12 декабря 2024

РӔСТУОДӔЙ БӔЛДТӔЙ, ЦӔМӔЙ НӔМӔ ЦАРД ӔМА АМОНД ӔМДЗӔУИНТТӔ ИСУОНЦӔ…

24.09.2021 | 16:52

Нӕ национ аййевадон литературӕ ӕма театралон аййевадӕбӕл ӕрцудӕй уӕззау цау – ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй искурдиадӕгин финсӕг, драматург ӕма публицист, ирӕзгӕ фӕлтӕрти зӕрдтагон гъомбӕлгӕнӕг ХӔМИЦАТИ Хакъиасси фурт Цӕрай.

Хӕмицати Цӕрай райгурдӕй 28 ноябри 1933 анзи Ирӕфи райони Сурх-Дигори гъӕуи хумӕтӕг зӕнхкосӕги хӕдзари. 1941 анзи бацудӕй Сурх-Дигори астӕуккаг скъоламӕ ӕма ‘й каст фӕцӕй 1952 анзи. Уой фӕсте ӕ ахур раидарддӕр кодта Цӕгат Иристони паддзахадон педагогон институти литературон факультети. Ӕнтӕстгинӕй ӕй каст фӕцӕй ӕма косун райдӕдта уруссаг ӕвзаг ӕма литератури ахургӕнӕгӕй ӕ райгурӕн гъӕуи астӕуккаг скъолай.

Уой фӕсте ба (1961-2009 ӕнзти) куста медицинон училищей ӕ дӕсниадӕбӕл. Е ’хсӕнадон ӕма педагогон ӕнаййеп фӕллойни туххӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй  аллихузон паддзахадон хуӕрзеугутӕй: ӕ рӕстӕги ин исаккаг кодтонцӕ Уӕрӕсей «Адӕмон рохсади отличник»-и, уӕдта «Цӕгат Иристони АССР-и адӕмон ахуради ӕскъуӕлхт косӕг»-и цитгин нӕмттӕ. Цалдӕр анзей размӕ ба ин исаккаг кодтонцӕ Цӕгат Иристони адӕмон финсӕги кадгин ном.

Хӕмицати Цӕрай исфӕлдистадон куст кӕнун райдӕдта евгъуд ӕноси ӕртинсӕймаг ӕнзти радзурдтӕ ӕма еуактон пьеситӕй. Цӕгат Иристони музыкалон-драмон театр фиццаг хатт ниввардта е сценӕбӕл Хӕмицай-фурти дууӕактон музыкалон комеди «Усхъуммӕ уарзт» 1964 анзи. Ӕ премьерӕ адтӕй 28 ноябри – раст Цӕрайӕн ӕ райгурӕн бони. Уӕдӕй фӕстӕмӕ драматург нимайуй 28 ноябрь е ‛сфӕлдистадон райгурди бонбӕл дӕр. Уой фӕсте ба нӕ республики театрти сценитӕбӕл ӕнтӕстгинӕй ӕвдист цудӕнцӕ ӕ пьеситӕ.

Паддзахадон Дигорон драмон театр 1996 анзи ку байгон ӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ имӕ Хӕмицай-фурт ӕ цӕстӕ дардта, ӕ коллективӕн адтӕй нифсдӕттӕг ӕма агъазгӕнӕг.

Хӕмицати Цӕрайи финст пьеситӕ айдагъ сценӕбӕл ӕвӕрд нӕ цудӕнцӕ, фал ма сӕ рауадзиуонцӕ  хецӕн киунугутӕй дӕр.  Уонӕй еуей раздзурди ӕхуӕдӕг уотӕ финста:

«Уогӕ ба, цӕй дессаг дӕ, ӕнӕнцойнӕ зӕрдӕ, уойбӕрцӕ аллихузон иуазгутӕ бабӕй кӕми ӕрфусун кодтонцӕ ӕма иссӕнцӕ аци уадзимисти архайгутӕ! Ка си ӕ рӕсугъд фӕндити хӕццӕ, ка ба… Ӕллӕх, ӕллӕх! Кӕцӕй дӕмӕ бурсунцӕ? Тохӕнӕй дӕ марунцӕ, ӕма мин исаразис зиндонӕ!..»

Аци рӕнгъитӕ зӕрдӕбӕл уомӕ гӕсгӕ ӕрбалӕуунцӕ, ӕма ӕцӕг исфӕлдистадӕ ӕцӕгӕйдӕр зиндонӕ ‘й, фал си ка архайуй, е зӕрдӕй ӕнӕнцойнӕ ку уа, уӕд си бафӕраздзӕнӕй ӕвӕллайгӕй фӕллойнӕ кӕнун, ӕ уадзимисти архайгутӕ ба ин иуазгутӕ нӕ уодзӕнӕнцӕ, фал ӕ гъудитӕ ӕма сагъӕстӕ адӕмӕн ке фӕрци балӕдӕрун кӕндзӕнӕй, уӕхӕн ӕмхъиамӕтгӕнгутӕ.

