06 октября 2024

«НУРИ ЦАРДМӔ ЕВГЪУД ДОГӔЙ ӔНӔИХӔЛГӔ ФЕДАР ХЕД!..»

11.11.2021 | 10:25

Уӕларвбӕл хорӕн ӕносӕй-ӕносмӕ ӕ рохс ӕма тафс куд нӕ нидӕн кӕнунцӕ, уотӕ, нӕ адӕми сӕрбӕлтау арфиаг гъуддӕгутӕй ка фескъуӕлхтӕй, нӕ еци курухон адӕймӕгутӕ дзиллӕй иронх нӕ ‘нцӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цитгингонд цӕунцӕ. Уонӕн сӕ тӕккӕ фиццагдӕрти хӕццӕ ӕй нӕ разагъди поэт, нӕ национ аййевадон литературӕ исуӕларвонгӕнӕг Малити Геуӕрги. Уой фӕдбӕл ӕй, Цӕгат Иристони адӕмон поэт Бабочити Руслан кӕддӕр ке ниффинста ӕма абони ке мухур кӕнӕн, еци ӕмдзӕвгӕ дӕр.

Ӕппӕлӕн дӕ ӕнккӕтемӕй,
Фӕйнӕ хузи ӕстауӕн.
Ка хонуй дӕ ӕцӕг гений,
Ка – уӕлӕрвтӕй нистауӕн…

Ка уинуй ди – нӕбал уогӕй,
Курдиадгундӕр поэт,
Нури цардмӕ евгъуд догӕй
Ӕнӕихӕлгӕ федар хед…

Уотемӕй ба дин дӕ зӕрдӕ,
Де ‘сфӕлдистадӕн ӕ сӕр
Неке лӕдӕруй лӕдӕргӕ
Берӕ зонгитӕй еу дӕр.

Арви реубӕл рохс ӕндурӕ
Ӕй е ‘мбӕрцӕ куд уинддуг,
Ду уоййасӕбӕл устур дӕ,
‘Ма уойбӕрцӕбӕл гъӕздуг.

Идзаг мӕйӕ форди сӕрмӕ
Куд фӕззиннуй рӕсугъддӕр,
А дуйнебӕл ӕд ӕфсӕрмӕ
Уотӕ федудтай ду дӕр.

Нӕ дӕ зонӕн. Ӕндӕр ӕнцӕ
Дӕ меддуйне ‘ма дӕ нет…
Гъе уомӕн дӕ ӕнӕ дӕнцӕ,
Некӕмӕн ӕнгӕс поэт…

Аци ӕмдзӕвгӕ абони еума хатт ӕримистан, Малити Геуӕргий райгурдбӕл финддӕс ӕма ӕхсӕзинсӕй анзи ке исӕнхӕст ӕй, уой фӕдбӕл. Ӕнӕмӕнгӕ, е агъазиау нисанеуӕггин цау ӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба мах нӕ ихӕсбӕл банимадтан уой исбӕрӕг кӕнун ӕма бацӕттӕ кодтан нӕ газети сӕрмагонд рауагъд.

Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма нӕ газети аци рауагъд исаразунмӕ финансон хузи фӕййагъаз кодта Мӕскуй цӕрӕг иристойнӕгти ӕхсӕнадӕ (ӕ разамонӕг Абайти Алан).