07 декабря 2024

РÆСТАДИ СÆРБÆЛТАУ ТОХГÆНÆГ

11.03.2023 | 22:22

ГУРДЖИБЕТИ Блашка (æртиккаг рæнгъи бадуй галеуæрдигæй æхсæзæймаг) æ тугъдон æмбæлтти хæццæ.

Гурджибети Блашка адтæй Иристони зингæдæр финсгутæй сæ еу. Дигорон æвзагбæл фиццагидæр аййев уадзимистæ финсун райдæдта Блашка, уомæ гæсгæ рацудæй æвецуд æма зин исфæлдистадон надбæл. Æ уадзимистæ рæхги рахæлеу æнцæ, фал тухгин гъигæдард, карз æфхуæрд баййафтонцæ кæсгон æлдæртти ’рдигæй. Сæ гъæу пурхгонд æма сугъд æрцудæй, уомæ гæсгæ рахауæ-бахауæ кодтонцæ аллирауæнти. Фæстагмæ сæ гъаст бахастонцæ Дзæуæгигъæуи федари комендант инæлар-майор Дельпоццомæ. Æфхуæрд адæмæн равардтонцæ будурмæ раледзуни барæ. Уотемæй 1810 анзи исирæзтæнцæ Мусгъæу æма иннæ гъæутæ. Уæдæй фæстæмæ сæ цард баст æрцудæй уруси хæццæ. Фидæй-фуртмæ службæ кæнун райдæдтонцæ Уæрæсей паддзахмæ.

Поэт райгурдæй 1868 анзи 1 мартъий, Мусгъæуи, æфсæддон службæгæнæги хæдзари. Блашкай фидæ, Майрæнсау, адтæй афицер, æ рæстæгмæ гæсгæ ахургонд æма æгъдаугин лæг, рамардæй, Блашкабæл 7 анзи ку цудæй, уæд.

Блашка фиццаг ахур кодта станицæ Павлодольскийи райдайæн скъолай. Каст æй фæцæй хуарз бæрæггæнæнти хæццæ. Уой фæсте, æ хæстæгути фæрци, бацудæй Стъараполи гимназимæ, фал æй каст нæ фæцæй: фадуæттæ ин нæ адтæй.

1888 анзи Блашка бацудæй Хъæзлари фиццаг Гребенской полкмæ. 1889 анзи 10 сентябри Блашкайæн равардтонцæ урядникки ном, 1890 анзи ба 16 сентябри уæгъдæгонд æрцудæй æфсæддон службæй. Æ царди уавæртæ зин ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ 1891 анзи 8 апърели фæстæмæ бацудæй æфсæддон службæмæ. Уордигæй ба æрвист æрцудæй, рагæй кумæ бæлдтæй, уоци Стъараполи хъазахъаг юнкерти скъоламæ. Каст æй фæцæй 1893 анзи æма иссæй подхорунжий. Уæдæй фæстæмæ службæ кодта Сунэй-Дзæуæгигъæуи фиццаг полкки æфсæддон ахуради сæргълæууæгæй.

Гурджибети Блашка берæ уарзта æфсæддон службæ. Æ царди фулдæр бонтæ рарвиста уоци кусти. 1890 анзи ин лæвæрд æрцудæй сотникки ном, 1904 анзи ба иссæй подъесаул. Уоци анзи барвæндонæй рандæй Япони хæццæ тугъдмæ. Уоми фæммард æй 1905 анзи 18 июни (зæронд нимадæй) еу тугъдон федар Санвайцзы, зæгъгæ, уой есгæй.

Ци полкки службæ кодта, еци æфсæддон хаййи хецауадæ Блашкайæн искодта устур кадæ. Æ мард ин цинкæ кири Маньчжурийæй æрбаластонцæ Мусгъæумæ æма уоми æрцудæй нигæд устур кади хæццæ.

Саударæн æмбурди Блашкай туххæй радзурдта академик В. Миллер дæр. Æ зæгъдтитæ финст не ’рцудæнцæ, фал бæрæг æй Блашкай хæццæ зонгæ ке адтæй æма ин е ’сфæлдистадæн устур аргъ ке кодта, е.

Полкки командир Баратов е статья «Памяти подъесаула Власия Ивановича Гурджибекова», («Терские Ведомости», 1906 гг., №№150, 151), зæгъгæ, уоми финста Блашка ци хъазауатдзийнадæ искодта æма кутемæй фæммард æй Идард-Хорискæсæни, уони фæдбæл. Зæрдæбæл æрбалæууй Блашкай æмдзæвгæ «Мæлæг æфсæддон». Адæймагмæ фæккæсуй уотæ, цума ’й поэт æхе хъисмæтбæл ниффинста, уоййау.

Ку мæлун уин, о, мæ мадæ, мæ хуæртæ!
Бинойнаг, фæууадзун дæ  дзæгъæлæй!
Сауæй мæбæл бадаретæ уæ сæртæ,
Неуетæ, ихалгæй дор уæ нæгæй!

