12 декабря 2024

СӔ АГЪАЗ ФРОНТӔН АДТӔЙ АГЪАЗИАУ

11.11.2020 | 11:16

ТЕДТОЙТИ Аслæнбег историон наукити доктор, профессор

Цӕгат Иристони фӕскомцӕдесонтӕй финддӕс миней бӕрцӕ Устур Фидибӕстон тугъди ӕнзти бӕгъатӕрӕй тох кодтонцӕ нӕ Райгурӕн бӕстӕмӕ гадзирахаттӕй ӕрбалӕборӕг немуцаг-фашистон ӕрдонгти нихмӕ. Сӕ агъазиау тугъдон ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕн ба бӕлвурд ӕвдесӕн ӕнцӕ, Райгурӕн бӕстӕ син ци берӕ аллихузон паддзахадон хуӕрзеугутӕ исаккаг кодта, етӕ. Инсӕйемӕн ба си лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри кадгин ном.

Гъулӕггагӕн, иристойнаг тугъдонтӕй беретӕ нӕбал исӕмбалдӕнцӕ сӕ фидиуӕзӕгбӕл – тугъди будурти сӕ цард иснивонд кодтонцӕ Райгурӕн бӕсти сӕребарӕдзийнадӕ ӕма хуӕдбарӕдзийнади сӕрбӕлтау. Ӕностӕмӕ дзиллити зӕрдити байзайдзӕнӕнцӕ дзиуаригъӕуккаг Гӕздӕнти авд ӕнсувӕри, хӕтӕлдойнаг Хестанти ӕхсӕз ӕнсувӕри, гъӕдгӕройнаг Хъалӕгати фондз ӕнсувӕри, дӕргъӕвсаг Дзебойти фондз ӕнсувӕри, санибайаг Губиати цуппар ӕнсувӕри ӕма берӕ ӕндӕр бӕгъатӕр ӕфсӕддонти нӕмттӕ.

Фудӕзнагбӕл фӕууӕлахези бон цӕмӕй тагъддӕр ӕрхъӕрдтайдӕ, уобӕл тох цудӕй айдагъ тугъди будурти нӕ, фал фӕскъилдуни дӕр. Иристони фӕскомцӕдесонтӕ ӕма фӕсевӕд уодуӕлдайӕй архайдтонцӕ знаги размӕцуд бауорамуни туххӕй аллихузон федӕрттӕ аразуни кустити, партизанти къуӕртти, фӕллад нӕ зонгӕй, фӕллойнӕ кодтонцӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй заводтӕ ӕма фабрикти, ӕрзӕткъахӕнти, будуртӕ ӕма фермити – аллирауӕн дӕр еци разӕнгардӕй архайдтонцӕ еумӕйаг гъуддагбӕл: «Алцидӕр фронтӕн, алцидӕр уӕлахезӕн!»

Фӕскомцӕдесонтӕ ӕма фӕсевӕдӕй федӕрттӕ аразунбӕл, зӕгъӕн, 1941 анзи октябри кустонцӕ ӕхсӕрдӕс мин адӕймагемӕй фулдӕр. ФЕЛКЦ-и обкоми хъӕппӕресӕй арӕзт ӕрцудӕй 250 фӕскомцӕдесон-фӕсевӕдон хъазауатон бригади. Уони иуонгтӕ сӕ нормитӕ ӕнхӕст кодтонцӕ 150-300 процентемӕй, беретӕн ба си ӕнтӕстӕй никки фулдӕр. Зӕгъӕн, Калоти Чермени бригадӕ бониккон ихӕслӕвӕрдтӕ рахецӕн кӕнидӕ 400 процентемӕй. Сӕ еугуремӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцудӕй нӕ республики Сӕйраг Совети Президиуми Кади гӕгъӕдитӕ. Сахар Орджоникидземӕ хӕстӕг ӕма идарддӕр рауӕнти федӕрттӕ аразунбӕл хъазауатонӕй ке бакустонцӕ, уой туххӕй республики Сӕйраг Совети Президиуми ӕма саперти 10-аг ӕфсади командӕкӕнуйнадӕ хуӕрзеугутӕ равардтонцӕ 1377 адӕймагемӕн. Уонӕн сӕ фулдӕр адтӕнцӕ фӕскомцӕдесонтӕ.

