06 октября 2024

РӔСТЗӔРДӔЙ ТОХ КОДТА РӔСТАДИ СӔРБӔЛТАУ

23.09.2022 | 13:04

Ярослав Галан æ косæн уати.

Украинæ æ нуриккон разамунди æверхъаудзийнади фудæй ци фидбилизтæ æвзаруй, уомæ гæсгæ æримисун гъæуй уой дæр æма украинаг национализм цæйбæрцæбæл тæссаг æй, уобæл æндиудæй ка дзурдта, æвæллайгæй еци фидбилизаг фæззинди нихмæ ка тох кодта, еци рæстзæрдæ адæймæгути. Уонæй еу адтæй æнæгъæнæ дуйнебæл зундгонд украинаг финсæг æма публицист Ярослав Александри фурт Галан (1902-1949). Уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ дæр, æма, еуемæй æ райгурдбæл исæнхæст æй æхсæзинсæй анзи, иннемæй ба, æ уадзимистæ ин бакæсгæй, бæлвурддæрæй лæдæрд уодзæнæй, Украинæ æ абониккон æнæрай уавæри æнай-æнойти равзурдæй æви имæ рагæй цудæй; сæйрагдæр ба – еума хатт, никки растдæрæй лæдæрд уодзæнæй, абони Уæрæсей æфсад уоми ци сæрмагонд тугъдон мадзали архайуй, е Украини дзилли сабур цардарæзт æма сæ райдзастдæр исонибони сæрбæлтау ке æй, е.

 

Ярослав Александри фурт Галан райгурдæй 1902 анзи цæрæн бунат Дынови, Перемышльмæ хæстæг, службæгæнæги бийнонти ’хсæн. Галани æвзонги æнзтæ адтæнцæ уæззау æма æнкъард. Уомæн æ фиди фæсте зилдæнцæ Австрий хецауадон оргæнтæ, уруссæгтæмæ хæлардзийнади цæстингасæй ке кастæй, уой туххæй. Фиццаг дуйнеуон тугъди рæстæги Галанти бийнонтæ эвакуаци искодтонцæ Уæрæсей идард фæсфронтмæ. Ярослав æ бийнонти хæццæ бахаудтæй Ростов-Дони билæмæ æма уоми ахур кæнунмæ бацудæй уруссаг гимназимæ.

Уæрæсей ци ’ртæ анзи фæцæй, етæ устур ахсгиаг адтæнцæ дуйнемæ федæни финсæги цæстингас ниффедар кæнуни гъуддаги. Ярослав Галан ахур кодта уруссаг æвзаг æма литературæ, революцион цаутæ фæууидта æхе цæститæй. Еци революцион цаутæ арф ниххизтæнцæ æвзонг биццеуи зæрдæмæ, уой фæсте ба еци цаутæ аййевадон æгъдауæй æвдист æрцудæнцæ финсæги уадзимисти.

Ярослави астæуккаг ахургонддзийнадæ райсун багъудæй панти Польший уавæрти, польшæйаг гимназий. Еци гимназий Галан хъæбæр раст исхудта, решеткитæ кæми нæййес, уæхæн ахæстдонæ. Кæд материалон æгъдауæй хъæбæр лæгъуз уавæрти адтæй, уæддæр Галан уой фæсте ахур кæнунмæ бацудæй Вени университетмæ. Е Вени райдæдта æ революцион архайд, бацудæй Украини косгути æмбаладæмæ, архайæг адтæй демонстрацити.  Дууæ æма инсæй анзи ибæл цудæй, уотемæй Ярослав Галан иссæй Коммунистон партий иуонг.

Кракови университети филологон факультети ахур кæнгæй, Галан активонæй архайдта Польши æма Украини студентти прогрессивон змæлди. Раст еци æнзти райдæдта уомæн æ литературон архайд. Университет каст ку фæцæй, уой фæсте Ярослав Галан райста польшæйаг æвзаги æма литератури ахургæнæги бунат Луцки хецæн украинаг гимназий. Фал е ахургæнæгæй берæ нæ фæккуста. Галани урнундзийнæдтæ, уой журнал «Викнама» ке финста, етæ нæ цудæнцæ гимназий буржуазон-националистон разамунди зæрдæмæ æма еци разамунд финсæги рацох кодта æ кустæй.

Уæдæй фæстæмæ Ярослав Галан еудадзуг æма æдзох кодта революцион архайд, æрлæудтæй финсæг-тохгæнæги надбæл. Е ниффинста къуар пьеси. Еци-еу рæстæги Галан адтæй публицист дæр, украинаг буржуазон националисттæн, клерикализмæн æма империалистон реакцийæн бæрзæйсæттæн цæфтæ кæнгæй. Фашистон гумерити хæрам миутæн дзуапп дæтгæй, Ярослав Галан æ статьятæй еуеми финста, зæгъгæ, е алкæддæр æнхæст кæндзæнæй æ къласон ихæс æма æнæхатирæй тох кæндзæнæй æргом æма сосæг фашизми нихмæ.