Æ ахури бонти Гурджибети Блашка хъæбæр берæ бауарзта аййев литературæ. Бакастæй берæ уадзимистæ уруссаг классикон литературæй, уони æмрæнгъæ берæ уарзта Хетæгкати Къостай исфæлдистадæ дæр. Е æнæфæззингæ нæ фæцæй Блашкай финститæ æма зундирахастбæл.

Нæрæмон, æвæлмæцгæ Къостай фæндадтæй, цæмæй нарти номдзуд уадиндзæй цæгъдæг Ацæмæзау, адтайдæ æ фæндури азæлд, цæмæй еугур дуйне дæр райгъал кодтайдæ æма цудайдæ рæстади надбæл уæлахезмæ. Гурджибети Блашка дæр æ зæрди тæгтæй бид фæндури хъаурæмæ кастæй æнгъæл æма финста:

Цæгъдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Дæ хатæнти нæуæг гъæр.
Æз дæ кæнун мæ уæлхъур
Царди мæтæй хъæбæрдæр.

Гурджибети Блашка бæлдтæй Къостай фæууинунмæ æма ’й, куд æнгъæлæн, уотемæй, æвæдзи, фæууидтайдæ 1989 анзи августи мæйи. Уæд Блашка æ пъисмотæй еуеми финста: «Иннæ бон, гъома, сабати, цæун Пятигорскмæ, е æй бустæги хуарз, уомæн, æма уоми уæд игон кæнунцæ цирт Лермонтовæн». Мах ба зонæн Къоста уоми ке бакастæй е ’мдзæвгæ «Лермонтови цирти размæ». Адæм имæ зæрдиуагæй æрдардтонцæ сæ гъос æма ’й Блашка дæр, уоми уогæй, æнæфæууингæ нæ фæцайдæ.

Уомæй уæлдай ма ’й бæлвурд: Къоста Гайттати Иналухъи хæццæ хуарз зонгæ ке адтæй, æ хæдзари ахид ке ’мбалдæй, е. Æ кизгуттæй ин еуей корунмæ дæр гъавта. Уоци хæдзарæмæ хæстæг лæудтæй Блашка дæр, фæстагмæ ба æхецæн бийнойнагæн æрхудта Иналухъи кизги – Надяй. Уæхæн уавæрти Къоста æма Блашка кæрæдзей æнæ зонгæ нæ адтайуонцæ.

1899 анзи Хетæгкати Къоста адтæй æрвист, æма Блашка гъенцъун кодта æ уарзон поэти хъисмæтбæл. Уоци анз ниффинста æмдзæвгæ «Къоста», зæгъгæ, уоми зæгъуй:

Нæ уинуй дæ хæстæгмæ нæ цæстæ,
Изолмæ игъосуй дæ нæ гъос…

1902 анзи августи мæйи е ’фсæддон службæй сæхемæ æрбацудæй æ бийнонтæ фæууинунмæ. Уæд æнæнгъæлти Мусгъæуи фембалдæй Къостабæл. Сæ фембæлди рæстæг адтæй цубур, еунæг бон, фал уæддæр сæ зæрдити гъудитæ раргом кодтонцæ сæ кæрæдземæн. Къоста æма Блашка 1902 анзи æцæгдзийнадæй ке фембалдæнцæ, уой туххæй 1934 анзи дзурдта Блашкай хæстæг æма хæлар Тускъати Балоди: æхуæдæг дæр адтæй сæ цори уоци рæстæги. Аци хабари кой ма кодта 1962 анзи дзæрæстейаг зæронд лæг Адцети Александр дæр.

Блашка æхе æма фæллойнæгæнæг адæми арф зæрдуарзондзийнадæ равдиста Къостамæ е ’мдзæвги:

Ка дин не ’скæндзæнæй кадæ,
Ка дин нæ ратдзæнæй æгъдау?
Ка сдзурдта, ниййергæй нæ  мадæ,
Адæммæ йе ’взагæй дойау…
Арфæгондæй дин нæ бæстæ
Мижди æрветуй æ боз!..

1906 анзи, апърели, Къостай зæрдæ ку банцадæй æ кустæй, уæд Мæздæги станицити адæм дæр номдзуд поэтæн искодтонцæ устур кадæ, æрбарвистонцæ ин венок æма бакодтонцæ Блашкай финст æмдзæвгæ æрхин пластинкæбæл. Еци финст нур дæр æй Къостай музейи.

Блашкай исфæлдистадон мотивтæ адтæнцæ адæмон, лæудтæй прогрессивон надбæл, финста мæгур фæллойнæгæнгути уæззау царди туххæй: æ зæрдæ адтæй баст уони хъисмæти хæццæ. Къостай «Хъуыбады»-йау е дæр е ’мдзæвгæ «Мæгургор»-и финста:

Дуйне – æ бæстæ,
Жин цард – æ неун.
Лæдзæг – æ цæстæ,
Æгъдау – æ геун.

… Сæрдæ, зумæгæй –
Пæлæз æ рагъи,
Зæрдæй унгæгæй,
Неуй æ уаргъи…

Финсæг уидта æ доги седзæргæсти уæззау цард æма, Къостай «Сидзæргæс»-ау, е дæр е ’мдзæвгæ «Саудари бони» исфæлгонц кодта æвуадат æфхуæрд силгоймаги хъисмæт.

