06 декабря 2024

ПАЙДАЙАГ ЗАЙÆГОЙ – ДАБОНÆ

18.03.2023 | 18:34

Цæгат Иристони æрдзæ гъæздуг æй аллихузон хуæрунмæ ка  бæззуй, уæхæн зайæгойтæй. Дабонæ ба нæмæ уæлдай ахиддæр æй. Кæми нæ фæууиндзæнæ аци содзагæ æма тæфгæнагæ зайæгой, уæхæн бунæттæ берæ нæййес нæ республики. Арæхъи рæгъти хонсарвæрстæй уæлдай берæгæйттæй зайуй Тарскийи, Сунжи, Майрæмадаги, Хæтæлдони, Суадаги æма æндæр гъæути къилдунти, уæлдайдæр ба Субийи гъæди Хъабагъуати æма Бадзийи кæмтти.

Адæймаг зуймон рæстæги æрлæмæгъ уй, организми гъæугæ витаминтæ ке нæбал фæффагæ кæнуй, уой туххæй. Уомæ гæсгæ ’й фæттухгиндæр кæнунæн тæккæ хуæздæр мадзал æй дабонæ хуæрун.

Дабонæ кенæ арси гъæдзиндзæ, кенæ гъæддаг бодæн æй берæанзон зайæгой. Æмбурд æй фæккæнунцæ мартъий, апърели, майи. Деденæг ба фæккалуй июни. Берæгæйттæй зайуй Центрон Европи: Австрий, Бельгий, Чехий, Словакий, Германий, Венгрий, Польший, Швейцарий; Цæгат Европи: Даний, Финляндий, Ирландий, Норвегий, Швеций, Великобританий; Хонсар Европи: Румыний, Болгарий, Югославий, Греций, Италий, Франций, Испаний, Украини, Белоруссий; Кавкази: Сомехи, Азербайджани, Гурдзий æма Турки дæр.

Гъæддаг дабонæ зайуй сауæнгæ тундри уæнгæ дæр. Ахиддæр æй фæууинæн ес цæугæдæнттæмæ хæстæг дæлвæзти. Æ сифтæ уæлдай хуæрзадæдæр æнцæ уæлдæфи температурæ 12-17 градуси ку фæууй, уæд. Уомæй уæлæмæ сæ хуæрзгъæдæдзийнадæ лæгъуздæр кæнун райдайуй, уæлдайдæр сор рæстæг. Дабони сифтæ маргæйдзаг зайæгой ландыши сифти хузæн ке ’нцæ, уой туххæй сæ кæрæдземæй æртасун зонун гъæуй.

Нуртæккæ æй дабонæ цæттæ кæнуни тæккæ афонæ. Берети фæффæндуй уалдзæги фиццаг халæй тагъд-тагъдæй фегъæстæ ун æма уомæн гæнæн дæр ес. Ахургæндтæ куд рартастонцæ, уотемæй дабонæ гъæздуг æй пайдайаг бауæргъæдтæй. Айдагъ аскорбини тауæгадæ си ес, апельсин кенæ лимонæй 10-15 хатти фулдæр. Витамин С – берæ. Уомæй уæлдай, дабони сифти æма зæнги ес эфири сойнæ, органикон бауæргъæдтæ æма фитонцидтæ дæр. Етæ еугурæйдæр æвдадзи хуасæ ’нцæ адæймаги организмæн.

Дохтиртæ дабонæ амонунцæ куд адæймаги организм кæдзосгæнæн фæрæзнæ. Пайда си кæнунцæ аллихузон микробти, еуæй-еу незти нихмæ. Мадта адæмон медицини дæр æ ахедундзийнадæ минкъий нæй. Дабонæ фæххуæрунцæ, адæймаги уазал ку бацæуй, хуфгæ ку фæккæнуй, уæд. Æ зæнгитæ ци дони исфицонцæ, е ба æвдадзи хуасæ æй гъæдгинтæ дзæбæх кæнунæн. Хумæтæги нæмæ нæ байзадæй уæхæн загъд, дабонæ авд нези нихмæ лæууй, зæгъгæ. Куд рагон хуасийнæ зайæгой, уотæ зундгонд адтæй сауæнгæ гермайнæгтæн, кельтæгтæн æма ромæгтæн дæр. Археологион æртасæнтæ æнхæст кæнгæй, разхуæнхон Альпити дабони фæдтæ иссирдтонцæ адæймаги недзаманти цæрæнбунæтти. Е дзорæг æй, дабонæй 5000 анзей размæ дæр пайдагонд ке цудæй, уобæл.

