06 декабря 2024

ОС-БÆГЪАТÆР

18.06.2021 | 21:55

Темурхъанти Сослани исфæлдистадон куститæй абони мухур кæнæн еу – æ историон очерк «Ос-Бæгъатæр». Лæдæрд æй, цæбæл си цæуй дзубанди, уонæй кæцидæртæ нуриккон историон науки æртасæнтæмæ гæсгæ цæмæйдæрти дзурдтаг разиндзæнæнцæ. Фал нимайун гъæуй уой дæр, æма аци очерк кæд финст æрцудæй æма Темурхъани-фуртæн уой ниффинсунæн æрмæгутæй пайда кæнунæн цæйбæрцæбæл  æвадуат адтæнцæ æ равгитæ. Уой хæццæ ба ма уой дæр зæгъун гъæуй æма, цийфæнди ку уа, уæддæр аци очеркæн ес агъазиау историон-этнографион ахедундзийнадæ.

 

Адтæй кæддæр Ирæн дæр сæхе паддзахадæ, æ арæнтæ идæрдтæбæл кæмæн цудæнцæ, Карталини будуртæй сауæнгæ устур Донмæ. Берæ адтæнцæ уæд Ир сæхуæдтæ дæр æма сæ есбойнадæ дæр, хебарæй æдæрсгæ цардæнцæ парахаттæй.

Ирæмæ уæд адтæй æфсæнцъух æфсад, е ’хсарæ устур кæмæн адтæй, æ бæгъатæрдзийнади кой дуйнетæбæл кæмæн игъустæй. Знæгтæ Ирмæ хæстæгдæр не ’ндиудтонцæ, ирæн ба сæхе лæгъузтæ – фезмæлун дæр. Æма Ир сæ куст æдæрсгæй кодтонцæ, сæ фæллойнæ знæгти къохи не ’фтудæй, æма сæ есбойнадæ фулдæргæнгæ цудæй.

Еудзурдæй, ирон паддзахадæ уæд равардта æ адæмæн фадуат, хебарæй æдæрсгæ цæрун, æдасæй фæллойнæ кæнун, æма уой фæрци ирæн æнтæстæй берæ, сæ хъаурæ хъæбæр устур адтæй. Æма Ир уæд цитгин адтæнцæ адæмти цæсти, кадæй-радæй сæ еугурдæр уидтонцæ, сæ лимæндзийнадæ син агурдтонцæ тухгиндæр дзиллитæ.

Гурдзий уосæ-паддзах Тамарæ 1189 анзи лæгмæ æрцудæй Давид-Сосланмæ, ирон паддзахи фурт ка ’дтæй æма уæдта ирон паддзах ка иссæй. Æнæгъæнæ Гурдзий æхецæй ахургонддæр æма бæгъатæрдæр лæг нæ адтæй, æма ’й Гурдзи кадæ-радæй имонау кодтонцæ.

Еци дзамани Гурдзий аллирдигæй гъезæмарæ кодтонцæ е ’знæгтæ, æма Давид-Сослан, æ уоси зæрдæ æлхæнгæй, Гурдзий туххæй нæбал аурста æхебæл дæр æма ирбæл дæр, гурдзиаг æфсæдти раздзæуæгæй ниллæудтæй æма е ’знæгти басаста, Гурдзибæл нæуæг зæнхитæ бафтудта, æ арæнтæ ин берæ æндæдæр рахаста, истухгин æй кодта.

Гурдзий паддзахи гъуддæгутæ кæнгæй, Давид-Сослан Ири паддзахади кой нæбал кодта, æма æ уоси фæндæбæл рацæугæй, Хонсар Иристони бæстæ Гурдзибæл бафтудта, еузагъдæй, Хонсар Иристон гурдзиаг æлдæртти барæ бакодта.

