07 декабря 2024

РӔВДЗӔ КӔМИ АРХАЙУНЦӔ, ӔНТӔСГӔ ДӔР УОМИ КӔНУЙ!..

22.04.2022 | 11:45

Республики Хецауади сӕрдар Дзанайти Барис разамунд ци ӕмбурдӕн лӕвардта, уоми федаргонд ӕрцудӕнцӕ Цӕгат Иристони экономики хузӕнондзийнадӕ ӕма ахедгӕ ирӕзти хӕццӕ баст ӕййивддзийнӕдтӕ.

Экономикон ирӕзти министр Кучити Заури радзубанди адтӕй, экономикон ӕгъдауӕй сӕ архайд ахсгиагдӕр кӕмӕн ӕй, адӕмӕн куст иссеруни фадуӕттӕ дӕттӕг, республикӕн дӕр ӕма адӕмӕн дӕр пайдахӕссӕг ка уодзӕнӕй, еци кустуӕтти номхигъди туххӕй Хецауади унаффи фӕдбӕл. Еци унаффӕ хаст ӕрцудӕй Уӕрӕсей Хецауади Сӕрдар Михаил Мишустини бафӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ.

Номхигъдмӕ хаст ӕрцудӕй, цуппар ӕма дууинсӕй кустуати, кӕцитӕ хӕдзарадон архайд кӕнунцӕ алли къабӕзти. Гъӕууон, гъӕди хӕдзарӕдти, цауӕн кӕнуни, кӕсалгӕ даруни ӕма ахӕссуни гъуддӕгути хӕццӕ си баст ӕнцӕ 9, хомагкустгӕнӕн архайд кӕнунцӕ 25, донуадзӕни куст – 1, арӕзтадон къабази ӕнцӕ 5, транспортбӕл ласуни ӕма ӕфснайуни – 1, фусунуӕтти ӕма ӕхсӕнадон хуӕлцади – 3.

Вазуггин экономикон уавӕрти кустуӕттӕн сӕ архайд ӕнтӕстгин куд уа, уой туххӕй ба син гъӕуама лӕвӕрд цӕуа паддзахадон агъаз. Е нуртӕккӕ хъӕбӕр ахсгиаг ӕй, Уӕрӕсей нихмӕ берӕ бӕститӕ аллихузон экономикон гӕрӕнтӕ ку аразунцӕ, уӕд.

Уой фӕдбӕл Дзанай-фурт уотӕ загъта:

– Федералон ӕмвӕзади кустуӕттӕн алливӕрсуг агъаз кӕнуни туххӕй мадзӕлттӕ фӕббӕрӕг кодтонцӕ. Мах ба ами гъӕуама искӕнӕн гӕнӕнтӕ, хӕдзарадон архайди хӕццӕ кустуӕттӕ ни агъаз куд райсонцӕ, уотӕ.

Цӕгатиристойнаг кустуат «Аланий фундук»-ӕн федералон бюджетӕй радех кодтонцӕ 5 миллион ӕма 400 мин соми. Уони фӕрци сӕ национ проект царди рауадздзӕнӕнцӕ. Кучий-фурт куд байамудта, уотемӕй агъаз цӕуй Цӕгат Кавкази социалон-экономикон ирӕзти цалдӕр программей фӕлгӕти.

Транспорти ӕма фӕндаггон инфраструктури комитети сӕрдар Солити Тариэл куд радзурдта, уотемӕй паддзахадон нисанеуӕги ӕлхӕнуйнӕгти туххӕй гъӕуама еунӕг кустуат исфедар кӕнонцӕ. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, гӕгъӕдий фӕрци фӕндаггон кустуӕттӕ исӕнхӕст кӕнунӕн бафинсдзӕнӕнцӕ паддзахадон бадзурд. Е ӕнцайуй республики Хецауади 2022 анзи 18 мартъий ист унаффӕбӕл.

Паддзахадон бадзурдтӕ бафинсун гъӕудзӕнӕй «Дзиуаригъӕу-Фиййагдон-Хилак»-и хед ӕма «Дзӕуӕгигъӕу-Ӕрӕдон-Чикола-Лескен-2»-й над исаразунӕн.

Бадзурдтӕ бафинсгӕй, комитети къохи бафтуйдзӕнӕй кустити ӕмгъудтӕ фӕттагъддӕр кӕнун, гъӕугӕ фӕрӕзнитӕ рагацау балхӕнунӕн дӕр ӕхца фӕззиндзӕнӕй. Республики гъӕугӕ ӕлхӕнуйнӕгтӕ еунӕг кустуатӕй есун, Хецауади Сӕрдари дзубандимӕ гӕсгӕ, фӕррӕвдзӕдӕр кӕндзӕнӕй паддзахадон программитӕ ӕнхӕст кӕнуни куститӕмӕ бавналуни ӕмгъудтӕ. Гъуддӕгутӕ конд цӕунцӕ закъонӕвӕруйнади бундорбӕл. Прокуратури ‘рдигӕй феппайуйнӕгтӕ нӕййес. Дзанай-фурт бафӕдзахста комитетӕн, цӕмӕй нӕдти арӕзтадӕмӕ къӕрцгъос уонцӕ.

Ӕмбурди ма радзубанди кодта арӕзтадӕ ӕма архитектури министри хуӕдӕййевӕг Моргуати Константин. Куд байамудта, уотемӕй нӕ республики цӕргутӕн 2016-2024 ӕнзти фадуатгун ӕма аслан цӕрӕнуӕттӕ дӕттуни туххӕй программи фӕлгӕти аци анз 139 ӕригон бийнонти райсдзӕнӕнцӕ фатертӕ. Федералон, регионалон ӕма бунӕттон бюджеттӕй уомӕн радех кодтонцӕ 142 миллион соми.

Дзанайти Барис куд баханхӕ кодта, уотемӕй аци программӕ ӕй хъӕбӕр ахсгиаг, республикӕ ӕ идарддӕри ирӕзтӕн фадуӕттӕ кӕндзӕнӕй