ӔРХАСТАЙ ДУ КАДӔ ДЕ ’ХСАРӔЙ, ЦИТГИН ӔЙ НУР МАХӔН ДӔ НОМ…
…Польши зæнхæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнунбæл тугъдтити рæстæг Александр уæззау цæфтæ фæууогæй, бахаудтæй æфсæддон сæйгæдонæмæ. Æма ами радаргъ æнцæ æ гъезæмæртти бæнттæ… Æ бауæрбæл ин дохтиртæ банимадтонцæ дууадæс цæфи, уой дæр еу иннемæй уæззаудæр – æ сæр дæр, æ фарс дæр, æ дууæ къахи дæр уоййасæбæл гъигæдард æрцудæнцæ, æма син исдзæбæх кæнун бантæсдзæнæй, уомæй сауæнгæ тæккæ дæснидæр дохтиртæ дæр неци уоййасæбæл зæрдæ æвардтонцæ æ фæййервæзунбæл. Фал дессæгтæ дæр куд не ’рцæуй, уæлдайдæр ба адæймаг тухгин ку уа уоди федардзийнадæй, нифсгунæй ку æууæнда хуæздæрбæл. Æма æхсаргин тугъдон знæгтæбæл куд уæлахез кодта, уотæ фæууæлахез æй мæлæтбæл дæр…
Æма ’й æфсæддон сæйгæдонæй фæндараст кæнгæй, æ дзæбæхгæнæг дохтир ин еци дестæгæнгæй дзурдта:
– Ду, Александр Николайи фурт, æфсæйнагæй дæр æндондæр адæймаг дæ. Ду… болатæй хотухдæр дæ!..
Æма дохтир æ уæлвонг зæгъдтитæй раст адтæй. Адæймагæн уоди хъаурæ æма фæразондзийнадæ кенæ æрдзæ раттуй, кенæ ба си æхсист исуй, царди аллихузон фæлтæрæнтæ бавзаргæй æма син ниффæразгæй. Хъибизти Александр еци менеугутæй фæххайгин æй дууердигæй дæр.
… Хъибизи-фурт райгурдæй Киристонгъæуи 1912 анзи 27 октябри зæнхкосæги хæдзари. Æ фидæ Никъала æма æ мадæ Сонайæн гъæубæсти медæгæ устур кадæ адтæй, сæ бийнонтæ нимад адтæнцæ, уомæн æма фæллойнæуарзагæй сæ зудтонцæ, Александр æма е ’нсувæртæ дæр хуæрзæригонæй архайдтонцæ еугур кустити дæр. Еузагъдæй, бийнонтæ сæхе хъиамæтæй сæ цард æнхæстæй аразунгъон адтæнцæ. Ку зæгъæн, уой туххæй син гъæубæсти ’хсæн кадæгонд кæд цудæй, уæддæр си соцъагæнгутæ дæр разиндтæй. Е рабæрæг æй, советон доги райдайæни коллективизаций рæстæг – уæд æдзæстуарзонтæ сæ илгъаг миутæй байархайдтонцæ, цæмæй еци рæстзæрдæ, сæхе фæллойнæй сæхе дарæг бийнонтæ бахаудтайуонцæ кулакти нимæдзæмæ.
Уæхæн номхигъдмæ хаст ка ’рцæуидæ, етæ хъæбæр уæззау æфхуæрдтитæ баййафиуонцæ. Æма уомæ гæсгæ ба 1933 анзи Хъибизти Никъалайи бийнонтæ дæр фæллигъдæнцæ Ашхабадмæ.
Еци рæстæгутæ имисгæй, Александр уотæ дзоридæ:
– Устур Фидибæстон тугъд мæ æрæййафта Ашхабади. Тугъди фиццаг бæнттæй фæстæмæ курдтон, цæмæй мæ фронтмæ рарвистайуонцæ. Фал… Айдагъдæр 1942 анзи исарази æнцæ мæ хæццæ. Кавалеримæ мæ бæргæ фæндаттæй, фал æрвист ба æрцудтæн танкон æфсæдтæмæ…
Тугъди цæхæри фиццаг хатт бахаудтæй 1942 анзи августи, Нигулæн фронти рæнгъити уогæй… Фал ин си берæ рæстæг тох кæнун нæ бантæстæй, фæццæф æй. Æртæ мæйей дæргъи фæцæй æфсæддон сæйгæдони, уой фæсте ба æрвист æрцудæй ахургæнæн полкмæ. Ами æнтæстгинæй исахур кодта хуæдтолгæ дзармадзани куст.
Хъибизти Александр 1943 анзи апърели, 1454-аг хуæдтолгæ артиллерион полкки рæнгъити уогæй, тухтæй Центрон фронти, архайдта Курски къæлæти тугъдтити. Курски тугъд адтæй Дуккаг дуйнеуон тугъди тæккæ агъазиаудæртæй еу. Ами кæрæдзей нихмæ æгъатир тохи бацудæнцæ советон æма гермайнаг æндон танкон æфсæдтæ.