Æма ирон паддзахадæ Хонсар Иристони бæстæй ку фæффудевгед æй, уæд æ хæрзти æма иннæ хе фæддаруни гъуддæгутæ æнæгъæнæй æрæнцадæнцæ Цæгат Иристонбæл, æма фæцæй фиццагæй дууæ хатти фулдæр уæзи буни. Е ба син уоййасæбæл зин адтæй, æма ирон паддзахадæ ихæлун райдæдта, уомæн æма æ фæццæруни фагæ мулк æма уой æфсади фагæ фæсевæд раттун Цæгат Иристони бон нæ адтæй. Никки ма Гурдзий паддзахадæ архайдта ирон паддзахади ’хсарæ басæттунбæл, цæмæй е Гурдзийæй фæстæмæ ма ратона Хонсар Иристони бæстæ. Еци фæндæ æнхæст кæнгæй, Гурдзий паддзахадæ архайдта Цæгат Иристони медастæу кæрæдзебæл ахъелæн миутæ  аразунбæл, æма ин æцæгæйдæр бантæстæй ирон паддзахадæ исæзмæнтун…

Ири дзиллæ гъæддухæй знæгтæн нихкъуæрд лæвардтонцæ

Гурдзиаг æлдæрттæ ирæнттæн уæд сæхе фæрци æрбафтудæнцæ Цæгат Иристони бæстæмæ дæр, еуæй-еу рауæнти федар галауантæ райаразтонцæ, æма уони медæгæ, æдасæй бадгæй, Цæгат Иристонбæл дæр хецауеуæг кæнун байдæдтонцæ, се ’хсарæ син æрсастонцæ.

Уотемæй Хонсар Иристон æма Цæгат Иристони еу хай бафтудæнцæ гурдзиаг æлдæртти къохи, æма ирон паддзахади хъаурæ басастæй. Еци хузæнæй ирæнтти æрбаййæфтонцæ тæтæр – XII æноси адæмти пурхæгæнгæй, Азийæй Европæмæ ка ’рбампурста.

Тæтæр уой размæ басастонцæ Азий устурдæр æма хъаурæгиндæр дзиллити æма байстонцæ Китайи, Турани, Ирани æма Фæскавкази паддзахæдтæ, уæдта се ’фсæдтæ Цæгат Кавказмæ дæр æрбампурстонцæ æма будуйраг Ири ниппурхæ кодтонцæ, аллирдæмæ ’й ниххæлеу кодтонцæ.

Уой фæсте устур Дони иннæ фарсмæ рахизтæнцæ æма, сæ нихмæ ка ниллæудтæй, еци уруссаг æфсæдти ниццагътонцæ, уæдта хорискæсæн æрдæмæ фæззилдæнцæ æма Туранмæ раздахтæнцæ. Фал æртиндæс анзей фæсте тæтæр нæуæгæй æрбампурстонцæ Европæмæ, Уæрæсей басастонцæ, хъалон ибæл исæвардтонцæ æма Итили (Волги) будуртæ байахæстонцæ, уæдта еци рауæнæй Ирмæ бабæй нæуæгæй æрбампурстонцæ, хъалон ибæл исæвардтонцæ, фал хуæнхаг Ир басæттун нæ бафæразтонцæ.

Æртинсæй анзи нæ бауагътонцæ хуæнхаг Ир сæ хуæнхбæстæмæ тæтæри: уордæмæ сæмæ тæтæр ку æмпурсиуонцæ, уæд сæ хонхмæ басайиуонцæ æма сæ уоми ниццæгъдиуонцæ. Еуæй-еу хатт сæхуæдтæ дæр рампурсиуонцæ будурмæ, балæбориуонцæ тæтæрмæ, сæ фонс син ратæриуонцæ.

Тæтæри хан Менгъле-Темир 1277 анзи æрæмбурд кодта устур æфсад Ир басæттунмæ, е ’мварс ма Ири нихмæ ралæудтæнцæ  Гурдзий паддзах æма уруси къниазтæй æртæсæдæ æд æфсæдтæ. Тæтæр, урус æма гурдзи æмдухæй исхуæстæнцæ ири хæццæ, басастонцæ сæ, сæ паддзахи сахар син байстонцæ, фехалдтонцæ ’й, æ устур хæзнатæ ин еугурæй дæр рахастонцæ.

