06 октября 2024

ӔРДХУАРДДЗИЙНАДӔ

28.07.2021 | 16:47

АГЪНАТИ Æхсарæ

Рагӕй дӕр нӕ адӕммӕ хъӕбӕр цитгин адтӕй ӕрдхуарддзийнади ӕгъдау. Биццеу ӕ лӕхъуӕни карӕмӕ ку бахъӕртидӕ, уӕд е ’мгӕртти астӕу агурдта, ӕхецӕн ӕрдхуард кӕмӕй загъдтайдӕ, уӕхӕн адӕймаг.

Ӕхецӕн ӕрдхуард иссерунмӕ хъӕбӕрдӕр бӕлдтӕнцӕ ӕма еци гъуддаг исаразунбӕл уӕлдай зӕрдиагӕй архайдтонцӕ, ӕнсувӕртӕ кӕмӕн нӕ адтӕй, уӕхӕн лӕхъуӕнтӕ. Мадта бийнонтӕ сӕхуӕдтӕ дӕр сӕ еунӕг фурти еци гъуддагмӕ разӕнгард кодтонцӕ.

Ӕма лӕхъуӕн ӕхецӕн лимӕн ку иссеридӕ, царди медӕгӕ ин уодзӕнӕй зӕрдтаг, зӕгъгӕ, е ку исбӕлвурд уидӕ, уӕд дууӕ бийнонти дӕр, сӕ гӕнӕнтӕ куд амониуонцӕ, уомӕ гӕсгӕ искӕниуонцӕ гъӕугувдтитӕ. Сӕ нӕуӕг ӕрдхуардӕй сӕрустур уиуонцӕ айдагъ бийнонтӕ нӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ муггаг дӕр.

Хуӕнхаг ӕгудзӕг царди социалон фӕззинд ӕрдхуарди ахедундзийнадӕбӕл нӕ дзордзинан. Уой нӕ этногрӕфти барӕ уадзӕн. Зӕгъун мӕ фӕндуй уой, ӕма еци тухст дзаманти дӕр ирон адӕм сӕ дзурд некӕд сайдтонцӕ, дзурд ку радтиуонцӕ, уӕд, цийфӕнди зин ку адтайдӕ, уӕддӕр ӕй ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕст кодтонцӕ лӕгигъӕдгунӕй. Уӕхӕн фӕткӕ уӕди рӕстӕгути уанӕбӕрӕг дессаг некӕмӕ кастӕй, уомӕн ӕма алкӕмӕндӕр лӕдӕрд адтӕй, гъӕуама уотӕ ке уа, е.

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма уӕди рӕстӕгути нӕ адӕм ӕрдхуӕрдтӕ айдагъ сӕхе медастӕуӕй нӕ кодтонцӕ. Ахид син уидӕ ӕрдхуӕрдтӕ ӕндӕр кавказаг адӕмтӕй дӕр, фал тӕккӕ лимӕндӕр ба адтӕнцӕ уруссӕгти хӕццӕ.

Берӕ историон цаутӕ ӕримисӕн ӕма берӕ аллихузон хабӕрттӕ ракӕнӕн ес еци ӕрдхуарддзийнади фӕдбӕл, сӕ еугурей еу уаци ранимайунӕн фадуат кӕми ес, уомӕ гӕсгӕ ба ӕрхӕсдзинан, уӕди рӕстӕгути кавказаг адӕмти цардиуаги фарстатӕмӕ лӕмбунӕг ка ’ркастӕй ӕма сӕ фӕффинста, еци номдзуд ахургӕндтӕй еуей ӕвдесӕнтӕ.

Кавкази тугъди рӕстӕги уруси ӕфсади службӕ кодта афицерӕй немуцаг ахургонд Штедер. Берӕ фӕцӕй Кавкази, адтӕй Иристони кӕмтти дӕр. Ци уидта ӕма ци игъуста, уони финста ӕ бонуги. Еци бонуг ниммухур кодта немуцаг ӕвзагбӕл 1781 анзи Лейпциги. Ирон царди ӕууӕлти туххӕй си берӕ хуарз ӕрмӕг ес. Мах си райсдзинан уӕхӕн факттӕ.

