06 октября 2024

РАСТ ГЪУДДАГИ ДӔР РАСТ ФАРСХУӔЦӔГ ГЪӔУЙ!..

08.10.2021 | 15:43

Кӕцифӕнди адӕмихатти дӕр ку бафӕрсай, ке ‘гъдау хуӕздӕр ӕй, зӕгъгӕ, уӕд алкедӕр раппӕлдзӕнӕй ӕхе уедӕгтӕй, – загъта ӕ рӕстӕги Геродот.

Еци арф гъудий ӕрфинстбӕл кӕд берӕ ӕнзтӕ рацудӕй, уӕддӕр абони догӕ ӕма ӕхсӕнадон царди байзадӕй ахсгиагӕй. Рӕстӕг, цӕугӕдони хузӕн, ӕнцойнӕ нӕ зонгӕй, ‘скъӕруй  размӕ… Уой хӕццӕ, еу фӕлтӕр инней ӕййевуй, царди уагӕ ӕма домӕнтӕ дӕр сӕ хӕццӕ ӕмдзо кӕнунцӕ… Фал, цийфӕнди ӕййивддзийнӕдти фӕлгӕти дӕр алли адӕмихатт дӕр гъӕуама багъӕуай кӕна, ци уедӕгтӕбӕл ӕнцойнӕ кӕнуй, уой кадӕ, ӕгъдау, ӕфсармӕ ӕма намус.

Уӕхӕн фӕткӕ, бундор ӕма уагӕбӕл ӕвӕрд ӕй Еугуруӕрӕсеуон ӕхсӕнадон змӕлд «Иристони Устур Нихӕс»-и силгоймӕгти Комитети ахсгиаг бундорон куст. «Иристони Устур Нихӕс»-и сӕрмагонд еумӕйаг ӕмбурди унаффӕ ӕма бардзурдмӕ гӕсгӕ, комитетӕн сӕргълӕууӕгӕй нисангонд ӕрцудӕй Махъоти Иринӕ, хуӕдӕййевӕгӕй – Гӕджинон-Хабӕти Риммӕ. Фӕстӕдӕр комитети ӕмбурди, дуккаг ӕма ӕртиккаг хуӕдӕййевгутӕй иснисан кодтонцӕ Сланти Светланӕ ӕма Гуйти Светлани.

Царди медӕгӕ кӕцифӕнди гъуддагӕн дӕр гъӕуама ӕ размӕ ӕвӕрд цӕуонцӕ: сӕйраг ихӕстӕ, бундорон нисантӕ ӕма ахсгиаг фӕндитӕ. Еци гъудибӕл хуӕст ӕнцӕ силгоймӕгти Комитети иуонгтӕ ӕма архайгутӕ.

МАХЪОТИ Иринæ дзубанди кæнуй фæсевæди хæццæ фембæлди.

Комитетӕн федар бундор исӕвӕруни уагӕбӕл, ӕвзурст ӕма федаргонд ӕрцудӕнцӕ, республики алли райони дӕр сӕрмагонд комитеттӕ ӕма сӕргълӕугутӕ: Чихтисти-Кудзойти Зӕринӕ, Сӕлбити Дианӕ, Таутиати Минтӕ, Коцойти Заремӕ, Хъуппети Азӕ, Тедтати Джульеттӕ, Дзуццати Риммӕ, Бадзити Ларисӕ, Дзобати Аллӕ, Касати Жаннӕ, Абайти Тамарӕ.

Уотӕ, Иристони кадгин ӕма ӕгъдаубӕлхуӕст силгоймӕгтӕ дусвӕлдӕхт ӕма уодуӕлдайӕй ӕмгустадӕ кӕнунмӕ бавналунцӕ. Анз дууӕ хатти цӕттӕгонд ӕма арӕзт ӕрцӕунцӕ еумӕйаг ӕмбурдтӕ. Уоми дзубанди фӕццӕуй, анзи медӕгӕ сӕ размӕ ци ихӕстӕ ӕма нисантӕ исӕвардтонцӕ, уонӕбӕл. Цӕйбӕрцӕ, куд ӕма ци хузи бафтуйдзӕнӕнцӕ сӕ къохи, еци гъуддӕгутӕбӕл ӕма ӕндӕр аллихузон гъомбӕладон фарстатӕбӕл. Алли райони комитети сӕргълӕууӕг дӕр дзуапп раттуй ӕ кусти фӕстеугутӕн.

Дуккаг ӕмбурди сӕрмагонд дзубанди фӕццӕуй, кусти медӕгӕ ци къулумпитӕ адтӕй анзи дӕргъи, уони анхосӕгтӕ рартасун ӕма сӕ райеуварс кӕнуни мадзӕлттӕбӕл. Уой хӕццӕ, дзубанди фӕццӕуй идарддӕри кусти сӕйраг ихӕстӕ, нисантӕ, унаффитӕ ӕма фӕндитӕ кӕд, кӕми ӕма куд лухгонд цӕудзӕнӕнцӕ, уобӕл. Алли кусти туххӕй дӕр исфедар кӕнунцӕ сӕрмагонд дзуапдӕдтгути номхигъд. Еци кусти бардзурд федаргонд ӕрцӕуй ӕмгъӕлӕси уагӕ ӕма бундорбӕл.

