26 апреля 2024

ПОЭМӔ Гурмехан

17.03.2021 | 19:28

Мӕнӕ абони ци поэмӕ мухур кӕнӕн, уой кой ма кӕддӕр кодтан, Темирати номдзуд лӕгтӕй еу, Мӕрзахъули фурт Андрейи туххӕй финст ӕрмӕги. Ӕ кой ба ин искодтан, Темирати муггаги равзурди хабӕрттӕ ӕримисгӕй. Еци хабӕрттӕй еуемӕ гӕсгӕ, раги кӕддӕр, дан, Ассийӕй Дигори коммӕ Гайуайти муггагӕй ӕрбафтудӕнцӕ цуппар ӕнсувӕри: Темира, Сӕууай, Дзанкис, Саукуй, уӕдта сӕ еунӕг хуӕрӕ – Гумерхан. Аци таурӕхъи кой ку искодтан Андрейӕн, уӕд нин е ба уотӕ бакодта, гъома, дан, си цидӕртӕ бустӕги раст нӕ ‘нцӕ. Ӕ загъдмӕ гӕсгӕ, раст дӕр ӕй, сӕ муггаги номдзуддӕр лӕгтӕй еу, поэт, дзенети бадӕг Темирати Морат ӕ поэмӕ «Байборухъ ӕма ӕ уӕларвон кизгӕ Гурмехан»-и сӕ муггаги равзурди туххӕй куд финсуй, е. Абони ӕй мах дӕр уомӕ гӕсгӕ мухур кӕнӕн, ӕма уотӕ нӕмӕ кӕсуй, цума цӕмӕдессаг уодзӕнӕй айдагъ Темирати муггагӕн нӕ, фал нӕ Дигоргоми рагон хабӕрттӕмӕ тулаваст ка ‘й, уонӕн еугуремӕн дӕр.

Нур ба цубурӕй ӕ ниффинсӕги туххӕй. Темирати Дзомати фурт Морат райгурдӕй Киристонгъӕуи 1929 анзи. Скъола каст фӕууни фӕсте (1949 анзи) ахур кӕнунмӕ бацудӕй Тифлиси артиллерион ӕфсӕддон училищемӕ. Уой каст фӕууогӕй, ӕрвист ӕрцудӕй Камчатки ӕфсӕддон хӕйттӕй еуемӕ. Уоми ӕ службӕ 1954 анзи фӕууогӕй, исӕздахтӕй Цӕгат Иристонмӕ. Архайдта Дзӕуӕгигъӕуи ӕфсӕддон хӕйтти еуей арӕзтади, фӕстӕдӕр (1960 анзи) ба ‘й рарвистонцӕ Дигорай ӕфсӕддон комиссариатмӕ ӕма си пенсимӕ рацӕуни уӕнгӕ фӕккуста аллихузон бӕрнон бунӕтти. Хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй аллихузон паддзахадон хуӕрзеугутӕй. Морат ӕхцул адтӕй исфӕлдистадон кустбӕл дӕр. Ӕ рӕстӕги ин рацудӕй поэзий дууӕ киунуги «Ӕхсинтти ком» (1997 анзи) ӕма «Мӕ зӕрди хор – Дигоргом» (2002 анзи). Гъулӕггагӕн, ӕ дуккаг киунугӕ ӕхуӕдӕг нӕбал фӕууидта, е ‘носон дуйнемӕ бацудӕй…

Гурмехан
Байборухъ æма нæ уæларвон хуæрæ Гурмехан

1.

Устур Кӕсӕгӕй, Уазай ӕфцӕгбӕл

Ӕ фусти дзогӕ фӕхстӕбӕл хезгӕ,

Ку ӕрбафтуйуй Дигори коммӕ

Байборухъ, зӕгъгӕ, Гайуайти лӕхъуӕн.

Байборухъ адтӕй, бӕхбӕл гъазунмӕ,

Топпӕй ӕхсунмӕ – хуӕрзарӕхст лӕппо.

Ӕ гъӕздугадӕ ӕдеугур адтӕй:

Ӕ фусти дзогӕ еу-сӕди бӕрцӕ,

Ӕ саргъи цъӕх бӕх, дууӕ селӕни –

Еу хундтӕй «Байсор» иннӕ ба «Баййаф»,

Ӕ цӕгъдӕн хӕтӕл, ӕхснеуӕн – фӕрӕт,

Ӕрцъинггӕнӕнтӕ идзӕгъни хӕццӕ.