Кавкази тугъди рӕстӕги уруси ӕфсадӕй лигъдӕнцӕ мӕгур ӕнӕбарӕ ӕфсӕддонтӕ Иристони кӕмттӕмӕ ӕма римахстонцӕ сӕхе ами цӕрӕг адӕми хӕдзӕртти. Штедерӕн ихӕсгонд адтӕй еци лигъд ӕфсӕддонти ӕрӕмбурд кӕнун ӕма сӕ фӕстӕмӕ Уӕрӕсемӕ ракӕнун. Уомӕ гӕсгӕ Штедер зилдӕй кӕмтти ӕма гъӕути. Куд финсуй, уотемӕй, дан, ирӕнттӕй неке исгъӕр кодта, лигъд уруссаг ӕфсӕддонтӕ имӕ ке ес, уой. Дессаг, дан, мӕмӕ е фӕккастӕй, ӕма уруссаг ӕфсӕддонтӕ ирон хӕдзӕртти цардӕнцӕ хе бийнонти хузӕн, косун, дан, сӕ ӕгириддӕр нӕ кодтонцӕ. Ракодтонцӕ си уӕддӕр цалдӕр ӕфсӕддони. Ӕма кӕмӕ адтӕнцӕ, еци ирон лӕгтӕ сӕ фӕдбӕл цудӕнцӕ коми думӕгмӕ, курдтонцӕ, цӕмӕй сӕ афицер ма бафхуӕра. Уотӕ ӕновуд адтӕнцӕ урусбӕл.

Æрдхуарддзийнадæбæл æновуд ун нæ кæстæртæн фæдзæхсун æй нæ адæми ахсгиагдæр æгъдæуттæй еу.

Ӕууӕндундзийнадӕ ӕма дзурд ӕнхӕст кӕнун куд кадгин адтӕнцӕ мах адӕми ’хсӕн, уой туххӕй зӕрдиагӕй финсуй Штедер.

– Дигори ку адтӕн, уӕд гъӕди фӕдздзӕгъӕл дӕн. Ӕрталингӕ ’й. Еу рауӕн пихсити рауидтон цидӕр рохс ӕма мӕхе уордӕмӕ исаразтон. Хӕстӕг ку бацудтӕн, уӕд кӕсун, ӕма арти алливарс цидӕр лӕгтӕ бадунцӕ нимӕтти. Ку мӕ рауидтонцӕ, уӕд фӕггӕппитӕ кодтонцӕ. Сӕ тохӕнгӕрзтӕмӕ фӕллӕбурдтонцӕ, уотемӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг фӕллӕудтӕнцӕ.

Ӕвӕдзи, мӕн хузӕн ӕнай-ӕнойти иуазӕг сӕмӕ фӕззиндзӕнӕй, уой ӕнгъӕл нӕ адтӕнцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ ба мӕ бацудӕй фӕттарстӕнцӕ. Ӕз ку нӕбал ӕзмалдтӕн, ку неци дзурдтон, уӕд етӕ дӕр ӕрсабур ӕнцӕ. Ракӕститӕ кодтонцӕ сӕ алливӕрсти ӕма, мӕнӕй ӕндӕр си ку неке адтӕй,уӕд мӕбӕл баууӕндтӕнцӕ, фудгӕнӕг ке нӕ дӕн, уобӕл. Се ’взаг син хуарз кӕми зудтон, фал син куддӕрти балӕдӕрун кодтон, зӕгъун, фӕдздзӕгъӕл дӕн ӕма ӕнӕгъӕнӕ бон стонг дӕн.