Мадта ци ‘нцӕ Еугурдуйнеуон ӕхсӕнадон змӕлд  «Иристони Устур Нихӕси»  силгоймӕгти Комитети сӕйраг ихӕстӕ?

Зундгонд ирон рохситауӕг Колити Аксо нин ниууагъта уӕхӕн ӕрвон гъуди: «Кӕд нӕ фӕндуй доги ӕхсӕнадӕн аккаг кӕстӕр исгъомбӕл кӕнун, уӕд бал, фиццагидӕр, исгъомбӕл кӕнун гъӕуй цардӕн рӕсугъд фӕткӕвӕрӕг силгоймаг – мадтӕлти».

Мадта, цума, циуавӕр гъӕуама уа уӕхӕн силгоймаг – мадӕ абони доги ба?

Йӕ царды нысан хъуамӕ уа  ӕфсарм,
Йӕ къӕхты фӕдтӕй зӕхх  ӕнкъара хъарм.
Бӕркады суадон хъуамӕ уа йӕ арм,
Йӕ уды арфы ма цӕра хӕрам!

Е ӕй комитети фиццаг нисан. Фал, нӕ фидтӕлтӕ дзӕгъӕли нӕ загътонцӕ: «Тала ӕригонӕй ку не ‘ртасун кӕнай, уӕд бӕласӕй тасун нӕбал бакомдзӕнӕй». Исонибон мади кӕдзос ном хӕссунмӕ къахдзӕфгай ӕма къӕпхӕнгай цӕуй нӕ абони царди ӕригон кизгӕ.

Уомӕн хестӕртӕ, гъомбӕлгӕнгутӕ ӕма ахургӕнгутӕ ци байамононцӕ, уой исон бахӕсдзӕнӕй ӕ нӕуӕг бийнонтӕ ӕма ӕхсӕнадон цардмӕ. Кӕд абони сӕхуӕдтӕ нурма хъӕболтӕ ‘нцӕ, уӕд исонибон ба уодзӕнӕнцӕ мадтӕлтӕ, нӕуӕг ӕхсӕнадӕ ӕма рӕстӕги хумгӕнди муггаг итаугутӕ. Абони ‘нцӕ ӕригон ӕнсувӕрти хуӕртӕ, бийнонтӕ ӕма муггӕгти ахурдзаутӕ…

Федӕни ба уодзӕнӕнцӕ цардӕмбӕлттӕ, мадтӕлтӕ ӕма хӕдзари артгъӕуайгӕнгутӕ. Алли ирон кизгӕ дӕр гъӕуама ӕ зӕрдӕбӕл дара:

Ӕфсымӕртӕн кӕд райгуырдтӕн ӕз хойӕн, –
Мӕ ном сын макуы хъуамӕ суа сӕрхойӕн!..
Мӕ зӕрдӕйыл тых кӕна хъуамӕ зонд,
Цӕмӕй сӕ худтӕ уой мӕнӕй бӕрзонд!..
Ӕз цардӕмбалӕн кӕд ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн,
Хуыцауӕй райстон кӕд фӕдзӕхсӕн,
Уӕд Мады-Майрӕм, Сафайыл ӕфтыд дӕн!
Ӕз – Иры фарны къӕбицы ӕртыскӕн!..

Еугур аци арф гъудитӕ ӕма ахсгиаг фарстатӕ ӕвӕрд ӕнцӕ Еугурдуйнеуон ӕхсӕнадон змӕлд «Иристони Устур Нихӕс»-и силгоймӕгти Комитети кусти медӕгӕ.

Бундоронӕй сӕбӕл ӕрдзорӕн, ци берӕ фембӕлдтитӕ аразӕн ирӕзгӕ фӕлтӕр ӕма ӕригӕнтти хӕццӕ, еци ахедгӕ мадзӕлтти рӕстӕги. Уӕхӕн фембӕлдтити архайгутӕ фӕуунцӕ цалдӕр фӕлтӕрей минӕвӕрттӕ: комитети иуонгтӕ, нанатӕ, ниййергутӕ, скъоладзаутӕ, студенттӕ.

Еумӕйаг кусти фӕткӕвӕрдӕй алли райони дӕр райсуй бакосуйнаг хайадӕ, бацӕттӕ кӕнуй ӕма исаразуй сӕрмагонд гъомбӕладон мадзал. Уордӕмӕ хунд ӕрцӕунцӕ республики еугур районтӕй дӕр минӕвӕрттӕ. Догӕ ӕма рӕстӕги ахсгиагдӕр ӕма ахедгӕдӕр мадзӕлттӕбӕл исаразӕн телевизион равдиститӕ, радиобакаститӕ, ӕрдзорӕн сӕбӕл республики сӕйраг мухури фӕрӕзнити фӕрстӕбӕл дӕр.