Хъибизи-фурт ке рæнгъити адтæй, еци 1454-аг хуæдтолгæ артиллерион полк гъæуама æрфедар адтайдæ сахар Понырийы рази. Карз тугъд райдæдта 1943 анзи 5 июли. Хъибизти Александр ци хуæдтолгæ артиллерион экипажи адтæй, е, æртæ боней дæргъи уæззау тугъдтити рæстæг римæхст рауæнтæй æхсгæй, ниддæрæн кодта знаги фараст танки æма фашисттæй ба дууинсæй. Еци танкитæй фондз басугътонцæ Александр æма е ’мбæлттæ.
Æхсæз боней дæргъи гитлерон æфсæдтæ лæбурдтонцæ размæ, сæ «тигртæ» æма «фердинандтæ» бурдæнцæ æма бурдæнцæ мулдзугути хузæн, мадта сæ артиллери дæр не ’нцадæй, уæларви ба байеудагъ æй хуæдтæхгути мæлæтдзаг тох. Понырийи размæ еци æнæрлæугæ тугъди къуæрей дæргъи гитлеронти бон бацæй æдеугурæй 3-4 километри размæ бацæун. Тугъди будури ба пурхгондæй ниууагъта 300 танкемæй фулдæр. Знаги размæмпурстæн æверхъау цæфтæ никкæнгæй, не ’фсæдтæ рацудæнцæ нихмæнимпурстити.
Станцæ Малоархангельскбæл тугъдтити 1943 анзи 17 июли знаги дзармадзани нæмуг исæмбалдæй Хъибизи-фурти хуæдтолгæ дзармадзанбæл. Уæззау цæф фæцæй механик-скъæрæг Александр Казаков, фæццæф æнцæ хуæдтолги командир æма æхсæг. Кæстæр сержант Хъибизти Александр контузи фæцæй. Уæззау рист æма сæри зилдæн ниффæразгæй, æ еугур хъауритæ æрæмбурд кæнгæй, Александр исбадтæй æскъæрæги бунати æма хуæдтолгæ еци æндиудæй тундзтæй знаги нихмæ. Е адтæй хъæбæр æхсаргин миуæ. Уой туххæй зундгонд æфсæддон историк æма финсæг Мурити Дадо æ киунугæ «Иристони бæгъатæр фурттæ», зæгъгæ, уоми уотæ финста: «…Хуæдтолгæ цудæй размæ. Знаги дзармадзани нæмгутæй зæнхæ æ алливарс рæмугъта, уотæ кастæй, æма цæсти фæнникъулдмæ хуæдтомæй нецибал райзайдзæнæй, ниппурхæ уодзæнæй. Фал минуттæ кæрæдзей æййивтонцæ, хуæдтолгæ ба гъæддухæй цудæй размæ, æ дзармадзан æхста æма æхста.
Хъибизи-фурт кæсæнæй рауидта знаги танкæ, фехста æй æма уомæн еу усмæ æ мæсуг æ бунати нæбал адтæй. Æ надбæл февзурдæй æндæр танкæ, уой фæсте дзармадзан. Æнæнгъæлти Хъибизи-фуртæн æ хуæдтолгæ бахаудтæй знаги æфсæдти астæумæ. Фал уомæй æгириддæр нæ фæкъкъех æй е ’мбæлтти хæццæ – æгъатирæй дæрæн кодтонцæ гитлеронти дзармадзанæй, пулеметæй, æмпурстонцæ сæ сæ хуæдцæугæ цæггин цæлхити буни. Уæдмæ нæуæг исрæмугъд хæрдти фесхъеун кодта хуæдцæугæ. Æнай-æнойти Александр рауидта, ци дзармадзанæй сæ фехстонцæ, уой. «Агъа, мæнæ кæми дæ!..» – æ фурмæстæй цæфсгæй, исдзурдта советон тугъдон, раздахта æ дзармадзан, нигъгъавта… Фехсун æ бон нæбал иссæй. Дзармадзан фехалдæй.
Æма уæд æ хуæдцæугæ фескъардта знаги дзармадзанмæ. Уой рауингæй, немуцæгтæ фæууагътонцæ сæ тохæнгæрзтæ æма аллирдæмæ ледзæги фæцæнцæ»…
Устур лæгдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ ке равдиста, дууæ танки æма дууæ дзармадзани ке ниддæрæн кодта, уой туххæй Александр хуарзæнхæгонд æрцудæй Устур Фидибæстон тугъди II къæпхæни орденæй. Е адтæй бæгъатæр тугъдони фиццаг хуæрзеуæг.