 

Еци фуддзамани Ири хуарзæн фæззиндтæй æхсаргин фæтæг

Уой фæсте хуæнхаг Ир дæр басастæнцæ æма тæтæри ханæн хъалон федун байдæдтонцæ. Еци хъалон ка нæ фиста æнхæстæй афойнадæбæл, уони æфхуæрунмæ хан æрвиста е ’фсæдти. Фал æмпурст адæмти цардиуагæ нæ ихалдæй. Уомæ гæсгæ  гурдзиаг æлдæрттæ, сæ бунæтти бадгæй, Иристони байзадæнцæ æма син етæ дæр сæ фæллойнæ æввонгæй хуардтонцæ.

Уотемæй XII æноси бабун æй ирон паддзахадæ, Ир се ’знæгти къахи буни бафтудæнцæ, сæ берæ есбонадæ фесавдæй, сæ хъаурæ басастæй. Никки ма гурдзиаг æма тæтæйраг æлдареуæггæнгутæ ирæнтти кæрæдзебæл ардудтонцæ, цæмæй фæккæрæдземæ уонцæ, æма сæ бон ма уа æмдухæй истохун уæгъдебарæ исуни туххæй.

Гъе уæди уавæрти æ нифсæй иннети дæр ма нифсгундæр ка кодта, æ дзубандитæй иннети дæр ма рæстæрдæмæ ка аразта, уони ахæстонцæ æма мардтонцæ æлдареуæггæнгутæ, цæмæй, уой уингæй, алкедæр æхецæн тæрса æма бухса æфхуæрдæн. Æма æцæгæйдæр уæхæнттæ иссæнцæ Ир: сæ цард син ка ихалдта, æгадæмæ сæ ка тардта, уонæмæ исдзорун дæр нæбал æндиудтонцæ, кæрæдзебæл ба сæ маст калдтонцæ, сæхуæдтæ сæхе къохæй сæ тухæ састонцæ æма бустæги æдзæллаг ниццæнцæ.

Еци фуддзамани Уæллагири фæззиндтæй Ос-Бæгъатæр, Ири адæм се ’знæгти нихмæ истох кæнунмæ ка исистун кодта, æма нæуæгæй ирон паддзахадæ ка исаразта. Ос-Бæгъатæр е ’нсувæрти хæццæ Гурдзий исирæзтæй æма фæххайгин æй уони ахургонддзийнадæй. Æвæдзи, сæ фидæ, тæтæрæй æ сæр ервæзун кæнгæй, фæллигъдæй Уæллагирæй Гурдзимæ æд бийнонтæ.

Ири фæтæг е ‘нсувæрти хæццæ архайдта æ адæми хуарзæн

Гурдзиаг æма тæтæйраг æлдареуæггæнгутæ Ир исæфтмæ куд тардтонцæ, уой уингæй, Ос-Бæгъатæрмæ бацудæй æ адæми сагъæс æма исфæндæ кодта ирон адæми се ’знæгти нихмæ исистун кæнун, цæмæй уони къохæй фæййервæзун кæнонцæ сæхе æма æдæрсгæ хебарæй цæронцæ. Уой туххæй ба Ир æмзæрдиуон искæнун гъудæй, цæмæй сæмæ сæ кæрæдземæй  фæззинна нифс æма æдæрсгæ ралæууонцæ æ хæццæ хъазауати тохмæ. Фал знаги цæстæй кæрæдземæ кæсгæй, Ир кæрæдзей исафтонцæ, нæбал лæдæрдтæнцæ, цæй фæрци æма куд сæттунцæ знæгтæ Ири тухæ. Æма син уой балæдæрун кæнун гъудæй, уой ба æргомæй амонунæн амал нæ адтæй, уомæн æма уой амонгути æлдареуæггæнгутæ ахæсгæ æма маргæ кодтонцæ. Æма, æ фæндæн мадзæлттæ агоргæй, Ос-Бæгъатæр балæдæрдтæй, саугинтæн æма моладзантæн ке ес фæрæзнæ. Киристей номæй æнсувæрдзийнадæ амонгæй, Ири æмзæрдиуон искæнун, уомæн æма динамонгути æлдареуæггæнгутæ нæ хъор кодтонцæ, динамонуни барæ син лæвардтонцæ.