Алли мадзали рӕстӕги дӕр бундоронӕй дзурд фӕццӕуй: иристойнаг кизги ӕгъдау, ӕфсармӕ ӕма намус абони царди ниффедар кӕнуни сӕйраг ихӕстӕбӕл. Исонибони фӕлтӕртӕмӕ сӕ рӕсугъд ӕма кӕдзосӕй бадӕттуни ахсгиаг фарстатӕбӕл.

Ӕригон фӕсевӕд, уӕхӕн фембӕлдтити рӕстӕги раргом кӕнунцӕ сӕ абони царди ресагӕдӕр фарстатӕ ӕма цӕлхдортӕ… Устур ӕргом ‘здӕхт фӕццӕуй иристойнаг кизгутти уӕледарӕс ӕма ӕндаг бакастмӕ. Уой хӕццӕ, сӕхе ӕхсӕнадон бунӕтти куд дарунцӕ, еци ахсгиаг ӕма ӕркӕсуйнаг гъуддӕгутӕмӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, фиццагон уӕледарӕсмӕ раздахуни фӕстезад гъуди, комитети иуонгтӕй еуемӕ дӕр нӕййес. Фал силгоймаги ӕгъдау, ӕфсармӕ, ездондзийнадӕ, гъӕуама, модӕ ке хонӕн, уомӕй макӕд фӕххецӕн уонцӕ.

Алцӕмӕн дӕр ес бӕрцӕ ӕма уагӕ. Кизгӕ гъӕуама ӕ зӕрдӕбӕл дара, айдагъ ӕ бийнонтӕ ӕма муггаги цӕсгон ке нӕй, фал ӕнӕгъӕнӕ Иристони кадӕхӕссӕг минӕвар, ӕхсӕнадон царди абони ӕма федӕни бӕлццон. Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма, аци анзи кусти фӕткӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, комитетмӕ хунд ке ‘рцӕудзӕнӕнцӕ Иристони алли гъуддагӕй дӕр фӕнзуйнаг кизгуттӕ сӕ мадтӕлти хӕццӕ. Е, ӕнӕмӕнгӕ, ӕргом агъаз фӕууодзӕнӕй фӕсевӕд ӕма ирӕзгӕ фӕлтӕри хӕццӕ ӕнцондӕрӕй бастдзийнӕдтӕ исфедар кӕнунӕн. Уомӕй уӕлдай, фӕуурухдӕр кодтан комитети бастдзийнӕдтӕ географион ӕвналӕнтӕй дӕр.

Кадгин уавӕрти комитети иуонг иссӕй Турки цӕрӕг нӕ уарзон хуӕрӕ Пухати Жале. Е архайдта комитети цалдӕр ӕмбурдеми. Радзурдта нӕ хуӕртӕ ӕцӕгӕлон бӕсти кизгутти хӕццӕ еумӕйаг гъомбӕладон куст куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой туххӕй. Бахаста фӕндӕ, абони рӕстӕг пандемий уацарӕй ку фӕййервӕза, уӕд ке исараздзинан еумӕйаг гъомбӕладон мадзӕлттӕ дӕр уой фӕдбӕл.

Нур ба мӕ дзубанди ӕй Иристони цӕрӕг еугур нанатӕ, мадтӕлтӕ ӕма ӕригон фӕсевӕдмӕ. Уӕ хуарзӕнхӕй, ӕрбалӕууетӕ нӕ комитети силгоймӕгти фарсмӕ! Нӕ кӕстӕртӕ ӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ Иристони кӕстӕртӕ дӕр. Хуарз кӕстӕр исгъомбӕл кӕнун ӕй еумӕйаг еугурадӕмон ихӕс, ӕма ибӕл еу бийнонти хузӕн ку косӕн, уӕд нӕ комитети иуонгтӕн зингӕ фулдӕр бафтуйдзӕнӕй сӕ къохи. Уой туххӕй ӕнӕмӕнгӕ комитети иуонг ун нӕ гъӕуй.

Мах дӕр ӕма районти комитеттӕ дӕр цӕттӕ ‘нцӕ сумахӕй кефӕнди хӕццӕ дӕр фембӕлунмӕ. Кӕд уӕмӕ ес хуарз гъудитӕ, унаффитӕ, феппайуйнӕгтӕ – табуафси, ӕнгъӕлмӕ уӕмӕ кӕсӕн!

 

ГӔДЖИНОН-ХАБӔТИ Риммӕ,

Еугурдуйнеуон ӕхсӕнадон змӕлд «Иристони Устур Нихӕс»-и силгоймӕгти Комитети сӕрдари хуӕдӕййевӕг.