Республики фӕскомцӕдесонтӕ ӕма фӕсевӕд хъазауатон фӕллойнӕ кодтонцӕ промышленности ӕма гъӕууон хӕдзаради аллихузон къабӕзти. «Цотӕ фабриктӕ ӕма заводтӕмӕ, колхозтӕмӕ, ӕрлӕууетӕ станокти уӕлгъос, ӕрхуӕцетӕ комбайнти штурвалтбӕл, исахур кӕнетӕ дӕсниӕдтӕ… федар кӕнетӕ нӕ Райгурӕн бӕсти хъаурӕ!» – уотӕ финстонцӕ Орджоникидзей гъӕдгусти завод «Сурх туруса»-й косӕг ӕригон силгоймӕгтӕ сӕ фӕдздзурди 1941 анзи Цӕгат Иристони силгоймӕгтӕмӕ.

Еци анз ФЕЛКЦ-и обком ӕма райкомти хъӕппӕресӕй, машинон-тракторон станцити политхайӕдти хӕццӕ еумӕ аразун райдӕдтонцӕ фӕскомцӕдесон-фӕсевӕдон бригадитӕ ӕма звенотӕ промышленности ӕма гъӕууон хӕдзаради. Уони нимӕдзӕ еудадзуг кодта фулдӕрӕй-фулдӕр. Адтӕй син устур ахедундзийнадӕ фӕсевӕди политикон гъомбӕлади. Еци бригадитӕ ӕма звенотӕ уӕлдай фулдӕр куст бакодтонцӕ 1943 анзи.

Сахар Орджоникидзей Промышленнон райони еци дзамани куста еу ӕма инсӕй фӕскомцӕдесон-фӕсевӕдон бригади. Уоми берӕ адтӕй, хуӕрзӕригӕнттӕ уогӕй, ӕ кустадон пълантӕ 200-300 процентемӕй ка ӕнхӕст кодта, уӕхӕнттӕ.

Минкъий ӕнтӕстдзийнӕдтӕ не ’фтудӕй сӕ къохи гъӕууон фӕсевӕдӕн дӕр. 1944 анзи социалистон ериси архайдта 73 будуйрон, 33 тракторон бригади ӕма 171 звеной. Уонӕми ӕдеугурӕй адтӕй цуппар мин адӕймагей бӕрцӕ. Еци анз етӕ аллихузон культурити тиллӕг бафснайдтонцӕ 84 мин гектаремӕй фулдӕр фӕзуати. Сӕ хуарзи кой райгъустӕй Анастасия Умрихайи (колхоз «Ленини фӕдзӕхститӕмӕ гӕсгӕ»), Верӕ Агеенкойи (раздӕри Къруппи райони Сурх Ӕфсади номбӕл колхоз), Нинӕ Орловайи (Мӕздӕги райони колхоз «Фондзанзон») звенотӕн. Фескъуӕлхтӕнцӕ Дулати Петр, Гуриати Харитон ӕма Калоти Къостай тракторон фӕскомцӕдесон-фӕсевӕдон бригадитӕ.

Фӕскомцӕдес берӕ бакуста гъӕууон хӕдзарадӕн кадртӕ бацӕттӕ кӕнунбӕл дӕр. Трактористтӕ, звеноводтӕ, шофертӕ ӕма прицепщиктӕ (будуйрон кустити рӕстӕг трактортӕбӕл ци гъӕууонхӕдзарадон техникӕ бафтауиуонцӕ, уонӕбӕл косгутӕ) цӕттӕ кӕнуни къурситӕ 1942 анзи каст фӕцӕнцӕ 990 лӕхъуӕни ӕма кизги. Уомӕй идарддӕр ма институтти, техникумти ӕма скъолати гъӕууонхӕдзарадон дӕсниӕдтӕбӕл ахур кодтонцӕ 11288 адӕймаги.

Цӕгат Иристони фӕсевӕд разӕнгардӕй архайдтонцӕ Сурх Ӕфсадӕн агъазӕн фӕрӕзнитӕ ӕмбурд кӕнунбӕл. Тугъдон хуӕдтӕхгутӕ исаразунӕн ӕмбурдгонд ӕрцудӕй авд миллион сомемӕй фулдӕр, бӕстӕ багъӕуай кӕнуни фондмӕ ба – фараст ӕма инсӕй миллион соми. Уомӕй уӕлдай ма Цӕгат Иристони фӕллойнӕгӕнгутӕ паддзахадӕн равардтонцӕ 79 миллион сомей аргъ тугъдон ӕфстауи облигацитӕ.