Аци циртдзæвæн Я. Галанæн æвæрд адтæй сахар Львови, фал æй Украини нури нацисттæ евгъуд æноси 90-аг æнзти ниддæрæн кодтонцæ.

Ярослав Галан æхсаргинæй тох кодта æ адæми сæребарæдзийнадæ æма амонди сæрбæлтау, уонæн сæ карз знæгтæ – польшæйаг шляхти, украинаг буржуарзон националистти, немуцаг фашистти, америкаг-англисаг империалистти нихмæ, дуйнеуон реакций Ватикани лæггадæгæнгути нихмæ.

Галан устур байвæрæн бахаста советон цардарæзти æцæгдзийнадæ æма агъазиау æнтæстдзийнæдтæ раст æвдесуни гъуддагмæ. Уæди рæстæги ССР Цæдеси туххæй æ берæнимæдзæ знæгтæ хæлеу кодтонцæ цъамар цъифкалæн дзубандитæ, мæнгарддзийнадæ. Æма адæймаг гъæуама адтайдæ бæгъатæр, цæмæй карз террори æма уæхæн мæнгард цъифкалæн кæнуни уавæрти загътайдæ раст дзубанди Советон бæсти туххæй. Галан адтæй, уæхæн æскъуæлхтдзийнадæ равдесуни хъаурæ кæмæ адтæй, уæхæн адæмтæй. «Львов накануне», зæгъгæ, очерки ирдæй бавдиста, контрреволюций еугур сау тухтæ дæр кæд сæ бицъинæг тудтонцæ ССР Цæдеси фудкойтæ кæнунæй, уæддæр фæллойнæгæнæг адæмтæ ба федарæй æруагæс кæнуй, е сæ зæрдæдарæн ке æй сæ хуæздæр исонибонмæ бæлгæй.

Ярослав Галан алкæддæр æвæллайгæй тох кодта украинаг æма уруссаг, иннæ советон адæмти æнсувæрон еудзийнади сæрбæлтау. Е æргом кодта æма ходуйнаги игакæ æвардта украинаг буржуазон националисттæбæл. Украинаг буржуазон националисттæ цъифкалæн кодтонцæ цитгин уруссаг адæмбæл æма фæлтæрæнтæ кодтонцæ Уæрæсей адæми хæццæ Украини фæллойнæгæнгути лимæндзийнадæ фехалунбæл. Финсæг дзурдта, зæгъгæ, украинаг адæм арази некæд уодзæнæнцæ хорнигулæни фарс лæууни уагæбæл нæдæр Грушевскийи хæццæ, нæдæр Выговскийи хæццæ, нæдæр Мазепи хæццæ. Е нæ, фал рагон рæстæгутæй фæстæмæ украинаг адæм сæ цæстингас æздахтонцæ Мæскумæ, уруссаг адæммæ. Украинаг адæм алкæддæр уруссаг адæми нимадтонцæ сæ райгургæ ’нсувæрбæл.

1939 анзи сентябри бæнтти Хорнигулæн Украинæ польшæйаг-шляхти цагъардзийнадæй уæгъдæгонд ке ’рцудæй, уобæл финсæг исæмбалдæй куд æ царди зæрдиаг гъудий исæнхæстбæл, куд фæллойнæгæнгути дæргъвæтийнæ æма æнæбафедаугæ тохи цийнæдзийнади бæрæггæнæнбæл.

Устур Фидибæстон тугъди райдайæни размæ Галан ци уадзимистæ ниффинста, етæ еугурæйдæр дзорæг æнцæ уомæн е ’стур разæнгарддзийнадæбæл æма урух цæстирахастбæл. Финсæг куд финста, уотæ еци разæнгарддзийнадæ адтæй уомæн, æма «æности дæргъи æфхуæрд ка адтæй, еци зæнхæбæл райдæдта нæуæг догæ – сæребарæдзийнади, амонди æма адæмти гъæздугдзийнади догæ».

Устур Фидибæстон тугъди æнзти Ярослав Галан куста тугъдон журналистæй фронтти радиостанцити комментаторæй. Искурдиадæгин публицист уогæй, е радиоигъосуйнæдти кодта æцæг тугъдон тох. Галан алкæддæр нихкъуæрд лæвардта фашистон пропагандистон цъифкалæнгæнгути мæнгард дзубандитæн, ходуйнаги игакæ æвардта гитлерон «нæуæг æгъдаубæл», рæстæгмæ оккупацигонд ка ’рцудæй, еци территорий фæллойнæгæнгутæмæ дзурдта тохмæ, нифсгун сæ кодта, знагбæл уæлахездзийнадæ тагъд къохи ке бафтуйдзæнæй, уомæ. Финсæг æ исфæлдистадæй бæрзæйсæттæн цæфтæ кодта фашистон лæборгутæн æма уони цъамар фæсдзæуинттæн – украинаг буржуазон националисттæн. Галан дзурдта, зæгъгæ, фашистон лæборгутæн бунат кæми уидæ, украинаг зæнхæй еу уæхæн улинкъæ дæр нæййес.