Уой фæсте 1454-аг полкки райста нæуæг тохæнгæрзтæ æма архайдта танкити 3-аг æфсади рæнгъити Днепри сæрти бахезунбæл… 1943 анзи ноябри райдайæни архайдта Киев немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни фæдбæл нимпурстити. 4 ноябри тухтæй Киеви размæ минкъий гъæу Бапачийи алфамбулай рауæнти. Еци рæстæг фескъуæлхтæй лейтенант Петр Фомичеви хуæдтолгæ дзармадзани экипаж. Тохæнгарзи командир адтæй Хъибизти Александр. Знаг балæдæрдтæй, æртухстæй син тæссаг ке æй уой, æма фæстæмæ ледзун райдæдта. Еци рæстæг багъудæй взводи, уæлдайдæр ба Фомичеви экипажи лæгдзийнадæ равдесун. Фиццаг римæхст рауæнæй ниппурхæ кодтонцæ знаги техникæ, уой фæсте ба æнæнгъæлти еци-еу æмпурст никкодтонцæ ледзæг колоннæмæ, фашисттæн сæ сæр сæ буни фæцæй. Устур зæрантæ æрхастонцæ знагæн нæ тугъдонтæ 9 ноябри поселок Попельняйи размæ. Дæс æма æртинсæй танкемæй фулдæр рацудæнцæ нæ артиллеристи нихмæ æмпурсти. Знаги дæс танки томар кодтонцæ Фомичеви экипажмæ. Хуæдцæугæбæл исуадæй нæмуг, æ фарс фæцъцъасæ ’й. Фæммард æй лейтенант Фомичев, экипажи иуонгтæ еугурæйдæр контузи фæцæнцæ. Æма командири ихæстæ æхемæ райста Хъибизти Александр.
Уотемæй ма ниппурхæ кодтонцæ знаги фондз танки. Дзармадзан фехалдæй, фал уæддæр хуæдцæугæ æ тохун нæ ниууагъта – æ цæлхити буни лицъæ кодта фашистти.
Хуæдцæугæ дзармадзанти полк 1944 анзи æрвист æрцудæй 1-аг танкити гвардион æфсадмæ æма Хъибизи-фурт æ идарддæри тугъдон нæдтæбæл рандæй еци æфсади рæнгъити. Архайдта Сандомири плацдарми уæззау тугъдтити.
Уотемæй 1945 анзи январи 1-аг Белоруссаг фронти æфсæдти хæццæ бахъæрттæй Висли билгæрæнттæмæ, æмпурстонцæ размæ – Нигулæнмæ. Фиццаг гвардион танкон æфсад, Варшавæй еувæрсти æздæхгæй æма немуци фæстæмæледзæн нæдтæ рахгæнгæй, дæрæн кодта знаги тухтæ. Хъибизи-фурти хуæдцæугæ дзармадзани экипаж пурхæ кодта æ нихмæлæууæг знаги техникон фæрæзнитæ æма æфсæддонти, фиццаг бахизтæй цæугæдон Пилици сæрти. Уоми ци устур бæгъатæрдзийнадæ равдиста, уой туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй Тугъдон Сурх Турусай орденæй. Æ полк архайдта польшаг сахартæ Лович, Лодзь, Гнезен, Мезерити, Швибус немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнунбæл тугъдтити. 1945 анзи 29 январи танкисттæ бахизтæнцæ гитлерон Германий зæнхæмæ, байахæстонцæ цæугæдон Одери нигулæн билгæрони нимпурсæн бунат æма сæхе цæттæ кодтонцæ идарддæр Берлин байсуни нимпурстмæ.
Мартъий Хъибизи-фурт архайдта Скæсæн-Помераниаг нимпурстити, Балтий денгизи билгæрæнттæмæ рацæуни тугъдон операцити.
Гитлеронти сæйраг лæгæт Берлин байсунбæл тугъдтитæ райдæдтонцæ 16 апърели. Еци тугъдтити рæстæг Хъибизи-фурт равдиста устур бæгъатæрдзийнадæ æма ин уой туххæй лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Еци ном ин раттун æма бавдесуни гæгъæдити куд амунд æрцудæй, уотемæй Берлини тугъдтити рæстæг Хъибизи-фурт ниддæрæн кодта знаги æртæ танки «Тигр», дууæ танки «Пантера», танкити нихмæ тохæг æртæ дзармадзани, еу дот, станокбæл æвæрд æхсæз пулемети, уæдта фашисттæй æртинсæйей бæрцæ. 22 апърели фиццаг бампурста Берлинмæ, æрлæудтæй Шпрейи билгæрон æма исаразта фадуат не ’фсæдтæн еци дони сæрти бахезунæн. Еци тугъдтити рæстæг Александр фæццæф æй. Знагæн ци зæрантæ æрхаста, уони нимайгæй ма сæбæл бафтауæн ес, æртæ анзей дæргъи тогкалæн тугъдтити Хъибизи-фурти хуæдцæугæ дзармадзани экипаж ке ниддæрæн кодта, знаги еци 24 танки, 62 автомашини æма бронетранспортери, 28 дзармадзани æма миномети, 57 пулемети, дæсгай блиндажтæ æма дзоттæ.