ФЕЛКЦ-и обкоми хъӕппӕресӕй 1941 анзи 17 августӕй 7 сентябрмӕ арӕзт ӕрцудӕй фӕскомцӕдесон-фӕсевӕдон зеу. Уоми архайдта 76 500 адӕймаги. Етӕ бӕстӕ багъӕуай кӕнуни фондмӕ ӕхца радех кодтонцӕ 240 мин соми, ӕма, сӕ кустӕн син колхозтӕ ци 20320 фӕллойнӕбони ниффинстонцӕ, уони аргъ дӕр. Уомӕй уӕлдай ма ӕрӕмбурд кодтонцӕ 250 тонни ӕфсӕйнаги сӕститӕ, 1410 тонни резинӕ, берӕ хуасӕгӕнӕн кӕрдӕгутӕ.

Республики фӕскомцӕдесонтӕ сӕхе ӕхцатӕй паддзахадон банкмӕ равардтонцӕ 480 мин соми хуӕдтӕхгутӕ-истребительти къуар «Цӕгат Иристони фӕскомцӕдесон» исаразунӕн. Фӕскомцӕдесонти курдиадӕмӕ гӕсгӕ хуӕдтӕхгути къуар лӕвӕрд ӕрцудӕй гвардий инӕлар-майор Дзусати Ибрагими авиацион хаймӕ.

Цӕгат Иристони фӕскомцӕдесонтӕ ӕма фӕсевӕд берӕ агъаз бакодтонцӕ госпитӕлтӕн – уонӕми гъуд кодтонцӕ цӕф советон ӕфсӕддонти, зилдӕнцӕ азгъунститӕмӕ, аразтонцӕ си хехъӕппӕресадон концерттӕ ӕма ма берӕ ӕндӕр ахсгиаг гъуддӕгутӕ.

Цӕгат Кавкази агъазиаудӕр регионтӕй еу, Ростови облӕст, знагӕй уӕгъдӕгонд ку ӕрцудӕй, уӕд республики фӕскомцӕдесонтӕ уордигон седзӕр сувӕллӕнттӕн рарвистонцӕ вагони дзаг лӕвӕрттӕ: уӕледарӕс, киунугутӕ, тетрӕдтӕ, къариндӕстӕ ӕма ӕндӕр ахсгиаг гъӕугӕ дзаумӕуттӕ.

Берӕ ӕрвист цудӕй лӕвӕрттӕ Сурх Ӕфсади ӕфсӕддонтӕн дӕр. Айдагъ сахар Орджоникидзей Ленини райони скъолати ахурдзаутӕ фронтмӕ аллихузи лӕвӕрттӕ рарвистонцӕ инсӕй миней аргъӕй фулдӕр. Дигорай астӕуккаг скъолай ахурдзаутӕ сӕхуӕдтӕ исаразтонцӕ ӕма фронтмӕ рарвистонцӕ сӕдӕгай фӕлусти, цъоппин цъиндатӕ ӕма къохӕрходтӕ. Ӕдеугур тугъди дзамани Иристони фӕсевӕд сӕхе ӕхцати ӕма ӕндӕр ӕвӕрӕнти фӕрци ӕфсӕддонтӕн, партизантӕн ӕма знагӕй исуӕгъдӕгонд районти цӕргутӕн аллихузон лӕвӕрттӕ рарвистонцӕ 30 вагони.

Цӕгат Иристони ахурдзаутӕ тугъди дзамани бакустонцӕ миллион фӕллойнӕбонемӕй фулдӕр. Уони аргъ лӕвӕрд ӕрцудӕй бӕстӕ багъӕуай кӕнуни фондмӕ. Гъӕууонхӕдзарадон кустити сӕхе хъӕбӕр хъазауатонӕй ке равдистонцӕ, уой туххӕй си дууинсӕйемӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй ФЕЛКЦ-и Центрон Комитети ӕма рохсади Адӕмон Комиссаради Кади гӕгъӕдитӕ.