Дабони фитонцидтæ берæ кæми ес, уой туххæй хуарз æнхус кæнуй губуни листæг кæлмитæ фесафунæн, бæззуй микробти нихмæ архайдæн. Амонунцæ ’й цинга дзæбæх кæнунæн, агъаз кæнуй тогæфсесадæн.

Еузагъдæй, адæмон медицини си пайдагонд цæуй мин анзей дæргъци, уæдта ма тъæнгти аллихузон цæфсгæ незтæй дзæбæх кæнунæн дæр. Рагон Рим æма астæуккаг æности дабонæ хуарз фæрæзнæ адтæй ахсæн æма тог кæдзос кæнунæн. Берæ æности размæ ци медицинон фæллæнттæ финст æрцудæнцæ, уонæми ба финст цæуй, зæгъгæ, дабонæ пайдайаг фæрæзнæ ’й, халерæ, æндæр цæфсгæ незти рæстæг. Дабони донæй дзæбæх кæнунцæ тæфсагæ, хуфæг, хъурти незтæ, индис æма æндæртæ. Пайда кæнæн си ес, куд ниуазгæй, хуæргæй æма бауæр уомæй исæрдуни фæрци дæр.

Аци зайæгой æй диетикон продукт дæр. Ку си хуæрай, уæд æвзаг, комикъолтæ фæссодзуй, фал е неци зиан хæссуй. Адæймагмæ хуæрун хъæбæрдæр æрцæуй, организм ба си хъаурæгиндæр кæнуй. Хуарз агъаз æй ахсæн æма тъæнгтæ ракæдзос кæнунæн дæр. Дабонæй кæнунцæ салаттæ æма винегреттæ. Мадта, цæхгунæй дæр æ адæ æма хуасæгæнæн менеугутæ не ’сафуй. Бунæттон цæргутæ си ахид пайда кæнунцæ дзосæ кæнунæн. Дабони сифтæ ку нæма фæхъхъæбæр унцæ, уæд хуарз æнцæ нæуæгæлхъивд цихти хæццæ къеретæ кæнунæн.

Аци зайæгойæй хуастæф æма си хуæруйнаг  кæнунæй уæлдай зонун гъæуй æ цæттæ кæнун дæр. Махмæ ’й хæссун райдайунцæ рагуалдзæги, æ сифтæ ма фæлмæн ку фæуунцæ, уæд. Гъæуама кардæй лухгонд цæуонцæ айдагъдæр сифтæ, сæ бунти хæццæ син кæрдæн нæййес. Уомæн æма дабонæ цæттæ кæнгæй, федæн анзи тиллæгбæл дæр гъуди кæнун гъæуй. Еугур зайæгойтæн ба кæрдæн нæййес. Гъæуама алли квадратон метри дæр уагъд цæуа 15-20 зайæгойи, цæмæй æ муггаг ма фесæфа.

Гъулæггагæн, аци амунддзийнæдтæ анзæй-анзмæ неке æнхæст кæнуй. Ке куд фæндуй, уотæ къахуй дабонæ, нæ республики æрдзæгъæуайгæнæг оргæнтæ ба нур цал анзи еу фæткæ нæма исаразтонцæ аци пайдайаг зайæгой багъæуай кæнуни туххæй. Цæрæнбунæттæй идарддæр ке зайуй, е ма ’й гъæуай кæнуй, æндæр ба айфонмæ фесавдайдæ.

Пайдайаг зайæгойæн уæлдай фулдæр зæран хæссунцæ адæм. Рагуалдзæги дабонæ куддæр базмæлуй, уотæ ’й гъæйттæй æмбурд кæнунмæ февналунцæ æма ’й голлæгутæй хæссун байдайунцæ уæйæ кæнунмæ. Фал айдагъ абони пайдабæл гъуди кæнун нæ гъæуй. Гъæугæ мадзæлттæ исаразун гъæуй, цæмæй дессаги хуасæгæнæн зайæгой бунисæфт ма фæууа æма æнæгъигæдардæй байзайа нæ байзæдтæгтæн дæр, уонæн дæр пайдахæссæг исуа.

ТОХСИРТИ Къоста