РАЙАРАЗУЙНАГ ГЪУДДАГИ КУСТАРӔХСТӔН ӔНТӔСУЙ!..
Нӕ республики Хецауади Сӕрдар ДЗАНАЙТИ Барис ци урух ӕмбурд исаразта, уоми бӕлвурдӕй ӕркастӕнцӕ Цӕгат Иристони идарддӕри социалон-экономикон райрӕзти фӕдбӕл Уӕрӕсей Президент Владимир Путини амунддзийнӕдтӕ куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уомӕ (куд зонӕн, уотемӕй уӕхӕн сӕрмагонд амунддзийнӕдти номхигъд федаргонд ӕрцудӕй 2021 анзи августи Владимир Путин ӕма республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой фембӕлди фӕсте).
– Еци амунддзийнӕдти фӕрци, зингӕ фӕгъгъомусгиндӕр уодзӕнӕй республики социалон-экономикон размӕцуд.
Уотӕ загъта Дзанайти Барис ӕ радзубандий райдайӕни ӕма баханхӕ кодта:
– Еугур еци ӕууӕлтӕ хинцгӕй, республики Хецауадӕ гъӕуама бӕрнон ӕма еугурвӕрсугӕй къӕпхӕнгай лух кӕна размӕвӕрд нисантӕ.
Владимир Путини амунддзийнӕдти бундорбӕл арӕзт ӕрцудӕй бӕлвурд социалон-экономикон мадзӕлтти номхигъд. Уордӕмӕ бахастонцӕ республики промышленности, гъӕууон хӕдзаради, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради, ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади, туризм ӕма иннӕ къабӕзти райрӕзти нисантӕ.
Зӕгъӕн, еци пълани бундорбӕл республики гъӕуама арӕзт ӕрцӕуа медицинон реабилитаций нуриккон Центр. Ӕмбурди архайгутӕ куд фӕббӕрӕг кодтонцӕ, уотемӕй бӕлвурдгонд ӕрцудӕй, еци центр кӕми ӕрбунӕттон уодзӕнӕй, еци зӕнхи хай. Нуртӕккӕ профилон ведомствити специалисттӕ цӕттӕ кӕнунцӕ центри арӕзтади фӕдбӕл гъӕугӕ медикон-техникон ихӕслӕвӕрд.
Сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцӕудзӕнӕй террористон фудракӕндӕй гъигӕдард баййафӕг Беслӕни уӕлӕнхасӕн агъази мадзӕлттӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ. Еци куститӕ аразунцӕ Беслӕни райрӕзти генералон пълани фӕткӕмӕ гӕсгӕ. Ӕмбурди архайгутӕ куд фӕббӕрӕг кодтонцӕ, уотемӕй Уӕрӕсей Президенти амунддзийнӕдти фӕрци хӕстӕгдӕр дууӕ анзей дӕргъи уӕлӕнхасӕн фӕрӕзнитӕ 3,6 миллиард сомей бӕрцӕ федералон центр радех кӕндзӕнӕй Беслӕни цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради, ахуради, культурӕ ӕма спорти объектти цалцӕг ӕма арӕзтадӕн.
Дзанайти Барис еугур профилон министрадтӕ ӕма ведомствити разамонгутӕн дӕр байхӕс кодта, цӕмӕй афойнадӕбӕл бацӕттӕ кӕнонцӕ гъӕугӕ гӕгъӕдитӕ, сӕ арӕзтади финансон игурӕнтӕ бӕлвурдгонд кӕмӕн нӕма ӕрцудӕнцӕ, еци объектти фӕдбӕл. Аци ӕууӕл фадуат ратдзӕнӕй, цӕмӕй еци объекттӕ дӕр хаст ӕрцӕуонцӕ сӕрмагонд паддзахадон программитӕмӕ, ӕма сӕ арӕзтадӕ 2023 анзи райдайа.
Ӕмбурди архайгутӕ ӕркастӕнцӕ республики сӕйраг сахари идарддӕри райрӕзти фарстатӕмӕ дӕр. Сӕрмагонд ӕргом раздахтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи ахсгиаг промышленнон ӕма инфраструктурон объектти идарддӕри райрӕзтмӕ. Дзанайти Бариси дзубандимӕ гӕсгӕ, еци фарстатӕбӕл косгӕй, исбӕрӕг кӕнун гъӕуй фиццаградон объекттӕ.
Республики сӕрмагонд туристон кластер исаразуни фарстабӕл дзоргӕй, премьер-министр аразийӕй нӕ байзадӕй нӕ республики туризми Комитети кустӕй:
– Дзоргӕ берӕ кӕнӕн, фал нӕмӕ бӕлвурд проекттӕ берӕ нӕййес. Уотемӕй ба нури уӕнгӕ бацӕттӕ кӕнӕн адтӕй, инвестортӕн ӕма федӕни туристтӕн уӕлдай цӕмӕдессагдӕр ци объекттӕ ӕма бунӕттӕ уодзӕнӕй, уони. Сӕ идарддӕри райрӕзти фӕдбӕл бӕлвурд фӕндӕнттӕ. Республики ӕрдзон фӕрӕзнитӕ туризми райрӕзтӕн хуарз фадуӕттӕ дӕттунцӕ. Фал мӕнмӕ раст нӕ кӕсуй, туристон кластери арӕзтади пълан исхуӕцӕ-ӕрхуӕцӕгӕнгӕй цӕттӕгонд ке цӕуй, е. Еци рӕстӕг ба республики иуазгутӕй беретӕ, туризми инфраструктури уавӕрӕй аразийӕй нӕ байзайгӕй, фудӕнгъӕлӕй раздӕхунцӕ.