12 ноября 2024

РÆСТДЗИЙНАДÆ ЗÆГЪУНÆЙ НÆ ТАРСТÆЙ… СТАЛИНÆЙ ДÆР

23.09.2023 | 21:16

Цалдæр анзей размæ журнал «Солдат удачи»-йи æ сæйраг редактор Михаил Ефимов ирон номдзуд инæлар Мамсурати Хаджий (уотæ ’й худтонцæ е ’мкосгутæ) райгурди 100 анзей бонмæ цалдæр номереми ниммухур кодта агъазиау уац «Диверсант по имени Ксанти». Е уоми æ раздзубандий финсуй: «Финддæсанздзудæй е æрлæудтæй Сурх Æфсади рæнгъити. Тухтæй цуппар тугъдеми – медбæстон, Испаний, советон-финнаг æма Устур Фидибæстон тугъди. Разамунд лæвардта Мадрид гъæуайгæнгутæн, финнæгти æфсади фæскъилдунмæ лыжитæбæл кодта диверсион бригадæ, партизайнаг тугъдмæ истун кодта Белоруссий, Смоленски æма цæгат-нигулæн облæстти цæргути.

 

Мамсурати Хаджи РККА-йи разведуправлений адтæй 1935 анзæй фæстæмæ. Службæ кодта сæрмагонд æсгарæн-диверсион хайади. 1936 анзи рандæй Испанимæ. Уоми  фæллимæн æй зундгонд финсæг æма журналист Михаил Кольцови хæццæ, кинооператор Роман Кармени хæццæ. Михаил Кольцов Ксантий (уотæ худтонцæ Мамсурати Хаджий Испаний)  исарази кодта америкаг финсæг Эрнест Хемингуэйи хæццæ фембæлунмæ. Уой фæсте Хемингуэйи роман «По ком звонит колокол»-и Хаджи базонуй æхе, æ тугъдон æмбæлтти-интербригадæгти.

Мамсури-фурт Испанийæй ку ’рбаздахтæй, уæд иссæй болкъон æма ’рлæудтæй ГРУ-йи æсгарæг-диверсион хайади сæргъи. Финнæгти хæццæ тугъди рæстæг е исаразта лыжитæбæл цæуæг сæрмагонд диверсион бригадæ, æма уоми ахедгæ архайдта знаги фæскъилдун.

Советон-финнаг фронти тугъдон архæйдтити бæрæггæнæнти туххæй 1940 анзи Коммунистон партий ЦК æфсæддон разамонгутæн ци æмбурд исаразта, уоми æхуæдæг бригади къуæрттæй еуей туххæй уотæ радзурдта. «Къуар адтæй Кухомониемийæй 2-3 километри уоддæр. Æвеппайди нимпурстонцæ гъæумæ, искунæг кодтонцæ радиобастдзийнади пункт, цалдæр æфсæддони æма афицери, уæдта рæмодзæн æрмæг дууæ уæрдуней дзаг. Сæхуæдтæ еугурæйдæр æрбаздахтæнцæ сæрæгасæй».

Мамсурати Хаджи æндиуд айдагъ тугъди нæ адтæй. Мæнæ куд финсуй ЦК-йи еци æмбурди туххæй инæлар Павел Батов æ киунугæ «В боях и походах»-и: «Дзубанди кодта В.И. Чуйков. И.В. Сталин, рацо-бацо кæнгæй, думдта лолæ, æрлæудтæй, æруорæдта докладгæнæги, бафарста: «Зæгъай, командæ кæнунæн дæ неке хъор кодта?» Зал ниссабур æй. Фарста нæуæгæй равардта».

Еци фарста Сталин хумæтæги нæ равардта. Фæххабар имæ кодта Сурх Æфсади Политуправлений хецау æфсади фиццаг ранги комиссар Лев Мехлис алли рауæн дæр æхе миутæ кодта. Æ архайд æфсæддон разамунди гъуддаги адтæй къулумпий хуасæ, еуæй-еу хатт ба фидбилизтæ дæр расайидæ. Фал Мехлисæй тарстæнцæ. Аци æгъатир, схъиуд адæймаг адтæй Сурх Æфсади командиртæй берети æрахæссуни фæндæ аразгутæй еу.