Ос-Бæгъатæр уой балæдæрун кодта е ’нсувæртæй æртемæн – Исахъæн, Раманæн æма Басилæн, цæмæй моладзантæ исуонцæ æма, Киристей номæй æнсувæрдзийнадæ амонгæй, Ири æмзæрдиуон кæнонцæ. Етæ Ос-Бæгъатæри фæндæ сæ зæрдæмæ хæстæг райстонцæ æма сæхе иснивонд кодтонцæ Ири туххæй, се ’ртæ дæр моладзантæ иссæнцæ æма, Киристей номæй æнсувæрдзийнадæ амонгæй, æмзæрдиуон кодтонцæ ирон адæми. Сæ фæрци тоггинтæ бафедудтонцæ, знаги цæстæй кæрæдземæ ка кастæй, етæ æнсувæрти хузæн иссæнцæ, кæрæдзебæл хуæцун байдæдтонцæ. Уотемæй Ири  бацудæй нифс æма сæ бафæндадтæй хебарæй цæрун, æгадæ сæмæ æркастæй еске æлдареуæггадæдзийнадæн фæразун, сæ сæр сæрмæ хæссун байдæдтонцæ, фиццаги хузæн æгадæмæ сæхе нæбал уагътонцæ, æфхуæрдæн нæбал бухстæнцæ æма сæ гурдзиаг æлдæртти нихмæ исистадæнцæ.

Тæтæри хан уæд Гурдзимæ знæт адтæй æма Ири нæ бахъор кодта, уæдта ма сæ гурдзиæгтæбæл ардаугæ дæр кодта. Фал Ирæн æнцон нæ адтæй тох кæнун сæ гурдзиаг æлдæртти нихмæ, федар галауанти ка бадтæй æма Гурдзий паддзахадæ агъаз кæмæн кодта. Уæддæр сæ æмдухæй басастонцæ Ир, сæ галауантæ син ниппурхæ кодтонцæ, сæхе дæр син  ратардтонцæ, уæдта Карталини будуртæмæ бампурстонцæ æма Гури федар байахæстонцæ, сæхебæл æй æрфедар кодтонцæ. Еци устур тохи еугур Ирæй  хъæбæрдæр рабæрæг æй Ос-Бæгъатæр, æма е ’хсари фæрци Ири фæтæг иссæй.

Гури федар Ири къохтæй ратонунмæ гъавгæй, Гурдзий паддзахадæ æ тухæ æнæгъæнæй дæр Ирмæ исаразта. Сæ хæццæ устур тох исамадта, фал æй Ир сæхуæдтæ басастонцæ, Карталини æма Триалети бæстæ дæр ма æнæгъæнæй байахæстонцæ. Еци тугъди туххæй гурдзиаг финсгутæ ци ниффистонцæ, уонæй куд зиннуй, уотемæй 1291 анзи Ир Карталинмæ бампурстонцæ æма Гурдзийæй байстонцæ Гури федар. Карталини æлдæртти сæр – Амада – æрæмбурд кодта æфсæдтæ, бампурстонцæ Гури федармæ, фал æй ирæй байсун нæ бафæразтонцæ. Уой фæсте Гурдзи æма Ир бафедудтонцæ, фал бабæй уæдта фæббуцæу æнцæ, нæуæгæй бабæй истох кодтонцæ, æма 1296 анзи, Вирхел, зæгъгæ, номдзуд æлдар, гурдзиаг æфсæдти хæццæ æрбадтæй Гури федари алфамбулай, уой гъæуайгæнæг Ири хæццæ æртæ анзи фæттох кодта æма сæ уæддæр басаста.

Еци рæстæги Ир сæхуæдтæ дæр æмпурстонцæ Калакмæ, райстонцæ ’й, фал æй уæдта рагæлстонцæ.

