06 октября 2024

СӔЙРАГДӔР – БӔЛВУРД МАДЗӔЛТТӔ АРАЗУН

05.08.2021 | 16:44

Цӕгат Цӕгат Иристони Хецауади архайди ци нӕуӕгдзийнадӕ фӕззиндтӕй, уомӕ гӕсгӕ е ‘мбурдтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ арӕзт ӕрцӕунцӕ республики районтӕй кӕцидӕрти. Аци фӕтки  ахедундзийнадӕ ӕнхӕстӕй рабӕрӕг ӕй – уой фӕрци ӕнӕмӕнгӕ райаразуйнаг фарстати фӕдбӕл си дзубанди рауайуй бӕлвурд, ци мадзӕлттӕ си нисангонд ӕрцӕуй, етӕ фӕуунцӕ лӕдӕрд. Уӕлдай хуарздзийнадӕ ба ма е ӕй, ӕма, ци райони фӕуунцӕ, уоми райаразуйнаг фарстатӕй ци фӕууй, уонӕмӕ дӕр бундорондӕрӕй каст ӕрцӕуй, сӕ исӕнхӕст кӕнуни фӕдбӕл дӕр гъӕугӕ мадзӕлттӕ нисангонд ӕрцӕуй. Ӕрӕги уӕхӕн ӕмбурд, разамунд ин лӕвардта Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз, уотемӕй арӕзт ӕрцудӕй Мӕздӕги райони. Ӕркастӕнцӕ си 2021 анзи фиццаг ӕмбеси республикон бюджет куд ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй, уомӕ, уӕдта ӕндӕр ахсгиаг социалон-экономикон фарстатӕмӕ.

Финансти министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Исахъти Олег куд фегъосун кодта,  уотемӕй амунд рӕстӕги республикон бюджети ӕфтуйӕггӕгтӕ иссӕнцӕ 18  215  625, 9 мин соми, хӕрзтӕ ба 17  464 064,8 мин соми (уотемӕй ӕфтуйӕггӕгтӕ хӕрзтӕй фӕффулдӕр ӕнцӕ 751 561,1 мин сомей бӕрцӕ).

Аци анзи фиццаг ӕмбеси республикон бюджетмӕ хъалонтӕ федунӕй ӕма ӕндӕр хузи феддонти фӕрци ци бафтудӕй, уони бӕрцӕ исхизтӕй 6  926 566,3 мин сомемӕ (е ӕнӕгъӕнӕ анзи пълани бӕрӕггӕнӕнӕн ӕй ӕ 58,6 проценти).

Дзуаппон рӕстӕги хӕрзтӕн сӕ фулдӕр хай харзгонд ӕрцудӕнцӕ: социалон политики уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнунӕн – 35,9 проценти, ахуради – 28, 6 проценти, экономикон къабӕзти – 11,8 проценти, ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуай кӕнуни – 6,6 проценти ӕма уотӕ идарддӕр. Республики паддзахадон ихӕси бӕрцӕ 1 июльмӕ адтӕй 8  417  002,9 мин соми (етӕ еугурӕй дӕр ӕнцӕ бюджетон ӕфстӕуттӕ).

Ӕмбурди дзубанди цудӕй зӕнхон рахастдзийнӕдти фарстатӕбӕл дӕр. Куд зонӕн, уотемӕй ӕрӕги республики разамунд фӕндӕ бахаста, цӕмӕй рӕстӕгмӕ уорӕд ӕрцӕуа аллихузон хӕдзарадон ӕма экономикон нисантӕн зӕнхи хӕйттӕ дӕттуни куст. Аци гъуддаг баст ӕй дууӕ ӕууӕлей хӕццӕ. Фиццагидӕр, хуӕнхон-рекреацион комплекс «Мамисон»-и арӕзтади бунатӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕнӕй сӕрмагонд экономикон тӕлми статус, ӕма, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, зӕнхи хӕйттӕ иуаруни размӕ алли зӕнхи гӕппӕли паспорт дӕр гъӕуама нӕуӕгӕй федаргонд ӕрцӕуа. Дуккагӕй ба, зӕнхи хӕйттӕ дӕттуни фӕткӕ еуцӕйдӕрбӕрцӕ лӕмбунӕгдӕргонд ӕрцӕудзӕнӕй.