Нӕ республики скъолати ахурдзаутӕ 1943-1944 ӕнзти хуасӕгӕнӕн кӕрдӕгутӕ ӕрӕмбурд кодтонцӕ финддӕс тоннемӕй фулдӕр. Ӕдеугур ба тугъди ӕнзти дӕргъи паддзахадӕн уӕхӕн кӕрдӕгутӕй равардтонцӕ 45 тонни.

Фӕскомцӕдесонтӕ, фӕсевӕд, ахурдзаутӕ агъаз кодтонцӕ, тугъди ка адтӕй, уони бийнонтӕн. Зӕгъӕн, сахар Орджоникидзей 30-аг скъолай ахурдзаутӕ еудадзуг цудӕнцӕ, фронти ка адтӕй, уони рацӕргӕ ниййергутӕмӕ ӕма, ци гъудӕй, уомӕй син агъаз кодтонцӕ. Фӕскомцӕдесонтӕ 1943 анзи ба исаразтонцӕ дӕсбонон ӕма фӕййагъаз кодтонцӕ, фронти ка адтӕй, уӕхӕн аст мин тугъдоней бийнонтӕн, уой туххӕй ӕрӕмбурд кодтонцӕ 28 мин соми, багъуд кодтонцӕ 2380 адӕймагей дзӕхӕрадӕнттӕ, сог ӕрластонцӕ 85 кубометри. Фӕскомцӕдеси финддӕс ӕма инсӕй анзей бӕрӕгбонбӕл Цӕгат Иристони фӕскомцӕдесонтӕ исӕмбалдӕнцӕ нӕуӕг фӕллойнадон ӕнтӕстдзийнӕдти хӕццӕ, сӕхемӕ райстонцӕ фулдӕр ихӕстӕ. Сахар Орджоникидзей кустуӕтти фӕскомцӕдесонтӕ МТС-ӕн исаразтонцӕ ӕма исцалцӕг кодтонцӕ 1875 слесарон дзаумауи, 79 трактори, 426 готони, 353 похций ӕма ӕндӕр гъӕугӕ дзаумӕуттӕ.

Фӕскомцӕдесонтӕ 1943 анзи майи мӕйи сахар Орджоникидзей исцалцӕг ӕма исфӕлгонц кодтонцӕ 18 ӕмдзӕрӕни.

Берӕ ӕнцӕ Устур Фидибӕстон тугъди ӕнзти нӕ фӕскомцӕдесонтӕ ӕма фӕсевӕди фӕрнӕйдзаг гъуддӕгутӕ. Бӕгъатӕрӕй тох кодтонцӕ знаги нихмӕ фронти дӕр ӕма фӕсфронт дӕр. Ӕма бӕлвурд гъуддӕгутӕй равдистонцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл хъазар син ӕй Райгурӕн бӕсти карнӕ, ӕ сӕребарӕдзийнадӕ ӕма хуӕдбарӕдзийнадӕ, цӕйбӕрцӕбӕл рӕстзӕрдӕй цӕттӕ ӕнцӕ уой сӕрбӕлтау рӕстуодӕй бахъиамӕт кӕнунмӕ… Еци хабӕрттӕ ни гъӕуама иронх ма уонцӕ, гъӕуама сӕ зононцӕ абони кӕстӕртӕ дӕр ӕма сӕ фӕнзонцӕ сӕ цардиуагӕ аразгӕй…

1968 анз.


Редакцийӕй: Аци ӕрмӕг мухур кӕнӕн нӕ Уӕлахези 75 анзей фӕдбӕл дӕр, уӕдта ма еума ахсгиаг гъуддагмӕ гӕсгӕ. Куд зонетӕ, уотемӕй Дзӕуӕгигъӕуи минивӕртти Ӕмбурд рахаста унаффӕ, цӕмӕй ӕвдист ӕрцӕуа фӕллойнадон намуси Сахари цитгин ном. Ӕма аци ӕрмӕги ци хабӕрттӕ ӕма цаути туххӕй цӕуй дзубанди, етӕ ирд ӕвдесӕн ӕнцӕ, нӕ республики сӕйраг сахар ӕцӕгӕйдӕр еци кадгин номи аккаг ке ӕй, уомӕн.