Исфæлдистади гъуддаги Ярослав Галани къохи устур æнтæстдзийнæдтæ бафтудæй тугъди фæсте рæстæги. Ньюрнберги фашистон тугъдон фудгæнгутæн куд тæрхон кодтонцæ, уой туххæй уомæн æ уадзимистæ зундгонд æнцæ еугур дуйней дæр. Æ уадзимисти æргомгонд цæунцæ америкаг-англисаг империалистти фудраконддзийнæдтæ сабурдзийнадæуарзагæ адæмти нихмæ, æ берæ тухгин финст статьятæ, памфлеттæ æма фельетонтæ. Етæ арæзт адтæнцæ Ватикани æма украинаг буржуазон националистти нихмæ. Дуккаг дуйнеуон тугъди фæдфæди нæуæг тугъд райдайуни тасдзийнади туххæй дзоргæй, Галан амудта, зæгъгæ, америкаг империализм «æййевдзæнæй æ тактикæ, фал е æ исконд, æ сирди цæсгон некæд фендæрхузон кæндзæнæй. Фашизм æй уомæн æ æнæфæххецæнгæнгæ хай æма идарддæр дæр æй реалон тасдзийнадæ. Еци гъуддаг ба махæй алкæбæл дæр æвæруй ихæс, еудадзуг æма æнæхатирæй реакций нихмæ цæмæй агъазиауæй тох кæнæн, уой фæдбæл…»

(Æ еци загъдæй Ярослав Галан цæйбæрцæбæл раст адтæй, е ба æверхъау хузи рабæрæг æй абони – Украини фудракæндæй цидæриддæр цæуй, уони аразуй АЕШ-и разамунд æ нигулæйнаг хъозонти хæццæ. – Ред.)

Ярослав Галани – финсæги-тохгæнæги, советон адæми еузæрдиуон фурти уадзимистæ хъæбæр бауарзтонцæ еугур адæм, æ æхседгæ исфæлдистадæ иссæй советон литератури аййевдзийнадæ.

Юрий МАЛЬНИЧУК

 

РЕДАКЦИЙÆЙ. Ярослав Галан æ рæстæги федарæй уотæ дзурдта, зæгъгæ, фашистон лæборгутæн бунат кæми уайдæ, украинаг зæнхæбæл еунæг уæхæн улинкъæ дæр нæййес. Гъулæггагæн, æ еци загъд нæ фæррæстмæ й – Украини нуриккон нацисттæ си абони гъавунцæ сæ фашистон æгъдæуттæ ниввæрунбæл. Фал си, баруагæс уи уæд неци рауайдзæнæй, уомæн æма аци бæсти рæстзæрдæ дзиллæ гъæуама хъаурæгиндæр разиннонцæ. Æма си исуæлахезон уодзæнæй Я.Галани мæнæ ауæхæн загъд: «Ес, феронхгæнæн кæмæн нæййес, уæхæн гъуддæгутæ. Махæй, украинаг адæми нури фæлтæртæй, ка феронх кæндзæнæй уой, æма тæккæ тæссагдæр уавæри ку адтан, уæд мах фарсмæ нæ тохи ке æрбалæудтæнцæ цитгин Уæрæсей фурттæ, хумæтæги хуарз адæмтæ, тогмæ æма карнæмæ гæсгæ махæн не ’нсувæртæ æма мах, фиццагидæр, уони фæрци ке цæрæн æма ке цæрдзинан куд адæм, куд бæстæ, куд паддзахадæ…»

Уотæ бæргæ гъæуама адтайдæ,  фал, адтæй нæ адтæй, уæддæр  Украини разамундмæ байервазтæнцæ, Ярослав Галан ке нихмæ тох кодта, уони байзайæггæгтæ, æма еугæндзонæй архайун байдæдтонцæ, цæмæй украинаг адæмæй феронх уа сæ рæстзæрдæ фурти аци гъуди…

Еци байзайæггæгтæмæ фагæ нæ фæккастæй Украини рæстуодæй патриот Ярослав Галани знæгтæ æверхъауæй ке рамардтонцæ, æма ма си етæ дæр  сæ маст есун байдæдтонцæ. Æ циртæй ин фæггириз кодтонцæ, æ райгурæн зæнхæбæл ин Советон доги ци циртдзæвæнтæ  æвæрд æрцудæй, уони ниддæрæн кодтонцæ…

…Рацæудзæнæй цæйбæрцæдæр рæстæг, æма, федарæй æруагæс кæнуй, Украини цардарæзт æ кеми ке æрцæудзæнæй, нæуæгæй бабæй си исцитгин уодзæнæй æ номдзуд фурт Ярослав Галан, æ рæстеуæг гъудитæ дзиллæн исуодзæнæнцæ зундамонæг æма рæствæндаггæнæг.