Кӕбӕл исцурӕвӕрӕ дӕн, уонӕй еу лӕг, куд ӕй балӕдӕрдтӕн, уотемӕй сӕ хестӕр, ӕ фарсмӕ мӕ ӕрбадун кодта, кӕстӕртӕ уайтӕккӕ фингӕ ракодтонцӕ ӕма нин байеудагъ ӕй дӕргъвӕтийнӕ дзубанди. Мӕ фусунтӕн сӕ гӕнӕнтӕ кӕд бустӕги цубур адтӕнцӕ, уӕддӕр устур уӕздандзийнадӕ равдистонцӕ ӕнӕнгъӕлӕги иуазӕги бабоц кӕнунӕн. Уотемӕй ба адтӕнцӕ абӕргутӕ. Сӕ хестӕр адтӕй зундгонд дигорон абӕрӕг Бекба.

Бекба баууӕндтӕй Штедербӕл, дзурд ин равардта балимӕн кӕнуни фӕдбӕл. Уой фӕсте Бекба ӕ абӕргути хӕццӕ, ӕ лимӕн Штедери курдиадӕмӕ гӕсгӕ, бацудӕй уруссаг ӕфсадмӕ службӕ кӕнунмӕ. Ӕ ихӕстӕ, дан, хъӕбӕр хуарз ӕнхӕст кодта еци Бекба, ӕстауй ӕй ӕ финстити Штедер.

Ирон адӕм уруси хӕццӕ лимӕнӕй ке цардӕнцӕ, уомӕн берӕ ӕвдесӕндартӕ ес. Радзордзинан ма мӕнӕ ауӕхӕн историон цаути фӕдбӕл. 1774 анзи Иристон байеу ӕй Уӕрӕсей хӕццӕ. Уӕрӕсей хецауадӕ равардта ирон адӕмӕн хуӕнхти цъӕстӕй будурмӕ раледзуни барӕ. Хуӕнхбӕстӕй раледзӕг адӕм будурти аразун райдӕдтонцӕ сӕ гъӕутӕ уруссаг хуторти кенӕ хъазахъаг станицити фарсмӕ.

Мӕздӕг адтӕй уруссаг федар ӕма ӕ алливарс ирӕнттӕ исаразтонцӕ гъӕутӕ: Черноярское, Ново-Осетинское, Большое Осетинское, Ос-Богатырь, Бугулов, Хестанов, Джигкаев ӕма ӕндӕртӕ. Уӕхӕн гъӕутӕ арӕзт ӕрцудӕнцӕ ӕндӕр рауӕнти дӕр. Ами зӕгъун гъӕуй уой, ӕма будурмӕ раледзӕг дзиллитӕ райдӕдтонцӕ сӕхецӕн лимӕнтӕ кӕнун, ци хъазахъ ӕма уруси фарсмӕ ӕрцардӕнцӕ, уони хӕццӕ.

Еуӕй-еуетӕ, сӕ уруссӕг зонгити лимӕнтӕбӕл ке нимадтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ цӕуӕтбӕл ӕвардтонцӕ уруссаг нӕмттӕ, уӕдта сӕ хигъди финстонцӕ уруссаг муггагӕй. Уотемӕй Мӕздӕги ӕрцӕрӕг иристойнӕгти ’хсӕн фӕззиндтӕй уруссаг муггӕгтӕ: Иванов, Чернышов, Насонов, Никифоров, Сидоров, уӕдта хъазахъаг муггӕгтӕ: Василенко, Николенко, Сидоренко ӕма ӕндӕртӕ.

Лабӕмӕ (Хъӕрӕсе) ци ирӕнттӕ фӕллигъдӕнцӕ, уонӕй Черчестӕ сӕхе ниффинстонцӕ куд Черкесовтӕ, Чехойтӕ – Чеховтӕ. Разиндзӕнӕй ма ӕндӕр уруссаг муггӕгтӕ дӕр иристойнаг адӕммӕ, фал уонӕбӕл нӕбал дзордзинан, еци фарстатӕбӕл сӕрмагондӕй фӕдздзорун гъӕуй.