Паддзахи рæстæги гъæздугутæ устуйрадæ кодтонцæ мæгуртæбæл, нецæмæ сæ дардтонцæ, æфхуардтонцæ сæ. Мæгуртæн сæ сæрæндæртæ, уæхæн дæлдæрадæн идарддæр нæбал бæлсгæй, фесхъæтæг æнцæ, фæллигъдæнцæ гъæдæмæ. Тох кæнун райдæдтонцæ се ’фхуæргути нихмæ æма сæбæл тогцъиртæ исæвардтонцæ абæреги ном. Адæми æнкъарæнтæ Блашка лæдæрдтæй хуарз. Ниффинста уæхæн «абæргутæбæл» зæрдæмæ арф ка хезуй, уæхæн æмдзæвгæ «Абæрег». Мæгур адæми уарзæг «абæрег», сау гъæди еунæгæй уогæй, гъенцъун кæнуй æма, æ маст æ тоги фицгæй, зæгъуй хъурмæй:

Ка ’нцъолдзæнæй мæ цæштитæ
Мæнæн, хъурмæй ку мæлон?
Кенæ, стонгæй, цъæх æршитæ,
Кенæ надбæл нæ бæлццон.
Ка скæндзæнæй ми кадæнгæ
Ихалунмæ дор-мæсуг?
Ка никкæндзæнæй гъарæнгæ,
Фæккалунмæ цæштисуг?

Æмдзæвги кæрони «абæрег» гузавæй зæгъуй, айдагъдæр æ дарæг – æ саулох бæх – ке нистдзæнæй æнцад, еу усмæ, æ сæргъи, уæдта ке никкæндзæнæй зæрдихалæн уаст, фæндараст зæгъгæй æ бадæгæн.

Блашка арф æнкъардта Иристони фæллойнæгæнæг адæм устур Уæрæсей хæццæ ке байеу æнцæ, е устур хуарз гъуддаг ке адтæй. Уидта ирон адæми æхсæн рохсадæ, ахурадæ æма литературæ Уæрæсей прогрессивон культури бундорбæл куд ирæзун байдæдтонцæ, уой, æма æ уадзимисти зæгъуй уоци гъудитæ. Поэт лæдæрдтæй минкъий адæмтæн зин сахатти сæ нифси цонг Уæрæсе ке адтæй. Е ’мдзæвгæ «Мæлæг æфсæддони» зæгъуй:

Додой фæккæнайтæ, Турки æфсæдтæ,
Æнæ хатт нæ байзайдзæнæй мæ тог:
Гъæддаг хутæн уин хуæруйнаг уæ мæрдтæ
Искæндзæнæй нæ Урусæн æ  топп!

Адæми цард, адæми исфæлдистади хæццæ Блашка адтæй федар баст. Поэти фæндадтæй берæ хуарздзийнæдтæ исаразун, фал ци æхсæнади цардæй, уой уедæгтæй кæронмæ æхе ратонун нæ бафæразта.

Гурджибети Блашка фиццагидæр финсун райдæдта (Тускъати Балоди куд дзурдта, 1937 анзи, уотемæй) 1896 анзæй фæстæмæ. Æ фиццаг æмдзæвгити æмбурдгонд «Дигорон уаджимистæ» мухури рацудæй 1902 анзи Дзæуæгигъæуи Шувалови типографий. Уой фæсте, 1903 анзи, геппи рацудæнцæ еци типографий финсæги кадæнгæ «Сахи рæсугъд» æма æ хуæздæр уадзимис комеди «Æдули».

Блашкай зингæдæр финститæй сæ еу æй æ кадæнгæ «Сахи рæсугъд». Аци уадзимиси карз тох цæуй хуарздзийнадæ æма лæгъуздзийнади, рæстдзийнадæ æма зулундзийнади ’хсæн. Куд загътан, уотемæй Блашкай исфæлдистади сæйрагдæр бунат ахæссуй æ дууæфæлхæнон комеди «Æдули». Аци уадзимиси Блашка уиндгунæй равдиста 1880-1900 æнзти капитализм Иристони устур ампъезтæй ке ирæзтæй æма муггагон царди æ буни ке рампурста, царди хецау æхца, сугъзæрийнæ, есбон ке иссæй, уой.

Комедий æвдист цæуй силгоймаги хъисмæт, æ уæззау цард. Кæд Хан-Гуассæ раст надбæл лæуд адтæй, уæддæр ин æ доги царди уавæртæ е ’уæнгтæ исбастонцæ, басастонцæ ин æ хъаурæ. Æхе банимадта уодæгасæй мæрдтæбæл æма загъта:

Аргъ шин кæнун æруæди базари –
Йес мæ гъæздуг къобец æлхæнæг,
Уæд шин чи ‘й мæ нивæ мæ кари,
Кенæ мæ хъурми, мæ гъулæг?

 Гурджибети Блашка адтæй Уæрæсей фæллойнæгæнæг адæми фарслæууæг.

ХЪАЗБЕГТИ Хъазбег (1912-1966), финсæг, поэт