Хецауади иуонгтӕ аци фӕндӕбӕл исарази ‘нцӕ ӕма фарстай фӕдбӕл рахастонцӕ сӕрмагонд унаффӕ. «Мамисон»-и тӕлми зӕнхон рахастдзийнӕдти фӕдбӕл еугур организацион фарстатӕ лух кӕнуни куст ихӕсгонд ӕрцудӕй къабазон министрадӕ ӕма Алагири райони бунӕттон хеунаффӕйади администрацийӕн.

Ӕмбурди федаргонд ӕрцудӕй республики муниципалитеттӕн бюджетон трансфертӕ радех кӕнуни фӕткӕ дӕр. Хецауади сӕрмагонд унаффӕмӕ гӕсгӕ Ӕрӕдони, Рахесфарси ӕма Горӕтгӕрон районти, уӕдта Дзӕуӕгигъӕуи администрацитӕн уӕлӕнхасӕн радех кӕндзӕнӕнцӕ 953 мин соми (еци фӕрӕзнити фӕрци фӕххуӕздӕр уодзӕнӕй адӕмӕн куст дӕттуни служби архайд).

Гъуддагон рауадӕй дзубанди хецауади ӕнхӕстгӕнӕг оргӕнти структури арӕзти туххӕй. Ци ӕййивддзийнӕдтӕ гъӕуама ӕрцӕуа, уони нисан ӕй инвестицион политики фарстатӕ ӕма ӕхсӕнадон транспорти кустмӕ фулдӕр ӕргом ӕздахун. Уой хӕццӕ адӕмӕн транспортон лӕггӕдтӕ кӕнуни фӕдбӕл промышленность ӕма транспорти министради ӕнхӕстбартӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ нӕдти хӕдзаради Комитетӕн. Уой фӕрци амунд министради кусти сӕрмагонд бунат байахӕсдзӕнӕнцӕ инвестицион ӕма инновацион архайди фарстатӕ. Сӕ уавӕртӕ ӕма ихӕсти фӕдбӕл ӕмбурди лӕмбунӕгдӕрӕй радзурдта промышленность ӕма транспорти министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Мӕрзойти Владимир.

Лӕдӕрд ӕй, аци ӕмбурди зингӕ берӕ ӕргом ке раздахтонцӕ Мӕздӕги райони фарстатӕмӕ, е дӕр. Ами социалон-экономикон уавӕрти туххӕй дзоргӕй, райони сӕргълӕууӕг Олег Яровой куд байамудта, уотемӕй сӕмӕ ӕнтӕстдзийнӕдти хӕццӕ ес къулумпитӕ дӕр. Республики Хецауади Сӕрдари фиццаг хуӕдӕййевӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Ӕгъузарти Морат ба ӕ радзубандий ӕргом раздахта ахсгиаг фарстамӕ: абони мӕздӕггаг тиллӕгхӕссӕг зӕнхитӕ ке къохти ‘нцӕ, етӕ гъӕугӕ цӕстингас нӕ дарунцӕ сӕ зӕнхитӕмӕ.

Иннӕ ахсгиаг фарста: Мӕздӕги гъӕуама ка фӕззинна, еци зӕрди незтӕ дзӕбӕхгӕнӕн центри уавӕр. Уой фӕдбӕл ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тебиати Сослан уотӕ загъта:

– Куд нисангонд ӕй, уотемӕй аци анз центри азгъунст рӕвдзӕгонд ӕрцӕудзӕнӕй ӕма си ӕвӕрд ӕрцӕудзӕнӕй компьютерон томограф, 2023 анзи ба ин балхӕндзӕнӕнцӕ ангиограф. Тускъай-фурт бафӕдзахста, цӕмӕй республикон министрадӕ бадзубанди кӕна Уӕрӕсей профилон министради хӕццӕ ӕма ангиограф ӕлхӕд ӕрцӕуа 2022 анзи.