Драматург, уӕлдайдӕр ба искурдиадӕгин ку уа, уӕд  ихӕсгин ӕй, цӕмӕй ӕ дзурд агъаз кӕна не ‘хсӕнади медӕгӕ гъомбӕладон куст ахедгӕдӕр кӕнунмӕ, цӕмӕй адӕми уодигъӕдӕ аййевадон мадзӕлтти фӕрци рӕсугъддӕр, кӕдзосдӕр кӕна. Хӕмицати Цӕрай куд адӕмон ахуради ӕскъуӕлхт косӕг, уотӕ бӕлвурдӕй зудта, ӕнӕ хуарз фӕсевӕдӕй адӕмӕн ке нӕййес амондгун федӕн, ӕма ирӕзгӕ фӕлтӕри рохс федӕнӕн ӕ тухӕ, ӕ хъауритӕбӕл нӕ аурста. Цӕрайӕн дуйней Исфӕлдесӕг драматурги искурдиадӕ цӕстуарзонӕй бахай кодта, ӕма еци ахсгиаг гъуддаги бӕлвурд ке фескъуӕлхтӕй, уомӕн ӕвдесӕн ӕнцӕ, адӕми рӕнгъӕмӕ ци уадзимистӕ рахаста, етӕ. Беретӕ си, ку зӕгъӕн, ӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ нӕ национ театралон сценӕбӕл, бакӕсӕн син ес ӕ уадзимисти ӕмбурдгӕндти. Сӕ еугурей туххӕй бӕлвурдӕй радзорун бӕргӕ ӕнгъензуй, фал нин нуртӕккӕ уӕхӕн равгӕ нӕййес, уомӕ гӕсгӕ ба си уӕддӕр еуцӕлдӕрей кой ракӕндзинан.

Ӕ психологон драмӕ «Ка ’й фудгин?» ӕ рӕстӕги ӕвӕрд ӕрцудӕй куд Ирон паддзахадон театри, уотӕ Дигорон паддзахадон драмон театри сценӕбӕл дӕр. Дзубанди си цӕуй, нӕ фӕсевӕдӕй фудгӕнгути тӕссаг надбӕл ка ислуӕдтӕй, уони уӕззау карнӕбӕл, уой хӕццӕ ба ниййергути бӕрнондзийнадӕбӕл, сӕ кӕстӕрти раст гъомбӕл кӕнун сӕ сӕйрагдӕр ихӕс ке ‘й, уобӕл.

Драматурги философон хатдзӕгтӕмӕ гӕсгӕ, хӕдзари хестӕртӕ цардиуагӕ сӕхе уоди хуарзӕн аразгӕй, радзӕгъӕлтӕ унцӕ, иселлӕг унцӕ рагӕлдзуйнаг менеугути ӕма фӕливд, нецӕййаг монцти фӕдбӕл. Уотемӕй фехӕлуй бийнонти ӕнгондзийнадӕ, ниппурхӕ унцӕ хӕдзари бундор федаргӕнӕг  фӕткитӕ. Уӕхӕн уавӕрти кӕстӕртӕ дзӕгъӕлӕй райзайунцӕ, сӕ зундирахаст фӕккуддӕртӕ уй, цӕстфӕлдахгути уацари бахаунцӕ ӕма сауӕнгӕ сӕхецӕн нӕ, фал ма бустӕги ӕнӕ неци фудгин адӕмӕн дӕр уӕззау маст искӕнунцӕ. Драмӕ «Ка ’й фудгин?»-и автор киунугӕкӕсгути ӕма театрдзаути арф гъудитӕбӕл ӕфтауй уӕхӕн фарстайӕй: ирӕзгӕ фӕлтӕр ӕй кадӕртӕ царди нӕдтӕбӕл ранӕхстӕр уогӕй ке нӕ фӕррӕствӕндаг ӕнцӕ, уоми ка ‘й фудгин?

Медесгун ӕй Хӕмицати Цӕрайи дууӕархайдон лирикон комеди «Бӕсти федауцӕ» дӕр. Мулк ахид бакунӕг кӕнуй лӕги рӕсугъд бӕллецтӕ, нигъгъӕла си уй адӕймаг, цӕстӕй ӕмраст нӕбал фӕууинуй, комедий архайӕг ӕлдар Дзегай хузӕн фестуй лӕгберӕгъ – гъӕддаг сирд. Дзега иссӕй мулки цагъайраг, адӕймаги уоди рӕсугъддзийнадӕ баййивта губуни хуӕрдӕбӕл, гъӕздугдзийнадӕбӕл.

