26 апреля 2024

ПОЭЗИЙ СУГЪДӔГ САУӔДОНӔ

11.11.2021 | 17:09

САБАЙТИ Сулейман, (1930-2014) профессор, поэт, публицист

Малити Геуӕргий сфӕлдистадӕ ӕй поэзий сугъдӕг сауӕдонӕ. Нӕ номдзуд курухон поэт ӕхуӕдӕг хуӕнхаг сауӕдонӕй е ‘мдзӕвгӕ «Дзирасгӕ»-йи куд загъта:

Сур-сур кӕнуй Дзирасгӕ
Зӕнхи бунӕй рӕсог.
Гъӕйдӕ, бӕлццон, ниуазгӕ,
Фетинг кӕнӕ дӕ тог.
Ӕгас дуйне нисгарӕ, –
Амӕн ӕмбал нӕййес.
Ниуазгӕ, цӕй, ме ‘нгарӕ,
Фесӕфдзӕнӕй дӕ нез…

Уоййау ӕ поэзи дӕр игуруй зӕрди арф уедӕгтӕй ӕма адӕймагӕн унгӕг бони феронх кӕнуй ӕ незтӕ, ӕ катайтӕ. Батавуй зӕрдӕ цидӕр ӕнахур ӕхцӕуӕндзийнадӕй. Геуӕргий поэзий хӕццӕ еухатт ка базонгӕ уа, уомӕй некӕдбал иронх кӕнуй ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ дӕр. Абони хузӕн нур дӕр ма цӕститӕбӕл рагъазуй, е ‘сфӕлдистади хӕццӕ фиццагидӕр куд ӕма кутемӕй базонгӕ дӕн, е. Уӕд Устур Фидибӕстон тугъд немуцаг фашистти нихмӕ адтӕй ӕ тӕккӕ карзи. Кӕд ӕгудзӕг, тухст дзаман адтӕй, уӕддӕр махӕн, Лескени скъолай ахурдзаутӕн, нӕ уӕгӕ нӕ мардӕй колхози саугустити дӕр ӕма ахури дӕр. Еууӕхӕни нин нӕ ахургӕнӕг Сагети Рамазан фегъосун кодта, чиколайаг, Ирӕфи райони газет «Социалистон Дигорӕ»-йи косӕг, ӕригон поэт Кертанти Тъӕхирӕй райстон цубур рӕстӕгмӕ ӕмгъудӕй Малити Геуӕргий киунугӕ «Ирӕф» ӕма уин ӕй фӕсуроктӕ бакӕсдзӕн, зӕгъгӕ. Уой уӕнгӕ дӕр ма цидӕртӕ фегъустан нӕ хестӕр фӕлтӕрти дзубандитӕй Геуӕргий алӕмӕттаг уадзимисти туххӕй ӕма нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй еци хабар. Рамазан ӕй айдагъ литературон къуари иуӕнгтӕн бакӕсунмӕ гъавта, уӕди рӕстӕги Геуӕрги ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ киунугӕ дӕр ахӕст ке адтӕнцӕ, ӕнӕ еу ести фудгинӕй, уомӕ гӕсгӕ. Фал уайтӕккӕдӕр рахабар ӕй, ӕма устур къласи къох бакӕнӕн дӕр нӕбал адтӕй, уойбӕрцӕ адӕм ӕрӕмбурд ӕй. Нӕ зӕрдӕмӕ уотӕ хъӕбӕр фӕццудӕй, ӕма ‘й къохӕй рафинстан цалдӕремӕй. Уогӕ, аци хабари туххӕй ма Рамазан ӕхуӕдӕг дӕр финста айразмӕ. Еци киунугӕ ма дуккаг хатт дӕр нӕ къохи бафтудӕй уӕди рӕстӕги ахурдзау ӕма нури зундгонд журналист Амилахуанти Хизири фӕрци. Уӕддӕр бабӕй ӕй къохӕй рафинстонцӕ беретӕ. Цӕй медӕгӕ ‘й Геуӕргий сфӕлдистади еци ӕхемӕ ӕлвасундзийнадӕ, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй, тӕккӕ фиццагидӕр зӕрдӕбӕл ӕрлӕуунцӕ номдзуд В.Г. Белинскийи гъудитӕ поэзий туххӕй. Кӕддӕриддӕр е литературон уадзимиси ахсгиагдӕр ӕма хуӕздӕр менеугутӕй еуебӕл, устур искурдиади бӕрӕггӕнӕнбӕл нимадта ӕ хумӕтӕг, ӕнцон лӕдӕрундзийнадӕ. Ӕнӕмӕнгӕ, уӕхӕн искурдиадӕй хайгин адтӕй Геуӕрги дӕр. Цийфӕнди уадзимис дӕр ку райсӕн поэти сфӕлдистадӕй, уӕд ин фиццагидӕр рахатӕн ӕ хумӕтӕг ӕнцон лӕдӕрӕн ӕма зӕллангдзийнади муртӕ. Дзурдтӕ сауӕдони цӕхъалти сӕр-сӕрау, мӕлгъи заруни хузӕн, зӕрбатуги цъӕбар-цъубурау ӕгъзӕлунцӕ ӕма зӕрдӕ агайунцӕ. Уӕхӕн адӕмон поэти дӕсниадӕмӕ бӕлдтӕй ӕхуӕдӕг дӕр, ӕма ӕнӕмӕнгӕ ӕ къохи бафтудӕй еци ацъагъуӕ. Ӕрхӕсдзӕнӕн айдагъдӕр еунӕг цӕветтон Геуӕргийӕн ӕхе ӕмдзӕвгӕ «Тӕходуй, ӕна»-ӕй.

