмӕ бацудтӕн гъӕууонхӕдзарадон институти механизаций факультетмӕ, идарддӕр  кодтон спортивон хабӕрттӕ дӕр. Фиццаг бонӕй ба райдайӕ ӕма, цалинмӕ уоми адтӕн, уӕди уӕнгӕ мӕмӕ дардтонцӕ лӕмбунӕг, уарзон цӕстингас. Ӕрхун ке кодтон хеуӕнттӕбӕл, уомӕй уӕлдай некӕд неци гъӕуагӕ ӕвзурстон. Раст фиди хузӕн фӕлмӕн, гъар цӕстингас дардтонцӕ мӕнмӕ институти ректор Юрий Севоловский, кафедри сӕргълӕууӕг Николай Кондра, тренер Анатолий Жирный ӕма иннетӕ.

Зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма айдагъ аци институти  нӕ, фал уӕди Ворошиловгради, уӕдта облӕсти Тасолтани фӕрци, фӕззиндтӕй уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй ка архайдта, берӕ уӕхӕн фӕсевӕд. Уой хӕццӕ ба ма ардӕмӕ ӕркодта нӕхердигон фӕсевӕдӕй берети – Дзагурти Джабраили, Хъожити Хазбийи, Будтути Владимири, Гъуцъунати Юрийи ӕма Махъоти Хъазбеги. Етӕ институти сӕйраг къаманди бундор иссӕнцӕ. 1972 анзи райстонцӕ фиццаг бунат. Иристони богӕлттӕ ӕрхастонцӕ кадӕ ӕма уӕлахез ӕнсувӕрон Украинӕн, сӕ институти коллективӕн Еугур Цӕдесон еристи.

Еци бӕнттӕ имисгӕй Тасолтан зӕгъуй:

– Мӕ хӕццӕ ахур кодтонцӕ фӕсевӕд Советон Цӕдеси алли регионтӕй, цардан хъӕбӕр лимӕнӕй, еу иннемӕ зулун цӕстӕй нӕ кастӕй. Адтан еу бийнонти хузӕн. Фӕйнӕ адӕмихатти, аллихузи ӕвзӕгтӕ, ӕгъдӕуттӕ, фӕткитӕ, фал нӕ федар бӕсти цардиуагӕ, уруссаг ӕвзаги фӕрци хъӕбӕр хуарз лӕдӕрдтан кӕрӕдзей. Институт фӕууни фӕсте дууӕ анзи бакустон устур гъӕууонхӕдзарадон кустуати, уой фӕсте ба иссудтӕн нӕхемӕ. Берӕ ӕнзтӕ рацудӕй уӕдӕй ардӕмӕ, фал нӕ райеуварс ан кӕрӕдземӕй, нӕ бастдзийнадӕ изайуй еци федарӕй, ахид цӕуӕн кӕрӕдземӕ, неци нин ес дех кӕнуйнаг. Нури уӕнгӕ, гӕнӕн ӕма амал куддӕр фӕууидӕ, уотӕ кӕрӕдзей бабӕрӕг кӕнианӕ.

Еу анз  дӕр мӕ ‘рдхуӕрдти фӕууинунмӕ рандӕ дӕн Луганскмӕ, уой фӕсте ба Чиколамӕ иссудӕнцӕ мӕ тренер Анатолий Жирный, ӕ фурт Юрий, еу къурси ке хӕццӕ ахур кодтон, нур ба зундгонд лӕгтӕ ка иссӕй, уонӕй Украини институтӕй еуей  кафедри сӕргълӕууӕг, профессор  Валентин Ляпин, Киеви гъӕууонхӕдзарадон академий профессор Виктор Скорик, гъӕууонхӕдзарадон наукити кандидат Анатолий Шиховцов, болкъон Леонид Крыгин, «Луганскгаз»-и сӕйраг инженер Владимир Шумейко, устур арӕзтадон кустуати хецау Дмитрий Шарапов.

Нӕкӕси, уӕлдай ӕхцӕуӕн хабар е ӕй, ӕма 2013 анзи аци лӕгти фӕрци Лугански арӕзт ӕрцудӕй спартакиадӕ, сӕ институти уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕст ку фӕззиндтӕй, уобӕл 45 анзи ке исӕнхӕст ӕй, уой фӕдбӕл. Берӕ ӕнзти дӕргъи институти къамандӕ, кӕцими фулдӕр адтӕнцӕ Иристони фӕсевӕд, байахӕссидӕ фиццаг бунӕттӕ Еугурцӕдесон еристи.