Калакмæ бампурсæг ирон æфсæдти фæтæг Береджан хундтæй, æма ин æцæгæлæнттæй фæййагъаз æнцæ Сатхис æма Узурабек.

Æвæдзи, Сахтис сомехаг адтæй, Узурабек ба фæскавказон тæтæйраг, æма надамонæг адтайуонцæ. 1299 анзи Ос-Бæгъатæр хъæбæр æлхъевун байдæдта гурдзиаг æфсæдти, æма уæд æргом æ фарс ралæудтæнцæ тæтæри æфсæдти фæтæг Хутлу-Сах-Нойн æма еу гурдзиаг æлдар Салва-Квена-Флавел, берæ зæнхæ æма берæ адæм ке къохи адтæнцæ, паддзахи хузæн æ бæстæн æлдареуæг ка кодта.

Уой фæсте Ос-Бæгъатæр байахæста Карталини æма Триалети бæстæ æнæгъæнæй дæр, гурдзиаг æлдæртти æма уони фарсхуæцæг азнаурти еци рауæнæй фæссурдта.

Гурдзий паддзах Давид VI æрæмбурд ма кодта Калаки 15 мин æфсæддони кæми адтæй, уæхæн æфсад, ралæудтæй сæ хæццæ Ири фарсхуæцæг тæтæйраг æфсæдтæбæл æма сæ ниппурхæ кодта, фал уой фæсте дæр Ирæн æ бон неци иссæй. Е нæ, фал Ос-Бæгъатæр байста Гурдзийæй Рами федар.

Карталини æма Триалети бæстæ Ири къохи ку бафтудæнцæ, уæд Кура-дони билæбæл Джерети коми Ос-Бæгъатæр исаразун кодта устур федар, цæмæй Ир хъæбæрдæр æрфедар уонцæ фæсхонхи. Уой фæсте Ос-Бæгъатæр е ’фсæдти хæццæ рахизтæй фæсхонхæй цæгатмæ, исистун кодта Цæгат Иристони тæтæри нихмæ æма сæ фæййервæзун кодта уони къохæй, уæдта Цæгат æма Хонсар Иристон байеу кодта, нæуæгæй ирон паддзахадæ исаразта.

Иристони устур кадæ кæнунцæ Аланти паддзахади фæстаг паддзах Ос-Бæгъатæрæн. Фæстаг рæстæг ба дзубанди цæуй уобæл, цæмæй ин æвæрд æрцæуа циртдзæвæн. Алли-хузи фæндитæ равзурдæй адæммæ æма уой фæдбæл арæзт æрцудæй равдист-конкурс эскизон проекттæн. Æвддæс хузæгæнæги æма скульпто-ри бацæттæ кодтонцæ еу æма ин-сæй эскизи. Конкурс исаразтонцæ Цæгат Иристон-Аланий хузæгæнгути еугонд, истори æма археологий ин-ститут, уæдта кустуат «ДальЛес» (Мæскуйæй). Æркасти архайдтонцæ исфæлдистадон æма зонадон интел-лигенци, æхсæнадон архайгутæ. Дууæ къуæрей дæргъи конкур-сон къамис равзардзæнæй хуæздæр проект æма исбæлвурд кæндзæнæй уæлахездзауи ном. Уой фæсте, унаф-фæмæ гæсгæ Дзæуæгигъæуи Сæре-бари фæзи æвæрд æрцæудзæнæй цир-тдзæвæн Ос-Бæгъатæрæн. Уотемæй æностæмæ цæрдзæнæй нæ адæми астæу Аланти еудзийнадæ, сæребарæ æма уæгъдебарæбæл ка тох кодта, еци паддзахи ном. Уадзæ æма ‘й кæ-стæр фæлтæртæ зононцæ, цæхуæн рагфидтæлтæ нин адтæй, уой.