Ӕ нимӕт уидӕ баслухъи хӕццӕ,

Зӕнгбӕттӕнӕй баст ӕ фӕсабӕрцӕ,

Ӕ цауӕйнон топп е ‘фцӕгбӕл ауигъд,

Ӕ фиййау циргъ кард ӕ суйни сӕрбӕл.

Ӕрфусун кӕнуй Дигори коми,

Донифарс кӕми ‘й нур, тӕккӕ, уоми.

И хонсар фахси, кӕрдӕги арфи,

И сауӕрдонӕн ӕ тӕккӕ рази.

Тъӕпӕн Дигори нифсхаст фӕсевӕд,

Цауӕни цӕугӕй ку ‘ристӕфунцӕ

Нӕуӕг ӕрцӕрӕг Уорс хонхи бунмӕ.

Еу райдзаст бони, цауӕни цӕугӕй,

И дигорӕнттӕ сӕ еци фӕндаг

Ку ракӕнунцӕ уӕд Байборухъбӕл.

Салан – келантӕ: ка дӕ – кӕцӕй дӕ?

– Ӕз дӕн Гайуайтӕй, хуннун – Байборухъ.

Ассиӕй цӕун мӕ фустӕ хезгӕ.

Ниттаведзӕ уй и бӕлццӕнттӕбӕл:

– Нур цалдӕр бони, мӕ даргъ фӕндагбӕл,

Нӕма фӕууидтон ӕз лӕг ӕзмӕлӕг!

Уотӕ дзоргӕй син ракосарт кӕнуй

Ӕ фусти дзогӕй еу нӕлгост далис.

Ба сӕ рӕвдауй, бӕлццон ӕгъдауӕй –

Е ‘гъӕлдзӕг дзурдӕй, ӕ цӕстингасӕй.

Иссӕ боц кӕнуй цӕнхӕ – кӕрдзинӕй.

Ӕ нӕртон ӕгъдау, ӕ бунати дзурд,

Е ‘уӕнгти ӕзмӕлд уӕд Байборухъӕн

Ку фӕццудӕнцӕ дигоргоймӕгтӕн

Сӕ зӕрдитӕмӕ.

Фӕллимӕн унцӕ, цӕветтонгӕ-ма,

Рагӕй зонгӕ ‘нцӕ.

… Гъазгӕ – ходгӕй син ку райеудагъ уй –

Топпӕй ӕхсунмӕ, хъабагъ ӕхститӕ.

Фӕййерис унцӕ: бӕхбӕл бадунмӕ,

Топпӕй ӕхсунмӕ, уӕзӕ есунмӕ.

Еци еристи фӕууӕлахез уй,

Ӕнӕ гурусхӕй, нӕуӕг ӕрцӕрӕг –

Гайуайти лӕппо – ӕвзонг Байборухъ.

2.

Дигоргоймӕгтӕ, устур десгӕнгӕ,

Исӕздӕхунцӕ сӕ тъӕпӕн гъӕумӕ.

Сӕ боц хестӕртӕн, и хорбадӕни,

Ку ӕрдзорунцӕ сӕ нӕуӕг хабар.

Ӕвзедгӕ хузӕй – ӕнхъерӕнгӕнгӕ.

Рацудӕй рӕстӕг, еу мӕйи бӕрцӕ.

И тъӕпӕн гъӕуи ӕхсӕст фӕсевӕд,

Сӕ домбайдӕртӕ: рӕстдӕр ӕхсгутӕ,

Бӕхбӕл бадгутӕ, хуӕздӕр хуӕцгутӕ,

Ӕрфестӕг унцӕ Гайуайи – фуртмӕ,

Исаразунцӕ устур еристӕ:

Топпӕй ӕхсунмӕ, бӕхбӕл бадунмӕ,

Дортӕ есунмӕ – нӕртон гъӕзтитӕ.

Нур, аци хатт дӕр и карз еристи

Фӕууӕлахез уй сӕ нӕуӕг бӕлццон,

Гайуайти лӕппо – ӕвзонг Байборухъ.

3.

Дигоргоймӕгтӕ, сӕртӕ губурӕй,

Иуонг бӕрзондӕй, исӕздӕхунцӕ

Устур десгӕнгӕ сӕ цӕрӕн гъӕумӕ.