Уæззау цæфтæ фæууогæй, берæ аллихузон операцитæ операцитæ ин искодтонцæ, æ уавæр хъæбæр тæссаг адтæй, куд фæззæгъунцæ, цард æма мæлæти æхсæн лæудтæй… Фал уæддæр æхсаргин тугъдон фæууæлахез æй адзалбæл… 1945 анзи кæрони исæздахтæй æ райгурæн Иристонмæ. Æхе дзæбæх кодта Кисловодски. Е ’нæнездзийнадæ ку фæффедар æй, уæд косун райдæдта адæмон хæдзаради. Æ тугъдон хуарзæнхитæбæл ма бафтудæнцæ фæллойнадон хуарзæнхитæ дæр.
…Уæдæй цæйбæрцæ æнзтæ рацудæй. Куд фæззæгъунцæ, рæстæг догъон бæхау æй. Адæймаги цард размæскъæфгæй ин æ карнæ куд исфедаун кæнуй берæ хуæрзведауцæ гъуддæгутæй, уотæ ин æ уæлзæнхон царди рæстæг æнæхатирæй дæр рацубуртæ кæнуй. Абони Советон Цæдеси Бæгъатæр Хъибизти Александр не ’хсæн нæбал æй – æ рохс дуйнейæй рацох æй 2001 анзи, цитгинæй æй Иристони байвардтонцæ Дзæуæгигъæуи Кади Аллейи. Уогæ адæмæн берæ хуæрзти ка бацудæй, æ сæрбæлтау ка бахъиамæт кæнуй, уони ном æносон æй, адæм сæ сæ зæрдити дарунцæ, имисунцæ сæ. Æма Хъибизти Николайи фурт Александри рохс ном дæр абони иронх нæй, нæ адæми æма нæ Фидибæсти сæрбæлтау ци берæ арфиаг гъуддæгутæй фескъуæлхтæй, етæ нимади æнцæ – æ райгурæн Киристонгъæуи æ ном абони хæссуй фиццаг астæуккаг скъола, уой фæрсбæл ин æвæрд ес мемориалон фæйнæг, Дигорай Кади Аллейи ба ин æвæрд ес циртдзæвæн-бюст, уæхæн циртдзæвæн ма ин æвæрд ес Дзæуæгигъæуи цуппæрæймаг гимназий дæр, адæмон зартæгæнгутæ æ кадæн исаразтонцæ зартæ…
* * *
Аци æрмæг бацæттæ кодтан нæ редакцион архиви æрмæгутæмæ гæсгæ. Уæлдай арфæ ба кæнæн Дигорай Цæголти Геуæргий номбæл музейи коллективæн, мæнæ абони Хъибизти Александрæн ци къартæ мухур кæнæн, уонæй нин ке фæййагъаз кодтонцæ, уой фæдбæл.
ГУЛЧЕТИ ЕПО
ХЪАЗБЕГИ ХОНХӔН
(Советон Цæдеси Бæгъатæр
Хъибизти Александрбæл зар)
Рацотæ фæдесмæ, карз тохмæ!
Нæ бæстæ ку содзуй зингæй.
Райсетæ хуæцæнтæ уæ къохмæ.
Нæ уарзон сахъ болат фурттæ!
Бæгъатæр, дæ танкæй Берлинмæ
Æзнæгти пурхгæнгæ цудтæ.
Хуæддзоти æдæрсгæ карз тохти
Æрвистай мæлæтмæ, бæргæ.
Кавказæй сауæнгæ Берлинмæ
Уæлахез æдæрсгæй хастай.
Фашистти карз тохи хæстæгмæ
Сау пурхæ, иуонгсаст кодтай.
Нæ тарстæ лæгмартæй, карз тохи,
Хъибизти Къалай фурт, тугъдон.
Æрхастай ду кадæ, де ’хсарæй.
Кадгин æй нур махæн дæ ном.
Рейхстагæн исхизтæ æ цъонгмæ,
Нимайгæй дæ уæззау цæфтæ.
Дзиллæ дин ку систа бæрзондмæ
Дæ кадæ, бæгъатæр зæрдæ.
Хъазбеги уорс хонхæй æрттевуй
Дæ реубæл æстъалу фæрнæй.
Дæ зарæг азæлдтæй æносмæ,
Хъибизти æнхуæцфарс, гъæрæй.
1977 анз