Ири намусгин фæтæги догæ адтæй тæккæ амондгундæр нæ адæмæн

Устур дессаг æй, урус æма берæ æндæр адæмтæ уæд кæмæй ризтæнцæ, еци тæтæр Ос-Бæгъатæри басæттун ке нæ бафæразта. Ос-Бæгъатæр син, æвæдзи, се ’фсæдти хонхи наргутæмæ сайдта æма цагъта, уæдта сæ Ири будуртæй дæр ратардта, хъæбæр сæ фæттæрсун кодта, æма уой фæсте æ хæццæ истох кæнунмæ сæ нифс нæбал бахастонцæ.

Ос-Бæгъатæри ирон ном Алгъуз хундтæй æма «Ири цитгин Алгъуз, Ири æскъуæлхт лæг Ос-Бæгъатæр», зæгъгæ, кадгин ном ин равардтонцæ гурдзиæгтæ. Нузали рагон аргъауæни гурдзиагау финст ци кадæнгæ æфснайд адтæй «Алгъузиани», зæгъгæ, уоми дæр, æвæдзи, Алгъуз-Ос-Бæгъатæри кой цæуй.

«Алгъузиани» Алгъузи хонуй ирон паддзах, устур тох ка фæккодта Ири хъоргæнæг синхæгти хæццæ æма Кæсæги, Кистини, Цæцæни, Хъалмухъи ка басаста, ирон паддзахади арæнтæ идæрдтæбæл ка рахаста, сауæнгæ денгизмæ.

Нузали рагон аргъауæни фарсбæл Ос-Бæгъатæри туххæй ци финст адтæй гурдзиагау, е куд зæгъуй, уотемæй Ос-Бæгъатæр тох кодта цуппар паддзахадей хæццæ æма басаста Кавкази адæмти, æрсабур сæ кодта. Еудзурдæй, секкаг нæй, «Алгъузиани» ке кой кæнуй, еци Алгъуз ке ’й Алгъуз-Ос-Бæгъатæр, уой.

Ос-Бæгъатæри туххæй Уæллагири ци таурæхътæ байзадæй, уонæй куд зиннуй, уотемæй Ос-Бæгъатæр æ рамæлæти уæнгæ устур хъазауатæй фæттох кодта Ири знæгти нихмæ, тох кодта Абхази хæццæ дæр, Имератти хæццæ дæр æма си байста еу устур галауан – Хедис-Къари, Оны Калакæй дæлдæр Риони дони билæбæл ка лæудтæй нарæг коми.

Ос-Бæгъатæри койгæнæг Уæллагири таурæхътæ ма зæгъунцæ: Гурдзий хæццæ тох кæнгæй, Ос-Бæгъатæри къохи бафтудæй Гурдзий паддзахи хуæрæ æма ’й æхецæн уосæн ракурдта. Гурдзий паддзах исфæндæ кодта хийнæй рацæун Ос-Бæгъатæрбæл æма ’й, куд æ сиахси,  уотæ исхудта Мцхетмæ, – æрцо æма бафедауæн, мæ хуæри дæр дæ хæццæ æркæнæ æма уин киндзæхсæвæр исаразон, зæгъгæ. Уотемæй Ос-Бæгъатæри æхебæл баууæндун кодта, æма еу къуар æфсæддоней хæццæ Ос-Бæгъатæр рараст æй Мцхетмæ. Мцхетмæ ку бахæстæг æй, уæд æй Арагуй донбæл бахезун гъудæй, хед кæми нæййес, уæхæн рауæн. Арагуй иннæ фарс лæудтæй Гурдзий паддзах æд æфсæдтæ гæрзефтонгæй. Ос-Бæгъатæр æнгъæл адтæй, Гурдзий паддзах ин кадæ кæнуй æма æууæнкæй е ’фсæддонти разæй бацудæй Арагуй дони, æма дони хæццæ тох кæнгæй, цæугæдони иннæ билæмæ куд рацудæй, уотæ ’й æнæнгъæлти фатæй ниццавта Гурдзий паддзах, рамардта ’й, æма Ос-Бæгъатæри дон фæлласта.