Сӕ цӕрӕн гъӕуи, устур нихӕси,

Гъӕуи хестӕртӕн ку ӕрдзорунцӕ,

Къӕндзӕстуг уогӕй, сӕ балций хабар.

 «Нӕуӕг ӕрцӕрӕг – Байборухъ, зӕгъгӕ,

Топпӕй ӕхсунмӕ, бӕхбӕл бадунмӕ

Еугуребӕл дӕр фӕууӕлахез ӕй, –

Фӕссорун ӕй гъӕуй а Дигоргомӕй!»

Гъӕуи хестӕртӕ, ӕдзинӕг фегъосгӕй

Сӕ кӕстӕртӕмӕ, уӕд ку зӕгъунцӕ,

Сӕ фӕндон уонӕн:

– Е соргӕ нӕй, фал ӕрӕллаугӕнгӕ ‘й.

Уӕхӕн сахъ биццеу, уӕхӕн сӕрӕн лӕг

А уӕхӕн доги исбӕздзӕй махӕн

Ӕзнӕгти нихмӕ, нихкъуӕрд раттунмӕ.

Раттун ин гъӕуй, нӕхе ӕнбарӕ,

Нӕ гъӕуи фалдзос цӕруни барӕ.

Раттунцӕ барӕ, уӕд, Гайуай-фуртӕн,

И гъӕуи фалдзос, цӕруни барӕ.

Байборухъи ма ци хуӕздӕр гъудӕй?

Ӕрфусун кӕнуй уездӕнтти гъӕуи –

Тъӕпӕн Дигори и фӕндаггӕрон.

4.

Фецудта рӕстӕг, ӕрцудӕй фӕззӕг,

Еци дзамани Тъӕпӕн Дигори

Киндзӕ хӕстити, кизгӕ ‘рвистити,

Сӕ цийни усми игъӕлдзӕг адӕм

Аразиуонцӕ бӕхтӕбӕл догътӕ,

Хъабагъ ӕхсунмӕ, нӕртон еристӕ.

Уӕхӕн ерисмӕ ӕрцӕуиуонцӕ,

Гъӕуи цӕргутӕ ӕд цъелӕ-мелӕ

Фӕрсаг гъӕутӕй дӕр берӕ адӕмтӕ.

Еци еристи ӕвзонг Байборухъ

Алкӕд ахӕста раззагдӕр бунат.

Ӕ нифс, ӕ хъаурӕ, ӕ зунди фӕрци.

Ӕ лӕгдзийнадӕ, ӕ хуарзи хабар,

Райгъустӕй уайтагъд Дигори коми.

Гъӕуи медӕги хуӕрзконд кизгуттӕ

Ку бафтудтонцӕ ӕвзонг Борухъи

Цидӕр сагъӕсти, цидӕр гъудити:

 «Царди ӕмбал мӕ иссерун гъӕуй», –

Ӕхецӕн уотӕ нигъгъуди кӕнуй.

Е ку барветуй ӕ минӕвӕрттӕ,

И уӕздан муггаг – Абисалтӕмӕ.

И уӕздан муггаг исаккаг кӕнуй,

Уарзон хӕстӕгӕн Гайуайи фурти.

Сӕ сахи рӕсугъд – Абисалонӕн

Барӕ раттунцӕ ӕ царди ӕнкъай

Равзарунмӕ.

Дессаги нивӕ, дессаги амонд,

Уӕд ку ракӕсуй и Байборухъмӕ.

Хори рохс тунӕ – гъӕуи рӕсугъддӕр –

Ӕ уоди ӕмбал, ӕ царди нивӕ.

Кӕрӕдзей уарзгӕй, гъазгӕ ма ‘ходгӕй,

Ку ӕрвистонцӕ сӕ царди бӕнттӕ.

Уарзон сабийтӕ сӕ еумӕ царди

Уонӕн рантӕсуй Хуцауи фӕндӕй.

Цуппар лӕхъуӕни: Темира, Дзанкис,

Саукуй ‘ма Хъазах; ‘ма еунӕг кизгӕ,

Хорзӕрийнӕхуз – Гурмехан – рӕсугъд.

5.

И ӕнсувӕртӕ, уӕйгути хузӕн,

Цуппаремӕй дӕр ку рацудӕнцӕ,

Се ‘гуӕрдӕнтӕмӕ, хуасӕ кӕрдунмӕ.