Еци æмбурди æ цъухбæл нæ ниххуæстæй, нæ фæттарстæй айдагъ еунæг Мамсурати Хаджи-Умар, – кæд имæ устур цин нæ адтæй, уæддæр. Дзурди барæ имæ ку ’рхаудтæй, уæд тугъди туххæй бæлвурд хабæрттæ фæккодта, уæдта кæронæй критикæмæ рахизтæй. Карзæй критикæ кодта Мехлиси. Политуправлений хецау уой æнгъæл нæ адтæй. Фиццаг рафæлорс æй, уæдта æхе ниццавта Хаджибæл:

– Хахуртæ кæнис, æз дæу еу-дууæ хаттемæй уæлдай уингæ дæр нæ фæккодтон.

Мамсури-фурт ин сабурæй дзуапп равардта:

– Мæн хахурти сæр нецæмæн гъæуй, ци адтæй, уой дзорун.

Мехлис нæуæгæй фæггæпп кодта:

– Хахуртæ ’нцæ.

Аци хатт Сталин æхе нæбал бауорæдта:

– Мамсури-фурт рæстдзийнадæ дзоруй, – ниллæг гъæлæсæй исдзурдта. – Махæн ахсгиаг æй, фронти ка ’й, еци æмбал ци дзоруй, е. Мæнæн ма уой туххæй дзурдта еу æмбал.

– Хуарз уайдæ, ку æй зæгъисæ, – мæстгунæй загъта Мехлис.

– Нæй зæгъдзæнæн, – дзуапп равардта Сталин, – мæнæн æй загъта, уæдта Молотов æма Ворошиловæн дæр.

– Дзорун гъæуй æргом, – нæбал сабур кодта Лев Захари фурт.

– Рычагов… – загъта Сталин. Æнæдзоргæй ралæудтæй æма ма бафтудта: – Хахури туххæй дзубанди дæр нæййес. Æмбал Мамсури-фурт куд дзоруй, уотæ гъуди  кæнуй æмбал Рычагов дæр.

Æнæпайда буцæу кæнетæ æмбал Сталини хæццæ абони, æнæпайда адтæй æзинæ дæр. Адæймаг хуарз æй æ гъуддæгутæй. Сурх Æфсади æййивддзийнæдти пълан Хаджий дзубандитæмæ гæсгæ хъæбæр хуарз адтæй. Адæймагмæ æууæнки æнкъарæн æвзурун кодта.

РККА-йи кадрти цæгъдун цæмæн гъудæй, еугур еци фарстатæ дæр етæ ку лух кодтонцæ, æма нур нæуæг командиртæ цæттæ кæнæ. Ци дессаг айтæ, цубурзунд æма хецаудзийнади хийнæ.

Зал бабæй нæуæгæй ниссабур æй, нирхæндæг æй. Идарддæр ци уодзæнæй, уой тæссаг уæзæ æрæнцадæй алкæбæл дæр. Исдзоруни гъомус си  некæмæ бал адтæй. Устур дессаги хузæн сæмæ кастæй цитгин Сталини цъухæй уæхæн дзурдтæ игъосун.

… Мамсурати Хаджи холлмæ рацудæй. Командиртæ имæ цудæнцæ, аразийæй ин æ къох истонцæ, æ фарс дзурдтонцæ. Еууæхæни æ зæронд зонгæ «инæлар Бодега» – Павлови рауидта. Е имæ ’рбацудæй, салам ин равардта, уæдта ин ниллæг гъæлæсæй  айуани хузи загъта: «Ксанти, Испаний нæ фесафтæ, фашисттæ дæ нæ рамардтонцæ, нур дæ нæхеуæнттæ рамардзæнæнцæ. Кæсун дæмæ æма дæ нæ лæдæрун. Дæ зунд фæццудæй, æви»…

Ке зæгъун æй гъæуй, уæд, 1940 анзи апърели, Мамсурати Хаджи æхецæн устур æма налат знаг ке искодта, уой лæдæрдтæй. Фал е рæстдзийнадæ зæгъунæй дæр некæд некæмæй тарстæй, сауæнгæ Сталинæй дæр.