Ӕлдар Дзегай менеугути нихмӕ арӕзт ӕй ӕ фурт Агубей сорӕт. Е цӕттӕ ‘й ӕ есбон, ӕ фиди фӕллӕнттӕ иснивонд кӕнунмӕ, а дуйнебӕл ин ӕ зӕрдӕн адгиндӕр ка иссӕй, еци мӕгур лӕги кизгӕ Агунди рӕсугъдӕн.

Уарзондзийнадӕй идарддӕр ма пьеси ес уӕхӕн фӕрсаг темӕ, кӕци наций хелӕдӕрундзийнадӕн ӕй кӕддӕриддӕр ахсгиаг проблемӕ. Пьеси архайӕг инӕлар Асахъболи зундирахаст ӕй рӕсугъд ӕма бӕллеццаг. XIX ӕноси Уӕрӕсей ӕфсади инӕлар уогӕй, ӕ ирон тог, ирондзийнадӕ сор дзурдтӕй нӕ – гъуддӕгутӕй уарзуй. Ӕ сӕйраг мӕтӕ, ӕ рӕсугъд бӕлдитӕ Иристони хӕццӕ баст ӕнцӕ. Иристони карнӕ ӕй ӕ царди бундорон нисанеуӕг. Уой сӕрбӕлтау номдзуд инӕлар ирон фӕсевӕдмӕ разӕнгард кӕнуй ӕнгондзийнадӕмӕ.

Евгъуд ӕности адӕймаги амондгун цардӕн къӕхкъуӕрӕнтау лӕудтӕнцӕ адӕми ‘хсӕн социалон дехдзийнӕдтӕ. Мӕгур лӕги фурт Хетӕг гъӕздуг адтӕй рӕсугъд фӕндитӕй (драмӕ «Уарзти кадӕнгӕ»). Фӕйнӕгфарс бӕгъатӕр биццеу, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕ дӕр нецӕмӕ даргӕй, ӕ реуи ӕмбӕрцӕ размӕ ӕмпурста, агурдта над, цӕмӕй ӕ фиди тог райстайдӕ ӕлдар Тасолӕй. Фал тогесӕги меддуйней исӕвзурдӕй уӕхӕн зундирахаст, мӕлӕтдзаг тох ка исамадта ӕ гъудити нихмӕ: бауарзта ӕ тоггини кизги ӕма ин ӕнӕ уомӕй цард нецибал адӕ кӕнуй. Ӕгӕрон уарзти нихмӕ ӕ бон тох кӕнун нӕ бацӕй Хетӕгӕн. Ӕлдари кизгӕ Сафирӕт дӕр уӕхӕн тухгин уарзтӕй бауарзта биццеуи, фал зонуй, ӕ зудӕгӕнагӕ ӕма хецмӕрез фидӕ ‘й ке некӕд исаккаг кӕндзӕнӕй мӕгур биццеу Хетӕгӕн. Ӕма ӕ амондбӕл истох кодта ӕхуӕдӕг, ӕндӕр агъазмӕ кӕмӕ фӕдздзора, уӕхӕн неке ес. Хетӕги хӕццӕ син сӕ содзгӕ уарзт равардта ӕнӕкӕрон тухӕ ӕма ӕхсарӕ еугур къӕхкъуӕрӕнти сӕрти бахезунӕн, ӕма байеу кодтонцӕ сӕ хъисмӕт. Фал ӕцӕг сӕ амонд берӕ нӕ рахаста, рамардтонцӕ сӕ, уодигъӕдӕй цъамар ӕма нецӕййаг ка адтӕй, етӕ. Рамӕлуй Тасол ӕхуӕдӕг дӕр. Мадта ӕндӕр хузи куд гъӕуама адтайдӕ?! «Адӕмӕй еуетӕ баргин ку фӕуунцӕ, иннетӕ ба  ӕнӕбарӕ, уӕд сӕ еугурдӕр ӕнамонд ӕнцӕ», – зӕгъуй драми архайӕг Гози.

Романтикон драмӕ «Уарзти пеллон» дӕр финст ӕй философон гъудити бундорбӕл. Автор си кӕнуй агъазиау хатдзӕгтӕ. Гъӕздуг ӕй символикон сорӕттӕй: Ӕндӕрг, Хъодигонд, Доникизгӕ ӕма ӕндӕртӕй. Ӕгъатир дуйнейи сау тухти хӕццӕ тохи романтикон ӕскъуӕлхтдзийнадӕ равдиста драми хъайтар Нугзар. Уӕрхӕг ӕма Уарзет ӕнцӕ нӕ фӕсевӕди типикон сорӕттӕ. Цӕмӕ сӕ ӕртӕруй хеуарзондзийнадӕ, уӕдта ци гъӕуй Адӕймаги бӕрзонд ном хӕссунӕн – еци гъудитӕ ӕнцӕ уадзимиси сӕйраг медес.