Мӕздӕги райони финансон уавӕр ӕма гӕнӕнти фӕдбӕл дзоргӕй, Ӕгъузари-фурт ма уой дӕр загъта, ӕма ниллӕг арендон ихӕс фуддӕр ӕрдӕмӕ бӕрӕг кӕнуй райони бюджетбӕл. Ӕмбурди ма дзубанди рацудӕй гардинти фабрикӕ, цалцӕгӕнӕн завод ӕма ӕндӕр промышленнон кустуӕтти архайди хӕццӕ баст фарстати фӕдбӕл.

Хецауди Сӕрдари хуӕдӕййевӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Туйгъанти Ларисӕ ба ӕ радзубандий фулдӕр ӕргом раздахта, райони цӕргути цардиуаги фарстатӕ куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ ӕма еци кусти ма циуавӕр гъӕндзийнӕдтӕ ес, уомӕ. Куд зӕгъта, уотемӕй райони 25 036 адӕймаги есунцӕ социалон агъаз алли мӕйӕ дӕр еумӕйагӕй 54,9 миллион соми (анзи дӕргъи – 659 миллион соми).

Фулдӕр фарстатӕ ӕрхаудтӕнцӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тамати Майрӕнмӕ. Лӕмбунӕгӕй сӕбӕл ӕрдзоргӕй, е ранимадта ци нӕхъӕртондзийнӕдтӕ ма ес аци къабази ӕма байамудта, сӕ райеуварс кӕнунбӕл куд косдзӕнӕнцӕ, уой. Райаразуйнаг ма си, зӕгъун гъӕуй, берӕ гъуддӕгутӕ ес, уӕлдайдӕр ба донӕфсесади ӕма кӕдзосгӕнӕн арӕзтӕдти Мӕздӕги, Елбати гъӕуи, Ново-Георгиевски, Сухотский ӕма Виноградныйи.

Хецауади Сӕрдари хуӕдӕййевӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Дзанайти Барис ба бафарста, Мӕздӕги Уӕлахези парки райарӕзт куд цӕуй, уобӕл. Еци куститӕ арӕзт цӕунцӕ Уӕрӕсей минкъий ӕма историон сахарти райрӕзти сӕрмагонд программӕмӕ гӕсгӕ, кӕцими Мӕздӕг рамулдта конкурс ӕма ин уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй 70 миллион соми. Ӕмбурди фӕсте ӕ архайгутӕ бабӕрӕг кодтонцӕ парк кӕми арӕзт цӕуй, еци рауӕн. Куститӕ ӕнхӕст кӕнуй ООО «Ригель» (ӕ директор Цӕллати Олег). Мӕздӕги сахари хӕдзаради управлений дидектор Туйгъанти Иринӕ хецауади иуонгтӕн фӕууинун кодта, ци ӕма си куд конд цӕуй, уой.

Тускъати Таймораз ма комкоммӕ базонгӕ ‘й, райони ӕндӕр арӕзтӕдти куститӕ куд цӕунцӕ, уой хӕццӕ, бабӕрӕг кодта Елбати гъӕу. Балций фӕдбӕл хатдзӕгтӕмӕ гӕсгӕ арӕзтадӕ ӕма архитектури министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Моргуати Константинӕн байхӕс кодтонцӕ, цӕмӕй сӕрмагонд цӕстингас дара Хъизлари гъӕу ӕма станицӕ Черноярскийи скъолати арӕзтадӕ куд цӕуй, уомӕ. Рахастонцӕ ма унаффӕ, цӕмӕй  станицӕ Павлодольскийи киунугӕдонӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа ӕхца сӕ киунугути нимӕдзӕ фӕффулдӕр кӕнунӕн.