Аллихузон адӕмихӕттити минӕвӕртти ’хсӕн кӕрӕдземӕн ӕрдхуард зӕгъуни ӕгъдау хъӕбӕрдӕр рапарахат ӕй Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕги. Иристойнаг тугъдон лӕхъуӕнтӕ, фашистти нихмӕ тох кӕнгӕй, устур таси уогӕй, сӕхецӕн акъоппити ӕмбӕлттӕ кодтонцӕ бӕгъатӕр ӕфсӕддонтӕй, нӕ бӕсти адӕмти хӕццӕ, цӕмӕй еци зин дзамани сӕ фарсмӕ адтайдӕ, ӕууӕнкӕ кӕбӕл адтайдӕ, уӕхӕн тугъдонтӕ. Кӕрӕдземӕн дзурд дӕтгӕй, еци тугъдон ӕмбӕлттӕ тугъди будури ӕвдистонцӕ устур бӕгъатӕрдзийнадӕ. Нӕ газеттӕ ӕма нӕ журналти сӕ кой ахид фӕккӕнунцӕ.

Ӕрдхуарддзийнадӕ тугъдон фӕззинд ке ’й, уомӕн берӕ ӕвдесӕнтӕ ес. Советон ахургонд Э.А. Грантовский финсуй, зӕгъгӕ, ирон адӕммӕ ӕрдхуард кӕнуни фӕткӕ ӕрхъӕрдтӕй скифти цардӕй. Ӕвӕдзи, аци гъуди раст ӕй.

Скифти истори лӕмбунӕг ниффинста ӕ дзамани грекъаг историк Геродот. 2500 анзей размӕ еци ахургонд адтӕй скифтӕн сӕхемӕ, фӕууидта син сӕ цард, сӕ тугъдон гъуддӕгутӕ. Ӕ историй 4-аг киунугӕ уонӕбӕл финст ӕй.

Геродот куд финсуй, уотемӕй скифтӕ тугъдон адӕм адтӕнцӕ, соми, дан, кодтонцӕ сӕ фидтӕлти циртитӕ ӕма тохӕнгӕрзтӕй. Бӕлвурдӕй финсуй скифти ӕрдхуард кӕнуни ӕгъдаубӕл. Рагдзаманти ирон адӕм куд кодтонцӕ, раст ӕй уотӕ аразтонцӕ скифтӕ дӕр.

Скифтӕмӕ мах нуриккон адӕмӕй никки тухгиндӕр адтӕй ӕрдхуард кӕнуни ӕгъдау. Уой кой райгъустӕй сауӕнгӕ идард бӕститӕмӕ дӕр, таурӕхъти ӕма ӕмбесӕндти хузи ӕй дзурдтонцӕ Греци ӕма Роми паддзахӕдти галауанти. Рагонбердзейнаг финсӕг-сатирик Лукиан Сирийаг (сахар Самосантӕй рацӕуӕг) II ӕноси (нӕуӕг нимадӕй) ниффинста скифти ӕрдхуард кӕнуни ӕгъдауи фӕдбӕл сӕрмагонд уадзимис «Токсарис или дружба». Уруссаг ӕвзагмӕ тӕлмацӕй ӕй ниммухур кодта академик В.В. Латышев. (Кӕддӕр мах газети дӕр мухургонд ӕрцудӕй дигорон ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй – Ред.). Раст зӕгъун гъӕуй, Лукиани новелли берӕ ӕримисгӕ хабӕрттӕ ес, фал ӕ бундор ӕцӕг ӕй – уӕди фӕткитӕмӕ гӕсгӕ «варварти» цард ӕмбесонди хузи ӕвдистонцӕ.

Зундгонд ромаг поэт Публий Овидий Назон хуарз зудта сӕрматти, се ’хсӕн фӕццардӕй Сау денгизи билгӕрон еуминкъий сахар Томи дӕс анзей бӕрцӕ (8-аг анзӕй 18-аг анзмӕ). Куд зӕгъуй, уотемӕй исахур кодта сӕрматаг ӕвзаг ӕма ибӕл ӕмдзӕвгитӕ дӕр финста.