Уӕд еугур дуйне
Ӕримбурд уидӕ,
Мӕ цӕгъдтӕлтӕмӕ
Ӕригъосидӕ.
Кӕми ци седзӕр,
Кӕми ци мӕгур, –
Бауарзиуонцӕ
Мӕ дессаг фӕндур…

Нӕ бон зӕгъун ӕй, поэзи ӕма музыкӕй адӕмон сфӕлдистади хуӕздӕр менеугутӕ ӕма адӕми рохс бӕлдитӕ Геуӕргий сфӕлдистади байеу ӕнцӕ, зӕгъгӕ. Уой уӕлӕнхасӕн ба ма ӕ уадзимисти устурдӕр ахедундзийнадӕ ӕй сӕ арф гъудитӕ, зӕрдӕагайӕн ӕнкъарӕнтӕ ӕма актуалондзийнади. Цардӕй поэт иста ӕхсӕнади сӕйраг фарстатӕ ӕма син аргъ кодта демократон цӕстингаси бундорбӕл ӕнцойнӕ кӕнгӕй. Е ‘сфӕлдистади тӕккӕ зингӕдӕр бунат ахӕссунцӕ социалон уавӕрти хӕццӕ ӕнгом баст фарстатӕ. Еци менеуӕгӕй хайгин ӕнцӕ е ‘мдзӕвгитӕ, поэмитӕ ӕма радзурдтӕ сӕ еугурдӕр. Дзурдӕн, райсӕн ӕ фиццагдӕр ӕмдзӕвгитӕй еу – «Цӕхъал» (1907 анз). Уӕлӕнгай бакастӕй бангъӕлӕн ес, цума ӕрдзи нивтӕбӕл финст ӕй, зӕгъгӕ. Лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсгӕй ба ами символикон ӕгъдауӕй ӕвдист цӕунцӕ хуӕнхаг фӕллойнӕгӕнӕг адӕми унгӕг, тухст уавӕртӕ ӕма сӕребарӕмӕ бӕллундзийнадӕ. Поэт мӕйи фӕлорс рохс хонуй сӕребари фӕззинд, фал ма уӕддӕр фӕллойнӕгӕнӕг адӕм Терки хузӕн, унгӕг коми ухери кӕнгӕй, сӕ цӕстисугтӕ ӕгъзалунцӕ:

Гъулӕг неуй дӕлбун коми,
Ӕхсӕйвон цӕхъал,
Цӕвуй ӕхе ӕмир къуми
Дорин къӕдзӕхбӕл…
Пурф кӕнунцӕ сӕ фурмӕстӕй
Листӕг тъинггитӕ,
Цума хауй есге цӕстӕй
Ирд цӕстисугтӕ.

Геуӕргий сфӕлдистади бафеппайӕн ес уӕхӕн хуарз менеуӕг. Ӕрдзӕ ӕма царди фӕззиндтитӕ ахид фӕрсӕй-фӕрстӕмӕ ӕвдесуй аййев нивӕфтудти. Еци поэтикон фӕззелӕни (параллелизм) фӕрци адӕми унгӕг ӕма тухст цард хуӕздӕр багъаруй киунугӕкӕсӕгмӕ. Ӕрдзӕ цӕйбӕрцӕ рӕсугъддӕр ӕма сугъдӕгдӕр ӕй, уойбӕрцӕ бӕлвурддӕрӕй зиннунцӕ царди медӕгӕ галеудзийнӕдтӕ.

Геуӕргий уадзевзитӕ ‘нцӕ тӕккӕ «бунӕй есгӕ – сӕрӕй ахедгӕ», адӕмон ӕма адӕмӕн уарзон. Сӕ уедӕгтӕй ниххизтӕнцӕ Дигори историй гъӕздуг зӕнхи, дигорон адӕймаги зӕрдихатти; уотӕ зонгӕ, хецон ин ӕнцӕ, уотӕ ӕнӕ гурусхӕй арази ӕй лӕг сӕ хӕццӕ, ӕма имӕ хатгай, хебӕраги сӕ аргъаугӕй, фӕззиннуй уӕхӕн гъуди, цума куддӕриддӕр гъудӕй, уотемӕй хегъӕдон цӕттӕ хӕзнатӕ кӕцӕйдӕр райвулдӕнцӕ, рагулф кодтонцӕ, уӕдта син нӕ уӕн, кенӕ ӕндӕрхузи уӕн дӕр нӕ адтӕй. Фал Хуцау лӕвар ӕма цӕттӕй неци дӕттуй. Малити Геуӕргийӕн е ‘стур искурдиадӕ – тӕрази еу фарсӕй, ӕ еугур цард ӕма ӕ бийнонти гъезӕмарӕ ба иннердигӕй ӕрӕвӕргӕй, – ӕмуӕзӕ ‘нцӕ. Ӕ тӕнӕг фӕрстӕй ин ӕгъатир карнӕ ӕнхӕстӕй исласта е ‘стур лӕгигъӕдӕ.