Еци юбилеймӕ мӕ украинаг лимӕнтӕ рауагътонцӕ майдан «45 лет дружбе между Луганском  (Украина) и Чиколой (РСО-Алания)».

Гъулӕггагӕн, Украини  кӕддӕри сабур ӕма райдзаст цард бустӕги исӕзманстонцӕ, уоми Европи ӕма Америки Еугонд Штатти ардудӕй нуртӕккӕ ци националисттӕ рахецӕуттӕ ’нцӕ, етӕ. Фал си  неци рауайдзӕнӕй. Сӕ фудвӕндитӕ гъӕуама сӕ къохи ма бафтуйуонцӕ. Зонун ӕй, украинаг адӕми зундирахаст раст ӕма федар ӕй, се ’хсӕн фашизмӕн бунат нӕййес ӕма ин уогӕ дӕр некӕд уодзӕнӕй, нецихузи  ниффедар уодзӕнӕй, ӕ бон не ’суодзӕнӕй  уоми адӕмти фӕккӕрӕдземӕ кӕнуни хъилмай уедӕгтӕ рауадзун. Уомӕн ӕвдесӕн, Хонсар-Хорискӕсӕн Украини цӕргутӕ рӕстдзийнадӕ ӕма сӕребари сӕрбӕлтау куд федар ӕрлӕудтӕнцӕ, е дӕр.

Нӕ рагфидтӕлтӕй нин байзадӕй уӕхӕн зундгин загъд: «Хӕларӕй ка цӕруй, е амонд иссеруй, хӕранӕй ка цӕруй, е ба фиццагидӕр ӕхецӕн фудӕнхӕ  иссеруй…» Имисгӕ ба ’й уой туххӕй ӕркодтон, ӕма ӕцӕг ӕнсувӕрон лимӕндзийнадӕ фехалун неке бон ӕй, некӕмӕ ма разиндтӕй уойбӕрцӕ хъаурӕ. Цидӕр ӕй, уӕддӕр Украини аци рӕстӕг ци цаутӕ цӕунцӕ, етӕ катаййи берӕ адӕми бафтудтонцӕ. Цидӕрӕрдигон уай, уӕддӕр раст адӕми гъӕуй ӕма фӕндуй лимӕнӕй цӕрун, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй, гъазгӕ-ходгӕй, еумӕйаг хъауритӕй хиццаг исонибон аразун. Тасолтан ӕма е ‘мбӕлттӕ уотӕ зӕгъунцӕ:

– Украини нин хъӕбӕр берӕ зонгитӕ ес. Уони хӕццӕ уоми ци зӕрдрохс ӕнзтӕ рарвистан, етӕ ни еунӕг бон дӕр иронх нӕ ‘нцӕ. Ӕма нӕ кӕд устур катаййи ӕфтауй сӕ абони тӕссаг уавӕр, уӕддӕр нӕ тухст ба зингӕ нидӕндӕр кӕнуй, нӕ Президенти хъӕппӕреси фӕрци син Уӕрӕсе абони ке агъаз кӕнуй, уомӕй. Ӕма нӕ Исфӕлдесӕгӕй корӕн, цӕмӕй сӕ зин бӕнттӕ тагъддӕр куд фӕййевгъуйуонцӕ, сӕ дессаги бӕстӕ бабӕй фӕрнӕйдзаг куд исуа, цийнӕ ӕма зӕрдрохсдзийнадӕ си кӕрӕй-кӕронмӕ сӕ цардарӕзтмӕ бабӕй куд раздӕха, ӕма си райдзастдзийнадӕй куд ивула. Сӕ абони гъезӕмӕрттӕ лӕгъуз фуни хузӕн куд ӕрбайсӕфонцӕ…

Ӕма сӕ хӕццӕ мах дӕр корӕн раздӕри хузӕн сабурдзийнадӕ, лимӕн цард Украини зӕнхӕбӕл куд ӕрфедар уа, уӕлдайдӕр ба Донецк ӕма Лугански республикити…

 

БЕСОЛТИ Ӕхсарӕ