Рӕфти уcми син сӕ еунӕг хуӕрӕ –

Гурмехан – рӕсугъд ку рацӕй хаста

Игуӕрдӕнтӕмӕ сӕ рӕфтади хай.

Еци бон адтӕй Арв сӕгъи цӕстау –

Арви гъӕбеси еу мегъи цъопп дӕр

А дуйнетӕбӕл некӕцӕй зиндтӕй.

Гурмехан – рӕсугъд, фӕстӕмӕ здӕхгӕй,

Нӕма нихъхъӕрттӕй Ирӕфи донмӕ:

Гъе уоци рӕстӕг и кӕдзос арвӕй

Еу уорс мегъи цъопп ӕхе ӕруадзуй,

Тӕхгӕ цӕргӕсау, зелӕн дунгӕхуз,

И кизгӕ ’рдӕмӕ.

Куд бундӕр, уотӕ устурдӕргӕнгӕ.

Уорс-уорсид мегъӕ, ӕ фӕлмӕн къохтӕй,

Ӕ гъар гъӕбеси ку ӕрбатохуй,

Гурмехан – рӕсугъд – Гайуайти кизги.

И ӕнсувӕртӕ ӕдзинӕг кӕсунцӕ,

И кизгӕ ӕма мегъи ӕртахтмӕ.

Мегъӕн е ‘ртахтӕй ӕ фӕстӕмӕ тахт

Ку фӕрраздӕр уй, арви ферттивдау,

И арви цъӕхи цӕстиникъулдмӕ

Ку ӕрбайсӕфуй и уорс мегъи цъопп,

И уорс мегъи цъопп и кизги хӕццӕ.

И ӕнсувӕртӕ цуппаремӕй дӕр

Ку бацӕунцӕ сӕ устур деси.

– Ӕдта ци ‘рбацӕй нӕ еунӕг хуӕрӕ?! –

Ку ӕрцӕунцӕ еци рауӕнмӕ –

Некӕми неке, некӕми неци?!

Уоми ма, ӕрмӕст, ку иссерунцӕ

И фӕндаггӕрон и кизги дзабур.

И ӕнсувӕртӕ ку ӕрцӕунцӕ

Сӕртӕ губурӕй сӕ хӕдзарӕмӕ.

Фӕхъхъонц кӕнунцӕ ӕхсӕвӕ – бонмӕ.

«Ауӕхӕн дессаг, ауӕхӕн хабар,

Нӕма фегъустӕй адӕми доги».

И бон фӕррохси цуппаремӕй дӕр

Ранӕхстӕр унцӕ сӕ хуӕри агор.

Темира цудӕй хонсарӕрдӕмӕ,

Дзанкис ба цудӕй хорискӕсӕнмӕ,

Саукуй – цӕгатмӕ, еугурей кӕстӕр –

Хъазах ка хундтӕй – хорнигулӕнмӕ.

Фӕййагорунцӕ къуӕре ӕнгъудӕй,

Хуӕнхтӕ ‘ма кӕмтти. Некӕми неке,

Зӕнхи цъарӕбӕл, некӕми неци!

Ӕрӕздӕхунцӕ сӕ хӕдзарӕмӕ,

Сӕ цӕрӕн гъӕумӕ – Фӕрӕскъӕттӕмӕ.

Нӕуӕгӕй бабӕй ранӕхстӕр унцӕ,

Цуппар ӕрвади цуппарӕрдӕмӕ,

Сӕ хуӕри агор къуӕре ӕнгъудӕй.

… Гъе уотемӕйти рӕстӕг дӕр цудӕй.

… Ӕрлӕудтӕй зумӕг – уазал ‘ма тузмӕг.

Гъе уӕддӕр етӕ нӕ фӕллайунцӕ,

Ӕдӕхсӕвӕ – ӕдӕбон сӕ хуӕри агор.

Еу бон фӕррохси и хорискастмӕ

Ковуни хузи дзоруй Темира:

«О, Дуней рохс, о – не ‘Сфӕлдесӕг,

Нӕ еунӕг хуӕрӕ, кӕми бафтудӕй,

Ци Идауӕг, ци изӕд уой фӕсвӕд кӕнуй?

Ра нӕмӕ ‘й уадзӕд, ра нӕмӕ кӕсӕд!

… Изӕр ӕрхӕццӕ ‘й. Хор фӕййаууон ӕй.