Гурдзий паддзахмæ устур хундмæ цæугæй, Ос-Бæгъатæр æ хæццæ куд нæ райстайдæ æ цæдесæмбæлтти, е ’фсади раздзæугути æма етæ дæр æ хæццæ фесавдæнцæ. Уотемæй ирон æфсæдтæ се ’скъуæлхт фæтæгæй æма сæ бæгъатæр раздзæугутæй фæффудевгед æнцæ, æнæ аразæгæй æма æнæ унаффæй ихæлдмæ цудæнцæ, се ’хсарæ басастæй, æма бабæй знæгтæ фæууæлахез æнцæ Ирбæл. Хонсар Иристони бæстæ Гурдзий паддзахадæ байста æма ’й нæуæгæй æлдæртти барæ бакодта, Цæгат Иристони ба тæтæри хан басаста æма сæбæл хъалон исæвардта.

Уой фæсте тæтæри хан æма гурдзиаг æлдæрттæ хорх кæнун байдæдтонцæ Ири, сæ хъаурæ син æнæгъæнæй басастонцæ.  Мадта тæтæри ханадæ ку фехалдæй, гурдзиаг паддзахадæ ку искунæг æй, уæддæр сæ фур æдзæллагæй Ир нæ базудтонцæ хе паддзахадæ исаразун, хебарæй цард иссерун, æма сæбæл кæсæг дæр ма уæлахез фæцæнцæ, Цæгат Кавкази сонгун зæнхæ будуртæй сæ батардтонцæ хонхмæ.

Ос-Бæгъатæри туххæй Нузали рагон аргъауæни фарсбæл гурдзиагау уæхæн финст адтæй: «Мах адтан фараст æнсувæри… Ос-Бæгъатæр  æма Давид-Сослан, цуппар паддзахадей хæццæ ка тох кодта, Федар, Джадар, Сохъур æма Джеор, сæ устур хъазауатæй ка резун кодта знæгти, етæ. Ме ’нсувæртæй æртæ – Исахъ, Раман æма Басил, киристон динамонæг адтæнцæ. Мах гъæуай кæнæн нарæг æрбацæуæнтæ цуппарæрдигæй. Къасарай нин ес галауан. Æруагæс ми кæнуй, уодæн мæлæт ке нæййес, æма аци дуйнебæл æдæрсгæй цæрун. Сугъзæрийнæгин æма мæмæ æвзестæгин зæнхитæ донæй ахиддæр æнцæ, Кавкази æрсабур кодтон, цуппар паддзахадей хæццæ тох кодтон, Гурдзий паддзахи хуæри раскъафтон, æма мæбæл паддзах хийнæй рацудæй, рамардта мæ, донæн мæ фæлласун кодта, æма ирон æфсад бабун æнцæ. Ай ка бакæса, е мин рохсаг зæгъæд…»

Аци финст ма æргом кæнуй, Ос-Бæгъатæри доги Ир сæ хуæнхти хурфæй хæзнатæ къахун ке зудтонцæ æма уой фæрци сæ къохи берæ хæзна ке ‘фтудæй, уой. Ир уæд устур рæсугъд азгъунститæ амайун ке зудтонцæ, æма сæ алли аййев дзаумæуттæй ке фæлгонц кодтонцæ, е ба бæрæг æй «Алгъузиани»-йæй.

Еудзурдæй, финст хабæрттæй æма Уæллагири таурæхътæй куд зиннуй, уотемæй Ос-Бæгъатæри рæстæг амондгун догæ адтæй Ирæн, æма син уæд бантæстæй се ’знæгти дæр басæттун, сæ есбон дæр исахид кæнун, æма уой фæрци уæд æдæрсгæй, хебарæй æма æнæгъæуагæй цардæнцæ, æнтæстæй син берæ æма сæ гъуддæгутæй равдистонцæ, ирон уоди хъауритæ устур ке ’нцæ æма Ирæн сæ бон ке ’й, байеу уогæй, устур гъуддæгутæ бакæнун.

 

Мартъи, 1922 анз,

Дзæуæгигъæу.