Уасгергий ном нӕ адӕми хӕццӕ ӕнгон баст ке ‘й, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ хӕццӕ дӕр ке цардӕй, Нарти Дзерассӕй дӕр ин цӕуӕт ке рацудӕй, уой ӕвдесӕнтӕ ӕнцӕ рагон фольклорон уадзимистӕ – Нарти кадӕнгитӕ. Хӕмицати Цӕрай арӕхстгинӕй испайда кодта цъухӕйдзоргӕ исфӕлдистади дӕнцӕгтӕй. Драматурги дӕлгъуди ӕргом ӕй, гъома, адӕми сӕрбӕлтау ӕ цард ӕвгъау ка нӕ кӕнуй, адӕмӕн ӕ сӕр нивондӕн ка хӕссуй, е зӕнхон нӕй – арвӕй ӕрвист лӕг ӕй. Драмӕ «Арвӕй ӕрвист лӕг»-и автор сӕйраг архайӕг Ацӕмӕзи Уасгергий хузи ке равдиста, уомӕй зингӕ фӕгъгъӕздугдӕр ӕй сценикон уадзимиси идейон-аййевадон рахастдзийнадӕ, сюжетон исконд, национ драматургийӕн дӕр ӕй нӕуӕгдзийнадӕ, нӕуӕг фӕлгонц.

Нӕ адӕми рагфидтӕлтӕ федарӕй гъӕуай кодтонцӕ национ этикӕ, ӕгъдау ӕма ӕвзаги хӕзнадонӕ. Уонӕй абони беретӕ райдард ӕнцӕ ӕма сӕхемӕ хӕстӕгдӕр райстонцӕ, уодигъӕдӕн ӕцӕгӕлон ка ’й, ирӕзгӕ фӕлтӕртӕн ба  зианхӕссӕг, еци менеугутӕ. Еци темӕбӕл финст ӕй Цӕрайи комеди «Дууӕ уосгори». Паддзахадон Дигорон драмон театри сценӕбӕл цалдӕр анзи ӕнтӕстгинӕй цудӕй. Режиссер-ниввӕрӕг нӕ республики зундгонд артист, Хетӕгкати Къостай номбӕл Паддзахадон премий лауреат Сӕбанти Тамерлан.

Аци пьесӕ дзорӕг ӕй нӕ царди лухкӕнуйнаг фарстатӕбӕл. Дзубанди си цӕуй, ниййергути фудниуӕзт цӕуӕти зунд ӕма ӕнӕнездзийнадӕбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ куд фӕббӕрӕг уй, уобӕл дӕр. Кенӕдта не ’взаги проблемӕ ба? Чачӕ, фӕсарӕйнаг мӕнгӕ культури тӕвагӕй фегъӕстӕ уогӕй, маддӕлон ӕвзаг ӕма ӕгъдӕуттӕ нецӕмӕ даруй, цъумур сӕ кӕнуй ӕ рӕдуд цӕстингасӕй. Цубурдзурдӕй, аци драмон уадзимиси дӕр автор дзоруй, нӕ доги ци ресагӕ незтӕй гъӕрзӕн, уонӕбӕл.

Драматургӕн ӕ алли драмон уадзимис дӕр ӕнхӕст ӕй нифс ӕма рохс разӕнгарддзийнади оптимистон рахастдзийнӕдтӕй, арф философон гъудитӕй. Уотӕ ба уомӕ гӕсгӕ ‘й, ӕма авторӕн ӕхецӕн ӕ уодиконд гъӕздуг адтӕй бӕрзонд культурӕй, арӕхсуй исфӕлдистадон аййевадон мадзӕлттӕй ӕнтӕстгинӕй пайда кӕнунмӕ.

Хӕмицати Цӕрайи туххӕй нӕ абони радзубандий кӕронбӕттӕни ба ма уой зӕгъуйнаг ан, ӕма ӕ уадзимистӕ бӕлвурд ке фӕгъгъӕздугдӕр кодтонцӕ нӕ национ драматургий хӕзнадонӕ, ӕма аккаг бунат ке байахӕстонцӕ уоми дӕр ӕма нӕ театралон аййевади анзфинсти дӕр, е дузӕрдуггаг нӕй.

(Аци уац цӕттӕгонд
ӕй редакций архиви
ӕрмӕгутӕмӕ гӕсгӕ).