Цӕуй Темира никки изолдӕр.

Кавкази хуӕнхтӕй тӕккӕ бӕрзонддӕр –

Гурдзий ӕфцӕгбӕл и мети арфи,

Е ку бафтуйуй еу арси фӕдбӕл.

Темира зӕгъуй ӕхе меднимӕр:

«Ӕз аци фӕдбӕл кӕронмӕ цӕудзӕн,

Фӕд мӕ хӕсдзӕнӕй лӕгӕтмӕ уӕддӕр.

Лӕгӕти медӕг, ӕхсӕви усми,

Фӕийервӕздзӕнӕн и гъизт уазалӕй».

Бахъӕртуй уӕдмӕ устур лӕгӕтмӕ,

Ӕруадзон, зӕгъгӕ, мӕхе меднимӕт,

Гъе уотемӕйти, арви ферттивдау,

Лӕгӕти хурфӕ ку фӕррохс кӕнуй.

– Е ци уа цума? Ци Идауӕг уа?

Гъе уотӕ рӕхги Темира уинуй –

Ӕ бакомкоммӕ, и мед лӕгӕти,

Хуцауи фӕндӕй и дуар байгон уй.

И меддуар уинуй Изӕдбадӕн уат.

И уати астӕу сӕ еунӕг хуӕрӕ,

Хорау идзулгӕ, Гурмехан рӕсугъд.

Ра имӕ уайуй, ни ‘й хъури кӕнуй,

И уатмӕ дӕр ӕй бӕргӕ бахонуй.

Сӕ хъуритӕ ‘ма цийнити фӕсте

Гурмехан рӕсугъд ку ӕрцӕйдзоруй,

Ӕфсӕрмидзастӕй е ‘скъӕфти хабар:

 «Гъе еци бон, ку рацӕй цудтӕн,

И дони уӕнгӕ нӕма ӕрхъӕрттӕн,

Гъе уотемӕй мӕ уӕларвон тухӕ,

Уорс мегъи хузи ӕ фӕлмӕн къохтӕй,

Исцӕй ӕскъафта, ӕхемӕ ‘ртохгӕй,

Хуцауи дзурдӕй, ӕ уодӕмбалӕн.

… Хуцауи дзурдӕй, и дуйней фӕткӕй,

Нӕбал ес мӕнӕн фӕстӕмӕ ‘здӕхӕн,

Гъе фал уӕ уӕддӕр нӕ феронх кӕндзӕн.

Нӕ феронх кӕндзӕн, мӕ цӕргӕ бӕнтти…

Нур уин мӕ бон ӕй мӕнӕ аци лӕвар –

ТЕМИРАТИ дзиллæ алли анз дæр Дигоргоми сæ муггаги мæсуги рази сæрма-гондæй исаразунцæ кувд, иссерунцæ си сæ хуæрæ Гурмехани рохс ном.

Минкъий хъӕзин къос, куд Уацамонгӕ,

Е бӕрӕг кӕндзӕй: зин уӕбӕл цӕуа,

Цийнӕ уӕ хеза – еу мӕйӕ раздӕр.

Къоси билӕбӕл ку рацӕй бада,

Дони ӕртӕхтӕ, цӕссугтӕхуз,

Уӕд ӕй зонетӕ, зин уӕбӕл цӕудзӕй.

Къоси билӕбӕл ку рацӕй бадӕ,

Хорзӕрин фӕрдуг, тӕмӕнтӕ калгӕ,

Уӕд ӕй зондзинайтӕ – цийнӕ уӕ хезуй,

Хуцауи фӕндӕй, Хуцауи дзурдӕй.

Мӕнӕн еу мӕ ном ердзинайтӕ, цит –

Уасгергий бӕнтти, Геуӕргобати,

Ӕртӕ сӕфсади ӕхсири тулдӕй.

Еумӕ нин фулдӕр рӕстӕг нӕбал е …

Хуцауи фӕндӕй, нур дӕуӕн цӕугӕ ‘й –

Фӕндараст кӕнӕ дӕ хуӕри фӕндон!»

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Темиратӕ, ‘ма

Дзанкисти муггаг, Саукуйтӕ ӕма

Хъазахти муггаг зӕрдӕй ковунцӕ,

Уасгергий бӕнтти сӕ уарзон хуӕрӕ –

Гурмеханмӕ дӕр изӕдти хӕццӕ.