Овидий куд финсуй, уотемӕй сӕрматаг зӕронд лӕгтӕй берӕ фегъуста рагон таурӕхътӕ ӕма ӕмбесӕндтӕ сӕрматти цардбӕл. Ӕхе цӕститӕй син фӕууидта сӕ цард ӕма финсуй, зӕгъгӕ, кӕд мӕгур варвартӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр сӕмӕ бӕрзонд ӕвӕрд адтӕй ездондзийнадӕ. Сӕрустур адтӕнцӕ сӕ кӕнгӕ ӕнсувӕртӕй, ӕнхӕст кодтонцӕ сӕ дзурд.

Советон ахургонд А.М. Хазанов куд рартаста, уотемӕй скифтӕ ӕма сӕрматтӕмӕ ӕрдхуардӕн адтӕй сӕрмагонд идауӕг, хъӕмайӕн сӕмӕ Арес куд адтӕй, уотӕ.

Ӕрдхуард арӕзт ӕй дууӕ дзурдемӕй – ард ӕма хуӕрун-ӕй. Мевдесӕг хуӕрун ци амонуй, уой алкедӕр хуарз зонуй. Нӕ дзурдуати ард ӕй хецӕн дзурдӕй дӕр, амонуй: клятва, присяга. Нуртӕккӕ аци дзурд ахиддӕр ӕмбӕлуй дзурдбӕстити. Зӕгъӕн: Нарт сӕ Уацамонгӕй хуардтонцӕ ард; ард дин хуӕрун аци зӕнхӕй, соми кӕнун бӕрзонд цъӕх арвӕй.

Ард дигоронау игъусуй арт. Профессор Абайти Васо куд зӕгъуй, уотемӕй ирон ӕма дигорон дзурди хузтӕ рацудӕнцӕ рагон ирайнаг арта – кенӕ – рта-йӕй. Арта-йӕн рагон ирайнаг ӕвзӕгти фулдӕр ахедундзийнадӕ адтӕй. Еци гъуддаг ӕвдесунцӕ нӕ маддӕлон ӕвзаги мӕнӕ ауӕхӕн дзурдбӕститӕ: Хуцауи ард, адӕми ард, ард ди бацӕуӕд, ард дӕ баййафӕд, ард дӕ фӕдбӕл ӕфтуд ӕрцӕуӕд ӕма ӕндӕртӕ.

Куд уинӕн, уотемӕй еуӕй-еу дзурдбӕстити ардӕн ес бафауйнаг нисанеуӕг. Цӕмӕн уотӕ ’й, е бӕрӕг нӕма ’й.

Скифтӕ, сӕрматтӕ ӕма алантӕ ардӕн ке кувтонцӕ, е бӕрӕг ӕй сӕ сахари номӕй дӕр. Хъирими сахар Феодосий кӕддӕр алантӕ худтонцӕ Артабда, нур ӕй зӕгъианӕ куд авд арди. Алантӕ, ӕвӕдзи, еу ардмӕ нӕ кувдтонцӕ, фал авдемӕ.

Рагон ирайнаг адӕммӕ дзурд ард (дигоронау – арт) кадгин ке адтӕй, уой ӕвдесунцӕ, ци адӕймӕгути нӕмттӕ сӕмӕ байзадӕй, етӕ: Артахшатра, Артафарн, Артабан, Артавазд, Артапат ӕма ӕндӕртӕ.

Берӕ зундгонд ахургӕндтӕ архайдтонцӕ дзурд ард (арт) рартасунбӕл. Рагон ирайнаг ӕвзаги ӕ медес адтӕй «священный», авести ба ин ес цидӕр уӕларвон медес – «благодать».

Ирон ӕвзаги дзурд ард мевдесӕг дзурд хуӕруни хӕццӕ баст цӕмӕн ӕй, е зин зӕгъӕн ӕй. Уотӕ ку фӕззӕгъунцӕ, дӕ незтӕ дин хуӕрун, гъома, цӕмӕй дӕ незтӕ фесӕфонцӕ, зӕгъгӕ, уӕд уой балӕдӕрун ӕнгъезуй, фал ард ба куд ес хуӕрӕн? Еци фарста нерӕнгӕ дӕр ма лӕууй ахургӕндти размӕ.