06 декабря 2024

РÆСТВÆНДАГ УОТÆ!.. УÆЛАХЕЗОНÆЙ ÆМА СÆРÆГАСÆЙ НÆМÆ ИСÆЗДÆХЕТÆ!..

30.09.2022 | 10:56

Сергей МЕНЯЙЛО Беслæни аэропорти фембалдæй сæрмагонд тугъдон операций архайунмæ нæхстæргæнæг æфсæддонти хеуæнтти хæццæ.

Сæрмагонд тугъдон операций архайунмæ Цæгат Иристонæй кæмæ фæдздзурдтонцæ, уонæй фиццаг къуар æрæги рафæндараст кодтонцæ Дзæуæгигъæуи аэропортæй.

Цæгатиристойнаг тугъдонти рафæндараст кæнунмæ аэропортмæ нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæ хæццæ дзубанди кæнгæй загъта:

– Агъазиау ахсгиаг ихæстæ уин æнхæстгæнгæ рауайдзæнæй, æма алцидæр уæхецæй аразгæ ’й, цæйбæрцæбæл æнтæстгинæй исарæхсдзинайтæ еци гъуддаги. Уæ еугуремæн дæр мæ зæрдæ зæгъуй, уæлахезон куд уайтæ. Сæйрагдæр ба – уæхе багъæуай кæнетæ, фæстæмæ уæлахезонæй æма сæрæгасæй исæздæхетæ!..

Сергей Меняйло ма аэропорти уогæй, фембалдæй сæ тугъдон ихæс æнхæст кæнунмæ ци æфсæддонтæ нæхстæр кодтонцæ, уони хеуæнтти хæццæ, зæрдитæ син байвардта. Бафæдзахста син:

– Сумах уæхуæдтæ дæр уæ тугъдонтæн нифс æма уодæнцойнæ дæттæг уотæ. Зонетæ ’й, абони мæнæ æфсæддон дарæси ка ’й, етæ æцæг нæлгоймæгтæ ’нцæ, сæ сæрæндзийнадæй гъæуама сæрустур уæн.